Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕуӕн та Йегъовӕ дӕ хай у?

Дӕуӕн та Йегъовӕ дӕ хай у?

Дӕуӕн та Йегъовӕ дӕ хай у?

«Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни» (МАТФ. 6:33).

1, 2. а) Галатӕгтӕм 6:16 стихы «Хуыцауы Израил» кӕмӕ амоны? ӕ) Матфейы 19:28 стихы «Израилы дыууадӕс мыггаджы» кӕмӕ амонынц?

БИБЛИ кӕсгӕйӕ ном «Израил» куы феныс, уӕд фыццаг цӕуыл ахъуыды кӕныс? Мыййаг, Исахъы фырт Иаков ӕрбалӕууы дӕ зӕрдыл, фӕстӕдӕр Хуыцау Израил кӕй схуыдта, уый? Ӕви ахъуыды кӕныс йӕ байзӕддӕгтыл, ома рагон Израилы адӕмыл? Библийы ма фыст ис «Хуыцауы Израилы» тыххӕй дӕр. Уыдон сты 144 мин сӕрст чырыстоны, сӕрст ӕрцыдысты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй, цӕмӕй уӕлӕрвты уой паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Гал. 6:16; Рарг. 7:4; 21:12). Фӕлӕ ма Библийы «Израил» амоны ноджыдӕр ӕндӕр цӕмӕдӕр. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис Матфейы 19:28.

2 Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырт йӕ кадджын паддзахбадӕныл куы ӕрбада ӕмӕ ӕппӕт дӕр ногӕй куы араза, уӕд сымах дӕр, мӕ фӕдылдзӕуджытӕ, ӕрбаддзыстут дыууадӕс паддзахбадӕныл ӕмӕ тӕрхон кӕндзыстут Израилы дыууадӕс мыггагӕн». Ацы стихы «Израилы дыууадӕс мыггаджы» амонынц, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты чи цӕрдзӕн, уыцы адӕммӕ. 144 мины та сын уыдзысты тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ сауджынтӕ.

3, 4. Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ фӕзминаг цӕмӕй сты?

3 Раджы заманты цӕрӕг сауджынтӕ ӕмӕ левиттау сӕрст чырыстӕттӕ дӕр тынг аргъ кӕнынц, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕн (Ным. 18:20). Сӕрст чырыстӕттӕ уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсынц, ӕмӕ сын Хуыцау зӕххыл ратдзӕн бынтӕ. Раргомады 4:10, 11 бакӕсӕн ис, уыдон Йегъовӕйӕн дарддӕр уӕлӕрвты кӕй лӕггад кӕндзысты – уым Йесо Чырыстиимӕ уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Йез. 44:28).

4 Зӕххыл сӕрст чырыстӕттӕ сӕ цардӕй ӕвдисынц, Йегъовӕ сӕ хай кӕй у. Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый сын у ӕппӕты ахсджиагдӕр. Апостол Петр афтӕ загъта: «Ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайут, цӕмӕй, Хуыцау уӕ цӕмӕ ӕрхуыдта ӕмӕ цӕмӕн равзӕрста, уымӕй ӕцӕгдӕр хайджын уат» (2 Пет. 1:10). Сӕрст чырыстӕттӕ ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй архайынц, уый ӕвдисынц, Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндынц ӕмӕ ӕппынӕдзух йӕ фӕдыл кӕй цӕуынц, уымӕй. Сӕ уавӕртӕ ӕмӕ сӕ фадӕттӕ иухуызон не сты. Фӕлӕ, сӕ бон цыдӕр кӕй нӕу, уый сын ӕфсон никуы вӕййы, цӕмӕй Хуыцауӕн къаддӕр лӕггад кӕной. Уыдонӕн Хуыцауы хъуыддаг сӕ царды у ӕппӕты сӕйраг ӕмӕ уыцы хъуыддаджы, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынц. Йегъовӕ ӕцӕгдӕр у сӕ хай, ӕмӕ уымӕй фӕзминаг сты, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн.

5. Чырыстӕттӕй алкӕй дӕр цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ хай уа? Уый алы хатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

5 Йесо куыд загъта, афтӕмӕй чырыстӕттӕй алчидӕр,– уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс,– хъуамӕ йӕхи тыххӕй мауал цӕра, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райса ӕмӕ ӕппынӕдзух йӕ фӕдыл цӕуа (Матф. 16:24). Раст афтӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц ӕмӕ Чырыстийы фӕдыл цӕуынц, зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕм, сты цалдӕр милуаны. Сӕ бон фылдӕр кӕй у саразын, уый куы фембарынц, уӕд, ӕрмӕст иу гыццыл балӕггад кӕной, уый фагыл нӕ фӕнымайынц. Бирӕтӕ сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой ӕмӕ райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын. Чидӕртӕ та алы аз дӕр цалдӕр мӕйы балӕггад кӕнынц ӕххуысгӕнӕг пионертӕй. Йӕ бон пионерӕй лӕггад кӕнын кӕмӕн нӕу, уыдон дӕр, сӕ бон цас у, уыйас аразынц, сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц. Уыцы лӕггадгӕнджытӕ сты, Йесойӕн йӕ сӕрыл хӕрздӕф сой чи рауагъта, уыцы Марийӕйы хуызӕн. Йесо Марийӕйы тыххӕй загъта: «Уый мӕнӕн хорздзинад ракодта... Ацы сылгоймаг, йӕ бон цы уыд, уый сарӕзта» (Мар. 14:6–8). Цы дунейы цӕрӕм, уый ис Хӕйрӕджы къухы, ӕмӕ нын уый тыххӕй, нӕ бон цы у, уый аразын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр мах нӕхиуыл нӕ ауӕрдӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм Йегъовӕйыл. Ӕркӕсӕм, уый бӕрӕг кӕмӕй у, цыппар ахӕм хъуыддагмӕ.

Фыццаджыдӕр агур Хуыцауы паддзахад

6. а) Ацы дунейы адӕм куыд ӕвдисынц, сӕ мӕт ӕрмӕстдӕр ацы цард кӕй у? ӕ) Цардмӕ Давиды цӕстӕй кӕсын хуыздӕр цӕмӕн у?

6 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй фыццаджыдӕр агурой Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Хуыцауы рӕстдзинад. Адӕмӕн сӕ фылдӕр та «агурынц», ома сӕ мӕт у, сӕхицӕн хуыздӕр цы у, ӕрмӕстдӕр уый. Библи сӕ хоны «ацы дунейы адӕм, сӕ мӕт ацы цард кӕмӕн у», уыдон. (Бакӕс Псалом 17:1, 13–15.) Уыцы адӕммӕ Йегъовӕ нымады дӕр нӕу. Бирӕтӕн сӕ мӕт у, хорз ӕхцатӕ куыд бакусой ӕмӕ куыд мацы цух уой, сӕ сывӕллӕтты куыд схъомыл кӕной ӕмӕ сын бынтӕ куыд ныууадзой, ӕрмӕстдӕр уый. Сӕ «мӕт», кӕнӕ сӕ хай, ӕрмӕстдӕр ацы цард у. Давид та цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй каст. Уый фӕндыд, цӕмӕй йын Йегъовӕйы раз хорз ном уыдаид. Ӕмӕ фӕстӕдӕр йӕ фырт Соломон загъта, не ’ппӕт дӕр уымӕ кӕй хъуамӕ тырнӕм (Еккл. 7:1). Асафау Давид дӕр зыдта, Йегъовӕйы хӕлар уай, уый царды ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй у. Ӕмӕ уый тыххӕй Давид йӕхи нымадта амондджын адӕймагыл. Нӕ рӕстӕджы бирӕ чырыстӕттӕ ӕвдисынц, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый сын сӕ куыстӕй ахсджиагдӕр кӕй у.

7. Иу ӕфсымӕр Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты кӕй ӕвӕрдта, уый тыххӕй арфӕгонд куыд ӕрцыд?

7 Жан-Клод цӕры Централон-Африкаг Республикӕйы. Уый у хистӕр нӕлгоймаг, ис ын ӕртӕ сывӕллоны. Уыцы бӕстӕйы куыст зын ссарӕн у, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр алцӕуыл дӕр разы вӕййынц, ӕрмӕст ӕнӕ куыстӕй ма баззайой. Иу бон Жан-Клодӕн йӕ хицау загъта, цӕмӕй ӕхсӕвыгӕтты кусын райдыдтаид. Кусын-иу хъуамӕ райдыдтаид изӕры авд сахаты ӕрдӕгыл ӕмӕ хъуамӕ куыстаид алы бон дӕр. Жан-Клод йӕ хицауӕн загъта, зӕгъгӕ, мӕ бинонты дарын мӕ кӕй хъӕуы, уымӕй уӕлдай ма сын хъуамӕ ӕххуыс кӕнон Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн дӕр. Стӕй ма загъта, ӕмбырдӕн дӕр ӕй кӕй хъӕуы ӕххуыс кӕнын. Уӕд ын хицау афтӕ бакодта: «Иугӕр дӕм ахӕм амонд ӕрхауд, ӕмӕ дын куыст ис, уӕд хъуамӕ ӕппӕт дӕр ферох кӕнай: дӕ усы дӕр, дӕ сывӕллӕтты дӕр ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ дӕр. Дӕ цард хъуамӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр дӕ куыстӕн снывонд кӕнай. Гъемӕ уӕдӕ равзар: дӕ дин ӕви дӕ куыст». Ды йӕ бынаты куыд бакодтаис? Жан-Клод зыдта, ӕнӕ куыстӕй куы баззайа, уӕддӕр ӕй Хуыцау кӕй нӕ ныууадздзӕн. Уӕддӕр ын бирӕ куыст уыдзӕн Хуыцауы хъуыддаджы, стӕй йын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ бон уа йӕ бинонты дарын дӕр. Уый фӕстӕ Жан-Клод ӕмбырдмӕ ацыд. Иннӕ бон куыстмӕ йӕхи срӕвдз кодта, куыстӕй йӕ ратардтой ӕви нӕ, уый нӕ зыдта, афтӕмӕй. Уалынмӕ йӕм куыстӕй ӕрбадзырдтой ӕмӕ йын загътой, йӕ хицауы йын куыстӕй кӕй систой. Не ’фсымӕр та йӕ куыст нӕ фесӕфта.

8, 9. Нӕ бон куыд у сауджынты ӕмӕ левитты бафӕзмын?

8 Ӕвӕццӕгӕн, сымахӕй дӕр чидӕртӕ уыдысты ахӕм уавӕры. Чи зоны, исчи хъуыды кодта: «Ӕнӕ куыстӕй куы баззайон, уӕд мӕ бинонты куыд дардзынӕн?» (1 Тим. 5:8). Фӕлӕ кӕд ды ахӕм уавӕры никуы уыдтӕ, уӕддӕр ӕй, ӕвӕццӕгӕн, дӕхи цардӕй зоныс: кӕд Хуыцау дӕ хай у ӕмӕ йын кӕй лӕггад кӕныс, уымӕн стыр аргъ кӕныс, уӕд никуы фӕфыдӕнхъӕл уыдзынӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы загъта, «фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад», зӕгъгӕ, уӕд ма сын зӕрдӕ бавӕрдта, Хуыцау сӕ цух кӕй нӕ ныууадздзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, ӕппӕт уыдӕттӕй дӕр, ома сын уыдзӕн, цы бахӕрой, цы бануазой, сӕ уӕлӕ цы скӕной, уыдӕттӕ (Матф. 6:33).

9 Ахъуыды-ма кӕн левиттыл. Уыдонӕн зӕхх бынӕн лӕвӕрд не ’рцыд. Левиттӕ адӕмӕн ӕххуыс кодтой сыгъдӕг диныл фидар хӕцынӕн. Ӕмӕ сӕ хъуамӕ рох ма уыдаид, Йегъовӕ кӕй у сӕ хай, ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кодтаиккой, цух сӕ кӕй ницӕмӕй ныууадздзӕн (Ным. 18:20). Кӕд мах сауджынтау ӕмӕ левиттау кувӕндоны нӕ лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр уыдонау нӕ бон у нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон цас хӕстӕгдӕр кӕны, уыйас ноджы тынгдӕр хъуамӕ дарӕм нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, цух нӕ кӕй ницӕмӕй ныууадздзӕн, ууыл (Рарг. 13:17).

Фыццаджыдӕр агур Хуыцауы рӕстдзинад

10, 11. Иуӕй-иутӕ куысты хъуыддаджы куыд равдыстой, сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардтой? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

10 Йесо ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй фыццаджыдӕр агурой Хуыцауы рӕстдзинад дӕр (Матф. 6:33). Уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ адӕмы цӕстӕй нӕ кӕсӕм, фӕлӕ Йегъовӕйы цӕстӕй. (Бакӕс Исай 55:8, 9.) Иуӕй-иутӕ цалынмӕ чырыстӕттӕ систы, уӕдмӕ кодтой тамакойы куыст, адӕмы ахуыр кодтой хӕцын кӕнӕ хӕцӕнгарз арӕзтой ӕмӕ йӕ уӕй кодтой. Фӕлӕ рӕстдзинад куы базыдтой, уӕд сӕ куыст ныууагътой, ӕмӕ сӕ бон сси донаргъуыд райсын (Ис. 2:4; 2 Кор. 7:1; Гал. 5:14).

11 Уыцы чырыстӕттӕй иу у Эндрю. Йӕ бинойнагимӕ рӕстдзинад куы базыдтой, уӕд сӕ бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Кӕд Эндрю йӕ куыст тынг уарзта, уӕддӕр ӕй ныууагъта. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ куыста ӕфсӕддон организацийы. Ӕмӕ Эндрюйы та фӕндыд, Йегъовӕ растыл цы нымайы, уый аразын. Эндрюйӕн уыди дыууӕ сывӕллоны, ӕмӕ йӕ куыст куы ныууагъта, уӕд ӕм йӕ бинонтӕ фӕдарынӕн ӕхца цалдӕр мӕйы фаг йеддӕмӕ нӕ уыди. Зӕххон адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, уымӕн дӕр «бынтӕ» нӕ уыд. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл ӕмӕ ӕндӕр куыст агурын райдыдта. Абон Эндрю ӕмӕ йӕ бинонтӕ уыцы рӕстӕг куы ’рхъуыды кӕнынц, уӕд фидарӕй фӕзӕгъынц, Йегъовӕйы къух цыбыр нӕу, зӕгъгӕ (Ис. 59:1). Хуымӕтӕг цард кӕй кодтой, уый фӕрцы сӕ бон уыд пионертӕй дӕр лӕггад кӕнын. Эндрю дзуры: «Хатт-иу ӕхцайӕ дӕр фӕтыхстыстӕм, мӕт кодтам цӕрӕнбынатыл, не ’нӕниздзинадыл, стӕй ныл азтӕ кӕй цыдысты, уый дӕр-иу нын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Фӕлӕ Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ фарсмӕ уыд. [...] Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын: Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр ӕмӕ арфӕйагдӕр хъуыддаг нӕй» * (Еккл. 12:13).

12. Хуыцауы рӕстдзинад агурынӕн дӕ цавӕр миниуӕг хъӕуы? Дӕхӕдӕг кӕй зоныс, ахӕм хо кӕнӕ ӕфсымӕры цӕвиттон ӕрхӕсс.

12 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ мӕнӕ ацы хохӕн куы зӕгъат, ардыгӕй сыст ӕмӕ уӕртӕ уым ӕрлӕуу, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ бакӕндзӕн. Ӕмӕ ницы уыдзӕн ахӕмӕй, уӕ бон цы нӕ уа саразын» (Матф. 17:20). Зын дын куы уа, уӕд дӕр фыццаджыдӕр Хуыцауы рӕстдзинад агурдзынӕ? Уый дӕ бон кӕй бауыдзӕн, ууыл кӕд дызӕрдыг кӕныс, уӕд ӕмбырды искӕйтимӕ аныхас кӕн. Йегъовӕ сын куыд ӕххуыс кодта, уый куы базонай, уӕд дӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн.

Йегъовӕ дын цы дӕтты, уымӕн аргъ кӕн

13. Йегъовӕйы хъуыддаджы нӕхиуыл куы нӕ ауӕрдӕм, уӕд цӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм?

13 Кӕд, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уымӕн аргъ кӕныс, уӕд ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн: ӕнӕмӕнг дӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый дын дӕтдзӕн, левиттӕн куыд лӕвӕрдта, афтӕ. Ахъуыды-ма кӕн Давидыл. Кӕд лӕгӕты ӕмбӕхст, уӕддӕр ӕй фидарӕй зыдта, Хуыцау ын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Уӕдӕ нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ нын никӕй бон у баххуыс кӕнын, уӕд дӕр хъуамӕ Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Ӕвӕццӕгӕн ӕй хъуыды кӕныс, Асаф «Хуыцауы кадджын кувӕндонмӕ» куы бацыд, уӕд кӕй бамбӕрста, ӕнцой йын цы нӕ лӕвӕрдта, уый (Пс. 73:17). Афтӕ мах дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, алцыдӕр нын кӕй дӕтдзӕн, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕн цыфӕнды уавӕрты дӕр кӕй аргъ кӕнӕм. Уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕ нӕ хай кӕй у.

14, 15. Библийӕ кӕцыдӕр стих ӕндӕрхуызон куы бамбарын кӕнынц, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?

14 Йегъовӕ нын йӕ «арф зонд» куы фембарын кӕны, уӕд ыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ баууӕндыс? (1 Кор. 2:10–13). Афтӕ кодта апостол Петр, ӕмӕ нын уымӕй фӕзминаг у. Иухатт Йесо дзуттӕгтӕн загъта: «Адӕймаджы Фырты буар куы нӕ хӕрат ӕмӕ йын йӕ туг куы нӕ нуазат, уӕд цард нӕ фендзыстут». Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ уыцы ныхӕстӕ комкоммӕ бамбӕрстой ӕмӕ загътой: «Ай цӕй ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны! Кӕй бон у уыдӕттӕм хъусын?» Ӕмӕ «сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм аздӕхтысты». Фӕлӕ Петр та загъта: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ куы сты, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ» (Иоан. 6:53, 60, 66, 68).

15 Петр дӕр Йесойы ныхӕстӕ дзӕбӕх нӕ бамбӕрста. Фӕлӕ уый нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ рӕстдзинад Йесойы уылты кӕй ӕмбарын кодта, ууыл. Абон Библийӕ кӕцыдӕр стих ӕндӕрхуызон куы бамбарын кӕнынц, уӕд бацархайыс, афтӕ цӕмӕн у, уый бамбарыныл? (Ӕмб. 4:18). Фыццаг ӕнусы вериаг дзуттӕгтӕ «Хуыцауы ныхасмӕ тынг зӕрдиагӕй хъуыстой ӕмӕ алы бон дӕр Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой» (Хъуыд. 17:11). Ды дӕр сӕ куы бафӕзмай, уӕд ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ, Йегъовӕ Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕныс ӕмӕ дӕ хай кӕй у, уымӕн.

Цардӕмбалӕн равзар ӕрмӕст «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕджы»

16. 1 Коринфӕгтӕм 7:39 фыст фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕ куыд равдисдзысты, Хуыцау сӕ хай кӕй у?

16 Чырыстӕттӕн Хуыцау сӕ хай кӕй у, уый ма ноджыдӕр куыд равдисдзысты? Библийы фӕдзӕхстмӕ куы хъусой ӕмӕ цардӕмбал, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕст уыдоны ’хсӕн куы агурой, уӕд (1 Кор. 7:39). Бирӕтӕ бинонтӕ не скодтой, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕндыд уыцы фӕдзӕхсты сӕрты ахизын. Хуыцау ахӕм чырыстӕтты йӕ дӕлбазыр бакӕны. Давидмӕ афтӕ куы каст, ӕмӕ у зыбыты иунӕг ӕмӕ йын чи баххуыс кӕна, иу ахӕм нӕй, уӕд куыд бакодта? Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ сдзынӕзта. Давид загъта: «Уымӕн фӕкодтон мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ, уымӕн дзырдтон, цы маст ӕвзарын, уый тыххӕй, мӕ бон куы нал уыди, уӕд» (Пс. 142:1–3). Ахӕм хъуыдытӕ-иу ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой пехуымпар Йеремийӕн дӕр. Йеремийӕн бинонтӕ нӕ уыд, афтӕмӕй цалдӕр дӕсазы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Уый тыххӕй дӕ бон у бакӕсын чиныджы, «Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры», зӕгъгӕ, 8 сӕры.

17. Иу хо йӕхимӕ иунӕг куы фӕкӕсы, уӕд цы фӕаразы?

17 Америкӕйы чи цӕры, иу ахӕм хо загъта: «Мӕнмӕ ахӕм фӕнд никуы уыд, ӕмӕ мой ма скӕнон. Аккаг чи уа ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцӕуа, ахӕм адӕймагыл куы сӕмбӕлон, уӕд сразы уыдзынӕн. Мӕ мад Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу, ӕмӕ-иу мӕ нал уагъта, ды, дам, ӕрмӕст мой скӕн, ӕмӕ чифӕнды дӕр уӕд. Уӕд ӕй ӕз бафарстон, зӕгъын, стӕй куы фенамонд уон, уӕд дӕу аххос нӕ уыдзӕн. Рӕстӕг цыд, ӕмӕ мӕ мад уыдта, куыст мын кӕй ис, мӕхи дарынхъом кӕй дӕн, стӕй амондджын кӕй дӕн, ӕмӕ мын уӕд мой кӕныны тыххӕй афтӕ арӕх нал дзырдта». Уыцы хомӕ хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ иунӕг у, никӕй хъӕуы. Хо загъта: «Фӕархайын, цӕмӕй мӕ ныфс Йегъовӕйыл дарон. Уый мӕ никуы ныууадзы». Цы йын ӕххуыс кӕны йӕ ныфс Йегъовӕйыл дарынӕн? «Хуыцаумӕ фӕкувын ӕмӕ йӕ фембарын, удӕгас Хуыцауимӕ кӕй ныхас кӕнын ӕмӕ иунӕг кӕй нӕ дӕн. Иунӕг Стыр Хуыцау мын мӕ куывдтытӕ хъусы! Уӕдӕ сӕрыстыр ӕмӕ амондджын куыннӕ хъуамӕ уон?» Уыцы хо йӕ зоны, «райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у». Уый загъта: «Ӕз фӕархайын иннӕтӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕныныл ӕмӕ сӕм ницӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсын. Куы фӕхъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, мӕ бон цӕмӕй у ацы адӕймагӕн баххуыс кӕнын, уӕд мыл уыцы хъуыдыйӕ дӕр базыртӕ базайы» (Хъуыд. 20:35). Уыцы хойӕн Йегъовӕ у йӕ хай ӕмӕ йын кӕй лӕггад кӕны, уый тыххӕй у тынг амондджын.

18. Йегъовӕйы хай куыд суыдзынӕ?

18 Цыфӕнды уавӕры дӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцау дӕ хай уа. Афтӕ куы уа, уӕд уыдзынӕ йӕ амондджын адӕмы ’хсӕн (2 Кор. 6:16, 17). Ӕмӕ уӕд ды та суыдзынӕ Йегъовӕйы хай, раджы заманты йӕ лӕггадгӕнджытӕ куыд уыдысты, афтӕ. (Бакӕс Дыккаг закъон 32:9, 10.) Хуыцау израилӕгты иннӕ адӕмтӕй куыд равзӕрста, цӕмӕй йӕ хай суыдаиккой, афтӕ йӕ бон у, ӕмӕ дӕу дӕр равзара ӕмӕ дыл зӕрдиагӕй тыхса (Пс. 17:8).

[Фиппаинаг]

^ 11 абз. Кӕс 2009 азы ноябры «Райхъал ут!», 12–14 фӕрстӕ (уырыс.).

Цавӕр дзуапп раттис?

Йегъовӕ дӕ хай куыд суыдзӕн...

• Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йын йӕ рӕстдзинад куы агурай, уӕд?

• цы нын дӕтты, уымӕн куы аргъ кӕнай, уӕд?

• йӕ фӕдзӕхстмӕ куы хъусай ӕмӕ цардӕмбал ӕрмӕст чырыстӕтты ’хсӕн куы агурай, уӕд?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Таблицӕ 13 фарсыл]

Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын сӕйраг куы уа, уӕд уыдзӕн нӕ хай

[Ныв 15 фарсыл]

Йеремийы цӕвиттон у ныфсы хос