Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ивы адӕймаджы цард

Библи ивы адӕймаджы цард

ӔХЦАЙЫЛ хъазын чи уарзта, уыцы къӕрных йӕ цард цӕмӕн фӕивта? Бакӕсӕм, цы зӕгъы, уый.

«Бӕхты дугътӕй фылдӕр ницы уарзтон» (РИЧАРД СТЮАРТ).

РАЙГУЫРД 1965 АЗЫ

ЦӔРЫ ЯМАЙКӔЙЫ

РАЗДӔР ӔХЦАЙЫЛ ХЪАЗЫД ӔМӔ УЫД КЪӔРНЫХ

Ӕз схъомыл дӕн Ямайкӕйы сӕйраг горӕт Кингстоны мӕгуыр районтӕй иуы, царди дзы тынг бирӕ адӕм. Бирӕтӕн дзы куыст кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ фыдракӕндтӕ сарӕх сты. Адӕм тынг тарстысты бандиттӕй. Алы бон дӕр хъуыстон ӕхстытӕ.

Мӕ мад тынг бирӕ фыдӕбон кодта, цӕмӕй ӕз, мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ӕмӕ мӕ хо мацы цух уыдаиккам. Йӕ бӕллиц уыд, цӕмӕй скъола фӕуыдаиккам. Фӕлӕ мӕ ахуыр кӕнын нӕ фӕндыд. Бӕхты дугътӕй фылдӕр кӕй ницы уарзтон, уый тыххӕй-иу уроктӕй уырдӕм алыгътӕн. Бӕхтыл дӕр-иу дугъы уадтӕн.

Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ царды бӕхты дугъты йеддӕмӕ ӕндӕр ницыуал ӕндӕвта, ӕмӕ-иу алы хатт дӕр уыцы хъӕзтыты ӕхца ӕрӕвӕрдтон. Бафтыдтӕн ӕнӕгъдау цардыл, уарзтон сылгоймӕгты. Дымдтон хъылма ӕмӕ-иу цӕмӕй мӕ дзыппы ӕхца уыдаид, уый тыххӕй давтон. Самал ма кодтон бирӕ хӕцӕнгарз дӕр, фӕлӕ Хуыцауӕй бузныг, адӕмы стигъгӕйӕ мӕ къухӕй кӕй ничи фӕмард, уый тыххӕй.

Ӕппынфӕстаг мӕ пъӕлицӕ ӕрцахста, ӕмӕ мӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Куы мӕ рауагътой, уӕд та фӕстӕмӕ мӕ раздӕры хъуыддӕгтыл бафтыдтӕн. Ӕмӕ ноджы фыддӕр фӕдӕн. Кӕд ӕнӕхин адӕймаджы каст кодтон, уӕддӕр уыдтӕн фыдзонд, мӕстыгӕр ӕмӕ ӕгъатыр. Мӕхицӕй дарддӕр мӕ ничи хъуыди.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Уыцы рӕстӕг мӕ мад Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. Мӕ мад хуыздӕрырдӕм кӕй ивта, уый уынгӕйӕ-иу хъуыдыты ацыдтӕн. Фӕндыди мӕ базонын, мӕ мад цӕй фӕрцы фӕивта, уый, ӕмӕ ӕз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библийыл ныхас кӕнын райдыдтон.

Ӕз базыдтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ахуырӕдтӕ иннӕ динты ахуырӕдтӕй кӕй хицӕн кӕнынц ӕмӕ цы дзурынц, уый Библийы фыст кӕй ис. Ӕрмӕстдӕр уыдоны уыдтон рагон чырыстӕттау Хуыцауы ныхас хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕ (Матфейы 28:19; Хъуыддӕгтӕ 20:20). Кӕрӕдзи куыд тынг уарзынц, уый куы федтон, уӕд бамбӕрстон, раст дин кӕй ссардтон (Иоанны 13:35).

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ бамбӕрстон, мӕ царды мӕ бирӕ цыдӕртӕ кӕй хъӕуы фӕивын. Базыдтон ма, Йегъовӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй йе сӕфт кӕй уыны ӕмӕ йын цӕмӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнон, уый тыххӕй кӕй хъуамӕ ныууадзон, мӕ буар мын цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уый (2 Коринфӕгтӕм 7:1; Дзуттӕгтӕм 13:4). Куы базыдтон, мӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ йе риссын кӕндзысты, йе та – рухс, уӕд мӕ цардыл лӕмбынӕг ахъуыды кодтон (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ӕмӕ мӕхицӕн загътон, хъылма кӕй нал дымдзынӕн, мӕ хӕцӕнгарз кӕй фесафдзынӕн ӕмӕ мӕ удыхъӕд кӕй фӕивдзынӕн. Фӕлӕ мын ӕппӕты зындӕр уыди ӕнӕгъдау цард ӕмӕ ӕхцайыл хъазын ныууадзын.

Фыццаг мӕ нӕ фӕндыди ме ’мбӕлттӕн хъӕр кӕнын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кӕнын, уый. Фӕлӕ мӕ хъуыды фӕивтон, Чырыстийы ныхӕстӕ Матфейы 10:33 куы бакастӕн, уӕд: «Адӕмы раз мӕнӕй афтӕ чи зӕгъа, ӕз ӕй нӕ зонын, зӕгъгӕ, уымӕй ӕз дӕр мӕ уӕларвон Фыды раз зӕгъдзынӕн, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ». Уыцы ныхӕстӕ мӕ сразӕнгард кодтой, цӕмӕй ме ’мбӕлттӕн радзырдтаин, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кӕнын. Мӕ ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ арвыцӕфау фесты. Нӕ сӕ бауырныдта, мӕ хуызӕн адӕймаг чырыстон фӕндагыл кӕй ӕрлӕудзӕн. Фӕлӕ сын загътон, кӕй мӕ фӕнды мӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ иууылдӕр ныу-уадзын.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Мӕ цард Библимӕ гӕсгӕ кӕй аразын, уый уынгӕйӕ мӕ мады цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Ныр нал маст кӕны, цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодтон, ууыл. Мах фӕныхас кӕнӕм, нӕ дыууӕйӕн дӕр ӕхсызгон цы у, ууыл – Йегъовӕйы уарзтыл. Иуӕй-иу хатт мӕ раздӕры цардыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд мӕ уырнгӕ дӕр нӕ фӕкӕны, Хуыцауы фӕрцы афтӕ тынг кӕй аивтон, уый. Ныууагътон ӕнӕгъдау цард ӕмӕ ӕхцайыл нал хъазын.

Библийы ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ айстаин, уӕд абон, ӕвӕццӕгӕн, нӕ уаин кӕнӕ ахӕстоны бадин. Ныр та цин кӕнын, амондджын кӕй дӕн, ууыл. Мӕ цардӕмбал ӕмӕ мӕ коммӕгӕс чызгимӕ Йегъовӕ Хуыцауӕн иумӕ кӕй лӕггад кӕнын, уый мын стыр циндзинад хӕссы. Ӕз бузныг дӕн Йегъовӕйӕ, йӕ адӕмы ’хсӕн кӕй дӕн, уый тыххӕй. Бузныг ма дӕн, мемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыдонӕй дӕр. Стӕй мӕхицӕн стыр кадыл нымайын, мӕ бон кӕй у адӕмӕн Библийы тыххӕй дзурын. Уӕлдай бузныг дӕн Йегъовӕ Хуыцауӕй, йе ’нувыд уарзтӕй мӕ кӕй батавта ӕмӕ мӕ йӕхимӕ кӕй ӕрбакодта, уый тыххӕй.

[Хицӕнгонд текст 11 фарсыл]

«Базыдтон, мӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ йе риссын кӕндзысты, йе та – рухс»

[Ныв 11 фарсыл]

Мӕ цардӕмбал ӕмӕ мӕ чызгимӕ

[Ныв 11 фарсыл]

Уыдтон, мӕ мад хуыздӕрырдӕм кӕй ивта, уый