Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, ууыл ныййарджыты сӕ сывӕллӕттимӕ дзурын хъӕуы?

Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, ууыл ныййарджыты сӕ сывӕллӕттимӕ дзурын хъӕуы?

▪ Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куыд фӕхъахъхъӕнынц, цӕмӕй сыл мацы низ бахӕца, афтӕ сӕ хъуамӕ хъахъхъӕной, цӕмӕй сын сӕ зондахастыл дӕр ӕвзӕрырдӕм мацы фӕзына. Уыцы хъуыддаджы сын баххуыс кӕндзӕн, лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы вӕййы, ууыл семӕ куы ныхас кӕной, уый (Ӕмбисӕндтӕ 5:3–23). Уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ арӕхӕй-арӕхдӕр ӕвдисынц телевизоры, фенӕн сӕ ис Интернеты, стӕй ахӕм хабӕртты тыххӕй бакӕсӕн ис чингуыты ӕмӕ алыхуызон журналты.

Профессор Дайан Левин куыд загъта, афтӕмӕй, бӕллӕх уый мидӕг нӕй, ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕ уыцы хабӕртты тыххӕй базондзысты, бӕллӕх уый мидӕг ис, ӕмӕ цы базондзысты, уыдӕтты тыххӕй цы карӕнӕй ӕмӕ кӕмӕй базондзысты. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй сывӕллӕттӕ арӕх ныййарджытӕй нӕ базонынц, фӕлӕ ӕндӕр кӕмӕйдӕр, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ацы хъуыддагмӕ сывӕллӕттӕ раст цӕстӕй нӕ фӕкӕсынц.

Ацы дунейы ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдау кадджын кӕй нал сты, уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ цоты ӕнӕгъдау зондахастӕй хъахъхъӕной (Ӕмбисӕндтӕ 5:1; Ефесӕгтӕм 6:4). Сывӕллон хъуамӕ зона, буары уӕнгтӕй кӕцы цӕмӕн у, уый, стӕй адӕймаг йӕхимӕ куыд хъуамӕ зила ӕмӕ йӕхи ӕнӕгъдау адӕмӕй куыд хъахъхъӕна. Зӕгъӕм, чызгӕн рагацау хъӕуы радзурын, йӕ организм куыд ивдзӕн ӕмӕ сылгоймагӕн менструаци куыд ӕмӕ цӕмӕн вӕййы, уый тыххӕй. Лӕппуйӕн та бамбарын кӕнын хъӕуы, гыццыл куы фестырдӕр уа, уӕд-иу ӕхсӕвыгон йӕ мыггаг кӕй ракӕлдзӕн. Сывӕллон нырма гыццыл куы вӕййы, уӕд ын хъуамӕ ныййарджытӕ зӕгъой, буары ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕ куыд хуыйнынц, уый. Йӕ сывӕллоны хорздзинад кӕй фӕнды, ахӕм ныййарджытӕ сӕ хъӕбулӕн бамбарын кӕндзысты ӕртӕ сӕйраг хъуыддаджы буары уӕнгты тыххӕй: 1) уыцы уӕнгтӕ сты бӕлвырд хъуыддагӕн; 2) уыцы уӕнгты тыххӕй ӕнӕгъдау хуызы дзурӕн нӕй; 3) иннӕтӕ сӕм хъуамӕ ма ’вналой ӕмӕ ма кӕсой. Ныййарджыты ма хъӕуы ахъуыды кӕнын, сывӕллӕттӕн кӕд ис радзурӕн, мады гуыбыны сывӕллон куыд сӕвзӕры, уый тыххӕй *.

Цымӕ ныййарджытӕ сӕ цотимӕ уыцы хабӕрттыл ныхас кӕнын кӕд хъуамӕ райдайой? Бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, мӕ сывӕллон нырма ӕгӕр гыццыл у, цӕмӕй йемӕ уыдӕттыл ныхас кӕнон. Фӕлӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, чызгӕн хатт менструаци кӕй райдайы 10 аздзыдӕй кӕнӕ та раздӕр. Лӕппуйӕн та ӕхсӕвы йӕ мыггаг фыццаг хатт, чи зоны, суанг 11 кӕнӕ 12 аздзыдӕй дӕр ракӕла. Сывӕллон ӕй куы не ’мбара йӕ организм ивгӕ кӕй кӕны, уӕд, чи зоны, тӕрсгӕ дӕр фӕкӕна. Ныййарӕг сывӕллонӕн хъуамӕ рагацау бамбарын кӕна, уым диссагӕй кӕй ницы ис. Уымӕй уӕлдай сын хъӕуы ӕмбарын кӕнын, Библийы уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ цӕрын куыд ахсджиаг у, уый, уымӕн ӕмӕ сын уый сӕхи йеддӕмӕ ничи бацамондзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 6:27–35).

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Ацы фарстатыл сывӕллонимӕ аныхас кӕнынӕн ныййарджытӕн баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд литературӕ: 2006 азы майы «Пробудитесь!», статья «Подготовьте свою дочь к первой менструации», 10–13 фӕрстӕ; чиныг «Вопросы молодежи», 2 том, 6 сӕр, «Что со мной происходит?»; 2010 азы 1 ноябры «Сторожевая башня», статья «Секреты семейного счастья. Давайте детям правильное представление о сексе», 12–14 фӕрстӕ.