Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Цымӕ Хуыцауы цӕсты иу адӕмыхатт иннӕмӕй хуыздӕр у?

Цымӕ Хуыцауы цӕсты иу адӕмыхатт иннӕмӕй хуыздӕр у?

▪ Нӕу. Библи бӕлвырдӕй зӕгъы: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).

Фӕлӕ адӕм ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнынц. Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ иу адӕмыхатт (арӕхдӕр сӕхи адӕмыхатт) иннӕтӕй хуыздӕр у. Ахӕм зондыл хӕст уыд Чарлз Дарвин дӕр. Дарвин загъта: «Фидӕны, ӕвӕццӕгӕн, уӕздандӕр адӕмыхӕттытӕ хъӕддаг адӕмты зӕххы цъарӕй фесафдзысты». Сӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл чи нымайы, уыцы адӕмыхӕттытӕ, хъыгагӕн, иннӕтӕн бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой.

Цымӕ ахӕм хъуыды раст у, зӕгъгӕ, иу адӕмыхатт иннӕтӕй хуыздӕр у? Мыййаг ахуыргӕндтӕм исты бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, цавӕрдӕр адӕмыхатт иннӕтӕй хуыздӕр кӕй у, уымӕн? Оксфорды университетӕй иу ахуыргонд, Брайан Сайкс, зӕгъгӕ, загъта: «Генетикӕмӕ гӕсгӕ адӕмы алыхуызон адӕмыхӕттытыл дих кӕнын раст нӕу... Арӕх мӕ бафӕрсынц, зӕгъгӕ, грекъаг кӕнӕ италиаг ДНК ис? Нӕй... Иууылдӕр ӕмхуызон стӕм».

Ацы хъуыды ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уыдон кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст сты. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Хуыцау сфӕлдыста иу нӕлгоймаджы ӕмӕ иу сылгоймаджы, уыдонӕй та равзӕрдысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр (Райдиан 3:20; Хъуыддӕгтӕ 17:26). Уӕдӕ Хуыцауы хъуыдымӕ гӕсгӕ ис ӕрмӕстдӕр иу адӕмыхатт – адӕймаджы адӕмыхатт.

Йегъовӕ нӕ кӕсы, адӕймагӕн йӕ буары хуыз цавӕр у, стӕй цӕсгомӕй дӕр цыхуызӕн у, уымӕ. Йегъовӕ кӕсы адӕймаджы зӕрдӕмӕ, уый йын бирӕ ахсджиагдӕр у. Хуыцау зӕгъы: «Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ» (1 Самуилы 16:7). Ацы ныхӕстӕ нын стыр ныфсы хос сты. Цӕмӕн?

Адӕймаг цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр бирӕ ис ахӕмтӕ, йӕхимӕ фыдынд чи кӕсы ӕмӕ йӕхи зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы. Фӕлӕ сӕ бон ницы у фӕивын. Адӕймагӕн йӕ бон у фӕивын, ахсджиагдӕр цы у, уый – йӕ удыхъӕд (Колоссӕгтӕм 3:9–11). Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзыстӕм, иуӕй-иу хатт нӕм нӕ адӕмыхатт иннӕ адӕмыхӕттытӕй хуыздӕр кӕнӕ ӕвзӕрдӕр кӕй фӕкӕсы. Фӕлӕ ацы хъуыдытӕй иу дӕр Хуыцау растыл нӕ нымайы, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зӕрдӕтӕй ӕдбындзар стонӕм (Псалом 139:23, 24).

Нӕхимӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕм дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыныл куы архайӕм, уӕд нын Хуыцау ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм зондахастӕй фервӕзӕм. Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Азфыстыты 16:9). Ацы ныхӕстӕ алкӕмӕдӕр хауынц, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, уӕддӕр.