Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 Хуыцау тӕригъӕд нӕ бары. Уый ӕцӕг у?

3 Хуыцау тӕригъӕд нӕ бары. Уый ӕцӕг у?

3 Хуыцау тӕригъӕд нӕ бары. Уый ӕцӕг у?

Арӕх фӕзӕгъынц: «Хуыцау адӕмы рӕдыдтытӕй иу дӕр нӕ рох кӕны ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй зындоны арты судзы».

«Хуыцау тӕригъӕдджынты ӕрдзон бӕллӕхтӕй сафы».

Библийы фыст ис: 2 Петры 3:9 фыст ис, Йегъовӕйы кӕй «нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат». Хуыцау нын нӕ рӕдыдтытӕ дӕр уыны, фӕлӕ йе ’ргом сӕйрагдӕр здахы нӕ хорз хъуыддӕгтӕм. Йӕ «цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Азфыстыты 16:9).

Библийы зындоны арты тыххӕй ницы ис фыст. Адӕм ӕнустӕм хъизӕмар кӕной, ӕрмӕст уыцы хъуыды дӕр Хуыцауӕн ӕнад у. Йе ’ппӕты стырдӕр ӕфхӕрд у, адӕймагӕн цы цард радта, уымӕй йӕ ӕнӕхай кӕй фӕкӕны (Йереми 7:31; Ромӕгтӕм 6:7). Ӕрдзон бӕллӕхтӕм дӕр Хуыцау ницы бар дары. Ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй ӕрцӕуынц, уымӕ гӕсгӕ бабын вӕййынц фыдгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ рӕстгӕнджытӕ дӕр (Екклесиаст 9:11).

Хабар ӕцӕг куыд у, уый зонын цы пайда у? Куы йӕ базонӕм, Хуыцау бафхӕрынмӕ тагъд кӕй нӕ кӕны, фӕлӕ «хатыр кӕнынмӕ» цӕттӕ кӕй у, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзӕм (Псалом 86:5). Хуыцауӕн уый тыххӕй хъуамӕ ма лӕггад кӕнӕм, нӕхи аххосджыныл кӕй нымайӕм кӕнӕ нӕ кӕй бафхӕрдзӕн, уымӕй кӕй тӕрсӕм, фӕлӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. Уыцы уарзондзинад нын тых дӕтты, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарыныл ӕппӕт хъарутӕй архайӕм (Матфейы 22:36–38; 1 Иоанны 5:3).

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй иууылдӕр хорздзинад аразой. Фӕлӕ йӕ зоны, бирӕтӕ се ’взӕр митӕ кӕй никуы ныууадздзысты. Фыдгӕнджыты сӕхи бар куы ныууадзид, уӕд иуӕй-иу хицӕуттӕй ницӕмӕй хицӕн кӕнид. Уыдон закъӕттӕ рауадзынц, фӕлӕ сӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ сӕ хъус нӕ фӕдарынц. Уый аххосӕй цӕуы бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ӕмӕ адӕм хъизӕмар кӕнынц (Екклесиаст 8:11). Фӕлӕ йӕ зонӕм, Хуыцау фыддзинадмӕ ӕнустӕм ӕнцад кӕй нӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ нын уый дӕтты фидар ныфс фидӕнӕй. Хуыцау нын зӕрдӕ ’вӕры, йӕ фыдхъуыддӕгтӕ чи нӕ уадзы, уыдоны кӕй фесафдзӕн, цӕмӕй «сабыр адӕм» зӕххыл ӕнустӕм амондджынӕй цӕрой – райдианы куыд сфӕнд кодта, афтӕ (Псалом 37:10, 11, 29) *.

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Хуыцау зӕххӕй дзӕнӕт куыд скӕндзӕн, уый тыххӕй кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 3 ӕмӕ 8 сӕртӕ.

[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]

Цымӕ Хуыцауы уый фӕнды, цӕмӕй йын бафхӕрыны тӕссӕй лӕггад кӕнӕм?

[Ныв барлӕвӕрдӕй 6 фарсыл]

Engravings by Doré