Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ у мӕ хай

Йегъовӕ у мӕ хай

Йегъовӕ у мӕ хай

«Ӕз дӕн дӕ хай ӕмӕ дӕ бынтӕ Израилы фыртты ’хсӕн» (НЫМ. 18:20).

1, 2. а) Йегъовӕ Израилы мыггӕгтӕй алкӕцыйӕн дӕр зӕххы хай куы радта, уӕд левиттӕ цы баисты? ӕ) Йегъовӕ левиттӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

ИЗРАИЛӔГТӔ Зӕрдӕвӕрд зӕххӕн йӕ фылдӕр хай куы бацахстой, уӕд Йесо Навин, хистӕр сауджын Елеазар ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕ зӕхх адих кодтой ӕмӕ йӕ Израилы мыггӕгтыл байуӕрстой (Ным. 34:13–29). Левитты йеддӕмӕ Йегъовӕ алы мыггагӕн дӕр радта зӕххы хай (Йес. Н. 14:1–5). Цымӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл Левийы мыггагӕн зӕхх цӕуылнӕ ӕрцыд лӕвӕрд? Мыййаг сӕ рох фӕкодтой?

2 Ацы фарстатӕн дзуапп базонӕн ис, Йегъовӕ уый размӕ Ааронӕн левитты тыххӕй цы загъта, уымӕй. Йегъовӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сӕ нӕ ныууадздзӕн, ӕмӕ загъта: «Ӕз дӕн дӕ хай ӕмӕ дӕ бынтӕ Израилы фыртты ’хсӕн» (Ным. 18:20). Уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа, ӕмӕ дын Хуыцау йӕхӕдӕг зӕгъа, ӕз дӕн дӕ хай, зӕгъгӕ! Йегъовӕ дӕуӕн афтӕ куы зӕгъид, уӕд цы ахъуыды кӕнис? Фыццаг, чи зоны, зӕгъис, зӕгъгӕ, ӕз уый аккаг кӕцӕй дӕн. Стӕй ма, чи зоны, ахъуыды кӕнис: «Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ абон ӕнӕххӕст чырыстонӕн йӕ хай уа?» Ацы фарстатӕ тынг ахсджиаг сты, уымӕн ӕмӕ хауынц дӕумӕ дӕр ӕмӕ дын зынаргъ чи у, уыдонмӕ дӕр. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕ адӕймагӕн йӕ хай уа, уый куыд ӕмбаргӕ у. Уый фӕрцы бамбардзыстӕм, цы хъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕ абон чырыстӕттӕн сӕ хай уа. Уымӕй уӕлдай базондзынӕ, цы хъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕ дӕуӕн дӕр уа дӕ хай. Уый хауы, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ, зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ дӕр.

Йегъовӕ левитты цух ницӕмӕй уагъта

3. Хуыцау левитты йӕхицӕн куыд равзӕрста?

3 Цалынмӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн Закъон нӕ радта, уӕдмӕ алы бинонты хистӕр йӕ бинонтӕн уыд сауджын. Фӕлӕ сын Закъон куы радта, уӕд сауджынты ӕмӕ се ’ххуысгӕнджыты равзӕрста Левийы мыггагӕй. Уый куыд сарӕзта? Йегъовӕ Египеты фыццаггуырдты куы ныццагъта, уӕд загъта, цӕмӕй йын Израилы алы фыццаггуырд лӕппуйы дӕр снывонд кодтаиккой. Уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йын хъуамӕ лӕггад кодтаиккой. Фӕлӕ уый фӕстӕ Йегъовӕ загъта: «Ӕз мӕхицӕн исын левитты, Израилы цыдӕриддӕр фыццаггуырдтӕ ис, уыдоны бӕсты». Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, фыццаггуырдты бӕсты йын левиттӕ кӕй лӕггад кӕндзысты. Израилы иннӕ мыггӕгты фыццаггуырд лӕппутӕ уыдысты левиттӕй фылдӕр, ӕмӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй уыдонӕй алкӕй тыххӕй дӕр бӕлвырд аргъ бафыстаиккой (Ным. 3:11–13, 41, 46, 47). Уӕдӕй фӕстӕмӕ левиттӕн сӕ бон уыди Израилы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын.

4, 5. а) Левиттӕн Хуыцау сӕ хай кӕй уыд, уый сын цӕуыл дзурӕг уыд? ӕ) Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй левиттӕ цух мацӕмӕй ӕййӕфтаиккой?

4 Йегъовӕ левитты йӕхицӕн куы равзӕрста, уӕд сӕ хай куыд сси? Бынӕн сын зӕхх нӕ радта, фӕлӕ сын радта, уымӕй бирӕ зынаргъдӕр цы уыд, уый – сӕ бар сын бакодта тынг ахсджиаг хъуыддаг. Сӕ хай уыди, «Йегъовӕйӕн сауджынтӕй кӕй лӕггад [кодтой], уый» (Йес. Н. 18:7). Фӕлӕ Нымӕцты чиныджы 18 сӕрӕй куыд ис базонӕн, афтӕмӕй сӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыди, уымӕй дӕр цух не ’ййӕфтаиккой. (Бакӕс Нымӕцтӕ 18:19, 21, 24.) Левиттӕн «сӕ лӕггады тыххӕй бынӕн» лӕвӕрдтой «Израилы алы дӕсӕм хай дӕр», ома дӕсӕм хай, кӕнӕ 10 проценты, зӕххы тыллӕгӕй ӕмӕ ногзад фосӕй. Ӕмӕ стӕй левиттӕ сӕхӕдӕг дӕр уыцы дӕсӕм хайӕ, ома «ӕппӕты хуыздӕр» цы уыд, уымӕй, дӕсӕм хай лӕвӕрдтой сауджынтӕн * (Ным. 18:25–29). Сауджынтӕн ма лӕвӕрдтой, Израилы фырттӕ Хуыцауӕн йӕ кувӕн бынатмӕ кӕй хастой, уыцы «сыгъдӕг кувинӕгтӕ» дӕр. Уӕдӕ сауджынтӕ хъуамӕ сӕ зӕрдӕ дардтаиккой Йегъовӕйыл ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кодтаиккой, цух сӕ кӕй ницӕмӕй уадздзӕн, ууыл.

5 Ӕвӕццӕгӕн ма израилӕгтӕ лӕвӕрдтой дыккаг дӕсӕм хай дӕр. Ӕмӕ-иу израилӕгты бинонтӕ алы аз дӕр Хуыцауӕн кувынмӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд-иу сын уыцы дӕсӕм хайы фӕрцы уыди хӕрд, нозт, ӕмӕ-иу фӕцин кодтой (Дык. з. 14:22–27). Фӕлӕ-иу уыцы дӕсӕм хай ӕндӕр хъуыддагӕн дӕр бахъуыди. Алы ӕвдӕм аз дӕр израилӕгтӕн уыди сабаты аз. Алы ӕртыккӕгӕм ӕмӕ ӕхсӕзӕм азы кӕрон-иу уыцы дӕсӕм хайӕ ӕххуыс кодтой мӕгуыртӕн, стӕй левиттӕн дӕр. Цымӕ левиттӕн та цӕмӕн хъуыди ӕххуыс кӕнын? Уымӕн ӕмӕ сын Израилы «нӕдӕр хай [уыд], нӕдӕр бынтӕ» (Дык. з. 14:28, 29).

6. Кӕд левиттӕн сӕхи зӕххы хай нӕ уыди, уӕд цӕргӕ та кӕм кодтой?

6 Кӕд левиттӕн сӕхи зӕххы хай нӕ уыди, уӕд цӕргӕ та кӕм кодтой? Хуыцау ууыл дӕр батыхст. Радта сын 48 горӕты хизӕнтимӕ. Уыдонӕй ӕхсӕз уыдысты ӕмбӕхсӕн горӕттӕ (Ным. 35:6–8). Уӕдӕ-иу левиттӕ Хуыцауы кувӕн бынаты цы рӕстӕг нӕ лӕггад кодтой, уыцы рӕстӕг-иу сын, кӕм цардаиккой, уый уыди. Йӕ хъарутӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн чи не ’вгъау кодта, уыдоны уый ӕппындӕр ницы цух уагъта. Левиттӕн сӕ бон куыд уыди равдисын, Йегъовӕ сӕ хай кӕй уыд, уый? Хъуамӕ Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ дардтаиккой ӕмӕ ма дызӕрдыг кодтаиккой, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй уыд, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыди, уый сын дӕттын, ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕй кодта.

7. Цӕмӕй Йегъовӕ левиттӕн сӕ хай уыдаид, уый тыххӕй сӕ цы хъуыди?

7 Израилӕгтӕй-иу исчи дӕсӕм хай куы нӕ радтаид, уӕд уый тыххӕй Закъонмӕ гӕсгӕ ницы ӕфхӕрд ӕмбӕлд. Фӕлӕ адӕм Йегъовӕйы закъон куы не ’ххӕст кодтой ӕмӕ дӕсӕм хай куы нӕ лӕвӕрдтой, уӕд-иу сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ хъуаг ӕййӕфтой. Раст афтӕ рауад Неемийы рӕстӕджы. Израилӕгтӕ дӕсӕм хай кӕй нӕ лӕвӕрдтой, уый тыххӕй левитты бахъуыди сӕ хуымтӕ кусын, ӕмӕ сӕ лӕггад ныууагътой. (Бакӕс Нееми 13:10.) Левитты цы хъуыди, уый сын ӕрмӕстдӕр уӕд уыдаид, ӕмӕ Израилы адӕм Йегъовӕйы Закъон куы ӕххӕст кодтаиккой. Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ та хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндыдаиккой Йегъовӕйыл, стӕй, цы уаг ӕмӕ ӕгъдау сӕвӕрдта, уый фӕрцы цух кӕй ницӕмӕй ӕййафдзысты, ууыл.

Ацы левиттӕн Йегъовӕ уыд сӕ хай

8. Асафӕн ӕнцой цы нӕ лӕвӕрдта?

8 Левийы мыггагӕн ӕмткӕй райсгӕйӕ Йегъовӕ уыд йӕ хай. Фӕлӕ иуӕй-иу левиттӕ сӕрмагондӕй сӕхи тыххӕй дӕр дзырдтой, «Йегъовӕ у мӕ хай», зӕгъгӕ, Хуыцау сӕ хӕлар кӕй у ӕмӕ йыл сӕ зӕрдӕ кӕй дарынц, уый кой-иу куы кодтой, уӕд (Йер. хъ. 3:24). Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, Йегъовӕ у мӕ хай, зӕгъгӕ, чи дзырдта, иу ахӕм левиты тыххӕй, уыди зарӕггӕнӕг ӕмӕ зарджытӕ фыссӕг. Схонӕм ӕй Асаф. Фӕлӕ, чи зоны, уыдаид Асаф йӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ йӕ хӕдзарвӕндагӕй чидӕр. Асаф та уыди левит, зарӕгамонӕг паддзах Давиды рӕстӕджы (1 Аз. 6:31–43). 73 псаломы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Асаф бахӕлӕг кодта фыдгӕнджытӕм ӕмӕ йӕ не ’мбӕрста, хорз цӕмӕн цӕрынц, уый. Афтӕ дӕр ма загъта: «Уӕдӕ ӕз мӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы сыгъдӕг кодтон, дзӕгъӕлы ӕхсадтон мӕ къухтӕ ӕнаххосдзинады». Ӕвӕццӕгӕн, Асафӕй айрох, Йегъовӕ йын йӕ бар цы хъуыддаг бакодта, уый куыд кадджын уыд, уый. Ферох дзы, Йегъовӕ йӕ хай кӕй уыди. Ӕмӕ йын уыцы хъуыдытӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой, «цалынмӕ Хуыцауы кадджын кувӕндонмӕ нӕ [бацыд], уӕдмӕ» (Пс. 73:2, 3, 12, 13, 17).

9, 10. Асафӕн йӕ бон цӕмӕн уыд зӕгъын, Хуыцау у мӕ хай ӕнустӕм, зӕгъгӕ?

9 Асаф кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд йӕ зондахаст фӕивта. Чи зоны, ды дӕр кӕддӕр уыдтӕ ахӕм уавӕры ӕмӕ дӕ айрох, куыд стыр кад у, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый, ӕмӕ дын цы нӕй, уыдӕттӕм бабӕллыдтӕ. Фӕлӕ Библи кӕй ахуыр кодтай ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй цыдтӕ, уый фӕрцы та ногӕй хъуыддагмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын райдыдтай. Асаф бамбӕрста, фыдгӕнджытӕн сӕ кӕрон цы уыдзӕн, уый. Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕй уыд, уый фӕрцы цы стыр хорздзинӕдтӕй уыд хайджын, уыдоныл хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ бамбӕрста, Йегъовӕ йын йӕ рахиз къухыл кӕй хӕцы ӕмӕ йӕ кӕй кӕны. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн загъта: «Зӕххыл... [мын] дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр цин нӕй» (Пс. 73:23, 25). Уый фӕстӕ Йегъовӕйы схуыдта йӕ хай. (Бакӕс Псалом 73:26.) Кӕд Асаф афтӕ дӕр ныффыста, «мӕ буар ӕмӕ мӕ зӕрдӕ ныллӕмӕгъ сты», зӕгъгӕ, уӕддӕр ма уый фӕстӕ йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Хуыцау у... мӕ хай ӕнустӕм». Уый зыдта, Хуыцау ӕй йӕ хӕларыл кӕй нымайы ӕмӕ йын куыд иузӕрдионӕй лӕггад кодта, уый кӕй никуы ферох кӕндзӕн (Еккл. 7:1). Асафӕн уый уыди стыр ныфсы хос. Ӕмӕ афтӕ дӕр уый тыххӕй зарыд: «Мӕнӕн та хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын. Ӕз мӕхи бакодтон Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы уазӕг» (Пс. 73:28).

10 Асаф афтӕ куы загъта, Хуыцау у мӕ хай, зӕгъгӕ, уӕд ӕрмӕст уый кой нӕ кодта, ӕмӕ йӕ, левит уӕвгӕйӕ, цух кӕй ницӕмӕй уагъта. Уый сӕйраджыдӕр дзырдта, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодта ӕмӕ Иунӕг Стыр Хуыцау йӕ Хӕлар кӕй уыд, ууыл (Иак. 2:21–23). Цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы хӕлар уыдаид, уый тыххӕй йыл хъуамӕ дарддӕр дӕр ӕууӕндыдаид ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ дардтаид. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кодтаид: Йегъовӕмӕ куы хъуса, уӕд ын фидӕны амондджын цард балӕвар кӕндзӕн. Ӕмӕ ды дӕр ма дызӕрдыг кӕн: дӕуӕн дӕр ахӕм лӕвар скӕндзӕн.

11. Йереми Йегъовӕйы цӕмӕй бафарста ӕмӕ йын Йегъовӕ цавӕр дзуапп радта?

11 Ноджыдӕр ма иу левит загъта, Йегъовӕ у мӕ хай, зӕгъгӕ. Уый уыди пехуымпар Йереми. Ӕркӕсӕм, уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд. Йереми царди Анафофы, Иерусалиммӕ хӕстӕг. Анафоф уыди левитты горӕттӕй сӕ иу (Йер. 1:1). Иуафон Йереми дӕр Йегъовӕйы бафарста, фыдгӕнджытӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хорз цӕмӕн цӕуынц ӕмӕ рӕстгӕнджытӕ та цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, зӕгъгӕ (Йер. 12:1). Иерусалимы ӕмӕ Иудӕйы цытӕ цыди, уый куы федта, уӕд Йегъовӕмӕ хъаст бахаста. Йереми зыдта, Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у. Йегъовӕ йын дзуапп радта: загъта йын, цӕмӕй хъусын кӕна, уыцы бӕстӕмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый, ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы ныхӕстӕ сӕххӕст кодта. Йегъовӕмӕ чи байхъуыста, уыдон аирвӕзтысты. Фыдгӕнджытӕ та уыцы ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой, ӕмӕ фесӕфтысты (Йер. 21:9).

12, 13. а) Йереми цӕмӕн загъта, «Йегъовӕ у мӕ хай», зӕгъгӕ? Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст? ӕ) Израилы мыггӕгты се ’ппӕты дӕр Йеремийау ӕнхъӕлмӕ кӕсын цӕмӕн хъуыд?

12 Фӕстӕдӕр, Йереми йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ куы акаст ӕмӕ куыд ӕдзӕрӕг ӕмӕ ӕдзӕллаг у, уый куы федта, уӕд ӕм афтӕ фӕкаст, цыма йыл бӕстӕ баталынг, цыма йӕ Йегъовӕ, «раджы кӕддӕр чи амард, ахӕм адӕймагау... талынг ран сбадын кодта» (Йер. хъ. 1:1, 16; 3:6). Йереми израилӕгтӕн дзырдта, цӕмӕй сӕ уӕларвон Фыдмӕ раздӕхтаиккой. Фӕлӕ уыдон афтӕ бынысӕфт фесты, ӕмӕ Йегъовӕйы бахъуыди Иерусалим ӕмӕ Иудӕ знӕгты къухмӕ раттын. Йереми уыдӕттыл тынг маст кодта, кӕд йӕхӕдӕг ӕвзӕрӕй ницы арӕзта, уӕддӕр. Фӕлӕ уыцы зын сахат дӕр йӕ зӕрдыл дардта Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ загъта: «Мах нӕ фесӕфтыстӕм». Ӕцӕгӕйдӕр, Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад алы райсом дӕр сног вӕййы! Растдӕр уӕд загъта Йереми мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Йегъовӕ у мӕ хай». Йеремийӕн уӕддӕр йӕ бар уыд кадджын хӕс – уыди Йегъовӕйы пехуымпар. (Бакӕс Йеремийы хъарӕг 3:22–24.)

13 Израилӕгтӕн сӕ райгуырӕн бӕстӕ 70 азы дӕргъы хъуамӕ уыдаид ӕдзӕрӕг ӕмӕ ӕдзӕллаг (Йер. 25:11). Фӕлӕ Йереми афтӕ кӕй загъта, «Йегъовӕ у мӕ хай», зӕгъгӕ, уымӕй бӕрӕг уыд, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардта. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ каст, ома фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, Йегъовӕ архайын кӕд райдайдзӕн, уымӕ. Израилы мыггӕгтӕ иууылдӕр сӕ бынтӕй ӕнӕхай фесты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыдоны дӕр хъуыди Йеремийау ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Иунӕг Йегъовӕ уыди сӕ ныфс. 70 азы фӕстӕ уыцы адӕм сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты ӕмӕ сӕ бон уыди уым Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (2 Аз. 36:20–23).

Йегъовӕ ма иннӕтӕн дӕр уыд сӕ хай

14, 15. Левитты йеддӕмӕ ма Йегъовӕ йӕ хай кӕмӕн уыд ӕмӕ цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

14 Асаф дӕр ӕмӕ Йереми дӕр уыдысты Левийы мыггагӕй. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн ӕрмӕст левитты бон уыди лӕггад кӕнын? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Ӕрыгон Давид, Израилы паддзах чи хъуамӕ суыдаид, уый, Хуыцауӕн загъта: «Ды дӕ мӕ хай удӕгӕсты зӕххыл». (Бакӕс Псалом 142:1, 5.) Давид ацы псалом куы ныффыста, уӕд нӕдӕр галуаны уыд, нӕдӕр ӕнӕуи хӕдзары. Уыцы рӕстӕг йе знӕгтӕй ӕмбӕхст лӕгӕты. Давиды ӕппынкъаддӕр дыууӕ хатты бахъуыди лӕгӕты ӕмбӕхсын. Иу хатт уыди Одолламы цур, иннӕ хатт та Ен-Гедийы ӕдзӕрӕг быдыры. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, 142 псалом уыцы лӕгӕттӕй иуы ныффыста.

15 Кӕд Давид ацы псалом лӕгӕты ныффыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уым ӕмбӕхсти паддзах Саулӕй. Саул Давиды марынмӕ хъавыд, ӕмӕ уый тыххӕй Давид алыгъди, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, ахӕм лӕгӕтмӕ (1 Сам. 22:1, 4). Уыцы дард, хибар ран куы уыд, уӕд ӕм, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ каст, ӕмӕ йын чи баххуыс кодтаид, йӕ фарсмӕ иу ахӕм адӕймаг нӕ уыд (Пс. 142:4). Ӕмӕ Хуыцаумӕ дӕр ӕххуысмӕ уыцы рӕстӕг сдзынӕзта.

16, 17. а) Давидмӕ афтӕ цӕмӕн кастаид, ӕмӕ йын иу ӕххуысгӕнӕг дӕр нал ис? ӕ) Давид ӕххуыс кӕмӕй агуырдта?

16 Давид 142 псалом куы нӕма ныффыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фехъуыста хистӕр сауджын Ахимелехы хабар. Уый размӕ Ахимелех Давидӕн баххуыс кодта, Саулӕй кӕй лыгъди, уый нӕ зыдта, афтӕмӕй. Паддзах Саул ууыл мӕстӕй рафыхт, ӕмӕ Ахимелехы ӕмӕ йӕ бинонты амарын кодта (1 Сам. 22:11, 18, 19). Уыцы хъуыддаджы Давид йӕхи нымадта аххосджыныл, раст цыма, чи йын баххуыс кодта, уыцы сауджыны йӕхӕдӕг амардта, афтӕ. Ды Давиды бынаты куы уыдаис, уӕд дӕхи аххосджыныл нӕ банымадтаис? Ӕмӕ йын уый фаг нӕ уыд, фӕлӕ ма йӕ Саул дӕр иу ран нӕ уагъта, йӕ фӕдыл зылди.

17 Ахимелехы хабарӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ амард пехуымпар Самуил, Давиды паддзахӕй чи байсӕрста, уый (1 Сам. 25:1). Уый тыххӕй Давидмӕ афтӕ кастаид, ӕмӕ бынтон иунӕгӕй баззад, иу ӕххуысгӕнӕг дӕр ын нал ис. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр зыдта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, левиттӕн сӕ бар цы кадджын лӕггад уыд, Давидӕн ахӕм лӕггад нӕ уыд йӕ бар. Фӕлӕ уый сӕрст ӕрцыд ӕндӕр кадджын хъуыддагӕн – хъуамӕ суыдаид Хуыцауы адӕмы паддзах (1 Сам. 16:1, 13). Давид йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕн радзырдта ӕмӕ йыл дарддӕр йӕ зӕрдӕ дардта. Уӕдӕ ды дӕр Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ куы дарай ӕмӕ йӕ хъуыддаджы дӕхиуыл куы нӕ ауӕрдай, уӕд дӕуӕн дӕр Йегъовӕ уыдзӕн дӕ хай.

18. Ацы статьяйы кӕй кой кодтам, уыдон куыд ӕвдыстой, Йегъовӕ сӕ хай кӕй уыд, уый?

18 Ацы статьяйы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй кӕй кой кодтам, уыдонӕн Йегъовӕ сӕ хай кӕй уыд, уый куыд ӕмбаргӕ у? Алкӕмӕн дӕр дзы йӕ бар бакодта цавӕрдӕр хӕстӕ, цавӕрдӕр хъуыддаг. Уымӕй уӕлдай ма сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтой ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодтой, цух сӕ кӕй ницӕмӕй уадздзӕн, ууыл. Левийы мыггагӕн дӕр ӕмӕ, иннӕ мыггӕгтӕй чи уыд, уыдонӕн дӕр, зӕгъӕм, Давидӕн, уый гӕнӕн уыд, цӕмӕй Хуыцау уыдаид сӕ хай. Нӕ бон сӕ куыд у бафӕзмын? Цы хъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕ махӕн дӕр нӕ хай уа? Ацы фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. Йегъовӕ сауджынты цух кӕй ницӕмӕй уагъта, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис «Фыстады ӕмбарынад»-ӕй, 2 том, 684 фарс (англ.), стӕй 1991 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй, 29 фарс, 1–5 абзацтӕ (уырыс.).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йегъовӕ левиттӕн сӕ хай куыд уыди?

• Йегъовӕ Асафӕн, Йеремийӕн ӕмӕ Давидӕн сӕ хай кӕй уыд, уый куыд ӕвдыстой?

• Цӕмӕй Хуыцау дӕ хай уа, уый тыххӕй дӕ цавӕр миниуӕг хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Таблицӕ 8 фарсыл]

Левиттӕн бынӕн зӕхх лӕвӕрд не ’рцыд. Уыдонӕн Йегъовӕ уыд сӕ хай, уымӕн ӕмӕ сын сӕ бар бакодта кадджын хъуыддаг

[Ныв 7 фарсыл]

Йегъовӕ сауджынтӕн ӕмӕ левиттӕн сӕ хай куыд уыди?

[Ныв 9 фарсыл]

Асафӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕ дарддӕр дӕр йӕ хай уыдаид?