Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Чырыстийы заман дины разамонджытӕ хуымӕтӕг адӕммӕ цы цӕстӕй кастысты?

Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы дзуттаг дины разамонджытӕ ӕмӕ ӕндӕр номдзыд адӕм не ’рвӕссыдысты, ахуырдзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыцы адӕмыл. Фарисейтӕ дзырдтой: «Ацы адӕм Закъон нӕ зонынц, ӕлгъыст адӕм сты» (Иоанны 7:49).

Библийӕ уӕлдай ма иннӕ чингуытӕ дӕр ӕмбарын кӕнынц, номдзыд ӕмӕ зындгонд чи уыд, уыдон хуымӕтӕг адӕмы ам-хаа́рец, ома сау адӕм кӕй хуыдтой. Кӕмдӕр уыцы номӕй фыццаг хуыдтой, стыр аргъ кӕмӕн кодтой, уыцы адӕмы. Ӕмӕ уӕлдай нӕ уыд, уыцы адӕм мӕгуыр уыдысты ӕви номдзыд.

Фӕлӕ Чырыстийы заман фарисейтӕ афтӕ хуыдтой, ӕлгъ кӕуыл кодтой ӕмӕ, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Моисейы Закъон чи нӕ зыдта, стӕй дины разамонджыты амындтӕ лыстӕг хабӕртты онг чи не ’ххӕст кодта, уыцы адӕмы. Мишнӕмӕ * гӕсгӕ ам-хаа́рец-ы хӕдзары бахсӕвиуат кӕнын не ’мбӕлд. Иу энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, дыккаг ӕнусы цӕрӕг дзуттаг разамонӕг, Меир, зӕгъгӕ, амыдта: «Искӕмӕн йӕ чызг ам-хаа́рец-мӕ куы смой кӕна, уӕд уый афтӕ уайы, цыма йӕ йӕ фыд сбаста ӕмӕ йӕ домбайы размӕ баппӕрста, уый та йыл йӕ дзӕмбытӕй ныллӕууыд ӕмӕ йӕ бахордта» («The Encyclopedia of Talmudic Sages»). Талмуды та фыст ис, дины ахуыргӕнджытӕй иу афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «ахуырдзинад кӕмӕ нӕй, уыдон нӕ райгас уыдзысты».

Ромы паддзӕхтӕ фыццаг чырыстӕтты цардмӕ цы бар дардтой?

Дзырд «цезӕр» Библийы тӕлмац ӕрцыд дзырд «паддзах»-ӕй. Цезӕр уыд, н. э. размӕ 46 азы Ромы паддзах чи сси, уыцы Гай Юлий Цезӕры фыдӕлты мыггаг. Йӕ фӕстӕ паддзӕхтӕ чи уыд, уыдонӕй дӕр иуӕй-иутӕ сӕхи хуыдтой цезӕртӕ. Ӕртӕйы кой дзы ис Библийы. Уыдон сты Август, Тиберий ӕмӕ Клавдий (Лукайы 2:1; 3:1; Хъуыддӕгты 11:28).

Н. э. 14 азы Ромы паддзах сси Тиберий, ӕмӕ паддзах уыд, Чырысти зӕххыл куы лӕггад кодта, ӕппӕт уыцы рӕстӕг дӕр. Уӕдӕ Йесо хъалон фидыны тыххӕй афтӕ куы загъта, «паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн», зӕгъгӕ, уӕд паддзах уыд Тиберий (Марчы 12:17). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ам Чырысти ӕрмӕст Тиберийы кой нӕ кодта, уымӕн ӕмӕ дзырд «паддзах» амоны хицӕуттӕм кӕнӕ паддзахадмӕ.

Н. э. 58 азмӕ ’ввахс апостол Павелы ӕнаххосӕй куы бафхӕрдтой, уӕд, ромаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бартӕй спайда кодта ӕмӕ йӕ хъаст паддзахмӕ бахаста (Хъуыддӕгтӕ 25:8–11). Уыцы рӕстӕг Ромы паддзах уыд Нерон. Фӕлӕ Павел, «паддзахы тӕрхон домын», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд Нероны кой нӕ кодта, фӕлӕ Ромы сӕйраг тӕрхондоны кой.

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Дины разамонджыты ӕгъдӕуттӕ; фӕстӕдӕр уыцы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ ӕрӕзт ӕрцыд Талмуд.

[Ныв 29 фарсыл]

Ӕвзист динарий Тиберийы нывимӕ