Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 Хуыцаумӕ рӕстдзинад нӕй. Уый ӕцӕг у?

4 Хуыцаумӕ рӕстдзинад нӕй. Уый ӕцӕг у?

4 Хуыцаумӕ рӕстдзинад нӕй. Уый ӕцӕг у?

Арӕх фӕзӕгъынц: «Дуне Хуыцауы къухы ис, ӕмӕ зӕххыл Хуыцауы ӕвастӕй ницы цӕуы. Уӕдӕ уый аххос у, адӕм кӕрӕдзи кӕй ӕфхӕрынц ӕмӕ рӕстдзинад кӕй нӕй, уый».

Библийы фыст ис: Дунейы ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ кӕй цӕуы, уый Хуыцауы аххос нӕу. Хуыцауы тыххӕй Библийы фыст ис: «Йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст» (Дыккаг закъон 32:4).

Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ у алкӕмӕ дӕр, уый аккаг нӕм чи нӕ кӕсы, суанг уыдонмӕ дӕр. Зӕгъӕм, «хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр» (Матфейы 5:45). Хуыцау никӕй хъулон кӕны, адӕймаг цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр. Уый бӕрӕг у, Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35 стихты цы фыст ис, уымӕй: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг».

Уӕдӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ кӕй аххосӕй цӕуынц? Бирӕтӕ, Хуыцау куыд рӕстӕй архайы, афтӕ нӕ архайынц, фӕлӕ фыдхъуыддӕгтӕ аразынц (Дыккаг закъон 32:5). Уымӕй уӕлдай, Библийы фыст ис, Хуыцау йе знагӕн, Хӕйрӕгӕн, йӕ къухмӕ рӕстӕгмӕ кӕй радта дунейы хицауы бартӕ * (1 Иоанны 5:19). Фӕлӕ йын тагъд уыцы бартӕ фӕстӕмӕ байсдзӕн. Хуыцау ныронг дӕр бирӕ сарӕзта, цӕмӕй «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала» (1 Иоанны 3:8).

Хабар ӕцӕг куыд у, уый зонын цы пайда у? Кӕйдӕр ӕнаххосӕй бафхӕрдтой, мӕгуыр адӕмы туг цъирынц, хицӕуттӕ мӕнгард хъуыддӕгтӕ кӕнынц. Ӕвӕццӕгӕн ахӕм хабӕрттӕ куы фехъусыс, уӕд фӕхъуыды кӕныс, афтӕ цӕмӕн у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ӕппӕт бӕллӕхты аххосджын чи у, уый куы базонай, уӕд бамбардзынӕ, ахӕм ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы, ӕмӕ, кӕд адӕм уавӕр фӕхуыздӕр кӕныныл тынг архайынц, уӕддӕр сын цӕуылнӕ исты уайы (Псалом 146:3). Цӕйнӕфӕлтау нӕ хъарутӕ, ӕрмӕст рӕстӕгмӕ пайда кӕмӕй уыдзӕн кӕнӕ та ӕппындӕр кӕмӕй нӕ уыдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл хардз кӕнӕм, фӕлтау, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, ууыл нӕ ныфс дарӕм, ӕмӕ нӕ уӕд фидӕнӕй фидар ныфс уыдзӕн (Раргомад 21:3, 4).

Ӕппӕт бӕллӕхтӕ дӕр кӕй аххосӕй цӕуынц, уый куы фӕзонӕм, уӕд нын нӕхи зындзинад дӕр ӕмӕ нӕ бинонты маст дӕр сфӕразын ӕнцондӕр вӕййы. Ӕнаххосӕй нӕ куы бафхӕрынц, уӕд Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Аввакумау мах дӕр фӕзӕгъӕм: «Закъон йӕ тых фесӕфта ӕмӕ рӕстдзинад никуыуал ис» (Аввакум 1:4). Хуыцау Аввакумы йӕ ныхӕсты тыххӕй нӕ бафхӕрдта, фӕлӕ йын загъта, уавӕр кӕд фӕивдзӕн, уымӕн рӕстӕг кӕй снысан кодта ӕмӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй зын уавӕрты дӕр цин кодтаид (Аввакум 2:2–4; 3:17, 18). Уӕдӕ Хуыцау ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, ууыл ды дӕр куы ӕууӕндай, уӕд ацы фыддунейы дӕр удӕнцой ссардзынӕ.

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Хӕйрӕг куыд фӕзынд, уый базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 3 сӕр.

[Хицӕнгонд текст 7 фарсыл]

Ӕнӕраст хъуыддӕгты ӕмӕ адӕмы хъизӕмӕртты Хуыцау у аххосджын?

[Ныв барлӕвӕрдӕй 7 фарсыл]

© Sven Torfinn/​Panos Pictures