Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ дӕ зоны?

Йегъовӕ дӕ зоны?

Йегъовӕ дӕ зоны?

«Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты» (2 ТИМ. 2:19).

1, 2. а) Йесойӕн тынг ахсджиаг цы уыд? ӕ) Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

ИУХАТТ фарисейтӕй чидӕр Йесойы бафарста: «Закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Матф. 22:35–37). Йесо йӕ Фыды тынг уарзта. Йӕ цардӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ йӕм цы цӕстӕй касти, уый йын тынг ахсджиаг кӕй уыд. Уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн йӕ мӕлӕты размӕ йӕ бон уыд фидарӕй зӕгъын, алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы коммӕ кӕй каст. Уый загъта: «Ӕз мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ... ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йӕ уарзондзинадӕй хайджын... дӕн» (Иоан. 15:10).

2 Абон бирӕтӕ дзурынц, Хуыцауы кӕй уарзынц. Ӕмӕ мах дӕр афтӕ фӕдзурӕм. Фӕлӕ хъуамӕ цалдӕр ахсджиаг фарстайыл ахъуыды кӕнӕм: «Йегъовӕ мӕн тыххӕй цы хъуыды кӕны? Мӕ бон у зӕгъын, Йегъовӕ мӕ кӕй зоны, ома мӕ райгонд кӕй у? Йегъовӕ мӕ йӕхионыл нымайы?» (2 Тим. 2:19). Дунедарӕг Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм, уый цӕй стыр кад у!

3. Иуӕй-иутӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ йӕхиуӕттыл нымайа, уымӕн гӕнӕн нӕй? Цы сын баххуыс кӕндзӕн сӕ хъуыды фӕивынӕн?

3 Фӕлӕ, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕй дӕр иуӕй-иутӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ, Хуыцау сӕ хӕлар уа, уымӕн гӕнӕн нӕй. Чидӕртӕ сӕхимӕ бынтондӕр ницы кӕсынц ӕмӕ уый тыххӕй дызӕрдыг кӕнынц, Йегъовӕ сӕ йӕхиуӕттыл кӕй нымайы, ууыл. Фӕлӕ куыд хорз у, Йегъовӕ нӕм бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕй кӕсы! (1 Сам. 16:7). Апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕн загъта: «Кӕд адӕймаг Хуыцауы уарзы, уӕд уыцы адӕймаджы та Хуыцау зоны» (1 Кор. 8:3) Уӕдӕ дӕ цӕмӕй Хуыцау зона, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ уарзай. Ахъуыды-ма кӕн: ацы журнал цӕмӕн кӕсыс? Цӕмӕн архайыс Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ лӕггад кӕныныл? Кӕд дӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтай ӕмӕ аргъуыд райстай, уӕд афтӕ цӕмӕн бакодтай? Библийы фыст ис, Йегъовӕ зӕрдӕтӕ кӕй зоны ӕмӕ кӕй ссары, «зынаргъ» ын чи у, ахӕм адӕмы. Стӕй сӕ йӕхимӕ «ӕрбакӕны», кӕнӕ сӕ ӕрбахоны, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суой. (Бакӕс Аггей 2:7; Иоанны 6:44.) Уӕдӕ йыл ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн: ды Йегъовӕйӕн уымӕн лӕггад кӕныс, ӕмӕ дӕ йӕхӕдӕг ӕрбакодта йӕхимӕ. Ӕмӕ уый никуы ныууадздзӕн, йӕхимӕ кӕй ӕрбакодта ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ чи систы, уыдоны, кӕд ыл иузӕрдион уой, уӕд. Уыдон ын тынг зынаргъ сты ӕмӕ сӕ тынг уарзы (Пс. 94:14).

4. Рох кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы, Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый цӕй стыр хӕзна у?

4 Уӕдӕ нӕ кӕд Йегъовӕ йӕхимӕ ӕрбакодта, уӕд хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй йӕ уарзтӕй нӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм. (Бакӕс Иудӕйы 20, 21.) Библи нӕ фӕдзӕхсы, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ нӕ уырнындзинады фӕндагӕй иуварс ахӕсса кӕнӕ Хуыцауӕй адард уӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ мауал уӕм (Дзут. 2:1; 3:12, 13). Зӕгъӕм, 2 Тимофеймӕ 2:19 стихы размӕ апостол Павел дзырдта Именей ӕмӕ Филиты тыххӕй. Куыд зыны, афтӕмӕй уыцы дыууӕ адӕймаджы кӕддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодтой, фӕлӕ фӕстӕдӕр рӕстдзинад ныууагътой (2 Тим. 2:16–18). Галатийы ӕмбырдты дӕр чидӕртӕ рӕстдзинад ныууагътой (Гал. 4:9). Хъуамӕ нӕ рох макуы уа, Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый цӕй стыр хӕзна у.

5. а) Цавӕр миниуджытӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕ Хуыцау зона? ӕ) Цавӕр цӕвиттонтӕм ӕркӕсдзыстӕм?

5 Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ зона, уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы цавӕрдӕр миниуджытӕ (Пс. 15:1–5; 1 Пет. 3:4). Зӕгъӕм, уырнындзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад. Ӕркӕсӕм дыууӕ адӕймаджы цӕвиттонмӕ. Йегъовӕ сӕ уарзта, ацы миниуджытӕ сӕм кӕй уыд, уый тыххӕй. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм, йӕ сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй Йегъовӕ йӕ къух кӕуыл систа, ахӕм адӕймаджы цӕвиттонмӕ дӕр. Уыцы цӕвиттонтӕ не ’ппӕтӕн дӕр сты зондзонӕн.

Уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоны фыд

6. а) Авраам Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндыд, уый куыд равдыста? ӕ) Куыд ӕмбаргӕ у, Йегъовӕ Авраамы зыдта, зӕгъгӕ?

6 Авраам уыд, Йегъовӕйыл чи баууӕндыд, ахӕм адӕймаг, ӕмӕ нымад ӕрцыд, «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр... сӕ фыдыл» (Райд. 15:6; Ром. 4:11). Аврааммӕ уырнындзинад кӕй уыд, уый тыххӕй ныууагъта йӕ хӕдзар, йе ’мбӕлтты, йӕ куыст, йӕ исбон ӕмӕ дард бӕстӕмӕ ацыд (Райд. 12:1–4; Дзут. 11:8–10). Йӕ уырнындзинад алкӕддӕр уыд фидар. Уый бӕрӕг у, бирӕ азты фӕстӕ дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕй бакаст ӕмӕ цӕттӕ кӕй уыд йӕ фырт Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ (Дзут. 11:17–19). Авраам ӕууӕндыд, Йегъовӕ йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттыл, ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ сси. (Бакӕс Райдиан 18:19.) Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ Авраамы ӕнӕуи нӕ зыдта, фӕлӕ йӕ уарзта ӕмӕ йӕ йӕ хӕларыл нымадта (Иак. 2:22, 23).

7. Авраам Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй цы зыдта ӕмӕ йӕ уырнындзинад куыд равдыста?

7 Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, «дӕ байзӕддӕгты бауыдзысты се знӕгты горӕттӕ» ӕмӕ, «денджызы был змис куыд бирӕ ис, афтӕ» сӕ сбирӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ (Райд. 22:17, 18). Кӕд уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ Авраамы рӕстӕджы нӕ сӕххӕст сты, уӕддӕр Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндыд. Авраам зыдта, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕддӕриддӕр кӕй сӕххӕст кӕны. Йӕ уырнындзинад бӕрӕг уыд йӕ цардӕй. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:13.) Махӕн дӕр Авраамы уырнындзинады хуызӕн уырнындзинад ис? Йегъовӕ нӕ ахӕм адӕмӕй зоны?

Дӕ уырнындзинад бӕрӕг уӕд, Йегъовӕмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, уымӕй

8. Бирӕтӕ тынг цӕмӕ фӕбӕллынц?

8 Чи зоны, цӕмӕдӕр тынг бӕллӕм. Зӕгъӕм, чидӕр цардӕмбал агуры, кӕйдӕр сывӕллӕттӕ хъӕуы, кӕйдӕр та фӕнды, цӕмӕй ӕнӕниз уа. Ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы ис, адӕймаг афтӕ конд у. Фӕлӕ нӕ тынг цы фӕнды, уый арӕх нӕ къухы нӕ бафты. Куыд кӕндзыстӕм, тынг цӕмӕ бӕллӕм, уый нын абон куы нӕ уа, уӕд? Ахӕм уавӕрты куыд архайдзыстӕм, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, нӕ уырнындзинад фидар у ӕви нӕ.

9, 10. а) Иуӕй-иутӕ цӕмӕдӕр куы фӕбӕллынц, уӕд куыд бакӕнынц? ӕ) Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

9 Цӕмӕ бӕллӕм, уый цӕмӕй нӕ къухы бафта, уый тыххӕй Хуыцауы ныхасы сӕрты ахизын ӕнӕзонд ми уаид. Афтӕ куы бакӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттыл нал нымайдзӕн. Зӕгъӕм, чидӕр йӕхи дзӕбӕх кӕны, Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ чи у, ахӕм мадзӕлттӕй. Чидӕр та ахӕм куыстмӕ бацыд, ӕмӕ йын рӕстӕг нал ис йӕ бинонтӕн кӕнӕ ӕмбырдтӕн. Йе та ӕмбӕлын райдыдта, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм адӕймагимӕ. Чырыстон афтӕ куы кӕна, уӕд цымӕ зӕгъӕн уыдзӕн, Йегъовӕ йӕ зона, уый йӕ ӕцӕгдӕр кӕй фӕнды? Зӕгъӕм, Авраам Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдты сӕххӕстмӕ йӕ бон куы нал уыдаид ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уӕд Йегъовӕ цы ахъуыды кодтаид? Зӕгъӕм, Авраамӕн йӕхимӕ растдӕр куыд каст, афтӕ куы бакодтаид ӕмӕ йӕхицӕн стыр хӕдзар куы балхӕдтаид? Кӕнӕ, Йегъовӕ архайын кӕд райдайдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыны бӕсты йӕхицӕн ном скӕныныл куы архайдтаид? (Абар Райдиан 11:4.) Цымӕ ма йӕ Йегъовӕ йӕ хӕларыл нымадтаид?

10 Ды та цӕмӕ бӕллыс? Йегъовӕ дын дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ банхъӕлмӕ кӕсыны фаг уырнындзинад дӕм ис? Хуыцау нын зӕрдӕ бавӕрдта, алкӕмӕн дӕр кӕй ратдзӕн, «йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Пс. 145:16). Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕй иуӕй-иутӕ, мах куыд фӕнды, афтӕ тагъд нӕ сӕххӕст уыдзысты. Фӕлӕ Йегъовӕ стыр аргъ кӕны, кӕй архайӕм, цӕмӕй Авраамау махӕн дӕр нӕ уырнындзинад фидар уа ӕмӕ уый нӕ цардӕй дӕр бӕрӕг уа. Ӕмӕ нын уый тыххӕй раарфӕ кӕндзӕн (Дзут. 11:6).

Иу уыд сӕрныллӕг, иннӕ – сӕрбӕрзонд

11. Корей бирӕ азты дӕргъы цавӕр адӕймаг уыд?

11 Ӕркӕсӕм Моисей ӕмӕ Корейы хабармӕ. Ацы дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой. Куыд архайдтой, уый фӕрцы бамбардзыстӕм иу ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕ нӕ цы хъуыды кӕны, уый аразгӕ у, цы уынаффӕтӕ рахӕссы ӕмӕ куыд архайы, уымӕн аргъ кӕнӕм ӕви нӕ, уымӕй. Корей уыд левит Каафы хӕдзарвӕндагӕй. Ӕвӕццӕгӕн, Корей федта, Йегъовӕ израилӕгты Сырх денджызыл куыд ахизын кодта, уый. Стӕй уыд, Синайы хохы раз ӕгоммӕгӕс израилӕгтыл Йегъовӕйы тӕрхон чи ӕххӕст кодта, уыдонимӕ. Уымӕй уӕлдай ма ӕххуыс кодта бадзырды чырын хӕссынӕн дӕр (Рац. 32:26–29; Ным. 3:30, 31). Куыд уынӕм, афтӕмӕй бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд, ӕмӕ йын уый тыххӕй израилӕгтӕй бирӕтӕ кад кодтой.

12. 28 фарсыл нывы куыд зыны, афтӕмӕй Корей йӕ сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй Хуыцауӕй куыд адард?

12 Фӕлӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ цӕугӕйӕ Корей афтӕ хъуыды кӕнын райдыдта, ӕмӕ, адӕмӕн разамынд лӕвӕрд куыд цыд, уый раст нӕу. Ӕмӕ йӕ цыдӕр фӕивын бафӕндыд. Уый фӕстӕ ма йӕ зондыл ацыд 250 адӕймаджы. Уыдоны уырныдта, Йегъовӕ сӕ кӕй зоны ӕмӕ сӕ райгонд кӕй у. Ӕмӕ Моисейӕн ӕмӕ Ааронӕн загътой: «Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд! Ацы адӕм иууылдӕр сыгъдӕг сты ӕмӕ Йегъовӕ се ’хсӕн ис» (Ным. 16:1–3). Сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, сӕрбӕрзонд кӕй уыдысты. Сӕхи зондӕй ӕгӕр ныфсджын уыдысты. Ӕмӕ сын Моисей загъта: «Йегъовӕ равдисдзӕн, йӕхион чи у». (Бакӕс Нымӕцтӕ 16:5.) Дыккаг бон изӕрӕй Корей дӕр ӕмӕ, йӕ зондыл чидӕриддӕр ацыд, уыдон дӕр ӕгас нал уыдысты (Ным. 16:31–35).

13, 14. Моисей куыд равдыста, сӕрныллӕг кӕй уыд?

13 Моисей та уыд бынтон ӕндӕрхуызон адӕймаг. «Зӕххыл... Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг нӕ уыд» (Ным. 12:3). Сабыр ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыд, уый бӕрӕг уыди, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр дзырдта, афтӕ кӕй кодта, уымӕй (Рац. 7:6; 40:16). Библийы никуы ис бакӕсӕн, зӕгъгӕ, Йегъовӕ куыд архайдта, Моисей ууыл ӕдзух хъуыр-хъуыр кодта кӕнӕ йӕ Йегъовӕйы амындтӕ ӕххӕст кӕнын кӕй хъуыд, ууыл мӕсты кодта. Зӕгъӕм, цатыр куыд аразын хъӕуы, уымӕн Йегъовӕ тынг бӕлвырд амындтӕ радта. Суанг ма, ӕндӕхтӕн сӕ хуыз цавӕр хъуамӕ уыдаид ӕмӕ ӕмбӕрзӕнтыл сӕ баиу кӕнынӕн цал цӕджы хъуыди скӕнын, уый дӕр загъта (Рац. 26:1–6). Хуыцауы организацийы дын цӕстдарджытӕй исчи исты хъуыддаджы тыххӕй тынг бӕлвырд амындтӕ куы ратты, суанг лыстӕг хабӕртты онг, уӕд дын, чи зоны, ӕхсызгон нӕ вӕййы. Фӕлӕ Йегъовӕ у алцӕмӕй ӕххӕст цӕстдарӕг. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн исты хъуыддаг куы бабар кӕны, уӕд сыл йӕ зӕрдӕ фӕдары, дзӕбӕх ӕй кӕй сараздзысты. Ӕмӕ кӕд уый фӕдыл бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ фӕзӕгъы, уӕд уый дзӕгъӕлы нӕ вӕййы. Моисей Йегъовӕмӕ не смӕсты ӕмӕ афтӕ дӕр нӕ ахъуыды кодта, зӕгъгӕ мӕ ницӕуыл нымайы, ӕмӕ мын уыйбӕрц амындтӕ дӕр уый тыххӕй радта. Моисеймӕ афтӕ нӕ касти, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ бӕтты. Моисей, цатыр чи арӕзта, уыдонӕн загъта, цӕмӕй, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, раст афтӕ бакодтаиккой (Рац. 39:32). Йӕ зондахастӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, сӕрныллӕг кӕй уыд. Уый уыд Йегъовӕйы хъуыддаг ӕмӕ йӕ арӕзта Моисейы уылты. Ӕмӕ Моисей уый хорз ӕмбӕрста.

14 Моисейӕн-иу йӕ царды алцы йӕхи фӕндиаг куы нӕ рауад, уӕд дӕр-иу уыд сӕрныллӕг. Зӕгъӕм, адӕм доны тыххӕй куы хъуыр-хъуыр кодтой, уӕд сӕм Моисей тынг смӕсты ис ӕмӕ Йегъовӕйы ном не срухс кодта. Уый тыххӕй Йегъовӕ Моисейӕн загъта, зӕгъгӕ, Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ адӕмы ды нӕ бакӕндзынӕ (Ным. 20:2–12). Уый размӕ Моисей ӕмӕ йе ’фсымӕр Аарон бирӕ азты дӕргъы фӕхъуыстой израилӕгты хъуыр-хъуырмӕ. Ӕмӕ ныр уыцы иу рӕдыды тыххӕй, Моисей афтӕ бирӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй хъуамӕ ӕнӕхай фӕуыдаид! Моисей уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрӕнкъард уыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр разынд сӕрныллӕг ӕмӕ Йегъовӕйы ныхасыл дыууӕ нал загъта. Уый йӕ зыдта, Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕм хӕрамӕй кӕй ницы ис (Дык. з. 3:25–27; 32:4). Абон Моисейы зонӕм, Йегъовӕ кӕй зыдта, ахӕм адӕймагӕй. (Бакӕс Рацыд 33:12, 13.)

Йегъовӕйы коммӕ кӕсынӕн хъӕуы сӕрныллӕгдзинад

15. Сӕрбӕрзонддзинад Корейы цӕмӕ ӕркодта, уый нын зондзонӕн куыд у?

15 Ӕмбырдты цы ивындзинӕдтӕ цӕуы, уыдонимӕ разы куы уӕм, Йегъовӕ нӕ ӕрмӕст уӕд уыдзӕн райгонд. Стӕй хъуамӕ нымайӕм, Йегъовӕ ӕмбырдӕн разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоны. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ исты уынаффӕтӕ куы рахӕссынц кӕнӕ ӕмбырды хъуыддӕгты исты куы фӕивынц, уӕд уымӕ цы цӕстӕй ракӕсӕм? Корей ӕмӕ йӕ фӕдыл чи ацыд, уыдон сӕхи зондӕй ныфсджын кӕй уыдысты, уый тыххӕй Хуыцауӕй адард сты. Уыдон уыдысты сӕрбӕрзонд ӕмӕ сӕм фаг уырнындзинад нӕ уыд. Корейы цӕсты Моисей уыд, йӕхи зондӕй чи архайдта, ахӕм зӕронд лӕг, фӕлӕ дзы ферох, адӕмӕн разамынд Йегъовӕ кӕй лӕвӕрдта. Ӕмӕ уый тыххӕй, Хуыцау разамынд кӕй уылты лӕвӕрдта, уыдоны коммӕ нал касти. Корей хъуамӕ Йегъовӕмӕ банхъӕлмӕ кастаид. Йегъовӕ йын бамбарын кодтаид, хъуыддӕгтӕ афтӕ цӕмӕн цӕуынц кӕнӕ кӕд ӕцӕгдӕр исты фӕивын хъуыд, уӕд ӕй Йегъовӕ фӕивтаид. Корейӕн йӕ сӕрбӕрзонд хъуыддӕгты тыххӕй йӕ иузӕрдион лӕггад дон хиды бынты аласта!

16. Моисей сӕрныллӕг кӕй уыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 Корейы хабар зондзонӕн у хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ ӕмбырды иннӕтӕн дӕр. Цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бон уа ӕмӕ, ӕмбырды разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоны коммӕ кӕсӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг. Моисей куыд сӕрныллӕг ӕмӕ сабыр адӕймаг уыд, мах дӕр ахӕмтӕ стӕм? Ӕмбырды нын разамынд чи дӕтты, уыдоны уылты Йегъовӕ кӕй архайы, уый ӕмбарӕм? Сӕ амындтӕм сын хъусӕм? Исты хъуыддаг, мах куыд фӕнды, афтӕ куы нӕ вӕййы, уӕд нӕ бон вӕййы нӕхиуыл хӕцын? Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн. Сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс куы уӕм, уӕд ын уыдзыстӕм зынаргъ.

Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты

17, 18. Цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ дарддӕр дӕр йӕхиуӕттыл нымайа?

17 Йегъовӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ хӕлӕрттыл кӕй банымадта, уыдоны цӕвиттонтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн. Авраам ӕмӕ Моисей дӕр уыдысты мах хуызӕн ӕнӕххӕст адӕм ӕмӕ сӕм махау уыди хъӕндзинӕдтӕ дӕр. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ нымадта йӕ хӕлӕрттыл, йӕхиуӕттыл. Корейы хабар та бынтон ӕндӕрхуызон рауад. Йӕ хабарӕй бӕрӕг у, адӕймаг Йегъовӕйӕ куыд адард вӕййы ӕмӕ йӕ хӕлар куыд нал вӕййы. Алчидӕр нӕ хъуамӕ ахъуыды кӕна ахӕм фарстатыл: «Йегъовӕ мӕн тыххӕй цы хъуыды кӕны? Ацы статьяйы кӕй кой уыд, уыдон мын зондзонӕн куыд сты?»

18 Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты нымайы йӕхиуӕттыл. Уый нын цӕй стыр ныфсы хос у! Уӕдӕ дарддӕр кус уырнындзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинадыл. Уыдоны фӕрцы нӕ диссаджы Хуыцауӕн ноджы зынаргъдӕр уыдзынӕ. Йегъовӕ дӕ зона, уый стыр кад у. Йегъовӕ райгонд кӕмӕй у, уыдон абон дӕр сты амондджын, ӕмӕ фидӕны та хайджын уыдзысты диссаджы арфӕдзинӕдтӕй (Пс 37:18).

Бахъуыды кодтай?

• Йегъовӕ дӕ зона, уый куыд ӕмбаргӕ у?

• Дӕ бон куыд у Авраамы уырнындзинад бафӕзмын?

• Корейы ӕмӕ нын Моисейы хабӕрттӕ зондзонӕн куыд сты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 26 фарсыл]

Авраамау нӕ уырны, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн?

[Ныв 28 фарсыл]

Корей сӕрныллӕг нӕ уыд ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд разамындмӕ хъусын

[Ныв 29 фарсыл]

Йегъовӕ дӕ сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс адӕймагӕй зоны?