Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон

Хуыцауы закъӕттӕ цы пайда сты?

Хуыцауы закъӕттӕ цы пайда сты?

Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц алыхуызон фарстатӕ. Чи зоны сыл ды дӕр хъуыды кодтай. Алы фарстамӕ дӕр дзы амынд ис, Библийы йын дзуапп дӕ бон кӕм у ссарын, уыцы бынат. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы фарстатыл демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты.

1. Хуыцаумӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?

Хуыцау нӕ кӕй сфӕлдыста, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ хъусӕм. Суанг ӕм Чырысти дӕр алы хатт дӕр хъуыста (Иоанны 6:38; Раргомад 4:11). Хуыцауӕн йӕ закъӕттӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йӕ уарзӕм. (Бакӕс 1 Иоанны 5:3.)

Йегъовӕ Хуыцауы закъӕттӕ иууылдӕр сты нӕ пайдайӕн. Куы сӕ ӕххӕст кӕнӕм, уӕд абон уыдзыстӕм амондджын, фидӕны та цӕрдзыстӕм ӕнустӕм. (Бакӕс Псалом 19:7, 11; Исай 48:17, 18.)

2. Хуыцауы закъӕттӕ не ’нӕниздзинадӕн цы пайда сты?

Хуыцауы закъон у фыднозты ныхмӕ, ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны уӕззау низтӕй ӕмӕ фыдбылызӕй. Адӕймаг нозтӕй бӕрц куы нӕ фӕзоны, уӕд ыл сахуыр вӕййы ӕмӕ ӕнӕзонд митӕ фӕкӕны (Ӕмбисӕндтӕ 23:20, 29, 30). Йегъовӕ нуазыны бар дӕтты, фӕлӕ ӕрмӕст бӕрцӕй. (Бакӕс Псалом 104:15; 1 Коринфӕгтӕм 6:10.)

Йегъовӕ ма нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ӕвзӕр зӕрдӕ макӕмӕ дарӕм, нӕ масты фӕдыл ма цӕуӕм ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ ныууадзӕм. Хуыцауы уынаффӕтӕ цас хуыздӕр ӕххӕст кӕнӕм, уыйас фидардӕр уыдзӕн не ’нӕниздзинад. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 14:30; 22:24, 25.)

3. Хуыцауы закъон нӕ куыд хъахъхъӕны?

Хуыцауы закъон у хӕтындзинады ныхмӕ (Дзуттӕгтӕм 13:4). Ацы закъонмӕ чи хъусы, уыцы лӕг ӕмӕ ус вӕййынц адджындӕр, сӕ сывӕллӕттӕ та – амондджындӕр. Хӕтгӕ чи кӕны, уыдоныл арӕх бахӕцы низтӕ, ахицӕн вӕййынц, сфыдзонд вӕййынц, сӕ бинонты зӕрдӕтӕ скъахынц ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты ныууадзынц. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 5:1–9.)

Цы нӕ фӕрӕдийын кӕндзӕн, уыдӕттӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд Хуыцауӕй нӕ адард уыдзыстӕм. Иннӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ нӕ риссын кӕндзыстӕм. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 4:3–6.)

4. Цардӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн?

Цард у Хуыцауы лӕвар, ӕмӕ йын чи аргъ кӕны, уымӕн вӕййы хорз ӕнӕниздзинад, уымӕн ӕмӕ йӕхи хизы тамакойӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм сафӕг хъуыддӕгтӕй (2 Коринфӕгтӕм 7:1). Хуыцау стыр аргъ кӕны, чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллоны цардӕн дӕр (Рацыд 21:22, 23). Уымӕ гӕсгӕ нын ахӕм сывӕллон амарыны бар нӕй. Хуыцауы лӕварӕн ма чи аргъ кӕны, уыдон сӕ куысты, хӕдзары ӕмӕ машинӕйы алцыдӕр афтӕ скӕнынц, цӕмӕй сыл мацы фыдбылыз ӕрцӕуа (Дыккаг закъон 22:8). Стӕй сӕ цардӕн тӕссаг цӕмӕй уа, ахӕм хъӕзтытӕй дӕр нӕ хъазынц. (Бакӕс Псалом 36:9.)

5. Туг табуйаг кӕй у, уый нын цы пайда у?

Туг у табуйаг, уымӕн ӕмӕ Хуыцау афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, туг у цард, ома уд (Райдиан 9:3, 4). Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ туг ӕмӕ цардӕн иу аргъ ис. Уыцы закъонмӕ гӕсгӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуынц. (Бакӕс Левит 17:11–13; Дзуттӕгтӕм 9:22.)

Нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд куыд цӕуынц? Хуыцау йӕ Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй нӕ йӕ тугӕй балхӕна. Чырысти ӕххӕст адӕймаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ туг уыд тынг зынаргъ. Ӕмӕ Хуыцауы размӕ Чырысти бахаста йӕ «туджы» аргъ (Дзуттӕгтӕм 9:12). Йӕ туг мах тыххӕй кӕй ныккалдта, уый фӕрцы нын байгом кодта фӕндаг ӕнусон цардмӕ. (Бакӕс Матфейы 26:28; Иоанны 3:16.)

Фылдӕр базонӕн ис ацы чиныджы, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 12 ӕмӕ 13 сӕрӕй. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.