Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Иерусалимы кувӕндоны ӕхцаивджытӕ цӕмӕн уыд?

Чырысти йӕ мӕлӕтӕй гыццыл раздӕр тынг смӕсты, кувӕндоны, чи не ’мбӕлд, ахӕм хъуыддаг кӕй арӕзтой, уый тыххӕй. Библийы фыст ис: «Йесо бацыд кувӕндонмӕ ӕмӕ дзы уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй чидӕриддӕр уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр ратардта, ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта се стъӕлттӕ, бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн та – сӕ бандӕттӕ. Ӕмӕ сын загъта: „Афтӕ фыст у: „Мӕ хӕдзар мын хондзысты кувӕн хӕдзар“, сымах та дзы абырджыты лӕгӕт аразут» (Матфейы 21:12, 13).

Фыццаг ӕнусы ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕмӕ горӕттӕй Иерусалиммӕ, кувӕндонмӕ, чи цыд, уыцы дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдон-иу семӕ ӕрбахастой, кӕм цардысты, уыцы бӕстӕты ӕхца. Фӕлӕ кувӕндоны хъалон кӕй фыстой ӕмӕ алыхуызон нывӕндтӕ кӕй хастой, уый тыххӕй-иу сӕ хъуыд се ’хца баивын. Уымӕ гӕсгӕ-иу кувӕндоны уыди ӕхцаивджытӕ. Уыдон иу ӕрцӕуӕггӕгтӕн се ’хца аивтой ӕмӕ-иу дзы сӕхицӕн ивӕггаг ныууагътой. Дзуттаг бӕрӕгбӕтты размӕ-иу ӕхцаивджытӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттыты кӕрт кӕй хуыдтой, уым ӕхца ивынӕн ӕрӕвӕрдтой стъӕлттӕ.

Чырысти ӕхцаивджытӕн афтӕ кӕй бауайдзӕф кодта, зӕгъгӕ, кувӕндонӕй «абырджыты лӕгӕт» сарӕзтат, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ ӕхца ивгӕйӕ адӕмы стыгътой.

Раджы заманты оливӕбӕлӕстӕ кадджын цӕмӕн уыдысты?

Хуыцау йӕ адӕмӕн куы ранымадта, иузӕрдион ыл куы уой, уӕд сӕ цы хорздзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уӕд сын сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ оливӕбӕлӕсты кой дӕр скодта (Дыккаг закъон 6:10, 11). Оливӕбӕлӕстӕ абон дӕр тынг кадджын сты, кӕм зайынц, уыцы бӕстӕты. Ацы бӕлӕстӕ дыргъ фӕдӕттынц сӕдӕгай азты дӕргъы, фыдӕбон кӕнын та сыл афтӕ бирӕ нӕ хъӕуы. Оливӕбӕлас хорз зайы дурджын зӕххыл дӕр, стӕй ӕнӕ донӕй дӕр бирӕ фӕразы. Бындзӕфхад йеддӕмӕ дзы куы ницыуал баззайы, уӕд дӕр дзы ног къалиутӕ сзайы.

Раджы заманты-иу оливӕбӕлӕсты цъар ӕмӕ сыфтӕй дзӕбӕх кодтой, йӕ тӕвд-иу бӕрзонд кӕмӕн уыд, уыцы рынчынты. Зӕронд къалиутӕй-иу цы чъиу рахъардта, уый кодта адджын тӕф ӕмӕ дзы арӕзтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Фӕлӕ ноджы кадджындӕр уыд йӕ дыргъты тыххӕй, сӕйраджыдӕр та йӕ сойы тыххӕй. Рӕгъӕд оливӕйы гагайӕн йе ’рдӕджы бӕрц у сой.

Хорз бӕласы дыргътӕй-иу алы аз дӕр сой рауагътой 57 литрӕй фылдӕр. Оливӕйы сой ма кодтой цырагъдарӕнты, пайда дзы кодтой динимӕ баст хъуыддӕгты, байсӕрстой-иу дзы буар ӕмӕ сӕрыхъуынтӕ, стӕй-иу дзы дзӕбӕх кодтой буары цъӕхтӕ ӕмӕ цӕфтӕ (Рацыд 27:20; Левит 2:1–7; 8:1–12; Руф 3:3; Лукайы 10:33, 34).