Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дунейы хицау ӕцӕгӕй чи у?

Дунейы хицау ӕцӕгӕй чи у?

Дунейы хицау ӕцӕгӕй чи у?

ФЫДГӔНДЖЫТӔН сӕ сӕргълӕуджытӕй, ӕвӕццӕгӕн, никуы никӕй федтай. Фӕлӕ чи зӕгъдзӕн, ӕмӕ фыдгӕнджытӕн сӕ сӕргъы ничи лӕууы? Уыдон фӕархайынц сусӕгӕй ӕмӕ суанг ахӕстонӕй дӕр разамынд фӕдӕттынц. Фӕлӕ газетты куы бакӕсӕм, наркотикты тыххӕй цы хӕстытӕ ӕрцӕуы, хӕтаг сылгоймӕгты тыххӕй, стӕй адӕмы кӕй уӕй кӕнынц ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕртты тыххӕй, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕн чидӕр разамынд кӕй дӕтты. Уӕдӕ фыдгӕнджыты сӕргъы чидӕр кӕй лӕууы, уый бӕрӕг у сӕ хъуыддӕгтӕй.

Хуыцауы Ныхас, Библи, ӕргом дзуры, Хӕйрӕг кӕй ис. Уый дӕр фыдгӕнджыты хъомысджын сӕргълӕууӕгау архайы, цӕмӕй «мӕнг нысӕнттӕ» ӕмӕ «алы хӕрам ӕмӕ сайӕн миты» фӕрцы йӕ фӕнд ӕххӕст кӕна. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «йӕхи афтӕ ӕвдисы, цыма рухсы зӕд у» (2 Фессалоникӕгтӕм 2:9, 10; 2 Коринфӕгтӕм 11:14). Хӕйрӕг кӕй ис, уый дӕр бӕрӕг у йӕ хъуыддӕгтӕй. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕры нӕ уырны, ӕнӕуынгӕ фыдгӕнӕг зӕд кӕй ис, уый. Библийы Хӕйрӕджы тыххӕй цы фыст ис, ууыл дарддӕр бӕлвырддӕр аныхас кӕндзыстӕм. Ныр та уал аныхас кӕнӕм, бирӕтӕ цы фӕзӕгъынц, Хӕйрӕг сӕ цӕуылнӕ уырны, уый тыххӕй.

«Кӕд Хуыцау адӕмы уарзы, уӕд Хӕйрӕджы цӕмӕн сфӕлдыста?» Кӕд Библийы афтӕ фыст ис, ӕмӕ Хуыцау хӕларзӕрдӕ у ӕмӕ йӕм ницы фау ӕрхӕссӕн ис, уӕд раст нӕ уаид афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ ӕгъатыр, дурзӕрдӕ фыдгӕнӕджы сфӕлдыста. Библийы дӕр ахӕмӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ дзы Хуыцауы тыххӕй фыст ис: «Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис. Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау» (Дыккаг закъон 32:4; Псалом 5:4).

Фӕлӕ ӕвзӕры иу фарста: Хуыцауы сконд зӕдтӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон хорздзинад йеддӕмӕ ӕвзӕрдзинад аразын нӕ уыд? Хуыцау сӕ роботты хуызӕн не скодта, фӕлӕ сын радта сӕрибардзинад, ома сӕхӕдӕг ӕвзӕрстой, куыд бакӕной, уый. Уӕдӕ зӕдтӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон уыд ӕвзарын хорздзинад саразой ӕви ӕвзӕрдзинад. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, хъуыды кӕнын ӕмӕ, куыд бакӕной, уый ӕвзарын сӕ бон кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр уыдон дӕттынц дзуапп сӕ хъуыддӕгты тыххӕй.

Уӕдӕ скӕнӕн ис ахӕм хатдзӕг: кӕд Хуыцау адӕмӕн ӕмӕ зӕдтӕн сӕрибардзинад радта, уӕд раст нӕ уаид, исты ӕвзӕр хъуыддаг саразын-иу сӕ куы бафӕндид, уӕд-иу сын уый бар куы нӕ дӕттид. Иуӕй-иутӕ сӕрибардзинадӕй раст кӕй нӕ фӕпайда кӕнынц, уый бӕрӕг у, Чырысти Хӕйрӕджы тыххӕй цы загъта, уымӕй: «Рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд» (Иоанны 8:44). Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, фӕстӕдӕр Хӕйрӕг чи сси, уыцы зӕд раздӕр ӕнаипп кӕй уыд ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагыл кӕй лӕууыд *. Йегъовӕ, кӕй сфӕлдыста, уыцы зӕдтӕн ӕмӕ адӕмӕн радта сӕрибардзинад, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзы ӕмӕ сыл ӕууӕнды. (Кӕс рамкӕ  «Хуыцауы сконд зӕдтӕ ӕмӕ адӕм ӕнӕххӕст суой, уый гӕнӕн ис?», 6 фарс.)

«Хӕйрӕг у Хуыцауы лӕггадгӕнӕг». Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хӕйрӕг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕй у, уый бӕрӕг у Иовы чиныгӕй. Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, Хӕйрӕг зӕххыл кӕй зылд, уый амоны, рагон Персы паддзӕхты лӕггадгӕнджытӕй-иу иуӕй-иутӕ цы куыст кодтой, уымӕ. Уыдон бӕстӕйыл разил-базил кодтой ӕмӕ-иу хабӕрттӕ сӕ паддзахмӕ фӕхӕццӕ кодтой (Иов 1:7). Фӕлӕ кӕд Хӕйрӕг дӕр Хуыцауӕн афтӕ лӕггад кодта, уӕд ын цӕмӕн ӕмбарын кодта, «зӕххыл зылдтӕн», зӕгъгӕ? Иовы чиныджы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ Хӕйрӕг ӕмӕ Хуыцау ӕмвӕнд сты. Иовы чиныг Хӕйрӕджы хоны Сайтан, ома «Ныхмӕлӕууӕг», ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы сӕйраг знаг кӕй у (Иов 1:6). Уӕдӕ иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнын цӕмӕн райдыдтой, ӕмӕ Хӕйрӕг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг у?

Суанг нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы размӕ дӕр иуӕй-иу апокрифты (уыдон сты, иуӕй-иутӕ Хуыцауы комытӕфӕй фыст кӕй хонынц, ахӕм чингуытӕ, фӕлӕ уый дызӕрдыггаг у) фыст уыди, зӕгъгӕ, кӕд Хӕйрӕг Хуыцауимӕ нӕ разы кодта, уӕддӕр ын йӕ фӕндон ӕххӕст кодта. Йӕ чиныджы, «Мефистофель», зӕгъгӕ, историк Дж. Б. Рассел ныффыста, Мартин Лютер Хӕйрӕджы кӕй абарста Хуыцау йӕ «цӕхӕрадоны кӕмӕй кусы, ахӕм кусӕнгарзимӕ, зӕгъӕм, ӕхсӕдӕн хӕсгардимӕ кӕнӕ рувӕнимӕ». Рассел ма загъта, зӕгъгӕ, Лютеры уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ «рувӕнӕн хӕмпӕлгӕрдӕг рувын ӕхсызгон у», фӕлӕ уӕддӕр ис Хуыцауы фидар къухы ӕмӕ йын ӕххӕст кӕны йӕ фӕндон. Лютеры хъуыдыйыл фӕстӕдӕр ныххӕцыд французаг диниртасӕг Жан Кальвин, фӕлӕ уыцы хъуыды уырнӕг адӕмӕй бирӕтӕм раст нӕ фӕкаст. Адӕмы чи уарзы, уыцы Хуыцау фыддзинадмӕ ӕнцад куыд хъуамӕ кӕса кӕнӕ та уыцы фыддзинады йӕхӕдӕг куыд хъуамӕ уа аххосджын? (Иаковы 1:13). Чидӕртӕ ахӕм хъуыдыйыл хӕст кӕй сты, стӕй, 20-ӕм ӕнусы бирӕ стыр бӕллӕхтӕ кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй бирӕты нал дӕр Хуыцау уырны, нал дӕр – Хӕйрӕг.

«Хӕйрӕг у, адӕм цы ӕвзӕрдзинад аразынц, уый». Кӕд Хӕйрӕг нӕй, фӕлӕ ис ӕрмӕстдӕр, адӕм цы ӕвзӕрдзинад аразынц, уый, уӕд Библийы иуӕй-иу стихтӕ бамбарӕн нӕй. Зӕгъӕм, Иов 2:3–6 стихтӕм гӕсгӕ, Хуыцау кӕимӕ ныхас кодта? Иовы мидӕг цы ӕвзӕрдзинад уыд, уыимӕ ӕви йӕхӕдӕг йӕхиимӕ? Стӕй цымӕ уый куыд уайы, ӕмӕ Хуыцау фыццаг Иовӕй йӕ хорз миниуджыты тыххӕй раппӕлыд, стӕй та цавӕрдӕр ӕвзӕрдзинадӕн загъта, цӕмӕй йӕ бафӕлвӕрдтаид? Уӕд зӕгъӕн уаид, ӕмӕ Хуыцау у дурзӕрдӕ. Афтӕмӕй та Библийы фыст ис, зӕгъгӕ Хуыцаумӕ «нӕй фыддзинад» (Псалом 92:15). Хуыцау не сразы, цӕмӕй Иовӕн исты зиан ракодтаид. Уӕдӕ бӕрӕг у, Хӕйрӕг ӕнӕуи ӕвзӕрдзинад дӕр ӕмӕ Хуыцауы ӕвзӕр миниуӕг дӕр кӕй нӕу. Хӕйрӕг у, Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд ӕмӕ йе знаг чи сси, уыцы зӕд.

Дунейы хицау ӕцӕгӕй чи у?

Хӕйрӕг кӕй ис, ууыл ӕууӕндын абон бирӕтӕм худӕг кӕсы. Фӕлӕ кӕд Хӕйрӕг нӕй, уӕд куыд бамбарын кӕнӕн ис, зӕххыл уыйбӕрц фыддзинад цӕмӕн ис, уый? Абон бирӕты Хӕйрӕг кӕй нӕ уырны, уый тыххӕй сӕ Хуыцау дӕр нӕ уырны ӕмӕ сӕм уаг ӕмӕ ӕгъдау дӕр нымады не сты.

19-ӕм ӕнусы поэт Шарль-Пьер Бодлер ныффыста: «Хӕйрӕджы стырдӕр хиндзинад уый мидӕг ис, ӕмӕ архайы, цӕмӕй нӕ баууӕндын кӕна, кӕй нӕй, ууыл». Ӕмӕ бирӕтӕ ууыл ӕцӕгдӕр кӕй баууӕндыдысты, уымӕ гӕсгӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтой, Хуыцау кӕй ис, ууыл дӕр. Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, кӕд Хӕйрӕг нӕй, уӕд ӕппӕт бӕллӕхты дӕр Хуыцау у аххосджын, ӕмӕ йыл уый тыххӕй нал феууӕндынц. Хӕйрӕджы дӕр раст уый фӕнды.

Фыдгӕнджыты сӕргълӕууӕгау Хӕйрӕг дӕр йӕхи не ’ргом кӕны, афтӕмӕй архайы, цӕмӕй йӕ фӕнд йӕ къухы бафта. Цымӕ йӕ фӕнд цы у? Ацы фарстайӕн дзуапп ис Библийы: «Ацы цардӕвӕрды хуыцау сӕ сӕрызонд... бакуырм кодта... ӕнӕуырнджытӕн. Сӕ сӕрызонд сын бакуырм кодта, цӕмӕй сӕм ма бакӕла, Хуыцауы хуызӕн чи у, уыцы Чырыстийы тыххӕй диссаджы хорз хабары рухс» (2 Коринфӕгтӕм 4:4).

Ӕмӕ ма баззад иу ахсджиаг фарста: цы бакӕндзӕн Хуыцау, сусӕгӕй чи архайы ӕмӕ ӕппӕт фыддзинӕдты ӕмӕ хъизӕмӕртты аххосджын чи у, уымӕн? Ууыл ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Хӕйрӕг Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уӕд ӕй Хуыцау уайтагъд цӕуылнӕ фесӕфта, уый базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 11 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Таблицӕ 5 фарсыл]

Хӕйрӕг Хуыцауӕн йӕ лӕггадгӕнӕг у ӕви йе знаг?

[Рамкӕ/Ныв 6 фарсыл]

 «Хуыцауы сконд зӕдтӕ ӕмӕ адӕм ӕнӕххӕст суой, уый гӕнӕн ис?»

Хуыцау зӕдты ӕмӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд уыдысты ӕххӕст. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ, сӕхи цыдӕриддӕр фӕндыд, уый сӕ бон уыд аразын. Адам хъуамӕ йӕ зӕрдыл дардтаид, Хуыцау ӕрдзы цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдоны сӕрты йын хизӕн кӕй нӕ уыд, уый. Зӕгъӕм, сыджыт, хуыр кӕнӕ хъӕдӕрмӕг куы хордтаид, уӕд ын уый зиан ӕрхастаид. Кӕнӕ бӕрзонд къӕдзӕхӕй куы рагӕпп кодтаид, уӕд кӕнӕ мӕлгӕ акодтаид кӕнӕ та йӕхи тынг ныппырх кодтаид.

Афтӕ ӕххӕст адӕм ӕмӕ зӕдтӕ дӕр, Хуыцау уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы закъӕттӕ ӕрӕвӕрдта, уыдоны сӕрты куы ахизой, уӕд ӕнӕ фыдбылызӕй нӕ баззайдзысты. Уӕдӕ зӕд кӕнӕ адӕймаг йӕ сӕрибардзинадӕй раст куы нӕ пайда кӕна, уӕд ӕнӕмӕнгӕй фӕрӕдидзӕн (Райдиан 1:29; Матфейы 4:4).