Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 Хуыцауы базонӕн нӕй. Уый ӕцӕг у?

1 Хуыцауы базонӕн нӕй. Уый ӕцӕг у?

1 Хуыцауы базонӕн нӕй. Уый ӕцӕг у?

Арӕх фӕзӕгъынц: «Хуыцауы хъуыддӕгтӕ бамбарӕн нӕй».

Бирӕ динтӕ амонынц, Хуыцау кӕй у Троицӕ ӕмӕ йӕ бамбарӕн кӕй нӕй.

Библийы фыст ис: Чырысти загъта, зӕгъгӕ, «иунӕг ӕцӕг Хуыцауы» чи базона, уыдон схайджын уыдзысты йӕ арфӕдзинӕдтӕй (Иоанны 17:3). Фӕлӕ кӕд Хуыцау чи у ӕмӕ цы у, уый бамбарӕн нӕй, уӕд ӕй куыд ис базонӕн? Библийы фыст ис, Хуыцау йӕхи кӕй не ’мбӕхсы, фӕлӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ алчидӕр базона (Йереми 31:34).

Хуыцауы тыххӕй алцыдӕр никуы базондзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ мах хъуыдытӕй уӕлдӕр сты (Екклесиаст 3:11; Исай 55:8, 9).

Хабар ӕцӕг куыд у, уый зонын цы пайда у? Кӕд Хуыцау чи у ӕмӕ цы у, уый бамбарӕн нӕй, уӕд йӕ базоныныл архайын цӕмӕн хъӕуы? Хабар уый мидӕг ис, ӕмӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ зонгӕ дӕр бакӕнӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ дӕр суӕм. Зӕгъӕм, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраамӕй загъта, уый «мӕ хӕлар» у, зӕгъгӕ. Израилы паддзах Давид та ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ сты, чи дзы тӕрсы, уыдон» (Исай 41:8; Псалом 25:14).

Чи зоны исчи ахъуыды кӕна, адӕймаг Хуыцауы ӕмбал суа, уымӕн гӕнӕн кӕй нӕй. Фӕлӕ-ма нӕ хъус ӕрдарӕм, Хъуыддӕгты 17:27 стихы цы фыст ис, уымӕ: «[Хуыцау] махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу». Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Библийы фӕрцы нӕ бон у Хуыцауы хорз базонын *.

Хуыцау нын ӕргом кӕны йӕ ном, йӕ ном та у Йегъовӕ (Исай 42:8). Библийы фыст ис, адӕмы тыххӕй цы аразы, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у базонын, цавӕр Хуыцау у, уый. Уымӕй уӕлдай нын Хуыцау ӕргом кӕны йӕ миниуджытӕ. Библийы фыст ис, кӕй у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, мӕсты кӕнынмӕ тагъд кӕй нӕ кӕны, йе ’нувыд уарзт ӕгӕрон кӕй у ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр раст кӕй у (Рацыд 34:6). Нӕ хъуыддӕгтӕй йын кӕнӕ йӕ зӕрдӕ барухс кӕнӕм кӕнӕ та йын ӕй фӕриссын кӕнӕм. Зӕгъӕм, рагон Израилы адӕм-иу йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд-иу ын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кодтой, фӕлӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдон та йын хӕссынц циндзинад (Псалом 78:40; Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Хуыцауы тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый фӕдыл фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 1 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]

Кӕд Хуыцау, бамбарӕн кӕй нӕй, ахӕм Троицӕ у, уӕд ӕй куыд хъуамӕ базонӕм?

[Ныв барлӕвӕрдӕй 4 фарсыл]

The Trinity c.1500, Flemish School, (16th century)/​H. Shickman Gallery, New York, USA/​The Bridgeman Art Library International