Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Хуыцауы раз нӕ хӕс ӕххӕст кӕнӕм

Хуыцауы раз нӕ хӕс ӕххӕст кӕнӕм

МЫЙЙАГ искуы хъуыды кодтай: «Адӕймаг цӕмӕн цӕры?» Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй нӕ бон ӕрмӕст ацы фарста дӕттын ма уа, фӕлӕ ма нӕ цӕмӕй тынг фӕнда дзуапп базонын дӕр. Нӕ уарзӕгой Хуыцау ын дзуапп дӕтты йӕ Ныхасы, Библийы. Ӕркӕсӕм паддзах Соломоны ныхӕстӕм, фыст сты Екклесиасты 12:13.

Соломон царды бирӕ диссӕгтӕ федта. Уымӕ гӕсгӕ хорз бамбарын кодта, адӕймаг амондджын цӕй фӕрцы уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕн цӕры, уый. Соломон уыд стыр зонды хицау, ӕмбисонды хъӕздыг, паддзах, ӕмӕ, адӕймаг цы хъӕздыгдзинад ӕмӕ цы кадмӕ фӕтырны, уымӕн йӕ ад базыдта (Екклесиаст 2:4–9; 4:4). Ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы хатдзӕг скодта: «Уӕдӕ ӕппынфӕстаг цы ис зӕгъӕн? Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс». Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕппӕты стырдӕр арфӕдзинад цы у ӕмӕ адӕймаг хорзӕй цӕмӕ хъуамӕ тырна, уый.

«Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй». Хуыцауӕй тӕрсын кӕй хъӕуы, уый, чи зоны, кӕйдӕр зӕрдӕмӕ ма фӕцӕуа. Фӕлӕ уый ӕвзӕр цӕуылдӕр дзурӕг нӕу. Тӕрсын афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, цагъар йӕ карз хицауы смӕсты кӕнынӕй куыд фӕтӕрсы, Хуыцауӕй афтӕ кӕй хъуамӕ тӕрсӕм, фӕлӕ сывӕллон йӕ уарзӕгой фыды зӕрдӕ ссарыныл куыд фӕархайы, афтӕ. Иу чиныджы ӕмбарын кӕнынц, зӕгъгӕ, Хуыцауӕй тӕрсын у, ӕфсӕрмы дзы кӕнын ӕмӕ йын кад кӕнын, кӕй йӕ уарзыс ӕмӕ йын йӕ хъаруйӕн ӕмӕ йӕ хъомысӕн кӕй аргъ кӕныс, уый тыххӕй. Уый нӕ разӕнгард кӕны Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзӕм ӕмӕ зонӕм, уый дӕр нӕ кӕй уарзы. Уый ӕрмӕст ӕнкъарӕн нӕу, фӕлӕ ма бӕрӕг вӕййы хъуыддӕгтӕй дӕр. Куыд?

«Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн». Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Уый тыххӕй нӕ фӕнды Йегъовӕйы коммӕ кӕсын. Не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ зоны, царды нын ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый, аразӕг куыд фӕзоны, цы сарӕзта, уымӕй хуыздӕр куыд пайда кӕнын хъӕуы, уыйау. Стӕй Йегъовӕйы нӕ хорз фӕнды. Тынг ӕй фӕнды цӕмӕй амондджын уӕм ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ дӕр мах пайдайӕн радта (Исай 48:17). Апостол Иоанн уыцы хъуыды афтӕ бамбарын кодта: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 Иоанны 5:3). Йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уымӕй бӕрӕг у, кӕй йӕ уарзӕм. Хуыцауы фӕдзӕхстытӕй та бӕрӕг у, кӕй нӕ уарзы, уый.

«Уый у адӕймагӕн йӕ хӕс». Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Хуыцауӕй цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм, уый. Уый у нӕ хӕс. Йегъовӕ не Сфӕлдисӕг у, ӕмӕ нӕ цард уымӕй кӕнгӕ у (Псалом 36:9). Стӕй ма нӕ хӕс у йӕ коммӕ кӕсын дӕр. Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ куы цӕрӕм, уӕд нӕ хӕс ӕххӕст кӕндзыстӕм.

Уӕдӕ адӕймаг цӕмӕн цӕры? Цыбырдзырдӕй: адӕймаг цӕры, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕна. Ӕмӕ царды уымӕй хуыздӕр ницы ис. Хорз уаид Йегъовӕйы фӕндоны тыххӕй фылдӕр куы базонис ӕмӕ дӕ цард уымӕ гӕсгӕ куы аразис. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзысты.

Ноябры библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Ӕмбисӕндтӕ 22–31; Екклесиаст 1–12Соломоны зарӕг 1–8