Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Дӕ бон у ссарын «Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ»

Дӕ бон у ссарын «Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ»

ЙЕГЪОВӔЙЫ фӕрцы нӕ бон у ссарын, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр хӕзна. Уыцы хӕзна нӕ хъӕздыгдӕр нӕ фӕкӕндзӕн, фӕлӕ уый руаджы нӕ къухы бафтдзысты, ӕнӕхъӕн дунейы ӕхцайӕ дӕр балхӕнӕн кӕй нӕй, уыцы хорздзинӕдтӕ – зӕрдӕйы фарн, удӕнцойдзинад ӕмӕ амондджын цард. Цы у уыцы хӕзна? Уый базондзыстӕм зондджын паддзах Соломоны ныхӕстӕй, фыст сты Ӕмбисӕндты 2:1–6 стихты.

Соломон уыцы хӕзна схуыдта «Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» – Библийы Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй цы рӕстдзинад фыст ис, уый (5 стих). Уыцы зонындзинӕдтӕм цы хауы?

Библийы цы ахсджиаг хабӕрттӕ фыст ис, уыдон. Библийӕ дзуапп базонӕн ис ахӕм фарстатӕн: зӕгъӕм, Хуыцауы ном куыд у? (Псалом 83:18). Адӕймаг куы амӕлы, уӕд ма искуы фӕцӕры? (Псалом 146:3, 4). Адӕймаг цӕмӕн цӕры? (Райдиан 1:26–28; Псалом 115:16). Куыд хъуыды кӕныс, ацы фарстатӕн дзуапп базонын ахсджиаг у?

Хорз уынаффӕтӕ. Библи нын амоны царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг. Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты? (Ефесӕгтӕм 5:28, 29, 33). Сывӕллӕтты куыд хъӕуы хъомыл кӕнын, цӕмӕй коммӕгӕс ӕмӕ ӕмбаргӕ уой (Дыккаг закъон 6:5–7; Ефесӕгтӕм 6:4). Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй цардӕй райгонд уай? (Матфейы 5:3; Лукайы 11:28). Ногӕй та ма ахъуыды кӕн: ацы фарстатӕн дзуапп базонын ахсджиаг у?

Хуыцаумӕ цавӕр миниуджытӕ ис? Хуыцауы тыххӕй сӕйраджыдӕр базонӕн ис Библийӕ. Хуыцауы фенӕн ис? (Иоанны 1:18; 4:24). Цымӕ ныл тыхсы? (1 Петры 5:6, 7). Цавӕр миниуджытӕ йӕм ис? (Рацыд 34:6, 7; 1 Иоанны 4:8). Куыд дӕм кӕсы, ацы фарстатӕн дзуапп зонын ахсджиаг у?

«Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» ӕцӕгдӕр схонӕн ис хӕзна. Уыцы хӕзна кӕм ӕмӕ куыд ссарӕн ис? Ацы фарстайӕн дзуапп базонӕн ис Ӕмбисӕндты 2:4 стихӕй. Ам Соломон уыцы зонындзинӕдтӕ бары «ӕмбӕхст хӕзнатимӕ». Ахъуыды-ма кӕнӕм: ӕмбӕхст хӕзна къӕхты бын нӕ вӕййы, афтӕ нӕу, ӕмӕ йӕм ӕргуыбыр кӕн ӕмӕ йӕ сис. Йе ссарыныл хъӕуы бафыдӕбон кӕнын. Афтӕ у хабар, Хуыцауы тыххӕй цы зонындзинӕдтӕ ис, уыдонимӕ дӕр. Ацы хӕзна ӕмбӕхст у Библийы. Ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарӕм, уый тыххӕй хъӕуы бафыдӕбон кӕнын.

Соломон бамбарын кодта, цы хъӕуы, цӕмӕй «Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» ссарӕм. Соломон афтӕ кӕй загъта, «мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай» ӕмӕ, «дӕ зӕрдӕ, арфуынӕг уай, уымӕ куы саразай», зӕгъгӕ, уымӕй бамбарын кодта, адӕймагӕн кӕй хъуамӕ уа коммӕгӕс зӕрдӕ (1 ӕмӕ 2 стихтӕ). Ныхӕстӕ «курай» ӕмӕ «агурай» та нысан кӕнынц, ӕнцад бадын кӕй нӕ хъӕуы, фӕлӕ зӕрдиагӕй архайын кӕй хъӕуы (3 ӕмӕ 4 стихтӕ). Уӕдӕ цӕмӕй уыцы хӕзна ссарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уый нӕ зӕрдӕмӕ арф исӕм (Лукайы 8:15).

Уыцы хӕзна ссарыныл зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд ӕй Йегъовӕйы ӕххуысӕй ссардзыстӕм. 6 стихмӕ гӕсгӕ «зонд дӕтты Йегъовӕ». Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы ӕххуысӕй нӕ бон у бамбарын, Библийы цы ахсджиаг хабӕрттӕ фыст ис, уыдон (Иоанны 6:44; Хъуыддӕгтӕ 16:14). Иу хъуыддагыл дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын: сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд ссардзынӕ «Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» – ӕнӕкӕрон амондӕй дӕ чи схайджын кӕндзӕн, уыцы хӕзна (Ӕмбисӕндтӕ 2:10–21) *.

Октябры Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Ӕмбисӕндтӕ 1–21

[Фиппаинаг]

^ 8 абз. Ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн фӕдзурынц Библийы тыххӕй ӕмӕ, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонимӕ йӕ ахуыр кӕнынц. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у, ӕмӕ сӕ искӕмӕн зӕгъай кӕнӕ, 4 фарсыл цы адристӕ ис, уыдонӕй искӕцыйыл ныффыссай.