Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Цы у Армагеддон?

Цы у Армагеддон?

▪ Бирӕтӕ дзырд «Армагеддон» куы фехъусынц, уӕд сӕ цӕстытыл ауайы бӕстысӕфт. Чи ядерон хӕстыл ахъуыды кӕны, чи та – стыр ӕрдзон бӕллӕхтыл. Фӕлӕ ацы хъуыдытӕн иумӕйагӕй ницы ис, Библийы Армагеддоны тыххӕй цы фыст ис, уыимӕ. Уӕдӕ уӕд Библимӕ гӕсгӕ Армагеддон цы у?

Дзырд «Армагеддон» Библийы ӕмбӕлы Раргомады чиныджы. Армагеддон у хӕст, фӕлӕ иннӕ хӕстыты хуызӕн нӕу. Уый амоны, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ». Уӕд «ӕгас дунейы паддзӕхтӕ» ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй Хуыцауимӕ схӕцой. Уыцы хӕсты кой ма Библийы ис бирӕ ӕндӕр рӕтты дӕр (Раргомад 16:14–16; Йезекил 38:22, 23; Иоил 3:12–14; Лукайы 21:34, 35; 2 Петры 3:11, 12).

Армагеддон цӕмӕ ’ркӕндзӕн? Раргомады чиныджы кӕсӕм: «Зӕххон паддзӕхтӕ се ’фсӕдтимӕ... ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй, бӕхыл чи бады, уыимӕ ӕмӕ йе ’фсадимӕ схӕцой». «Бӕхыл чи бады», уый у Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти. Хуыцау ӕй сӕвӕрдта зӕдты сӕргъы, цӕмӕй сӕ разӕй рацӕуа, ӕмӕ Хуыцауы знӕгтыл фӕуӕлахиз уой (Раргомад 19:11–16, 19–21). Йеремийы 25:33 стих ӕвдисы, чи бабын уыдзӕн, уыцы фыдгӕнджытӕ тынг бирӕ кӕй уыдзысты, уый: «Уыцы бон, Йегъовӕ кӕй ныццӕгъда, уыдон хаудӕй лӕудзысты зӕххыл, иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ».

Цымӕ Армагеддон цӕмӕн хъӕуы? Адӕмтӕ сӕ хицауыл Хуыцауы нӕ нымайынц, уыдон хицӕуттӕ хонынц сӕхи (Псалом 24:1). Ӕмӕ сӕхи дарынц, Псаломы 2:2 стихы куыд фыст ис, афтӕ: «Зӕххон паддзӕхтӕ сыстадысты, ӕмӕ хицӕуттӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй рацӕуой Йегъовӕйы ныхмӕ ӕмӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕджы ныхмӕ».

Уыцы адӕмы абарӕн ис, бар кӕмӕн нӕ вӕййы, афтӕмӕй искӕй зӕххытӕ йӕхи чи бакӕны, ахӕм адӕмимӕ. Уыдон зӕххӕн сӕхи кӕй схицау кодтой, уый сын фаг нӕу, фӕлӕ ма йӕ чъизи дӕр кӕнынц ӕмӕ сафгӕ дӕр. Уавӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй бирӕ ӕнустӕ раздӕр Хуыцауы Ныхасы фыст ӕрцыд ахӕм ныхӕстӕ: «Адӕмтӕ мӕстӕй рафыхтысты, ӕмӕ ӕрцыд [Хуыцауы] судзгӕ масты бон». Уыцы бон Хуыцау фесафдзӕн, «зӕхх чи сафы, уыдоны» (Раргомад 11:18). Уӕдӕ Армагеддон уыдзӕн Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Уыцы хӕсты рабӕрӕг уыдзӕн, адӕмӕн разамынд дӕттыны бар ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн кӕй ис (Псалом 83:18).

Кӕд уыдзӕн Армагеддон? Чырысти, Хуыцауы Фырт, комкоммӕ загъта: «Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд» (Матфейы 24:36). Фӕлӕ уӕддӕр Армагеддоны кой кӕнгӕйӕ хъомысджын Ӕфсӕддон ӕмӕ Паддзах Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Мӕнӕ, фӕцӕуын давӕгау. Амондджын у, чи нӕ бафынӕй» (Раргомад 16:15). Уӕдӕ, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр чи уыдзӕн, уыцы хӕст баст у, Чырысти уӕлӕрвты паддзах куы уа, уыцы рӕстӕгимӕ. Ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕй куыд зыны, афтӕмӕй ныр у уыцы рӕстӕг.

Армагеддоны фесӕфдзысты, йӕ фыдхъуыддӕгтӕ чи нӕ ныууадза, ӕрмӕстдӕр уыдон, фӕлӕ чи фервӕздзӕн, ахӕмтӕ дӕр уыдзӕн. Уыдоны тыххӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, сты «тынг бирӕ адӕм» (Раргомад 7:9–14). Уыдон сӕхи цӕстӕй фендзысты, куыд сӕххӕст уыдзысты мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн, кӕм уыди, уырдӕм бакастӕ, ӕмӕ нал ис. Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:10, 11).

[Ныв 10 фарсыл]

«Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты»