Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы бӕлвырд фӕдзӕхстытӕм хъусдзынӕ?

Йегъовӕйы бӕлвырд фӕдзӕхстытӕм хъусдзынӕ?

Йегъовӕйы бӕлвырд фӕдзӕхстытӕм хъусдзынӕ?

«Мӕнӕ фӕндаг. Цӕут ацы фӕндагыл» (ИС. 30:21).

1, 2. Хӕйрӕг цӕуыл архайы, фӕлӕ нын Библи куыд ӕххуыс кӕны?

ФӔНДАГЫЛ куы фӕцӕйцӕуай ӕмӕ дзы цы амонӕнтӕ ис, уыдонӕй искӕцы раст куы нӕ амона, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕдзӕгъӕл уай, ӕмӕ уый та тӕссаг у. Фӕлӕ дӕ, зӕгъӕм, де ’мбал бафӕдзӕхста, уыцы амонӕн иу фыдгӕнӕг барӕй кӕй фӕивта, цӕмӕй-иу адӕм фӕдзӕгъӕл уой. Уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, де ’мбалы ныхасмӕ байхъусдзынӕ.

2 Хӕйрӕг дӕр уыцы фыдгӕнӕгау архайы, цӕмӕй нӕ фӕсайа (Рарг. 12:9). Айразмӕйы статьяйы цы тӕссаг хъуыддӕгтыл ныхас кодтам, уыдоны фӕрцы Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй, ӕнусон цардмӕ цы фӕндаг кӕны, ууыл мауал цӕуӕм (Матф. 7:13, 14). Фӕлӕ нын нӕ Хӕлар Йегъовӕ Хуыцау ӕргом кӕны, Хӕйрӕг адӕмы куыд сайы, уый. Ныр та аныхас кӕндзыстӕм, Хӕйрӕг ма ноджыдӕр цы ӕртӕ хъуыддагӕй пайда кӕны, цӕмӕй нӕ фӕсайа, стӕй нын Библи куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ нӕхи хизӕм. Библийы стихтӕ кӕсгӕйӕ-иу нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, цыма Йегъовӕ нӕ фӕстӕ цӕуы ӕмӕ нын дзуры: «Мӕнӕ фӕндаг. Цӕут ацы фӕндагыл» (Ис. 30:21). Ацы бӕлвырд фӕдзӕхстытыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы ныхӕстӕм ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусдзыстӕм.

Ма ацу «мӕнг ахуыргӕнджыты» фӕдыл

3, 4. а) Мӕнг ахуыргӕнджытӕ ӕнӕдон цъайты хуызӕн цӕмӕн сты? ӕ) Мӕнг ахуыргӕнджытӕн сӕ фылдӕр кӕцӕй фӕзыны ӕмӕ сӕ нысан цы вӕййы?

3 Зӕгъӕм, фӕцӕуыс ӕдзӕрӕг быдырыл ӕмӕ тынг сдойны дӕ. Дардмӕ ауыдтай цъай ӕмӕ йӕм атагъд кодтай, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ мӕ дойны басӕтдзынӕн. Фӕлӕ цъаймӕ куы бахӕццӕ дӕ ӕмӕ йӕм куы ныккастӕ, уӕд фӕфыдӕнхъӕл дӕ – дон дзы нӕ разынд. Уымӕй зындӕр ма дын цы хъуамӕ уыдаид! Рӕстдзинад абарӕн ис донимӕ, мӕнг ахуыргӕнджыты та – ӕнӕдон цъайтимӕ. Ӕмӕ рӕстдзинады «дон» агурӕг уыдонмӕ чи цӕуы, уыдон дӕр афтӕ фӕфыдӕнхъӕл уыдзысты. Йегъовӕ нӕ мӕнг ахуыргӕнджытӕй бафӕдзӕхста апостолтӕ Павел ӕмӕ Петры уылты. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 20:29, 30; 2 Петры 2:1–3.) Чи сты уыцы мӕнг ахуыргӕнджытӕ? Павел ӕмӕ Петры ныхӕстӕй нӕ бон у базонын, уыцы мӕнг ахуыргӕнджытӕ кӕцӕй фӕзынынц ӕмӕ адӕмы куыд сайынц.

4 Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта: «Уӕхи ’хсӕн... фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ». Петр дӕр йе ’мчырыстӕттӕм ныффыста: «Уе ’хсӕн дӕр уыдзӕн мӕнг ахуыргӕнджытӕ». Уӕдӕ мӕнг ахуыргӕнджытӕ, гӕнӕн ис, фӕзыной ӕмбырдӕн йӕхи мидӕг. Уыцы мӕнг ахуыргӕнджытӕ сты, раст дин чи ныууагъта ӕмӕ йӕ ныхмӕ цӕуын чи райдыдта, уыдон. Сӕ нысан цы вӕййы? Павел загъта, Йегъовӕйы организаци куы ныууадзынц, уӕд сӕ кӕй фӕфӕнды, «цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акӕной». Павел кодта Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты кой. Уыцы мӕнг ахуыргӕнджытӕ сӕхицӕн ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбырды ӕдде нӕ фӕагурынц, фӕлӕ фӕархайынц, цӕмӕй семӕ акӕной, ӕмбырды чи ис, уыцы ахуыргӕнинӕгты. «Тугдзых бирӕгътау» мӕнг ахуыргӕнджытӕ лӕбурынц «фыстӕм», ома ӕмбырды чи ис, уыдонмӕ. Фӕнды сӕ, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад фехалой ӕмӕ сын рӕстдзинад ныууадзын кӕной (Матф. 7:15; 2 Тим. 2:18).

5. Мӕнг ахуыргӕнджытӕ адӕмы куыд сайынц?

5 Мӕнг ахуыргӕнджытӕ адӕмы куыд сайынц? Уыдон хинӕй архайынц. Ӕмбырдмӕ «сусӕгӕй» бахӕссынц сӕ зианхӕссӕг хъуыдытӕ, фыдгӕнджытӕ сусӕгӕй искӕцы бӕстӕмӕ, закъонмӕ гӕсгӕ цы нӕй ласӕн, уый куыд баласынц, афтӕ. Фыдгӕнджытӕ мӕнг документтӕ ӕцӕг документты хуызӕн куыд скӕнынц, афтӕ уыцы мӕнг ахуыргӕнджытӕ дӕр фӕкӕнынц «зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ», ома афтӕ фӕдзурынц, цӕмӕй сӕ мӕнг хъуыдытӕ адӕммӕ раст фӕкӕсой. Уыдон парахат кӕнынц сӕ «мӕнг ахуырӕдтӕ», Фыстад «зыгъуыммӕ кӕнынц», цӕмӕй иннӕтӕ сӕ ныхӕстыл баууӕндой (2 Пет. 2:1, 3, 13; 3:16). Раст дин чи ныууагъта, уыдоны мах мӕт ӕппындӕр нӕй. Сӕ фӕдыл куы ацӕуӕм, уӕд, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндаг ныууадздзыстӕм.

6. Библи нӕ мӕнг ахуыргӕнджыты тыххӕй бӕлвырдӕй куыд фӕдзӕхсы?

6 Нӕхи мӕнг ахуыргӕнджытӕй куыд бахъахъхъӕнӕм? Уый бӕлвырдӕй фыст ис Библийы. (Бакӕс Ромӕгтӕм 16:17; 2 Иоанны 9–11.) Библи нын комкоммӕ дзуры: «Хӕстӕг [сӕм] ма цӕут». Зӕгъӕм дӕ дохтыр бафӕдзӕхста, уыцы ӕмӕ уыцы адӕймагмӕ хӕстӕг ма цу, уымӕн ӕмӕ хӕцгӕ низӕй рынчын у, зӕгъгӕ. Дохтыр ӕй зоны, уыцы низ дыл куы бахӕца, уӕд кӕй амӕлдзынӕ. Йӕ фӕдзӕхст у бӕлвырд, ӕмӕ йӕм ӕнӕмӕнгӕй байхъусдзынӕ. Раст дин чи ныууагъта, уыдонӕй дӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ «фӕрынчын» сты, ӕмӕ сӕ ахуырӕдты фӕрцы архайынц, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр уыдонау хъуыды кӕнын райдайой (1 Тим. 6:3, 4). Йегъовӕ нын хорз дохтырау бӕлвырдӕй зӕгъы, цӕмӕй мӕнг ахуыргӕнджытӕм хӕстӕг ма цӕуӕм, нӕхи сӕ хизӕм. Фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕм алкӕддӕр байхъусӕм?

7, 8. а) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй мӕнг ахуыргӕнджытӕй нӕхи хизӕм? ӕ) Дӕхи мӕнг ахуыргӕнджытӕй цӕмӕн хизыс?

7 Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй мӕнг ахуыргӕнджытӕй нӕхи хизӕм? Мах семӕ нӕдӕр ныхас кӕнӕм, нӕдӕр сӕ хӕдзармӕ хонӕм. Нӕ сын кӕсӕм сӕ чингуытӕ кӕнӕ, Интернеты цы фыссынц, уыдӕттӕ, телевизоры дӕр сӕм нӕ кӕсӕм, стӕй Интернеты сӕ сайттыл комментаритӕ нӕ фыссӕм. Нӕхи сӕ цӕмӕн хизӕм? Сӕйраджыдӕр уымӕн, ӕмӕ уарзӕм «рӕстдзинады Хуыцауы», ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды мӕнг ахуырӕдтӕм хъусын, уымӕн ӕмӕ уыдон сты, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый ныхмӕ (Пс. 31:5; Иоан. 17:17). Стӕй ма тынг уарзӕм Йегъовӕйы организаци дӕр. Уыцы организацийы фӕрцы базыдтам бирӕ ахсджиаг хабӕрттӕ: Хуыцауы ном ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы ӕмӕ мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Хъуыды ма йӕ кӕныс, куыд цин кодтай, ацы ӕмӕ ма ӕндӕр ахуырӕдтӕ дӕр куы базыдтай, уӕд? Уӕдӕ ма бауадз, цӕмӕй мӕнг ахуыргӕнджыты тыххӕй, уыцы диссаджы хабӕрттӕ цы организацийы фӕрцы базыдтай, уый ныхмӕ суай (Иоан. 6:66–69).

8 Мӕнг ахуыргӕнджытӕ цыфӕнды ма дзурой, уӕддӕр сӕ фӕдыл нӕ ацӕудзыстӕм! Ӕнӕдон цъайтӕй уӕлдай чи нӕу, уыцы адӕммӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм? Чи сӕм хъусы, уыдон фӕфыдӕнхъӕл уыдзысты. Мах та Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл нӕ зӕрдӕ никуы сивдзыстӕм! Уыцы организаци нӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл кодта. Уый нын ӕдзухдӕр парахатӕй дӕтты, Хуыцауы Ныхасы чи ис, уыцы рӕстдзинады сыгъдӕг «дон» (Ис. 55:1–3; Матф. 24:45–47).

«Аргъӕуттӕм ма хъус»

9, 10. Павел «аргъӕутты» тыххӕй Тимофейы куыд бафӕдзӕхста ӕмӕ уыцы «аргъӕуттӕ» цы уыдысты? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

9 Фӕндагыл амонӕн исчи ӕндӕрырдӕм куы фӕзила, уӕд фӕсайды уыдзыстӕм ӕмӕ раст фӕндагыл нӕ ацӕудзыстӕм. Амонӕн раст кӕй нӕу, уый хатт ӕнцон бамбарӕн вӕййы, хатт та – зын. Уый зӕгъӕн ис, Хӕйрӕгӕй цы мӕнг хъуыдытӕ цӕуы, уыдоны тыххӕй дӕр. Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд нӕ уыцы мӕнг хъуыдытӕй искӕцыйӕ ӕнцонтӕй фӕсайдзӕн. Апостол Павел нӕ фӕдзӕхсы уыцы мӕнг хъуыдытӕй, хоны сӕ «аргъӕуттӕ». (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 1:3, 4.) Уыцы «аргъӕуттӕ» цы сты ӕмӕ сӕ нӕхи куыд хизӕм? Цӕмӕй, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагӕй ма адзӕгъӕл уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм.

10 Павел уыцы «аргъӕутты» тыххӕй фӕдзӕхсы йӕ фыццаг фыстӕджы Тимофеймӕ. Тимофей уыд хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ йын Павел загъта, цӕмӕй ӕмбырды сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕдтаид ӕмӕ йӕ хотӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодтаид Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайынӕн (1 Тим. 1:18, 19). Павел «аргъӕутты» кой кӕнгӕйӕ цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый амоны «мӕнгдзинад, гӕдыныхас» кӕнӕ «ӕрымысгӕ хабар». Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, «аргъау» амоны динимӕ баст хабармӕ, ӕцӕгӕй чи не ’рцыд, ахӕммӕ («The International Standard Bible Encyclopaedia»). Ӕвӕццӕгӕн, Павел кодта мӕнгуырнындзинӕдтимӕ баст рагон таурӕгъты кой. Адӕм-иу сӕ сӕхӕдӕг ӕрымысыдысты ӕмӕ-иу сӕ диссагӕн дзырдтой *. Павел загъта, уыцы таурӕгътӕ, дам, «расайынц, рацагур-бацагур кӕй хъӕуы, ахӕм фарстатӕ». Ахӕм хабӕрттӕм чи фӕхъусы, уыдонмӕ фӕзыны, сӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы кӕуыл фӕхардз кӕнынц, ахӕм ӕнӕпайда фарстатӕ. Хӕйрӕг уыцы ӕрымысгӕ хабӕрттӕй ӕмӕ таурӕгътӕй фӕпайда кӕны, цӕмӕй адӕм ферох кӕной, ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уыдӕттӕ. Павелы уынаффӕ у бӕлвырд: «аргъӕуттӕм» ма хъус!

11. Хӕйрӕг мӕнг динты фӕрцы адӕмы куыд сайы ӕмӕ нӕ цавӕр фӕдзӕхстмӕ хъӕуы хъусын?

11 Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд цавӕр «аргъӕутты» тыххӕй фӕсайды уыдзыстӕм? «Аргъау» схонӕн ис, адӕм «рӕстдзинадмӕ [кӕй тыххӕй] нал фӕхъусынц», ахӕм дины ахуырад (2 Тим. 4:3, 4). Хӕйрӕг тынг дӕсны у адӕмы мӕнг динты фӕрцы сайынмӕ. Ӕмӕ Библи дӕр уымӕн зӕгъы, зӕгъгӕ, йӕхи афтӕ ӕвдисы, цыма «рухсы зӕд у» (2 Кор. 11:14). Зӕгъӕм, чырыстон динтӕ дзурынц, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй сты, фӕлӕ амонгӕ та кӕнынц мӕнг ахуырӕдтӕ, зӕгъӕм, Хуыцау, дам, Троицӕ у, фыдгӕнджытӕ, дам, зындоны судзынц ӕмӕ, дам, адӕймагӕн ис ӕнӕмӕлгӕ уд. Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Рождество ӕмӕ Куадзӕн бӕрӕг кӕнын Хуыцауы фӕндон у, фӕлӕ уыцы бӕрӕгбӕтты ӕгъдӕуттӕ цӕуынц мӕнг динтӕй. Хуыцау нӕ фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, уӕхи мӕнг динтӕй фӕхицӕн кӕнут ӕмӕ, «чъизи цы у, ахӕмӕй мацӕмӕуал ӕвналут». Ӕмӕ йӕм куы хъусӕм, уӕд нӕ Хӕйрӕг йӕ «аргъӕуттӕй» нӕ фӕсайдзӕн (2 Кор. 6:14–17).

12, 13. а) Хӕйрӕгӕй цавӕр ӕртӕ мӕнг хъуыдыйы цӕуы ӕмӕ ӕцӕгӕй та хабар куыд у? ӕ) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕг йӕ «аргъӕуттӕй» ма фӕсайа?

12 Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд Хӕйрӕгӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ ӕндӕр мӕнг хъуыдыты фӕрцы дӕр фӕсайа. Ӕркӕсӕм дзы ӕртӕмӕ. Фыццаг мӕнг хъуыды у ахӕм: цыдӕриддӕр дӕ фӕнды, уый араз; хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый дӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕныс. Ахӕм ныхӕстӕ арӕх фехъусӕм телевизоры, киноты, бакӕсӕм сӕ журналты, газетты ӕмӕ Интернеты. Уыцы мӕнг хъуыдытӕ ӕдзух кӕй хъусӕм, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм ӕмӕ ацы дунейы хӕлд зондыл ацӕуӕм. Фӕлӕ хабар ӕцӕгӕй та афтӕ у, ӕмӕ мах хъӕуы Хуыцауы разамынд, ома нын цӕмӕй уый дзура, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у (Йер. 10:23). Дыккаг мӕнг хъуыды: Хуыцау зӕххыл никуы ницы фӕивдзӕн. Ацы хъуыдыйы тыххӕй адӕм цардмӕ кӕсынц иу боны цӕстӕй. Фидӕны цы уыдзӕн, ууыл нӕ мӕт кӕнынц ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныныл нӕ архайынц. Уыцы зондахаст ныл куы бандава, уӕд Хуыцауы хъуыддаджы зӕрдиагӕй нал архайдзыстӕм (2 Пет. 1:8). Ӕцӕгӕй та хабар афтӕ у, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы Йегъовӕ зӕххыл цард бынтондӕр фӕивдзӕн, ӕмӕ нӕ цардӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, уыцы хъуыддаг нӕ фидарӕй кӕй уырны (Матф. 24:44). Ӕртыккаг мӕнг хъуыды у ахӕм: Хуыцау дыл ӕппындӕр нӕ тыхсы. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Хуыцауы уарзты аккаг не стӕм. Уыцы хъуыдыйыл нӕ куы баууӕндын кӕна, уӕд нӕ ныфс асӕтдзӕн ӕмӕ Хуыцауӕн нал лӕггад кӕндзыстӕм. Ӕцӕгӕй та хабар афтӕ у, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр уарзы, алчидӕр ын дзы у тынг зынаргъ (Матф. 10:29–31).

13 Хъуамӕ алкӕддӕр къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй Хӕйрӕджы дунейы зондыл ма ацӕуӕм. Хатт адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма, ацы дунейы адӕм цы дзурынц, уый ӕцӕгдӕр раст у. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд: Хӕйрӕджы фӕнды мах фӕсайын, ӕмӕ сайынмӕ та уымӕй хуыздӕр ничи арӕхсы. Ӕмӕ нӕ цӕмӕй йӕ «аргъӕуттӕй» ма фӕсайа, уый тыххӕй хъуамӕ хъусӕм Библийы фӕдзӕхстытӕм (2 Пет. 1:16).

Ма ацу «Сайтаны фӕдыл»

14. Павел иуӕй-иу ӕрыгон идӕдз сылгоймӕгты цӕмӕй бафӕдзӕхста ӕмӕ уымӕ не ’ппӕты дӕр цӕмӕн хъӕуы нӕ хъус ӕрдарын?

14 Зӕгъӕм, фӕндагыл федтай ахӕм амонӕн: «Ацы фӕндаг кӕны Сайтаны фӕдыл». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕцӕг чырыстӕттӕй иуы дӕр нӕ бафӕнддзӕн ахӕм фӕндагыл ацӕуын. Фӕлӕ уӕддӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ исчи «Сайтаны фӕдыл ацӕуа». Афтӕ куыд рауайы, уый бамбарын кодта Павел. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:11–15.) Павел фыста, уӕды рӕстӕджы ӕмбырды цы ӕрыгон идӕдз сылгоймӕгтӕ уыди, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй, фӕлӕ, цы загъта, уый зондзонӕн у махӕн не ’ппӕтӕн дӕр. Уыцы идӕдз сылгоймӕгтӕ афтӕ нӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Сайтаны фӕдыл цӕуынц, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ сӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыди, ӕцӕгӕй йӕ фӕдыл кӕй цыдысты. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ йӕ нӕхӕдӕг дӕр нӕ бамбӕрстам, афтӕмӕй Сайтаны фӕдыл ацыдыстӕм? Ӕркӕсӕм, Павел искӕй фыдкой кӕнынӕй куыд фӕдзӕхста, уымӕ.

15. Сайтаны цы фӕнды? Сайтан ууыл цы хъуыддӕгты фӕрцы архайы, уый Павел куыд раргом кодта?

15 Сайтаны нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ уырнындзинады тыххӕй дзурӕм. Уый фӕнды, цӕмӕй хорз хабар мауал хъусын кӕнӕм (Рарг. 12:17). Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй нӕ рӕстӕг хардз кӕнӕм ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл кӕнӕ, Йегъовӕйы адӕм кӕрӕдзийы ныхмӕ цӕй тыххӕй суой, уыдӕттыл. Павел нын ӕргом кӕны, Хӕйрӕг ууыл цы хъуыддӕгты фӕрцы архайы, уыдонӕй цалдӕр. Павел иуӕй-иу идӕдз сылгоймӕгты тыххӕй фыста, зӕгъгӕ, «кусгӕ ницы кӕнынц... дзӕгъӕл рацу-бацу кӕнынц». Уыцы сылгоймӕгтӕ сӕ рӕстӕг ӕрвыстой ууыл, ӕмӕ се ’мбӕлттӕм уазӕгуаты цыдысты ӕмӕ, ахсджиаг цы нӕ уыд, уыдӕттыл ныхӕстӕ кодтой. Мах хъуамӕ нӕхи уыдӕттӕй хизӕм. Зӕгъӕм, Интернетӕй кӕнӕ телефонӕй кӕрӕдзимӕ куы фыссӕм алыхуызон ӕнӕпайда кӕнӕ, ӕцӕг чи нӕу, ахӕм хабӕртты тыххӕй, уӕд нӕхи рӕстӕг дӕр ӕмӕ иннӕты рӕстӕг дӕр дзӕгъӕлы хардз кӕндзыстӕм. Павел ма загъта, уыцы идӕдз сылгоймӕгтӕ «иннӕты кой дӕр кӕнынц», зӕгъгӕ. Иннӕты кой чи фӕкӕны, уыдон иуӕй-иу хатт ӕвзӕр цыдӕртӕ дӕр фӕзӕгъынц. Уый тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй райдайынц иннӕты фыдкой кӕнын, ома сӕ мӕнг ныхӕстӕ фӕкӕнынц. Уый тыххӕй адӕм арӕх хыл дӕр фӕвӕййынц (Ӕмб. 26:20). Иннӕтӕй мӕнг ныхӕстӕ чи кӕны, уыдон сты Сайтан Хӕйрӕджы хуызӕн, кӕд ӕй сӕхӕдӕг не ’мбарынц, уӕддӕр *. Дарддӕр Павел уыцы идӕдз сылгоймӕгтӕй загъта, зӕгъгӕ, «сӕхи адӕмы хъуыддӕгты тъыссынц». Уыдон иннӕтӕн сӕхи уынаффӕгӕнджытӕ кодтой. Фӕлӕ иу адӕймагӕн дӕр уый бар нӕй. Ӕппӕт адӕтты тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ ферох кӕнӕм, Йегъовӕ нын цы ахсджиаг куыст бахӕс кодта, уый. Хъуамӕ нӕ рӕстӕг хардз кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныныл. Куы нал хъусын кӕнӕм, уӕд ацӕудзыстӕм Сайтаны фӕдыл. Кӕд Сайтаны фарс стӕм, уӕд та стӕм Йегъовӕйы ныхмӕ. Алчидӕр нӕ хъуамӕ равзара, кӕй фарс у, уый (Матф. 12:30).

16. Кӕд нӕ Сайтаны фӕдыл цӕуын нӕ фӕнды, уӕд нӕ цы хъӕуы аразын?

16 Библи цы дзуры, уымӕ куы хъусӕм, уӕд Сайтаны фӕдыл нӕ ацӕудзыстӕм. Павел загъта, чи нын баххуыс кӕндзӕн, цалдӕр ахӕм хъуыдыйы. Уый загъта, «бирӕ фыдӕбон кӕнут Хицауы хъуыддаджы», зӕгъгӕ (1 Кор. 15:58). Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ куы фыдӕбон кӕнӕм, уӕд нын, ахсджиаг чи нӕу ӕмӕ нын тӕссаг чи у, ахӕм хъуыддӕгтӕн рӕстӕг нал уыдзӕн (Матф. 6:33). Павел ма нын ноджы загъта, кӕй хъуамӕ дзурӕм, «адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ» (Еф. 4:29). Иннӕты кой ма кӕн ӕмӕ, исчи искӕй кой куы фӕкӕны, уӕд дӕр ӕм ма хъус. (Кӕс рамкӕ  «Дымгӕ бумбулитӕ ахаста».) Де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хотыл ӕууӕнд ӕмӕ сын аргъ кӕн. Уӕд алы хатт дӕр ӕрмӕст сӕ хорзы кой кӕндзынӕ. Павел ма загъта, нӕ нысан цы хъуамӕ уа, уый: «Иннӕты хъуыддӕгты уӕхи ма тъыссут» (1 Фес. 4:11). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕмыл хъуамӕ тыхсай, фӕлӕ афтӕ нӕ, ӕмӕ дӕ стыхсой. Адӕймагӕн вӕййы ахӕм хабӕрттӕ, ӕмӕ йӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ искӕмӕн радзура ӕмӕ сӕ исчи зона. Дӕ зӕрдыл дар: иннӕтӕ сӕхӕдӕг цы хъуыддӕгтӕ хъуамӕ скъуыддзаг кӕной, уыцы хъуыддӕгты сӕ бӕсты хъуамӕ уынаффӕ ма хӕссӕм (Гал. 6:5).

17. а) Тӕссаг нын цӕмӕй у, уыдӕтты тыххӕй нӕ Йегъовӕ цӕмӕн фӕдзӕхсы? ӕ) Зӕрдиагӕй нӕ цы хъуамӕ фӕнда?

17 Куыд бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, нӕхи нӕ цӕмӕй хъӕуы хъахъхъӕнын, уый нын бӕлвырд кӕй ӕмбарын кӕны! Хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕй нӕ Йегъовӕ уый тыххӕй кӕй фӕдзӕхсы, ӕмӕ нӕ уарзгӕ кӕны. Нӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ Сайтан фӕсайа ӕмӕ нын зиан ӕрхӕсса. Йегъовӕ нын цы фӕндаг амоны, ууыл цӕуын ӕнцон нӕу, фӕлӕ ӕнусон цардмӕ ӕрмӕстдӕр уыцы фӕндаг кӕны (Матф. 7:14). Уӕдӕ хъуамӕ алкӕддӕр зӕрдиагӕй хъусӕм, Йегъовӕ нын цы дзуры, уымӕ: «Мӕнӕ фӕндаг. Цӕут ацы фӕндагыл» (Ис. 30:21).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 10 абз. Павелы рӕстӕджы цы «аргъӕуттӕ» дзырдтой, уыдонӕй сӕ иу уыд Товиты, кӕнӕ Товийы, чиныг. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ уыцы чиныг хауы Библимӕ. Уыцы чиныг фыст ӕрцыд н. э. размӕ 3 ӕнусмӕ ӕввахс. Чиныг йедзаг у мӕнгуырнындзинӕдтӕй ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст хабӕрттӕй. Дзырд дзы цӕуы, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм хабӕрттыл, фӕлӕ афтӕ ӕвдыст сты, цыма ӕцӕг уыдысты. (Кӕс «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 122 фарс, англ.)

^ 15 абз. «Хӕйрӕг»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны «иннӕтӕй мӕнг ныхӕстӕ чи кӕны, сӕ фыдкой чи кӕны, уый». Уый у Сайтанӕн йӕ иннӕ ном, уымӕн ӕмӕ фыццаг мӕнг ныхас уый загъта (Иоан. 8:44; Рарг. 12:9, 10).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

Ацы стихтӕ нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсынц, уымӕ кӕй хъусыс, уый куыд равдисдзынӕ?

2 Петры 2:1–3

1 Тимофеймӕ 1:3, 4

1 Тимофеймӕ 5:11–15

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Нывтӕ 19 фарсыл]

Дымгӕ бумбулитӕ ахаста

Иннӕты фыдкой кӕнын цы зиан хӕссы, уый хорз ӕвдисы иу рагон дзуттаг ӕмбисонд.

  Иу лӕг сӕ хъӕуы зондджындӕр адӕймаджы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ фӕдзырдта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йӕм хатыр курӕг бацыд. Загъта йын, зӕгъгӕ мын цыдӕриддӕр зӕгъай, уый бакӕндзынӕн, ӕрмӕст мын ныххатыр кӕн. Зондджын лӕг ын загъта, цӕмӕй ацӕуа, баз фӕкъӕртт кӕна ӕмӕ йӕ дымгӕмӕ ныддара. Уый дӕр афтӕ бакодта, кӕд ӕй нӕ бамбӕрста, афтӕ йын цӕмӕн загъта, уӕддӕр. Стӕй уыцы зондджын лӕгмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ йӕ бафарста:

«Ныр мын хатыр кӕныс?»

«Фыццаг уал ацу ӕмӕ бумбулитӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд кӕн»,– загъта йын уый.

«Куыд? – бадис кодта лӕг.– Дымгӕ сӕ алырдӕмты куы ахаста, уӕд ма сӕ куыд ӕрӕмбырд кӕндзынӕн?»

Уӕд ын зондджын лӕг загъта: «Дымгӕ уыцы бумбулитӕ алы рӕттӕм куыд ахаста, раст афтӕ дӕ мӕнг ныхӕстӕ дӕр адӕмыл айхъуыстысты. Ӕмӕ уыцы бумбулитӕ куыд нал ӕрӕмбырд кӕндзынӕ, афтӕ дӕ ныхӕстӕ дӕр нал раздахдзынӕ».

Ацы ӕмбисонд нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уый бӕрӕг у: ныхас куы зӕгъай, уӕд ӕй фӕстӕмӕ нал раздахдзынӕ. Ӕмӕ нӕ ныхӕстӕ цы зиан ӕрхӕссынц, уый хатт сраст кӕнӕн нал вӕййы. Уӕдӕ искӕй фыдкой кӕныны размӕ уал-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, нӕ ныхӕстӕ бумбулитӕй уӕлдай кӕй не сты.

[Ныв 16 фарсыл]

Раст дин чи ныууагъта, уыдоны иуӕй-иутӕ сӕ хӕдзармӕ куыд бахонынц?