Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Згъорут, цӕмӕй хӕрзиуӕг райсат»

«Згъорут, цӕмӕй хӕрзиуӕг райсат»

«Згъорут, цӕмӕй хӕрзиуӕг райсат»

«Афтӕ згъорут, цӕмӕй хӕрзиуӕг райсат» (1 КОР. 9:24).

1, 2. а) Павел дзуттаг чырыстӕтты бафидар кӕнынӕн цавӕр цӕвиттон ӕрхаста? ӕ) Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ мах цы хъӕуы аразын?

ЦӔМӔЙ Павел дзуттаг чырыстӕтты бафидар кодтаид, уый тыххӕй сын цӕвиттонӕн ӕрхаста ерыстӕ. Йӕ фыстӕджы чырыстӕтты абарста згъорджытимӕ. Фӕлӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, царды фӕндагыл ӕрмӕст уыдон кӕй не згъордтой. Уыцы фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтой Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ. Павел уыцы лӕггадгӕнджыты схуыдта «ӕвдисӕнты... стыр мигъ». Дзуттаг чырыстӕтты алкӕддӕр сӕ зӕрдыл дарын хъуыди, уыцы рагон лӕггадгӕнджытӕ цы фидар уырнындзинады хицау уыдысты ӕмӕ, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадаиккой, ууыл куыд зӕрдиагӕй архайдтой, уый. Ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ уыдонӕн дӕр сӕ бон бауыдаид сӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын.

2 Айразмӕйы статьяйы уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй цалдӕры кой кодтам. Сӕ фидар уырнындзинады фӕрцы Хуыцауыл сӕ мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззадысты – сӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтой. Уӕдӕ махӕн дӕр цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорӕм? Павел загъта: «Мах дӕр нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый ӕмӕ нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд, ӕмӕ нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл фӕразонӕй згъорӕм» (Дзут. 12:1).

3. Павел згъорджыты тыххӕй цы загъта, уымӕй чырыстӕттӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

3 Цымӕ Павел афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый»? Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты тыххӕй кӕм цӕуы дзырд, иу ахӕм чиныджы фыст ис, уӕды рӕстӕджы-иу ерысты куыд згъордтой, уый тыххӕй: «Грекъӕгтӕ тренировкӕты рӕстӕг дӕр ӕмӕ ерысты рӕстӕг дӕр згъордтой зыбыты бӕгънӕгӕй» (Backgrounds of Early Christianity) *. Чи зоны, махӕй исчи зӕгъа, уый цавӕр хабар у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ-иу уыцы спортсментӕ бӕгънӕгӕй уый тыххӕй згъордтой, цӕмӕй-иу сӕ хӕрзиуӕг райсын мацы бахъыгдардтаид. Уӕдӕ Павелы уыцы ныхӕстӕй уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕхи ссӕрибар кодтаиккой, сӕ хӕрзиуӕг, ома ӕнусон цард, райсын сӕ цыдӕриддӕр хъыгдардта, уыдӕттӕй. Бӕгуыдӕр, уый хорз уынаффӕ уыди дзуттаг чырыстӕттӕн ӕмӕ хорз уынаффӕ у махӕн дӕр. Махыл та цы «уӕз кӕны» ӕмӕ нӕ цы къуылымпы кӕны нӕ фӕндагыл дарддӕр згъорын?

«Нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый»

4. Нойы рӕстӕджы адӕм куыд цардысты?

4 Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ «нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый». Цы ныл уӕз кӕны, уымӕ хауы, нӕ фӕндагыл нӕ ӕппӕт тыхтӕй згъорын цыдӕриддӕр хъыгдары, уыдон. Бӕлвырдӕй та цы сты уыцы хъуыддӕгтӕ? Павел Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты тыххӕй куы дзырдта, уӕд скодта Нойы кой дӕр. Ӕмӕ Нойы рӕстӕджы тыххӕй дзырдта Йесо дӕр: «Нойы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты рӕстӕджы дӕр» (Лук. 17:26). Йесо сӕйраджыдӕр, абоны дуне куыд фесӕфдзӕн, уый кой нӕ кодта, фӕлӕ бамбарын кодта, адӕм Доны хъаймӕты размӕ куыд цардысты, фӕстаг бонты дӕр афтӕ кӕй цӕрдзысты. (Бакӕс Матфейы 24:37–39.) Нойы рӕстӕджы адӕмӕн сӕ фылдӕры нӕ фӕндыд Хуыцауы базонын ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. Цы сӕ хъыгдардта? Уыдон хордтой, нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ сӕ бӕллӕх уый уыд, ӕмӕ сын уыцы хъуыддӕгтӕ Хуыцаумӕ хъусынӕй сӕйрагдӕр уыдысты. Йесо загъта, зӕгъгӕ сӕм «нымады дӕр ницы уыди».

5. Цы нын баххуыс кӕндзӕн нӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорынӕн?

5 Ной ӕмӕ йӕ бинонтау махӕн дӕр алы бон дӕр вӕййы бирӕ хъуыддӕгтӕ. Хъӕуы нӕ ӕхца кусын, цӕмӕй нӕхи ӕмӕ нӕ бинонты дарӕм. Ӕмӕ нын ууыл ацӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ. Ӕхцахъуаг куы феййафӕм, уӕд та тыхсын райдайӕм, ныр цӕмӕй цӕрдзыстӕм, зӕгъгӕ. Уымӕй уӕлдай нӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам, уымӕ гӕсгӕ нын ис ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ дӕр. Хъӕуы нӕ хъусын кӕнын, ӕмбырдтӕм нӕхи цӕттӕ кӕнын ӕмӕ сӕм цӕуын, стӕй нӕ бинонтимӕ ӕмӕ хицӕнӕй дӕр Библи ахуыр кӕнын. Нойӕн дӕр бирӕ куыст уыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ. Фӕлӕ уый алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ (Райд. 6:22). Уӕдӕ цӕмӕй мах дӕр нӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи ӕнӕхъӕугӕ уӕргъты бын ма фӕкӕнӕм, фӕлӕ, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, ӕрмӕстдӕр уый хӕссӕм.

6, 7. Цавӕр уынаффӕ хъуамӕ дарӕм нӕ зӕрдыл?

6 Цымӕ Павелы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ныл цы хӕстӕ ис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр нӕхи хъуамӕ ссӕрибар кӕнӕм? Нӕ, уый афтӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ нын иуӕй-иу хӕстӕ ӕнӕххӕстгӕнгӕ нӕй. Фӕлӕ-ма ӕрхъуыды кӕн Йесойы уынаффӕ: «Мӕт макуы кӕнут ӕмӕ ма дзурут, зӕгъгӕ, цы хӕрӕм, цы нуазӕм, кӕнӕ, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм. Ӕппӕт уыдӕттыл ацы дунейы адӕм тыхсынц. Сымахӕн та уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц» (Матф. 6:31, 32). Ацы ныхӕстӕй Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ нӕ кӕд хӕринаг, уӕлӕдарӕс ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ ӕнӕмӕнг хъӕуынц, уӕддӕр нын хъуамӕ сӕйраг ма суой, уымӕн ӕмӕ ныл уӕз кӕнын райдайдзысты ӕмӕ нӕ бон нал уыдзӕн чырыстон фӕндагыл дарддӕр згъорын.

7 Дӕ хъус-ма ӕрдар Йесойы ныхӕстӕм, зӕгъгӕ, «уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц». Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ ныл кӕй батыхсдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъа, уый нын уыдзӕн. Фӕлӕ нын уӕддӕр Йесо зӕгъы, цӕмӕй, ацы дунейы адӕм цӕуыл тыхсынц, уыдӕттыл ӕгӕр ма тыхсӕм. Цӕмӕй тӕссаг у уый? Йесо загъта: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ма ӕрӕййафа, ӕмӕ хызы бахауӕгау ма фӕуат» (Лук. 21:34, 35).

8. Уӕлдайдӕр нӕ ныртӕккӕ цӕмӕн хъӕуы, «цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый» нӕхицӕй аппарын?

8 Цы фӕндагыл згъорӕм, уымӕн йӕ кӕрон афтӕ хӕстӕг у, цыма йӕ уынгӕ кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ уый бар хъуамӕ мацӕмӕн раттӕм, ӕмӕ нӕ кӕронмӕ азгъорын бакъуылымпы кӕна. Хъуамӕ нӕхицӕй аппарӕм, цы ӕнӕхъӕугӕ уӕргътӕ ныл ис, уыдон ӕмӕ нын цы ис, уымӕй райгонд уӕм. Уӕдӕ апостол Павел дзӕгъӕлы нӕ радта ахӕм уынаффӕ: «Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый стыр пайда у, кӕд, цы нӕм ис, уый фагыл нымайӕм, уӕд» (1 Тим. 6:6). Павелы ныхӕстӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн дарддӕр згъорын, цӕмӕй ӕппынфӕстаг хӕрзиуӕг райсӕм.

Адӕймаджы «ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд»

9, 10. а) Ӕнцонӕй нӕ чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд цы у? ӕ) Хатт чырыстоны уырнындзинадыл цы ’рцӕуы?

9 Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ ма хъуамӕ нӕхицӕй аппарӕм, «ӕнцонӕй [нӕ] чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд» дӕр. Дзырдбаст «ӕнцонӕй ӕрцахсын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый Библийы ӕрмӕстдӕр ацы стихы ӕмбӕлы. Иу ахуыргонд, Альберт Барнз, зӕгъы, зӕгъгӕ, уӕды рӕстӕджы-иу згъорӕг ахӕм дарӕс хъуамӕ ма скодтаид, йӕ къӕхты ’хсӕн-иу чи стыхстаид ӕмӕ-иу ӕй згъорын чи нӕ уагътаид. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ чырыстон дӕр хъуамӕ уый бар мацӕмӕн ратта, цӕмӕй йӕ згъорын хъыгдара. Чырыстоны цы ’рцахсы, ома йӕ уырнындзинад цӕй тыххӕй ӕрлӕмӕгъ вӕййы?

10 Чырыстонӕн йӕ уырнындзинад ӕвиппайды нӕ амӕлы. Уыцы хабар ӕрцӕуы сындӕггай. Ӕмӕ йӕ уырнындзинад лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр куыд кӕны, уый хатт ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны. Павел дзуттаг чырыстӕтты фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ «уырнындзинады фӕндагӕй иуварс ма ахӕсса» ӕмӕ уӕ «зӕрдӕ ма суа хӕлд ӕмӕ, уырнындзинад кӕм нӕй, ахӕм» (Дзут. 2:1; 3:12). Згъорӕгӕн йӕ дарӕс йӕ къӕхты ’хсӕн куы стыхса, уӕд ӕнӕмӕнгдӕр ахаудзӕн. Уӕдӕ алы згъорӕг дӕр хъуамӕ ӕмбара, ерысты рӕстӕг ахӕм дарӕс куы скӕна, уӕд йӕ хабар хорз кӕй нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иутӕ ахӕм дарӕс скӕнынц. Цӕмӕн? Чи зоны, ӕнӕмӕт сты, ӕмӕ сӕ исчи куы фӕфӕдзӕхсы, уӕд ын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдарынц. Йе та, чи зоны, сӕхиуыл фервӕссынц, ӕз фидар дӕн ӕмӕ ницы хуызы ахаудзынӕн, зӕгъгӕ. Кӕнӕ та, чи зоны, сӕ хъуыдытӕ вӕййынц ерыстыл нӕ, фӕлӕ ӕндӕр цӕуылдӕрты. Павелы уынаффӕйӕ мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11. Чырыстонӕн йӕ уырнындзинад цӕй тыххӕй амӕлы?

11 Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, чырыстонӕн йӕ уырнындзинад уый тыххӕй кӕй амӕлы, ӕмӕ йӕ цард раст нӕ фӕаразы. Адӕймаджы «ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕды» тыххӕй ма дзырдта ӕндӕр ахуыргонд дӕр. Уый бамбарын кодта, тынг ныл кӕй фӕзынынц, цы уавӕрты стӕм, цавӕр адӕмимӕ иу кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы рӕдыд фӕндтӕ райгуыры, уыдон. Нӕ уырнындзинад уыдӕтты тыххӕй ӕрлӕмӕгъ вӕййы кӕнӕ та амӕлы (Матф. 13:3–9).

12. Цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма амӕла, уый тыххӕй нӕ цавӕр уынаффӕтӕм хъӕуы хъусын?

12 Ӕууӕнкджын ӕмӕ нӕ зондджын цагъар рагӕй фӕстӕмӕ дӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй, цӕмӕ кӕсӕм ӕмӕ цӕмӕ хъусӕм, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уый нӕ зондахастыл ӕмӕ нӕ фӕндтыл тынг фӕзыны. Фӕдзӕхсы ма нӕ, адӕймаджы фылдӕр ӕхца куы хъӕуа ӕмӕ мулкмӕ куы бӕлла, уӕд ӕй уый хорзмӕ кӕй не ’ркӕндзӕн. Ацы дунейы ирхӕфсӕнтӕ куы уарзӕм ӕмӕ, ног техникӕйӕ цыдӕриддӕр фӕзыны, уымӕ куы бӕллӕм, уӕд ӕгасӕй дӕр уыдӕттыл суыдзыстӕм ӕмӕ, ахсджиагдӕр цы у, уымӕн нын рӕстӕг нал уыдзӕн. Афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, ӕууӕнкджын цагъары уынаффӕтӕ ӕгӕр карз сты кӕнӕ мӕнӕн мӕ уырнындзинад фидар у ӕмӕ мӕнмӕ нӕ хауынц, зӕгъгӕ, уӕд уый тынг тӕссаг у. Сайтан афтӕ архайы, цӕмӕй ацы дунейы адӕмы зондыл ацӕуӕм ӕмӕ уыцы уынаффӕтӕм ма хъусӕм. Нӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорӕм. Иуӕй-иутӕн сӕ уырнындзинад амард, ӕнӕмӕт кӕй систы кӕнӕ сӕхиуыл кӕй фервӕссыдысты, йе та, ацы дунейы цы ис, уыдӕтты фӕдыл кӕй адзӕгъӕл сты, уый тыххӕй. Кӕд махыл дӕр ахӕм хабар ӕрцыд, уӕд тӕссаг у, нӕхи ӕнӕхай куы фӕкӕнӕм нӕ хӕрзиуӕгӕй – ӕнусон цардӕй (1 Иоан. 2:15–17).

13. Цӕмӕй ныл ацы дунейы адӕмы зонд ма фӕзына, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

13 Хӕйрӕджы дунейы адӕм алы бон дӕр ууыл архайынц, цӕмӕй, уыдон куыд хъуыды кӕнынц, мах дӕр афтӕ хъуыды кӕнӕм. Фӕнды сӕ, цӕмӕй, уыдонӕн цы у сӕйраг, махӕн дӕр уый уа сӕйраг ӕмӕ, уыдон цӕмӕ бӕллынц, мах дӕр уыдӕттӕм бӕллӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 2:1, 2.) Фӕлӕ ныл сӕ зондахаст фӕзындзӕн ӕви нӕ, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у. Павел дунейы зондахаст абарста, нӕ алыварс цы уӕлдӕф ис, уыимӕ. Уыцы уӕлдӕф у хъӕстӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды хъӕстӕ уӕлдӕф улӕфын. Ӕмӕ уӕдӕ ацы дунейы адӕмӕн дӕр хъуамӕ уый бар ма раттӕм, ӕмӕ нӕ сӕ зондыл акӕной. Цы нын баххуыс кӕндзӕн нӕ фӕндагыл дарддӕр згъорынӕн? Йесойы цӕвиттон. Уый у алцӕмӕй ӕххӕст, сӕйраг згъорӕг (Дзут. 12:2). Фӕзминаг ма нын у апостол Павел дӕр. Уый дӕр йӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордта, ӕмӕ йе ’мчырыстӕтты дӕр разӕнгард кодта, мӕн фӕзмут, зӕгъгӕ (1 Кор. 11:1; Фил. 3:14).

Дӕ бон куыд у хӕрзиуӕг райсын?

14. Павел йӕхӕдӕг дӕр згъорджыты ’хсӕн кӕй уыди, уымӕ цы цӕстӕй каст?

14 Павел йӕхӕдӕг дӕр згъорджыты ’хсӕн кӕй уыди, уымӕ цы цӕстӕй каст? Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ фӕстаг хатт куы фембӕлд, уӕд ахӕм ныхӕстӕ загъта, зӕгъгӕ «мӕм мӕ цард нымады дӕр нӕу, ӕрмӕстдӕр мӕ фӕнды мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын ӕмӕ мын Хицау Йесо цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнын» (Хъуыд. 20:24). Павелы йӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын афтӕ тынг фӕндыд, ӕмӕ уый тыххӕй цӕттӕ уыди алцӕуыл дӕр йӕ къух сисынмӕ, суанг йӕ цардыл дӕр. Стӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы йӕ уд хъардта. Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ фӕндагыл кӕронмӕ куы нӕ азгъордтаид, уӕд йӕ фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы уыдаиккой. Ӕмбӕрста, кӕронмӕ йӕ кӕй хъуыди фыдӕбон кӕнын. Павел афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ хӕрзиуӕг йӕ къухы бафтыд. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 3:12, 13.) Фӕлӕ уӕддӕр йӕ мӕлӕты размӕ сӕрибарӕй загъта: «Ӕз хъӕбатырӕй тох кодтон, мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтон, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон» (2 Тим. 4:7).

15. Павел йе ’мчырыстӕтты цӕмӕ разӕнгард кодта?

15 Павелы фӕндыд, цӕмӕй йе ’мчырыстӕттӕ дӕр сӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтаиккой. Зӕгъӕм, Филиппты цӕрӕг чырыстӕтты разӕнгард кодта сӕ ирвӕзындзинады тыххӕй ӕппӕт хъарутӕй архайынмӕ. Загъта сын, «царды дзырдыл фидар хӕцут», зӕгъгӕ, ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Цӕмӕй Чырыстийы бон цин кӕнон, дзӕгъӕлы кӕй нӕ фыдӕбон кодтон ӕмӕ афтӕ зӕрдиагӕй дзӕгъӕлы кӕй нӕ архайдтон, ууыл» (Фил. 2:16). Павел ма Коринфы чырыстӕтты дӕр разӕнгард кодта: «Афтӕ згъорут, цӕмӕй хӕрзиуӕг райсат» (1 Кор. 9:24).

16. Нӕ хӕрзиуӕг алкӕддӕр нӕ цӕстыты раз цӕмӕн хъуамӕ уа?

16 Дардмӕ чи фезгъоры, уыдон цалынмӕ кӕронмӕ нӕ бахӕццӕ вӕййынц, уӕдмӕ сӕ фӕндаджы кӕрон нӕ фӕуынынц. Фӕлӕ уӕддӕр фӕндаджы кӕрон алкӕддӕр вӕййы сӕ хъуыдыйы, фӕзонынц ӕй, куыд згъорынц, афтӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕй кӕны. Ӕмӕ уый зонгӕйӕ сӕ хъарутыл хъарутӕ бафты ӕмӕ сӕ бон вӕййы кӕронмӕ азгъорын. Чырыстӕтты хабар дӕр афтӕ у. Нӕ хӕрзиуӕг хъуамӕ алкӕддӕр уа нӕ цӕстыты раз. Уый нын хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй нӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорӕм ӕмӕ нӕ хӕрзиуӕг райсӕм.

17. Уырнындзинад нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ хӕрзиуӕг ӕдзух нӕ цӕстыты раз уа?

17 «Уырнындзинад... уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты»,– фыста Павел (Дзут. 11:1). Авраам ӕмӕ Саррӕ сӕ хорз цард ныууагътой ӕмӕ, кӕдӕм ацыдысты, уыцы зӕххыл уыдысты «ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ». Цӕй фӕрцы баци уый сӕ бон? Хуыцау сын зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдон ӕдзух сӕ цӕстыты раз уыдысты. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ «дардӕй уыдтой». Моисей та йӕ къух систа, «тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы», ууыл ӕмӕ «Египеты хӕзнатыл». Ахӕм фидар уырнындзинад ӕмӕ йӕм уыйбӕрц хъарутӕ цӕй фӕрцы уыди? «Йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты, цы хӕрзиуӕг ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл» (Дзут. 11:8–13, 24–26). Павел куыд загъта, афтӕмӕй уыцы рагон лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр архайдта йӕ «уырнындзинады фӕрцы». Сӕ уырнындзинад уыд фидар, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ хӕрзиуӕг алкӕддӕр уыди сӕ цӕстыты раз. Кӕд-иу зын уавӕрты дӕр бахаудысты, уӕддӕр сӕ сӕ хӕрзиуӕг рох никуы уыд. Сӕхи цардӕй уыдтой, Хуыцау сын куыд ӕххуыс кодта, уый ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдта, уый дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн.

18. Цӕмӕй, ӕнцонӕй нӕ чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд нӕхицӕй аппарӕм, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы?

18 Цӕй уӕдӕ, Дзуттӕгтӕм фыстӕджы 11 сӕры цы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой цӕуы, уыдоны цардыл арф хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сӕ фӕзмӕм. Уый фӕрцы махӕн дӕр нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ нӕхицӕй аппардзыстӕм, ӕнцонӕй нӕ чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд (Дзут. 12:1). Стӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй алчидӕр архайы йӕ уырнындзинад фидар кӕныныл. Ӕмӕ семӕ ӕдзухдӕр куы ’мбӕлӕм, уӕд уый фӕрцы дӕр кӕрӕдзийы «уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» разӕнгард кӕндзыстӕм (Дзут. 10:24).

19. Цӕмӕн нӕ хъӕуы нӕ фӕндагыл дарддӕр згъорын?

19 Цы фӕндагыл згъорӕм, уымӕн йӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнӕм. Йӕ кӕрон афтӕ хӕстӕг у, ӕмӕ йӕ раст цыма уынгӕ кӕнӕм. Йегъовӕйы ӕххуысӕй ӕмӕ нӕ фидар уырнындзинады фӕрцы махӕн дӕр нӕ бон у, «цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый ӕмӕ нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд» нӕхицӕй аппарын. Нӕ бон у афтӕ згъорын, цӕмӕй нын нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг райсӕм.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Уӕды заман дзуттӕгтӕм уый тынг худинаг уыди. Иу рагон чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы чи ныууагъта, уыцы хистӕр сауджын Иасон сфӕнд кодта, грекъӕгтӕм спортсменты цӕттӕ кӕнынӕн цы скъолатӕ уыд, ахӕм скъола Иерусалимы дӕр саразын. Ӕмӕ дзуттӕгтӕ уый куы базыдтой, уӕд йӕ ныхмӕ рацыдысты (2 Маккавейты 4:7–17).

Бахъуыды кодтай?

• «Цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый» нӕ бон куыд у нӕхицӕй аппарын?

• Чырыстонӕн йӕ уырнындзинад цӕй тыххӕй амӕлы?

• Нӕ хӕрзиуӕг ӕдзух нӕ цӕстыты раз цӕмӕн хъуамӕ уа?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Чи нӕ ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд цы у? Куыд нӕ ӕрцахсы?