Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хъалонтӕ фидын хъӕуы?

Хъалонтӕ фидын хъӕуы?

ИУӔЙ-ИУТӔЙ фӕстӕмӕ хъалонтӕ фидын ничи уарзы. Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ хъалонты ӕхца дзӕгъӕл хардз ӕрцӕуы кӕнӕ йӕ чидӕр йӕ дзыппы нывӕры. Иннӕтӕ та зӕгъынц, се ’хца сын сайгӕ кӕй акӕнынц. Чидӕр та хъуыды кӕны, хъалонты ӕхца ӕвзӕр хъуыддӕгтыл кӕй ацӕуы. Астӕуккаг Азийы иу горӕты цӕрджытӕ хъалонтӕ кӕй нӕ фидынц, уый тыххӕй афтӕ дзурынц: «Нӕ сывӕллӕтты нын цӕгъдгӕ кӕнынц, мах та уыцы хӕцӕнгарзы тыххӕй хъуамӕ ӕхца фидӕм?»

Ахӕм хъуыдытӕ ныр нӕ фӕзындысты. Индийы иу зындгонд политик Мохандас Гандийӕн йе ’фсарм хъалонтӕ фидыны бар кӕй нӕ лӕвӕрдта, уый афтӕ бамбарын кодта: «Хицауадӕн куыдфӕндыйӕ дӕр чи ’ххуыс кӕны, уый ӕххуыс кӕны ӕфсадӕн, ӕмӕ афтӕмӕй тӕригъӕд аразы. Ӕрыгӕттӕй дӕр ӕмӕ зӕрӕдтӕй дӕр, хъалонтӕ фидгӕйӕ хицауадӕн йӕ къух чи аразы, уыдон тӕригъӕд аразынц».

Раст афтӕ хъуыды кодта 19-ӕм ӕнусы цӕрӕг философ Генри Дэйвид Торо дӕр. Уымӕн дӕр йӕ зӕрдӕ нӕ куымдта хъалонтӕ фидын, зӕгъгӕ, дам, уыцы ’хца хӕсты хъуыддӕгтыл ацӕуы. Торо афтӕ загъта: «Цымӕ адӕймаг иу гыццыл дӕр кӕнӕ цӕсты фӕныкъуылдмӕ дӕр хъуамӕ йе ’фсарм закъоны лӕгты бар бакӕна? Ӕмӕ ма уӕд алы адӕймаджы дӕр ӕфсарм цӕмӕн хъӕуы?»

Хъалонтӕ фидыны хъуыддаг хауы чырыстӕттӕм дӕр, уымӕн ӕмӕ Библи бӕлвырд дзуры, цӕмӕй сӕ цӕсгом алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг уа (2 Тимофеймӕ 1:3). Иннӕмӕй та Библийы фыст ис, хицауадӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй хъалонтӕ ӕмбырд кӕна. Библийы кӕсӕм: «Алы адӕймаг дӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чи нӕу, ахӕм хицаудзинад нӕй. Хицӕуттӕн цы бартӕ ис, уыдон сын Хуыцауӕй лӕвӕрд сты. Уӕдӕ сӕ коммӕ хъуамӕ кӕсат ӕрмӕст бафхӕрыны тӕссӕй нӕ, фӕлӕ цӕмӕй уӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уый тыххӕй дӕр. Ӕмӕ сымах хъалонтӕ дӕр уый тыххӕй фидут, уымӕн ӕмӕ хицӕуттӕ сты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ – ӕдзухдӕр уыцы хъуыддаджы лӕуд сты. Уӕдӕ алкӕмӕн дӕр дӕттут, цы йын ӕмбӕлы, уый: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн хъалон» (Ромӕгтӕм 13:1, 5–7).

Уымӕ гӕсгӕ фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттау абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр хъалонтӕ ӕнӕзивӕгӕй фидынц, кӕд уыцы ӕхцайӕн йӕ фылдӕр хай ӕфсадыл ацӕуы, уӕддӕр *. Фӕлӕ уӕд хъалонтӕ цӕмӕн фидынц? Хъалонты тыххӕй хъуамӕ се ’фсармы сӕрты ахизой?

Хъалонтӕ ӕмӕ ӕфсарм

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цы хъалонтӕ фыстой, уыдонӕн сӕ фылдӕр хай паддзахад ӕфсадыл хардз кодта. Нӕ рӕстӕджыты дӕр хабар афтӕ кӕй у, уый тыххӕй Гандийы дӕр ӕмӕ Торойы дӕр се ’фсарм нӕ уагъта, цӕмӕй хъалонтӕ фыстаиккой.

Уыцы чырыстӕттӕ, Ромӕгтӕм 13 сӕры цы фӕдзӕхст ис, уымӕ ӕрмӕст бафхӕрыны тӕссӕй нӕ хъуыстой, фӕлӕ ма «цӕмӕй сӕ цӕсгом сыгъдӕг» уыдаид, уый тыххӕй дӕр (Ромӕгтӕм 13:5). Чырыстӕтты кӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уый тыххӕй хъалонтӕ фидынц, кӕд хъалонтӕ, сӕхӕдӕг цы хъуыддӕгты нӕ архайынц, ууыл ацӕуынц, уӕддӕр. Цӕмӕй ацы зын фарста бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕнын хъӕуы не ’фсармыл, кӕнӕ нӕ мидхъӕлӕсыл, ома нын нӕ зӕрдӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕры тыххӕй цы дзуры, ууыл.

Торо куыд загъта, афтӕмӕй алы адӕймагӕн дӕр ис мидхъӕлӕс, фӕлӕ йыл алы хатт ӕууӕндын нӕ фӕхъӕуы. Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Арӕх нӕ фӕхъӕуы нӕ зондахаст аивын, цӕмӕй алыхуызон хъуыддӕгтӕм Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ нӕ хъуыдытӕй уӕлдӕр сты (Псалом 19:7). Уымӕ гӕсгӕ нӕ бамбарын хъӕуы, Хуыцау зӕххон хицӕуттӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый.

Апостол Павел куыд загъта, афтӕмӕй «хицӕуттӕ сты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ» (Ромӕгтӕм 13:6). Уый куыд ӕмбаргӕ у? Хицӕуттӕ архайынц, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы адӕм сабырӕй цӕрой ӕмӕ сын алыхуызон хъуыддӕгты ӕххуыс кӕнынц. Суанг коррупцийы чи аныгъуылд, уыцы хицӕуттӕ дӕр сӕ хъус дарынц, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы уа почтӕ, ахуыргӕнӕндӕттӕ, барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕ ӕмӕ зынгхуыссынгӕнджытӕ. Хуыцау зоны, зӕххон хицӕуттӕ ӕнӕххӕст кӕй сты, фӕлӕ сӕ рӕстӕгмӕ архайын уадзы, ӕмӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй хъалонтӕ фидӕм. Куы сӕм хъусӕм, уӕд аргъ кӕндзыстӕм Хуыцауы фӕндонӕн, ома зӕххон хицӕуттӕн разамынд дӕттыны бар кӕй дӕтты, уымӕн.

Хуыцау зӕххон хицӕуттӕн разамынд дӕттыны бар радта ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ. Стӕй сӕ раивдзӕн йӕ уӕларвон Паддзахадӕй ӕмӕ, адӕмӕн ӕнусты дӕргъы цы зиан ӕрхастой, уый фесафдзӕн (Данел 2:44; Матфейы 6:10). Фӕлӕ Хуыцау чырыстӕттӕн нӕ загъта, цӕмӕй иннӕтау ӕгоммӕгӕс уой, ома хъалонтӕ ма фидой кӕнӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕной.

Фӕлӕ нӕм уӕддӕр Гандийау афтӕ куы кӕса, ӕмӕ нӕ хъалонтӕй хӕсты хъуыддӕгтӕн ӕххуыс кӕнӕм, ӕмӕ уымӕй тӕригъӕд аразӕм, уӕд та? Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, чи зоны, афтӕ уайы. Фӕлӕ нӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, Хуыцау адӕймагӕй дарддӕр кӕй уыны. Растдӕр, бӕрзонд хохыл бадӕгмӕ алцыдӕр хуыздӕр куыд фӕзыны, бынӕй комы чи ис, уымӕй, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ нӕ арӕх фӕхъӕуы нӕ зондахаст ивын, цӕмӕй Хуыцауы хъуыдытӕ хуыздӕр ӕмбарӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ мах хъуыдытӕй уӕлдӕр сты. Хуыцау пехуымпар Исайы уылты загъта: «Арв зӕххӕй уӕлдӕр куыд у, афтӕ мӕ фӕндӕгтӕ дӕр уӕлдӕр сты уӕ фӕндӕгтӕй ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ – уӕ хъуыдытӕй» (Исай 55:8, 9).

Ӕппӕт бартӕ дӕр сӕ къухы сты?

Библи дзуры, цӕмӕй адӕм хъалонтӕ фидой, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ зӕххон хицӕуттӕн алы хъуыддаджы дӕр сӕ коммӕ кӕсой. Йесо Чырысти дзырдта, Хуыцау хицауадӕн ӕппӕт бартӕ кӕй нӕ радта. Куы йӕ бафарстой, Хуыцауы цӕсты раст уыдзӕн Ромы паддзахӕн хъалонтӕ фидын, зӕгъгӕ, уӕд сын фидарӕй загъта: «Паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Марчы 12:13–17).

«Паддзах», ома хицауад, ӕхца уадзы ӕмӕ йын аргъ сӕвӕры. Уымӕ гӕсгӕ йын Хуыцауы хъуыдымӕ гӕсгӕ уый бар ис, цӕмӕй хъалонты хуызы фӕстӕмӕ йе ’хца иса. Фӕлӕ Йесо бамбарын кодта, «Хуыцауы цы у», ууыл, ома нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггадыл, зӕххон хицауады бар кӕй нӕ цӕуы. Хицауады закъӕттӕ Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ куы вӕййынц, уӕд чырыстӕттӕ хъусынц ацы фӕдзӕхстмӕ: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:29).

Абон чырыстӕттӕ, чи зоны, фӕтыхсынц, хъалонты ӕхца цӕуыл ацӕуы, ууыл. Фӕлӕ хицауады ныхмӕ нӕ цӕуынц, ӕмӕ сӕ хъалонтӕ фидынц. Афтӕ куы нӕ кӕниккой, уӕд уый ууыл дзурӕг уаид, ӕмӕ, Хуыцау адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл кӕронмӕ сӕ ныфс кӕй нӕ дарынц. Уыдон фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Хуыцау йӕ рӕстӕгыл йӕ Фырт Йесо Чырыстийы уылты адӕмы хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕсдзӕн, уымӕ. Чырысти загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36).

Библимӕ хъусын пайда у

Библи хъалонтӕ фидыны тыххӕй цы дзуры, уымӕ хъусын пайда у, уымӕн ӕмӕ уӕд нӕ тӕрсдзыстӕм, куы нӕ бафхӕрой, уымӕй (Ромӕгтӕм 13:3–5). Уымӕй ахсджиагдӕр та у, нӕ цӕсгом Хуыцауы раз сыгъдӕг кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ хицауады коммӕ кӕй кӕсӕм, уымӕй йын кад хӕсдзыстӕм. Хъалонтӕ кӕй фидӕм, уый ныл кӕд тынг фӕзыны, уӕддӕр, хъалонтӕ чи нӕ фиды кӕнӕ хъалонтӕй чи давы, уыдонӕй уӕлдай мах фидарӕй ӕууӕндӕм Хуыцауы ныхасыл, зӕгъгӕ, мӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕндзынӕн. Библийы фысджытӕй иу, Давид, ныффыста: «Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн, фӕлӕ никуы федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты баззайгӕ ӕмӕ йӕ цоты къӕбӕр кургӕ» (Псалом 37:25).

Библи цы дзуры, уый кӕй ӕмбарӕм ӕмӕ хъалонтӕ кӕй фидӕм, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕ у сабыр. Стӕй зонӕм, хицауад хъалонты ӕхцатӕ куыд хардз кӕны, уый тыххӕй мах Хуыцауы раз дзуапп кӕй нӕ дӕттӕм. Зӕгъӕм, хӕдзары хицауӕн фатеры ӕхца куы раттӕм, уӕд ӕй цӕуыл бахардз кӕны, уый тыххӕй мах дзуапп нӕ фӕдӕттӕм. Иу нӕлгоймаг, Стелвио, зӕгъгӕ, цалынмӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ бӕллыди хуссар Европӕйы политикӕ фӕивынмӕ. Йӕ фӕнд цӕмӕн аивта, уый тыххӕй загъта: «Ӕз бамбӕрстон, адӕймагӕн йӕ бон кӕй нӕу, цӕмӕй зӕхмӕ рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинад ӕрхӕсса, стӕй адӕмӕн кӕрӕдзи бауарзын кӕна. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахадӕн у йӕ бон адӕмӕн хорз цард ӕрхӕссын».

Кӕд ды дӕр Стелвиойау, «Хуыцауы цы у, уый» Хуыцауӕн дӕттыс, уӕд дызӕрдыг дӕр ма кӕн, кӕй фендзынӕ, Хуыцауы Паддзахад зӕххыл бартӕ йӕ къухмӕ куы райса ӕмӕ зӕххон хицӕутты аххосӕй цы зындзинӕдтӕ ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ ис, уыдон куы фесафа, уый.

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъалонтӕ кӕй фидынц, уый тыххӕй бакӕсӕн ис 2002 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 23 фарсыл, 13 абзацы ӕмӕ 1996 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 16 фарсыл, 7 абзацы (уырыс.).

[Таблицӕ 22 фарсыл]

Хъуамӕ хъуыддӕгтӕм Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ нӕ хъуыдытӕй уӕлдӕр сты

[Таблицӕ 23 фарсыл]

Хъалонтӕ кӕй фидӕм, уый тыххӕй Хуыцауы раз нӕ цӕсгом у сыгъдӕг ӕмӕ уымӕй ӕвдисӕм, нӕ ныфс ыл кӕй дарӕм

[Ныв 22 фарсыл]

«Паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн»

[Ныв 22 фарсыл]

Copyright British Museum