Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацыдтӕ?

Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацыдтӕ?

Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацыдтӕ?

«Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых» (ДЗУТ. 4:12).

1. Абон Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуын нӕ бон куыд у ӕмӕ хатт коммӕ кӕсын зын цӕмӕн вӕййы?

МАХ базыдтам, Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ организацийы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд йе ’нцойадмӕ кӕй бацӕудзыстӕм. Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд уымӕй равдисдзыстӕм, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕнд сӕххӕст уа. Фӕлӕ хатт коммӕ кӕсын зын вӕййы. Зӕгъӕм, базыдтам, мах цы уарзӕм, уыдӕттӕй цыдӕр Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, уӕд нын фыццаг, чи зоны, зын уа нӕ цӕстӕнгас фӕивын. Кӕд афтӕ вӕййы, уӕддӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй уӕм «коммӕгӕс» (Иак. 3:17). Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм цалдӕр уавӕрыл. Уыцы уавӕрты рабӕрӕг вӕййы, ӕцӕгдӕр коммӕгӕс стӕм ӕви нӕ.

2, 3. Цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, уый тыххӕй дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразӕм?

2 Зӕгъӕм, Библийӕ куы базоныс, дӕ царды дӕ цыдӕр фӕивын кӕй хъӕуы, уӕд коммӕгӕс разыныс? Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйы йӕ организацимӕ ӕрбакӕнын кӕй фӕнды, уыдоны Библи хоны «ӕппӕт адӕмты зынаргъ хӕзнатӕ» (Аг. 2:7). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауӕн, рӕстдзинад чи уарзы, уыдон зынаргъ сты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕстдзинад куы базыдтам, уӕд нӕ фылдӕры зынтӕй уыд «зынаргъ хӕзнатӕ» схонӕн. Фӕлӕ Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ Фырты кӕй бауарзтам, уый тыххӕй нӕ зондахасты ӕмӕ нӕ хъуыддӕгты бирӕ цыдӕртӕ фӕивтам. Йегъовӕмӕ куывтам ӕмӕ дзы ӕххуыс куырдтам, ӕмӕ стӕй ӕппӕт тыхтӕй архайдтам уыцы ивындзинӕдтӕ скӕныныл. Ӕппынфӕстаг донаргъуыд райстам ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйы хорзӕх ссардтам. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 1:9, 10.)

3 Фӕлӕ уӕддӕр ӕнӕххӕст стӕм. Ныр дӕр нӕ хъӕуы нӕ царды цыдӕртӕ ивын ӕмӕ, раст цы у, уый аразыныл ӕппӕт тыхтӕй архайын. Фӕлӕ нын Йегъовӕ дзуры, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн, дарддӕр дӕр ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕныныл ӕппӕт хъарутӕй куы архайӕм, уӕд.

Нӕ царды нӕ исты фӕивын куы хъӕуа

4. Цыдӕр фӕивын нӕ кӕй хъӕуы, уый нын Йегъовӕ цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы фӕрцы бамбарын кӕны?

4 Цӕмӕй нӕ царды исты фӕивӕм, уый тыххӕй уал фыццаг хъуамӕ базонӕм, цы нӕ хъӕуы фӕивын, уый. Ӕмӕ нын уымӕ Йегъовӕ бацамоны алыхуызӕтты, зӕгъӕм, ӕмбырды раныхасы фӕрцы кӕнӕ та нӕ брошюрӕты кӕцыдӕр статьяйы фӕрцы. Фӕлӕ уӕд дӕр куы нӕ бамбарӕм, фӕивын нӕ цы хъӕуы, уый, уӕд нын Йегъовӕ нӕ рӕдыдмӕ фӕлмӕнӕй бацамоны ӕмбырды искӕцы ӕфсымӕр кӕнӕ хойы уылты. (Бакӕс Галатӕгтӕм 6:1.)

5. Исчи нын нӕ рӕдыдмӕ куы фӕамоны, уӕд хатт нӕхи куыд фӕдарӕм? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уӕддӕр цӕмӕн хъуамӕ архайой махӕн баххуыс кӕныныл?

5 Нӕ рӕдыдмӕ нын нӕхи хуызӕн ӕнӕххӕст адӕймаг куы бацамоны, уӕд нын йӕ ныхасмӕ байхъусын арӕх тынг зын вӕййы, фӕлмӕнӕй куы дзура, уӕд дӕр. Фӕлӕ Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй-иу «бацархайой [мах] раст зондыл саразыныл», ӕмӕ уый аразой «фӕлмӕнӕй» (Гал. 6:1). Сӕ уынаффӕмӕ сын куы байхъусӕм, уӕд Йегъовӕйӕн ноджы «зынаргъдӕр» суыдзыстӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд ын фӕдзурӕм, ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ арӕх кӕй рӕдийӕм. Фӕлӕ нын хистӕр нӕлгоймаг куы фӕзӕгъы, мӕнӕ ам рӕдийыс, зӕгъгӕ, уӕд хатт нӕхи бынтон ӕндӕрхуызон фӕдарӕм. Нӕхи рӕстытӕ кӕнын райдайӕм кӕнӕ фӕзӕгъӕм, зӕгъгӕ, ахӕм стыр рӕдыд дӕр нӕ ракодтон. Чи зоны, афтӕ дӕр фӕзӕгъӕм, ӕмӕ нын уынаффӕ чи радта, уый нӕ кӕй нӕ уарзы, йе та немӕ фӕлмӕнӕй кӕй нӕ дзырдта (2 Пад. 5:11). Уӕлдай зын нын цы вӕййы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын ахӕм цӕмӕдӕр куы бацамонынц, уӕд та, чи зоны, мӕсты дӕр равӕййӕм. Чи зоны нын зӕгъой, нӕ бинонтӕй чидӕр цӕмӕйдӕр кӕй рӕдийы кӕнӕ нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд, чырыстонӕн чи не ’мбӕлы, ахӕм кӕй у. Йе та нын, чи зоны, зӕгъой, нӕхи сыгъдӕгдӕр кӕй хъуамӕ дарӕм кӕнӕ нӕ ирхӕфсӕнтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц. Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ мӕстыйӕ фӕзӕгъӕм, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ. Ӕмӕ уый нӕхи зӕрдӕйӕн дӕр зын вӕййы ӕмӕ нын уынаффӕ чи дӕтты, уымӕн дӕр. Фӕлӕ фӕстӕдӕр, куы ’рсабыр вӕййӕм, уӕд фылдӕр хатт сразы вӕййӕм, уыцы уынаффӕ раст кӕй уыд.

6. Хуыцауы ныхас «зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» куыд базоны?

6 Ацы статьяйы сӕйраг стих, Дзуттӕгтӕм 4:12, зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцауы ныхасы ис «стыр тых». Уӕдӕ Хуыцауы ныхасӕн ис уыцы тых, цӕмӕй адӕймагӕн баххуыс кӕна йӕ цард фӕивынӕн. Цалынмӕ донаргъуыд нӕ райстам, уӕдмӕ нын Библи нӕ царды бирӕ ивындзинӕдтӕ скӕнынӕн баххуыс кодта, ӕмӕ нын донаргъуыды фӕстӕ дӕр йӕ бон у баххуыс кӕнын, ноджыдӕр ма цы хъӕуы, уый фӕивынӕн. Павел ма ныффыста, зӕгъгӕ, Хуыцауы ныхас «адӕймаджы афтӕ ахизы, ӕмӕ равдисы, бакастӕй куыд зыны ӕмӕ мидӕгӕй цавӕр у, уый, кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны стджытӕ ӕмӕ стджыты магъз, ӕмӕ базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» (Дзут. 4:12). Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый Библийӕ куы бамбарӕм, уӕд стӕй нӕ хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг уыдзӕн, мидӕгӕй цавӕр стӕм, уый. Бакастӕй куыд зынӕм, уый цымӕ иуӕй-иу хатт, мидӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уымӕй нӕ фӕхицӕн кӕны? (Бакӕс Матфейы 23:27, 28.) Ахъуыды кӕн, ды та куыд бакӕнис, дарддӕр кӕуыл аныхас кӕндзыстӕм, уыцы уавӕрты.

Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цу

7, 8. а) Дзуттаг чырыстӕттӕй иуӕй-иуты Моисейы закъон дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕнын цӕмӕн фӕндыд? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕнды ныхмӕ цыдысты?

7 Бирӕтӕ нӕ тынг хорз зонынц Ӕмбисӕндты 4:18 фыст ныхӕстӕ: «Рӕстгӕнджыты фӕндаг у хуры рухсы хуызӕн – уыцы рухс кӕны тынгӕй-тынгдӕр, цалынмӕ хур йӕ тӕмӕны нӕ бацӕуы, уӕдмӕ». Ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ сты, ӕмӕ, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ адӕймаг хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбарын райдайы, Йегъовӕ йӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый, стӕй ма йын хуыздӕр фӕуайы, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын дӕр.

8 Куыд базыдтам, афтӕмӕй Чырыстийы мӕлӕты фӕстӕ дзуттаг чырыстӕттӕй бирӕты уӕддӕр фӕндыд Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын (Хъуыд. 21:20). Павел бӕлвырд бамбарын кодта, чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нал хъуыди. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ уыимӕ разы нӕ уыдысты (Кол. 2:13–15). Чи зоны, хъуыды кодтой, ӕмӕ Закъонӕй кӕцыдӕр фӕдзӕхстытӕ куы ’ххӕст кӕной, уӕд, дзуттаг диныл хӕст чи уыд, уыдон сӕ фӕдыл нӕ зилдзысты. Фӕлӕ Павел уыцы дзуттаг чырыстӕттӕн комкоммӕ загъта, дарддӕр дӕр Хуыцауы фӕнды ныхмӕ куы цӕуой, уӕд йе ’нцойадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты * (Дзут. 4:1, 2, 6; бакӕс Дзуттӕгтӕм 4:11). Цӕмӕй сӕ Йегъовӕйы хорзӕх уыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ сразы уыдаиккой, ныр ын ӕндӕр хуызы кӕй хъуамӕ лӕггад кодтаиккой.

9. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар Библийы ахуырӕдтӕй искӕцы ӕндӕрхуызон куы бамбарын кӕны, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

9 Абон дӕр вӕййы афтӕ, ӕмӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар Библийы ахуырӕдтӕй кӕцыдӕртӕ, раздӕр куыд ӕмбарын кодта, афтӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕрхуызон бамбарын кӕны. Ӕмӕ уыцы ивындзинӕдтыл мах хъуамӕ цин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон ууыл дзурӕг сты, Йегъовӕ нын ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уылты рӕстдзинад кӕй амоны. Цагъары номӕй чи архайы, уыцы Разамонӕг совет хатт ногӕй ӕркӕсы, Библийӕ цавӕрдӕр ахуырад куыд ӕмбарӕм, уымӕ. Ӕмӕ уыцы ӕфсымӕртӕ ахӕм хъуыдымӕ куы ’рцӕуынц, зӕгъгӕ дзы цыдӕртӕ фӕивын кӕнӕ бараст кӕнын хъӕуы, уӕд фӕстӕ нӕ фӕкӕнынц. Зонынц ӕй, уыцы ивындзинӕдтӕ иуӕй-иуты зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцӕудзысты, фӕлӕ уыдонӕн сӕйраг уый нӕу. Сӕйраг сын у Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ архайын. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар Библийы ахуырӕдтӕй искӕцы ӕндӕрхуызон куы бамбарын кӕны, уӕд ды та уымӕ цы цӕстӕй ракӕсыс? (Бакӕс Лукайы 5:39.)

10, 11. Библииртасджытӕй иуӕй-иутӕ куы базыдтой, ӕндӕр хуызы сӕ кӕй хъӕуы хъусын кӕнын, уӕд куыд бакодтой ӕмӕ нын уыцы хабар цӕуыл дзурӕг у?

10 Ныр та аныхас кӕнӕм ӕндӕр ивындзинадыл, уый уыд 19 ӕнусы кӕрон ӕмӕ 20 ӕнусы райдианы. Библииртасджытӕй иуӕй-иутӕ тынг хорз арӕхстысты раныхӕстӕ дзурынмӕ, ӕмӕ уыдон хъуыды кодтой, афтӕмӕй сӕ бон ӕппӕты хуыздӕр кӕй уыд хорз хабар хъусын кӕнын. Уыдон уарзтой адӕмы раз дзурын, ӕмӕ-иу сӕ сӕ раныхӕсты тыххӕй куы ӕппӕлыдысты, уӕд-иу сӕхицӕй ныббуц сты. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕйы адӕм хуыздӕр бамбӕрстой, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй ма раныхӕстӕй уӕлдай хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, стӕй ӕндӕр хуызы дӕр хъусын кодтаиккой. Фӕлӕ уыцы дзырдарӕхст ӕфсымӕртӕй кӕйдӕрты нӕ бафӕндыд уый аразын. Сӕ раныхӕстӕй афтӕ зынд, цыма Йегъовӕйы уарзтой ӕмӕ йӕ коммӕ кастысты, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕй уый бӕрӕг нӕ уыд. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ нӕ арфӕ кодта. Ӕппынфӕстаг Йегъовӕйы организаци ныууагътой (Матф. 10:1–6; Хъуыд. 5:42; 20:20).

11 Библииртасджытӕй иннӕтӕн дӕр ӕнцон нӕ уыди хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын, уӕлдайдӕр та фыццаг рӕстӕджыты. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр Йегъовӕйы организацийыл уыдысты иузӕрдион ӕмӕ коммӕгӕс разындысты. Рӕстӕг куыд цыди, афтӕ сын фенцондӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Ӕмӕ сын Йегъовӕ тынг раарфӕ кодта. Абон та ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар куы фӕдзуры, ныр ӕндӕр хуызы дӕр кӕй хъӕуы хъусын кӕнын, уӕд ды куыд бакӕныс? Кӕд дын тынг зын вӕййы, уӕддӕр коммӕгӕс разыныс?

Кӕй уарзӕм, уыдонӕй исчи Йегъовӕйы куы ныууадзы

12, 13. а) Йегъовӕ цӕмӕн зӕгъы, «ӕвзӕргӕнӕджы уе ’хсӕнӕй фӕсурут», зӕгъгӕ? ӕ) Иуӕй-иу хатт чырыстон ныййарджытӕ цавӕр зын уавӕры бахауынц?

12 Цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр уӕм сыгъдӕг, ӕмӕ нӕ уыимӕ алчидӕр разы у. (Бакӕс Титмӕ 2:14.) Фӕлӕ нын иуӕй-иу хатт зын вӕййы уыцы хъуыддаджы коммӕгӕсдзинад равдисын. Зӕгъӕм, чырыстон бинонтӕн ис иунӕг лӕппу, ӕмӕ рӕстдзинад ныууагъта. Йегъовӕимӕ ӕмӕ йын йӕ ныййарджытимӕ цы хӕлардзинад уыд, уый ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ равзӕрста, «тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы, уый». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ миты тыххӕй гӕнӕн нал ис, цӕмӕй ӕмбырды уа, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой (Дзут. 11:25).

13 Ныййарджытӕн уымӕй стырдӕр маст цы хъуамӕ уа! Уыдон хорз зонынц, Библийы цы фыст ис, уый, зӕгъгӕ уын «иумӕйагӕй мацыуал уӕд, ӕфсымӕр уӕвгӕйӕ, хӕтаг кӕнӕ зыд адӕймаг чи у, кӕнӕ мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, кӕнӕ иннӕты чи ӕфхӕры, кӕнӕ расыггӕнаг чи у, кӕнӕ адӕмы чи стигъы, уыимӕ. Ахӕмимӕ иу фынгыл дӕр ма бадут». Ӕмӕ ма дзы ноджыдӕр фыст ис: «Ӕвзӕргӕнӕджы уе ’хсӕнӕй фӕсурут» (1 Кор. 5:11, 13). Ныййарджытӕ ӕмбарынц, ацы ныхӕстӕ, сӕ бинонтӕй семӕ иу хӕдзары чи нӕ цӕры, уымӕ дӕр кӕй хауынц. Фӕлӕ сӕ хъӕбулы тынг уарзынц ӕмӕ хъуыды кӕнынц: «Афтӕ йӕ нӕй уадзӕн, гӕнӕн уӕвгӕйӕ йемӕ хъуамӕ фылдӕр ныхас кӕнӕм. Дзыхӕй йӕм куы нӕ дзурӕм, уӕд ын куыд баххуыс кӕндзыстӕм Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн?» *

14, 15. Йӕ сывӕллоны ӕмбырдӕй кӕмӕн ацух кодтой, уыцы ныййарджытӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной?

14 Уыцы ныййарджытӕн сӕ мастыл мах дӕр маст кӕнӕм. Сӕ фыртӕн йӕ бон уыди йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын. Фӕлӕ, йӕ ныййарджытимӕ ӕмӕ ӕмбырдимӕ уа, уымӕй фылдӕр ӕй бафӕндыд уыцы хъуыддӕгтӕ дарддӕр аразын. Ныййарджыты бӕргӕ фӕнды сӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнын, фӕлӕ, цы аразы, ууыл сӕ бар нӕ цӕуы. Ӕмӕ сын афтӕ зын дӕр уымӕн у.

15 Нӕ зынаргъ ӕфсымӕр ӕмӕ хо куыд бакӕндзысты? Йегъовӕйы бӕлвырд уынаффӕмӕ байхъусдзысты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, искуы иу хатт сӕ хъӕудзӕн сӕ фыртимӕ сӕ бинонты хъуыддӕгты тыххӕй аныхас кӕнын. Фӕлӕ цымӕ, йемӕ арӕхдӕр куыд ныхас кӕной, уымӕн ӕфсон агурдзысты? Сӕ сывӕллонимӕ сӕ ӕцӕгӕйдӕр хъӕуы аныхас кӕнын ӕви нӕ, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной, Йегъовӕ уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. Хъуамӕ сӕ рох ма уа: Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм уой сыгъдӕг. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъы, ӕвзӕргӕнӕджы ӕмбырдӕй фӕсурут, зӕгъгӕ. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕха. Чырыстон ныййарджытӕ куыд равдисдзысты, уыдон дӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц?

16, 17. Аароны хабар нын цӕуыл дзурӕг у?

16 Иухатт Моисейы ӕфсымӕр Аарон зын уавӕры бахауд, йӕ дыууӕ фырты цы сарӕзтой, уый тыххӕй. Йӕ фырттӕ, Надав ӕмӕ Авиуд, Йегъовӕйы размӕ ӕрбахастой, чи не ’мбӕлд, ахӕм зынг. Уӕд Йегъовӕ уӕларвӕй рауагъта арт, ӕмӕ сӕ уыцы арт аныхъуырдта. Ахъуыды-ма кӕн, Ааронӕн ууыл йӕ зӕрдӕ куыд фӕрыстаид! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Ааронӕн йӕ фырттимӕ ныхас кӕнын йӕ бон нал уыд, уымӕн ӕмӕ амардысты. Фӕлӕ Ааронӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн сӕ уавӕр иу хъуыддаджы тыххӕй ноджы зындӕр фӕци. Йегъовӕ Ааронӕн ӕмӕ йӕ иннӕ фырттӕн Моисейы уылты загъта, цӕмӕй, зианыл кӕй хъыг кӕнынц, уый ма равдисой. Моисей сын загъта: «Уӕ сӕртӕ ӕнӕфастӕй ма ныууадзут ӕмӕ уӕ уӕлӕдарӕс ма ӕрыскъуынут, цӕмӕй ма амӕлат ӕмӕ цӕмӕй Хуыцау ӕппӕт адӕммӕ дӕр ма смӕсты уа» (Лев. 10:1–6). Уӕдӕ бӕрӕг у: нӕ бинонтӕй Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыдонӕй фылдӕр хъуамӕ Йегъовӕйы уарзӕм.

17 Абон Йегъовӕ уайтагъд нӕ амары, йӕ закъӕтты сӕрты йын чи ахизы, уыдоны. Йегъовӕ сын дӕтты фадат, цӕмӕй се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой, ӕмӕ сӕм уымӕй ӕвдисы уарзондзинад. Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕ цы фенкъары, ныййарджытӕ йын йӕ фӕдзӕхстмӕ куы нӕ фӕхъусынц ӕмӕ сын ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыцы сывӕллонимӕ аныхас кӕнынӕн ӕфсон куы фӕагурынц, уӕд?

18, 19. Бинонтӕ алкӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уой, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты?

18 Кӕддӕр ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц, се ’мбӕлттӕ ӕмӕ сӕ бинонтӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдысты ӕмӕ уыцы рӕстӕг семӕ кӕй нӕ дзырдтой, уый сын фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынӕн кӕй баххуыс кодта. Зӕгъӕм, иу ӕрыгон сылгоймаг хистӕр нӕлгоймӕгтӕн радзырдта, йе ’фсымӕр йӕхи куыд дардта, уый йын кӕй баххуыс кодта йӕ цардыуаг фӕивынӕн. Йе ’фсымӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд ӕмӕ йын йӕ хойы ӕмбырдӕй куы ацух кодтой, уӕд архайдта Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ. Уый фӕрцы йӕ хойы бафӕндыд фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхын.

19 Уӕдӕ нын уый цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ алы уавӕры дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нын уый алы хатт ӕнцон нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕ нын цы дзуры, уый алкӕддӕр ӕппӕты хуыздӕр кӕй вӕййы.

«Хуыцауы ныхас у удӕгас»

20. Дзуттӕгтӕм 4:12 дыууӕ хуызы куыд ис бамбарӕн? (Кӕс фиппаинаг.)

20 Павел Дзуттӕгтӕм 4:12 афтӕ куы загъта, «Хуыцауы ныхас у удӕгас», зӕгъгӕ, уӕд Библийы кой нӕ кодта *. Уыцы сӕры иннӕ стихтӕй бӕрӕг у, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдты кой кӕй кодта. Павел дзырдта, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны. Йегъовӕ йӕ ныхасы тыххӕй загъта: «Мӕ дзыхӕй цы ныхас рацӕуа, уый... цалынмӕ нӕ сӕххӕст уа, уӕдмӕ мӕм фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхдзӕн, фӕлӕ... сӕххӕст кӕндзӕн, кӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уыцы хъуыддаг» (Ис. 55:11). Уӕдӕ Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрд, мах кӕд ӕнхъӕл уыдыстӕм, уӕд куы нӕ сӕххӕст кӕна, уӕддӕр хъуамӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Йегъовӕ йӕ фӕнд ӕнӕмӕнгдӕр кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн (Иоан. 5:17).

21. Ацӕргӕтӕн Дзуттӕгтӕм 4:12 куыд баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынӕн?

21 «Тынг бирӕ адӕммӕ» чи хауы, уыдонӕй бирӕтӕ Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнынц (Рарг. 7:9). Уыдон уый ӕнхъӕл никуы уыдысты, ӕмӕ ацы фыддунейы базӕронд уыдзысты. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн сӕ тых, сӕ хъару не ’вгъау кӕнынц (Пс. 92:14). Уыдон зонынц, «Хуыцауы ныхас... удӕгас» кӕй у ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ ӕнӕмӕнгӕй кӕй сӕххӕст уыдзысты (Дзут. 4:12). Зонынц ӕй, Йегъовӕ сабыргай кӕй ӕххӕст кӕны, зӕххы тыххӕй ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Хуыцауӕн уыцы фӕнд тынг ахсджиаг у. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ царды сӕйрагдӕр Хуыцауы фӕнд куы уа, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Ныр у «ӕвдӕм бон», Йегъовӕйы ӕнцойады бон, ӕмӕ Хуыцау зоны, ӕппындӕр ӕй кӕй ницы бахъыгдардзӕн йӕ фӕнд кӕронмӕ сӕххӕст кӕнынӕн. Зоны ма, йӕ адӕм дарддӕр дӕр кӕй архайдзысты уыцы фӕндмӕ гӕсгӕ. Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Ды та Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацыдтӕ?

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 8 абз. Дзуттаг дины разамонджытӕй бирӕтӕ Моисейы закъоны ӕппӕт лыстӕг хабӕрттӕ дӕр ӕххӕст кодтой. Фӕлӕ, Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд, Мессийӕ кӕй у, ууыл нӕ баууӕндыдысты. Ӕмӕ афтӕмӕй уыдон рацыдысты Хуыцауы фӕнды ныхмӕ.

^ 20 абз. Абон Хуыцау немӕ ныхас кӕны Библийы уылты, ӕмӕ Библийӕн та ис уыцы тых, цӕмӕй адӕймаджы цард фӕива. Уӕдӕ, Дзуттӕгтӕм 4:12 цы фыст ис, уый Библимӕ дӕр хауы.

Бахъуыды кодтай?

• Абон цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуӕм?

• Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый Библийӕ куы бамбарӕм, уӕд стӕй куыд равдисдзыстӕм, Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын нӕ кӕй фӕнды?

• Йегъовӕ нын цы дзуры, уый аразын нын цавӕр уавӕрты вӕййы зын, фӕлӕ йӕ коммӕ кӕсын тынг ахсджиаг цӕмӕн у?

Дзуттӕгтӕм 4:12 дыууӕ хуызы куыд ис бамбарӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 31 фарсыл]

Ныййарджытӕн уымӕй стырдӕр маст цы хъуамӕ уа!