Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн адджын адӕймаг

Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн адджын адӕймаг

ДАВИДЫ кой куы фехъусыс, уӕд фыццаг дӕ зӕрдыл цы ’рлӕууы? Филистимаг богал Голиафы куыд амардта, паддзах Саулӕй ӕдзӕрӕг быдыры куыд рамбӕхс-бамбӕхс кодта ӕви, Вирсавиимӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзта ӕмӕ стӕй уый тыххӕй цы бӕллӕхтӕ бавзӕрста, уый? Ӕви дӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц, Хуыцауы фӕндӕй цы диссаджы рӕсугъд псаломтӕ, ома зарджытӕ, ныффыста, уыдон?

Давиды царды уыд алцыдӕр – кадджын хӕстӕ, уӕлахизтӕ, бӕллӕхтӕ. Фӕлӕ нӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр цӕуы, пехуымпар Самуил цы загъта, уый тыххӕй – Давид хъуамӕ суыдаид, Йегъовӕйы «зӕрдӕйӕн адджын чи у, ахӕм адӕймаг» (1 Самуилы 13:14).

Пехуымпар Самуилы ныхӕстӕ сӕххӕст сты, Давид ма ӕрыгон куы уыд, уӕд. Дӕу нӕ фӕндид, цӕмӕй дӕу тыххӕй дӕр афтӕ зӕгъой, ай у Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн адджын адӕймаг, зӕгъгӕ? Цымӕ Давидӕй ахӕм адӕймаг цӕй фӕрцы рауад? Афтӕ тынг ыл цы фӕзынд, уӕлдай дӕр та йе ’рыгон бонты? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

Йӕ бинонтӕ чи уыдысты ӕмӕ цавӕр хъуыддагыл хӕст уыд?

Давиды фыд Йессей уыд Воозы ӕмӕ Руфы фырты фырт. Йессей, ӕвӕццӕгӕн, уыд Хуыцауы ӕнувыд лӕггадгӕнӕг. Йессей йӕ цотӕн – Давидӕн, стӕй йӕ иннӕ авд фыртӕн ӕмӕ йӕ дыууӕ чызгӕн – Моисейы Закъон амыдта, гыццылтӕ ма куы уыдысты, уӕд. Давид йӕ псаломтӕй иуы йӕхи хоны Йегъовӕйы «цагъар-сылгоймаджы фырт» (Псалом 86:16). Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Давиды уырнындзинадыл тынг фӕзындысты йӕ мады амындтӕ (йӕ ном Библийы фыст нӕй). Иу ахуыргонд загъта, зӕгъгӕ, Давид фыццаг, ӕвӕццӕгӕн, йӕ мадӕй фехъуыста, Хуыцау раджы заманты йӕ адӕмы тыххӕй цы диссаджы хъуыддӕгтӕ арӕзта ӕмӕ сын разамынд куыд лӕвӕрдта, уый тыххӕй. Стӕй йын Вооз ӕмӕ Руфы тыххӕй дӕр уый радзырдтаид.

Фыццаг хатт Давиды кой Библийы кӕм ӕмбӕлы, уыцы скъуыддзагӕй базонӕн ис, хӕрзӕрыгонӕй йӕ фыды фыстӕ кӕй хызта. Ӕвӕццӕгӕн-иу йӕ дзугимӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй уыд быдыры.

Давиды бинонтӕ цардысты Иудӕйы, бӕрзонд хохы фахсыл цы гыццыл горӕт уыд, уым – Вифлеемы. Йӕ алыварс цы дурджын зӕххытӕ уыд, уым мӕнӕу хорз зад. Къуылдымтӕ ӕмӕ дӕлвӕзтӕ нӕ зындысты дыргъдӕттӕй, оливӕбӕлӕсты къохтӕй ӕмӕ сӕнӕфсирдӕттӕй. Давиды рӕстӕджы-иу ӕнӕкуыст зӕххытыл хызтой фос. Къуылдымты фалейӕ та уыд Иудӕйы ӕдзӕрӕг быдыр.

Фыййауы куыст ӕдас нӕ уыд. Уыцы ран уыд домбӕйттӕ ӕмӕ ӕрсытӕ, ӕмӕ тӕссаг уыд дзугыл сӕхи куы ныццавтаиккой ӕмӕ фыстӕй куы ахастаиккой, уымӕй *. Хъӕбатыр ӕрыгон Давид-иу тугдзых сырдты фӕдыл алыгъд, амардта-иу сӕ ӕмӕ-иу йӕ фысты сӕ дзыхӕй ратыдта (1 Самуилы 17:34–36). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы рӕстӕг сахуыр дурӕхсӕнӕй ӕхсын дӕр. Кӕм цард, уыцы горӕтмӕ хӕстӕг уыд Вениамины зӕхх. Вениаминӕгтӕм уыди хорз дурӕхсджытӕ, ӕмӕ сӕ алчидӕр уыцы хъуыддаджы афтӕ дӕсны уыд, ӕмӕ-иу «сӕрыхъуынмӕ куы ныхъхъавыдаид, уӕд дӕр-иу ӕй акъахтаид». Давидӕй дӕр уыд афтӕ зӕгъӕн (Тӕрхонгӕнджыты 20:14–16; 1 Самуилы 17:49).

Йӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ сӕфта

Арӕхдӕр-иу фыййау йӕ фысты хызта иунӕгӕй ӕмӕ хибар ран. Фӕлӕ Давиды ӕнкъард кӕнынмӕ не ’вдӕлд. Уым-иу ӕй ничи хъыгдардта хъуыды кӕнын. Иуӕй-иу псаломты цы хабӕртты кой ракодта, уыдӕттыл, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, ӕрыгон ма куы уыд, уӕд. Чи зоны-иу хибар ран куы уыд, уӕд-иу йӕ хъуыдытӕ уыдысты, адӕймаг зӕххыл цӕмӕн цӕры, ууыл ӕмӕ-иу дис кодта Йегъовӕйы «къухты фыдӕбоныл» – хурыл, мӕйыл ӕмӕ стъалытыл. Вифлеемы алыварс цы быдыртӕ уыд, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ та-иу, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, зӕхх куыд хъӕздыг у, ууыл, мӕргътыл, хӕдзарон фосыл ӕмӕ «хъӕддаг сырдтыл» (Псалом 8:3–9; 19:1–6).

Дызӕрдыггаг нӕу, Давид фыййау кӕй уыд, уый фӕрцы хуыздӕр кӕй бамбӕрста, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куыд тынг уарзы, уый. Давид загъта: «Йегъовӕ у мӕ Фыййау. Ӕз ницы цух уыдзынӕн. Кӕрдӕгджын хизӕнты мӕ ӕрхуыссын кӕны, донджын улӕфӕн бынӕттӕм мӕ акӕны. Саудалынг комы дӕр куы ацӕуон, уӕд дӕр ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ды мемӕ дӕ. Дӕ лӕдзӕг ӕмӕ мын дӕ хъил сты удӕнцойы хос» (Псалом 23:1, 2, 4).

Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ махмӕ куыд хауынц? Давид Йегъовӕимӕ ӕнгом кӕй уыд ӕмӕ йӕ «йӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у, ахӕм адӕймаг» кӕй схуыдтой, уый бирӕ цӕмӕйдӕрты кӕнгӕ уыд. Иу уый, ӕмӕ арф хъуыды кодта Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ куыд барухс кӕна, ууыл. Дӕуӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн ис?

Ӕрдзы диссӕгтӕм лӕмбынӕг никуы кастӕ? Никуы дӕ бафӕндыд, чи сӕ сфӕлдыста, уымӕ зӕрдӕбынӕй скувын ӕмӕ йын бузныг зӕгъын? Адӕммӕ цы зӕрдӕ дары ӕмӕ йӕм цы миниуджытӕ ис, ууыл-иу куы хъуыды кодтай, уӕд дын-иу ӕхсызгон нӕ уыд, ахӕм диссаджы Сфӕлдисӕг нын кӕй ис, уый? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй ӕппӕт уыдӕттӕн аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ ссарӕм рӕстӕг, цӕмӕй-иу Хуыцаумӕ скувӕм ӕмӕ-иу ын йӕ Ныхасыл ӕмӕ йе сфӕлдыстадыл арф ахъуыды кӕнӕм. Уый фӕрцы Йегъовӕйы хуыздӕр базондзыстӕм ӕмӕ йӕ тынгдӕр уарздзыстӕм. Ӕмӕ уӕлдай нӕу, адӕймаг ӕрыгон у ӕви ацӕргӕ у – ахӕм фадат алкӕмӕн дӕр ис. Ӕвӕццӕгӕн, Давид Йегъовӕимӕ ӕнгом уыд йе ’рыгонӕй фӕстӕмӕ. Кӕцӕй йӕ зонӕм?

Хуыцау Давиды паддзахӕй равзӕрста

Саул Израилы адӕмӕн паддзах уа, уый аккаг кӕй нал у, уый куы рабӕрӕг, уӕд Йегъовӕ пехуымпар Самуилӕн загъта: «Цас ма маст кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл мӕ къух систон, уый Израилӕн паддзах нал уыдзӕн. Дӕ сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ ацу. Ӕз дӕ ӕрвитын вифлеемаг Йессеймӕ, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фырттӕй равзӕрстон паддзах» (1 Самуилы 16:1).

Самуил Вифлееммӕ куы ’рбацыд, уӕд Йессейӕн загъта, цӕмӕй йӕ фыртты ӕрӕмбырд кодтаид. Цымӕ дзы кӕцыйы равзӕрста Хуыцау паддзахӕй? Самуил куы федта, Йессейы хистӕр лӕппу Елиав куыд рӕсугъд у, уый, уӕд ахъуыды кодта, ӕнӕмӕнгӕй ай у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, уый нӕ равзӕрстон. Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ». Йегъовӕ нӕ равзӕрста нӕдӕр Аминадавы, нӕдӕр Шаммӕйы, нӕдӕр иннӕ цыппар ӕфсымӕрӕй никӕй. «Уӕд Самуил Йессейы бафарста: „Адон йеддӕмӕ дын нӕй лӕппу?“ Йессей йын загъта: „Ис, се ’ппӕты кӕстӕр, фӕлӕ ам нӕй, фыстӕ хизы“» (1 Самуилы 16:7, 11).

Йессейы дзуапп афтӕ бамбарӕн уыди: «Давид нырма ӕгӕр ӕрыгон у, стӕй фыййау йеддӕмӕ ницы у. Йегъовӕ уый куыд хъуамӕ равзара?». Давид уыд цоты кӕстӕр, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ йӕ бар бакодтой фыстӕ хизын. Фӕлӕ Хуыцау Йессейы фырттӕй равзӕрста Давиды. Йегъовӕ кӕсы зӕрдӕмӕ ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕрыгон Давиды зӕрдӕйы цыдӕр хорздзинад федта. Йессей Давиды куы ’рбакӕнын кодта, уӕд Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «„Сыст ӕмӕ йӕ сойӕ байсӕрд, ай у!“ Ӕмӕ уӕд Самуил сойы сыкъа райста ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты раз йӕ сӕрыл сой рауагъта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Давид хайджын уыд Йегъовӕйы тыхӕй» (1 Самуилы 16:12, 13).

Давидыл уӕд цал азы цыди, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ уыцы хабарӕй иу цасдӕры фӕстӕ йе ’ртӕ хистӕр ӕфсымӕры, Елиав, Аминадав ӕмӕ Шаммӕ, уыдысты Саулы ӕфсады. Иннӕ фондз семӕ нӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, нырма ӕгӕр ӕрыгон уыдысты. Израилы ӕфсадмӕ цыдысты, дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, ӕрмӕстдӕр уыдон, Йессейы фондз кӕстӕр фыртӕй та, ӕвӕццӕгӕн, уыйбӕрц никӕуыл ма цыд (Нымӕцтӕ 1:3; 1 Самуилы 17:13). Куыдфӕнды ма уыдаид, Давид хӕрзӕрыгон уыд, Йегъовӕ йӕ куы равзӕрста, уӕд. Фӕлӕ уыцы карӕнӕй дӕр тынг уарзта Йегъовӕйы. Афтӕ тынг та йӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн уарзта, ӕмӕ арф хъуыды кодта, Хуыцауы тыххӕй цы зыдта, ууыл.

Абон дӕр ӕрыгӕтты хъӕуы ахӕм зондыл аразын. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты разӕнгард кӕнут, цӕмӕй Библийы фыст хабӕрттыл хъуыды кӕной, Хуыцауы сфӕлдыстадӕн аргъ кӕной ӕмӕ лӕмбынӕг иртасой, Библийы Хуыцауы тыххӕй цы фыст ис, уый? (Дыккаг закъон 6:4–9). Ӕрыгӕттӕ, уӕхӕдӕг дӕр архайут Хуыцауы хуыздӕр базоныныл? Уыцы хъуыддаджы уын хорз ӕххуыс уыдзысты журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» *.

Хорз цагъта дыууадӕстӕнон фӕндырыл

Ӕрыгон фыййау Давиды тыххӕй нӕ бон цыдӕртӕ у базонын йӕ псаломтӕй, стӕй музыкӕ кӕй фыста, уымӕй дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы псаломтӕ цы музыкӕмӕ гӕсгӕ зарыдысты, уыдонӕй нӕ рӕстӕгмӕ иу дӕр не ’рхӕццӕ. Фӕлӕ зонӕм уый, ӕмӕ уыцы музыкӕ чи ныффыста, уый уыд дӕсны музыкант. Давид дыууадӕстӕнон фӕндырыл хорз кӕй цагъта, уый тыххӕй йын ныууадзын кодтой йӕ фыййауы куыст ӕмӕ йӕ паддзах Саулы хӕдзармӕ фӕхуыдтой (1 Самуилы 16:18–23) *.

Давид кӕд ӕмӕ кӕм сахуыр афтӕ хорз цӕгъдын? Чи зоны, быдыры-иу йӕ фыстӕ куы хызта, уӕд. Ӕвӕццӕгӕн ахӕм ӕрыгонӕй дӕр Давид Хуыцауы йӕ зарджыты зӕрдӕбынӕй кадджын кодта. Уӕдӕ Давид Йегъовӕйыл ӕнувыд кӕй уыд ӕмӕ йын иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта, Йегъовӕ дӕр ӕй уый тыххӕй равзӕрста.

Давиды цард дарддӕр куыд ацыд, уый тыххӕй ныр нӕ дзурдзыстӕм. Фӕлӕ йе ’рыгонӕй суанг зӕронды бонтӕм цы зондыл хӕст уыд, уый бӕрӕг у йӕ зарӕджы ныхӕстӕй: «Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты рагон замантӕ. Хъуыды кӕнын де ’ппӕт хъуыддӕгтыл, мӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сты, дӕ къухтӕ цы сарӕзтой, ууыл» (Псалом 143:5). Чи зоны йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты, ӕрыгонӕй Вифлеемы алыварс цы быдыртӕ уыд, уым-иу йӕ фыстӕ хизгӕйӕ цӕуыл хъуыды кодта, уыдӕттӕ. Ацы рӕсугъд зарӕджы ныхӕстӕ ӕмӕ Давиды иннӕ псаломтӕ стыр ныфсы хос сты, Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн адджын уа, уый кӕй фӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 9 абз. Сириаг бур ӕрсытӕ раздӕр арӕх уыд фенӕн Палестинӕйы. Ахӕм арсы уӕз-иу уыд 140 килӕйы бӕрц, ӕмӕ йе стыр дзӕмбытӕй адӕймаджы кӕнӕ цӕрӕгойы иу цӕф куы фӕкодтаид, уӕд ӕй амардтаид. Кӕддӕр уыцы ран арӕх уыдысты домбӕйттӕ дӕр. Исайы 31:4 фыст ис, зӕгъгӕ, «фыййӕуттӕ се ’ппӕт дӕр» куы ӕрбамбырд уой, уӕддӕр «ӕвзонг домбайӕн» йӕ амӕттаджы нӕ ныууадзын кӕндзысты.

^ 20 абз. Мыхуыры сӕ уадзынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 22 абз. Паддзахӕн йӕ лӕггадгӕнӕг куы бауынаффӕ кодта, цӕмӕй Давиды ӕрбахуыдтаид, уӕд ма Давидӕй загъта: «Йӕ ныхас – ӕмбаргӕ, бакӕс ӕм, уӕд – саджы фисынтыл амад. Ӕмӕ Йегъовӕ йемӕ ис» (1 Самуилы 16:18).