Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Писмо Конгойӕ (Киншасӕйӕ)

Арткалӕг хохы рӕбын

Арткалӕг хохы рӕбын

ГОРӔТ Гомӕйы сӕрмӕ хуры цалх куы стулы, уӕд цъӕх арв сызгъӕрин фесты. Алы райсом дӕр адӕймаг фыццаг фены, ӕгас дунейы дӕр зындгонд чи у, уыцы вулкан Ньирагонго. Ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ хуылфӕй цӕуы фӕздӕг. Вулканы фӕздӕг ӕхсӕвыгон вӕййы сырх-сырхид, йӕ мидӕг лавӕ кӕй фыцы, уый тыххӕй.

Суахилийы ӕвзагыл ацы вулкан хуыйны мулима я мото – Арткалӕг хох. Фӕстаг хатт вулкан Ньирагонго стыдта 2002 азы. Уый тыххӕй Гомойы нӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ нӕ зонгӕтӕй бирӕтӕ ӕнӕхӕдзар, ӕнӕдуар баззадысты. Мӕ сӕрыхицауимӕ кӕм хъусын кодтам, уым уынгты лавӕ ныхъхъӕбӕр ӕмӕ мӕм афтӕ каст, цыма Мӕйыл цӕуын. Фӕлӕ дзы цы адӕм цӕры, уыдон лавӕйы хуызӕн хъӕбӕрзӕрдӕ нӕ уыдысты. Уыдысты хъӕлдзӕг, фӕлмӕн ӕмӕ ӕргомзӕрдӕ, ӕмӕ сын цы хорз хабар дзырдтам, уый сӕ зӕрдӕтӕм арф истой. Арткалӕг хохы рӕбын лӕггад кӕнын нын стыр циндзинад ӕрхаста!

Сабаты райсомӕй райхъал дӕн хъӕлдзӕгӕй. Мӕ сӕрыхицауимӕ, нӕ уазджытимӕ ӕмӕ иннӕ миссионертимӕ хъусын кӕнынмӕ ацыдыстӕм Мугунгамӕ ӕрлидзӕггӕгты лагермӕ. Уыцы лагер ис горӕтӕй гыццыл дарддӕр, ныгуылӕнырдыгӕй. Бирӕтӕ дзы сӕ райгуырӕн горӕттӕй алыгъдысты, цӕрын дзы тӕссаг кӕй уыд, уый тыххӕй.

Нӕ машинӕ байдзаг кодтам Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕйӕ французаг, суахили ӕмӕ киньяруандайы ӕвзӕгтыл. Стӕй нӕ фӕндагыл араст сӕм. Цалынмӕ дзыхъхъытӕ-къуыппытӕ фӕндагыл цыдыстӕм, уӕдмӕ горӕты адӕм змӕлын райдыдтой. Ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕ ахӕц-ахӕц кодтой цъупдзаг чукудустыл (хъӕдӕй конд уӕзласӕн самокаттыл). Сылгоймӕгтӕ хъулон, ирд юбкӕты, сӕ сӕртыл стыр хӕссинӕгтӕ, афтӕмӕй уӕздан цыд кодтой фӕндаджы былыл. Мототакситыл адӕмӕй иутӕ куыстмӕ цыдысты, иннӕтӕ та – базармӕ. Алырдыгӕй фенӕн уыд фӕныкхуыз хъӕдын хӕдзӕрттӕ ӕрвхуыз сӕртимӕ.

Ӕрцыдыстӕм, Ндосхойы цы Паддзахады зал ис, уырдӕм. Уым нӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты, немӕ лагермӕ хъусын кӕнынмӕ чи цыди, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Мӕ зӕрдӕ тынг фӕрысти, лагеры цы ӕрыгӕттӕ, идӕдзтӕ, сидзӕртӕ ӕмӕ рынчынты федтон, уыдоны уындӕй. Бирӕтӕ сӕ стыр дудгӕбӕттӕ бавзӕрстой, фӕлӕ сӕ фӕндыд Библимӕ гӕсгӕ сӕ цард фӕхуыздӕр кӕнын. Библи цы ныфс дӕтты, уый сын сӕ зӕрдӕты зынг ссыгъта, ӕмӕ уыдон дӕр уыцы ныфсы тыххӕй иннӕтӕн зӕрдиагӕй дзырдтой. Нӕ къордимӕ цыбыртӕй аныхас кодтам, кӕуыл фембӕлӕм, уыдонӕн Библийӕ цавӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн стихтӕ кӕсдзыстӕм, ууыл. Уый фӕстӕ мах, 130 адӕймаджы, тыххӕйты бабырыдыстӕм 5 гыццыл автобусы ӕмӕ иу цыппарцалхон уӕзласӕн машинӕйы, ӕмӕ нӕ фӕндагыл араст стӕм.

Ӕрдӕг сахаты фӕстӕ уыцы лагермӕ бахӕццӕ стӕм. Алырдыгӕй хъӕбӕр лавӕйы сӕрыл зындысты сӕдӕгай гыццыл урс пъалаткӕтӕ. Лагеры астӕу рӕгъ-рӕгъӕй лӕууыдысты туалеттӕ ӕмӕ гӕрзтӕхсӕн бынӕттӕ. Адӕм дзы ӕмызмӕлд кодтой: чи ӕхсгӕ кодта, чи хӕринаг арӕзта, чи хъӕдуртӕ згъӕлста, чи та йӕ пъалаткӕйы раз марзта.

Уым фембӕлдыстӕм иу нӕлгоймаг Жакыл. Уый йӕ хъус дардта лагерӕн йӕ иу хаймӕ. Жак мӕт кодта, ахӕм уӕззау уавӕрты йӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕна, ууыл. Ӕмӕ йын чиныг «Вопросы молодежи. Практические советы» куы радтам, уӕд тынг бацин кодта ӕмӕ загъта, кӕй йӕ бакӕсдзӕн ӕмӕ стӕй адӕмы къордтӕ-къордтӕй кӕй ӕмбырд кӕндзӕн, ӕмӕ дзы цы бакӕса, уый сын кӕй амондзӕн.

Гыццыл фалдӕр та фембӕлдыстӕм иу сылгоймаг Беатрисыл. Беатрис нӕ бафарста, Хуыцау адӕмы хъизӕмар кӕнын цӕмӕн уадзы, зӕгъгӕ. Афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ Хуыцау ӕфхӕргӕ кӕны. Йӕ лӕджы йын хӕсты амардтой, йӕ чызг иунӕгӕй йӕ сывӕллоны лагеры хъомыл кӕны, йӕ лӕппуйы та йын цалдӕр мӕйы размӕ адавтой ӕмӕ кӕм ис, уый нӕ зоны.

Беатрисы хабар мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Иовмӕ ӕвирхъау хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл куы хастой, уӕд куыд фӕуыдаид, уый. Мах ын бамбарын кодтам, адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, стӕй, йӕ зындзинӕдтӕ Хуыцауӕй кӕй не сты, уый дӕр (Иов 34:10–12; Иаковы 1:14, 15). Радзырдтам ма йын, тагъд Хуыцау йӕ уӕларвон Паддзахады уылты зӕххыл цы ивддзинӕдтӕ скӕндзӕн, уый тыххӕй дӕр. Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ Беатрисӕн йӕ цӕсгомыл мидбылхудт ахъазыд ӕмӕ загъта, Библи кӕй ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ Хуыцауӕй ӕххуыс кӕй курдзӕн.

Уыцы бон нӕ къорд иууылдӕр райгондӕй баззад. Не ’ппӕт дӕр банкъардтам, Йегъовӕ нын тынг кӕй баххуыс кодта, цӕмӕй ныфс бауагътаиккам ӕмӕ бафидар кодтаиккам, кӕуыл ӕмбӕлдыстӕм, уыцы адӕмы. Лагерӕй хӕдзармӕ куы здӕхтыстӕм, уӕд бирӕтӕ фӕндараст зӕгъынмӕ нӕ фӕдыл рацыдысты сӕ трактаттимӕ, сӕ журналтимӕ ӕмӕ сӕ чингуытимӕ, ӕмӕ нӕм сӕ нӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ тылдтой.

Хӕдзармӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд хъуыдыты аныгъуылдтӕн. Уыцы бонӕй бузныг уыдтӕн. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Жак куыд цин кодта ӕмӕ мын ацӕргӕ сылгоймаг Беатрис мӕ къух куыд нылхъывта ӕмӕ мӕм йӕ мидбылты куыд худти, уый. Хъуыды кодтон, сывӕллӕттӕ мӕм цы ӕмбаргӕ фарстатӕ лӕвӕрдтой, ууыл, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыди, афонӕй раздӕр сыл царды уӕз кӕй ӕрцыди. Дисы мӕ ӕфтауы уыцы адӕмы фидар удыхъӕд, уымӕн ӕмӕ кӕд ахӕм дудгӕбӕттӕ ӕййафынц, уӕддӕр сӕ бон у худын ӕмӕ цин кӕнын.

Уыцы бӕстӕйы федтам, бирӕтӕ зӕрдиагӕй кӕй архайынц, цӕмӕй адӕмӕн сӕ уӕззау цард фӕрогдӕр кӕной. Ӕмӕ стыр кад куыннӕ у, Библийы руаджы адӕмӕн ӕмбарын кӕнын, сӕ зындзинӕдтӕн ӕнустӕм кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый! Ӕз тынг цин кӕнын, мӕнӕн дӕр мӕ бон кӕй у, ӕгас дунейы дӕр цы стыр куыст цӕуы, уым архайын – адӕмы ныфсыл ныфс ӕфтауын.