Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕстӕртӕн

Фӕлварӕнты фидар лӕуу

Фӕлварӕнты фидар лӕуу

ИОСИФ – 1 ХАЙ

Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи куы кӕсай, уӕд дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ: цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс ӕмӕ, цы дзурынц, уый хъусыс. Дӕхи сӕвӕр сӕйраг архайджыты бынаты ӕмӕ бацархай, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл.

Сӕйраг архайджытӕ: Иосиф ӕмӕ Потифары ус.

Цӕуыл цӕуы ныхас: Потифары ус архайы Иосифы фӕрӕдийын кӕныныл, фӕлӕ йын Иосиф нӕ разы кӕны.

1 АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС РАЙДИАН 39:1–12.

Куыд хъуыды кӕныс, Потифарӕн цавӕр хӕдзар уыди?

․․․․․

Куыд дӕм кӕсы, Иосиф рӕсугъд уыди? (Ногӕй бакӕс 6 стих)

․․․․․

Куыд хъуыды кӕныс, Иосиф Потифары усимӕ куыд ныхас кодта? (8 ӕмӕ 9 стихтӕ)

․․․․․

2 ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.

Иосифӕн уыцы фӕлварӕны фидар фӕлӕууын ӕнцон цӕуылнӕ уыдаид? (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:12 ӕмӕ ахъуыды кӕн, Иосиф цы уавӕры уыд, ууыл. Зӕгъӕм, уыцы рӕстӕг Иосифы бинонтӕ ӕмӕ Йегъовӕйы иннӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕм уыдысты?)

․․․․․

Кӕд уыцы рӕстӕг хӕтындзинады тыххӕй закъон нӕма уыди, уӕд, цымӕ, Иосиф афтӕ цӕмӕн хъуыды кодта, ӕмӕ уыцы ми куы бакӕна, уӕд уымӕй Хуыцауы ныхмӕ тӕригъӕд кӕй ракӕндзӕн? (Бакӕс ацы стихтӕ ӕмӕ сыл ахъуыды кӕн: Райдиан 2:24; 12:17, 18; Ромӕгтӕм 2:14, 15 ӕмӕ Дзуттӕгтӕм 5:14.)

․․․․․

3 ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫСС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...

...хиуыл хӕцын ӕмӕ адӕймаг йӕхицӕн кӕй аргъ кӕны, уыцы дыууӕ миниуӕджы кӕрӕдзиимӕ баст кӕй сты, уымӕй.

․․․․․

...адӕймаг Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ куы фӕцӕры, уӕд ын уый стыр пайда кӕй ӕрхӕссы, уымӕй.

․․․․․

...«раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» нӕ нӕхи ахуыр кӕнын кӕй хъӕуы, уымӕй (Дзуттӕгтӕм 5:14.)

․․․․․

ДАРДДӔР КУЫД АРХАЙДЗЫНӔ?

Цӕмӕй ӕнӕгъдау ми ма саразай, уый тыххӕй уӕлдай къӕрцхъус кӕд хъуамӕ уай? (Бакӕс ӕмӕ ахъуыды кӕн Иов 31:1; Псалом 119:37 ӕмӕ Ефесӕгтӕм 5:3, 4.)

․․․․․

4 АЦЫ ХАБАРӔЙ ДӔ ЗӔРДӔМӔ ТЫНГДӔР ЦЫ ФӔЦЫД ӔМӔ ЦӔМӔН?

․․․․․

Кӕд дӕм Библи нӕй, уӕд зӕгъ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн кӕнӕ та йӕ кӕс сайты www.watchtower.org