Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Дӕхи зондӕй ныфсджын ма у»

«Дӕхи зондӕй ныфсджын ма у»

«Дӕхи зондӕй ныфсджын ма у»

«Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у» (ӔМБ. 3:5).

1, 2. а) Хатт цавӕр уавӕрты бахауӕм? ӕ) Зын уавӕры куы бахауӕм, уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа кӕнӕ нын исты хъуыддаг фӕлварӕн куы уа, уӕд нӕ зӕрдӕ кӕуыл хъуамӕ дарӕм ӕмӕ цӕмӕн?

СИНТИЙӔ * кӕм кусы, уыцы фирмӕйы хицау кусджытӕй кӕйдӕрты куыстӕй рарвыста. Ӕмӕ Синтийӕ тӕрсы, уый дӕр куы рарвита, уымӕй. Фӕлӕ йын куыст куы нал уа, уӕд куыд кӕндзӕн? Йӕ фидинӕгтӕ цӕмӕй фиддзӕн? Иу чырыстон хойы, Памелӕ, зӕгъгӕ, фӕнды, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ ацӕуын. Ӕмӕ куыд бакӕна? Сэмюэл та ӕндӕр зындзинадыл сӕмбӕлд. Бынтон ӕрыгон ма куы уыд, уӕд порнографимӕ кӕсыныл фӕцахуыр. Ныр ыл цӕуы 20 азӕй фылдӕр, ӕмӕ та йыл фӕстӕмӕ ахӕм хъуыдытӕ тых кӕнын райдыдтой, порнографимӕ бакӕсон, зӕгъгӕ. Уыцы тохы йын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма фӕрӕдийа?

2 Зын уавӕры куы бахауыс, исты ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын дӕ куы фӕхъӕуы кӕнӕ дын исты хъуыддаг фӕлварӕн куы вӕййы, ома фӕрӕдийай, уымӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕд дӕ зӕрдӕ кӕуыл фӕдарыс? Ӕрмӕст дӕхицӕй вӕййыс ныфсджын ӕви «дӕ уаргъ Йегъовӕйыл» сӕвӕрыс? (Пс. 55:22). Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ дзыназынмӕ» (Пс. 34:15). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ нӕхи зондӕй ныфсджын ма уӕм! (Ӕмб. 3:5).

3. а) Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? ӕ) Иуӕй-иутӕ сӕхи зондӕй ныфсджын цӕмӕн вӕййынц?

3 Йегъовӕйы цы фӕнды, уый куы аразӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, нӕ зӕрдӕ йыл ӕгасӕй дӕр кӕй дарӕм. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ йӕм ӕппынӕдзух кувӕм ӕмӕ дзы йӕ разамынд зӕрдиагӕй курӕм. Фӕлӕ бирӕтӕн ӕнцон нӕу сӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын. Иу хо, Линн, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕйыл мӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарон, уый мын ӕнцон нӕу, ууыл хъуамӕ ӕдзух ахуыр кӕнон». Цымӕ цӕмӕн? Линн зӕгъы: «Фыды ад нӕ зонын, стӕй мӕ мадӕй дӕр ницы рӕвдыд ӕмӕ ӕххуыс федтон. Ӕмӕ йӕ тынг тагъд бамбӕрстон, мӕхӕдӕг мӕхи кӕй хъуамӕ дарон». Уый тыххӕй Линнӕн зын уыди йӕ зӕрдӕ искӕуыл дарын. Адӕймаг ма йӕхицӕй ныфсджын вӕййы, курдиатджын кӕнӕ царды ӕнтыстджын куы вӕййы, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг йӕ фӕлтӕрддзинадӕй ныфсджын куы уа, уӕд афтӕ дӕр рауайдзӕн, ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгтӕ араздзӕн йӕхи зондӕй, фыццаг уал-иу Хуыцаумӕ кӕй хъуамӕ скува, уый та-иу дзы ферох уыдзӕн.

4. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

4 Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы фӕкурӕм, уӕд ӕй фӕфӕнды, цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ нын куыд дзуры, афтӕ кӕнӕм. Уӕдӕ цавӕрдӕр зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд ӕй куыд ис базонӕн, Йегъовӕйы бар цы хъуамӕ бакӕнӕм ӕмӕ нӕхӕдӕг та цы хъуамӕ аразӕм? Уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд нӕ нӕхи цӕмӕй хъӕуы хизын? Исты хъуыддаг нын фӕлварӕн куы уа, уӕд нӕ Йегъовӕмӕ кувын цӕмӕн хъӕуы? Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ цалдӕр хабармӕ ӕмӕ афтӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм.

Зын уавӕры куы бахауӕм

5, 6. Езеки куыд бакодта, Ассирийы паддзах йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд?

5 Иудӕйы паддзах Езекийы тыххӕй Библийы фыст ис: «Уый Йегъовӕйыл ӕнувыд уыд, алкӕддӕр йӕ коммӕ каст ӕмӕ, Йегъовӕ Моисейы уылты цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдон ӕххӕст кодта». О, Езеки «йӕ ныфс дардта Израилы Хуыцау Йегъовӕйыл» (2 Пад. 18:5, 6). Иухатт Ассирийы паддзах Сеннахирим йӕ хъомысджын ӕфсадимӕ бацахста Иудӕйы фидаргонд горӕттӕ ӕмӕ стӕй йӕ ных сарӕзта Иерусалиммӕ. Гъемӕ рабсакимӕ ӕмӕ ма дыууӕ лӕгимӕ йе ’фсад Иерусалиммӕ арвыста. Езеки уыцы уавӕры куыд бакодта? Йегъовӕйы хӕдзармӕ ацыд ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, курӕг [дӕ] стӕм, фервӕзын нӕ кӕн йӕ къухӕй, цӕмӕй зӕххыл ӕппӕт паддзахӕдтӕ дӕр зоной, ды кӕй дӕ иунӕг Хуыцау, о Йегъовӕ» (2 Пад. 19:14–19).

6 Езеки йӕхӕдӕг дӕр ӕнцад нӕ бадт. Кувӕндонмӕ куы нӕма ацыд, уӕд йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй рабсакы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн мацы дзуапп радтаиккой. Уымӕй уӕлдай ма йӕ адӕмы арвыста пехуымпар Исаймӕ, куыд бакӕнӕм, уымӕй йӕ бафӕрсут, зӕгъгӕ (2 Пад. 18:36; 19:1, 2). Уыцы зын уавӕры Езеки арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, ӕрмӕстдӕр уый. Йегъовӕйы фӕндоны ныхмӕ чи уыдаид, ахӕм хъуыддаг нӕ бакодта, зӕгъӕм, Египетӕй кӕнӕ ӕндӕр адӕмтӕй ӕххуыс нӕ бацагуырдта. Езеки йӕхи зондӕй ныфсджын нӕ уыд – уый йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл. Ӕмӕ Йегъовӕйы зӕд Сеннахиримы ӕфсадӕй 185 000 лӕджы куы ныццагъта, уӕд Сеннахирим «фӕстӕмӕ Ниневимӕ аздӕхт» (2 Пад. 19:35, 36).

7. Аннӕ ӕмӕ Ионӕ Йегъовӕмӕ кӕй куывтой, уый нын стыр ныфсы хос цӕмӕн у?

7 Левит Елхъаны ус Аннӕйӕн зӕнӕг нӕ цыд, ӕмӕ ууыл тынг маст кодта. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардта ӕмӕ йӕм куывта (1 Сам. 1:9–11, 18). Стыр кӕсаг пехуымпар Ионӕйы куы аныхъуырдта, уӕд Ионӕ Йегъовӕмӕ скуывта: «Мӕ тыхсты сахат Йегъовӕмӕ скуывтон, ӕмӕ мын дзуапп радта. Ингӕны арфӕй дӕм ӕххуысмӕ сдзынӕзтон, ӕмӕ мӕ ды фехъуыстай». Ӕмӕ Йегъовӕ Ионӕйы фервӕзын кодта (Ионӕ 2:1, 2, 10). Цыфӕнды зын уавӕры дӕр нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ дзы йӕ «хорзӕх... курын» кӕй у, уый нын цӕй стыр ныфсы хос у! (Бакӕс Псалом 55:1, 16.)

8, 9. Езеки, Аннӕ ӕмӕ Ионӕ Йегъовӕмӕ цӕй тыххӕй куывтой? Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

8 Езеки, Аннӕ ӕмӕ Ионӕйы цӕвиттонтӕй ма ис ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаг базонӕн. Тынг тыхст уавӕры куы уӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд нӕ иу хъуыддаг рох кӕнын нӕ хъӕуы. Кӕд ацы ӕртӕ адӕймаджы тынг уынгӕджы уавӕры уыдысты, уӕддӕр сӕ куывдтытӕй бӕрӕг у, ӕрмӕст сӕхиуыл ӕмӕ, сӕ зындзинӕдтӕй куыд фервӕзой, ууыл кӕй нӕ мӕт кодтой. Ӕппӕты сӕйраг сын уыд Хуыцауы ном кадджын кӕнын, лӕггад ын кӕнын ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. Езекийӕн тынг зын уыд, Йегъовӕйы номыл цъыф кӕй калдтой, уый. Аннӕ афтӕ тынг кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы фыртӕй Хуыцауӕн загъта, кӕй йын ӕй ратдзӕн, цӕмӕй йын Силомы цатыры лӕггад кӕна. Ионӕ та загъта: «Цӕй тыххӕй расомы кодтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн» (Ионӕ 2:9).

9 Йегъовӕмӕ куы кувӕм, цӕмӕй нӕ нӕ зындзинадӕй фервӕзын кӕна, уӕд хорз уаид ахъуыды кӕнын, афтӕ йӕм цӕмӕн кувӕм, ууыл. Нӕ зындзинадӕй куыд фервӕзӕм, ӕрмӕст уый у нӕ мӕт? Ӕви нӕ зӕрдыл дарӕм Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ йӕ фӕнд дӕр? Истӕуыл тынг куы фӕтыхсӕм, уӕд нӕ хатгай ӕндӕр ницыуал фендавы. Ӕмӕ уӕд тӕссаг вӕййы, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ нӕ куы айрох уой, уымӕй. Уӕдӕ-иу Хуыцауӕй ӕххуыс куы курӕм, уӕд-иу хъуамӕ ӕнӕмӕнг кувӕм, йӕ ном куыд срухс уа ӕмӕ, Дун-дунейы хицау кӕй у, уый куыд сбӕлвырд уа, уый тыххӕй дӕр. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсдзыстӕм. Ӕмӕ, мах куыд фӕндыд, хъуыддаг афтӕ куы нӕ рауайа, уӕд дӕр нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн. Чи зоны, Йегъовӕйы дзуапп ахӕм уыдзӕн, ӕмӕ нын нӕ зындзинад нӕ разӕй нӕ айсдзӕн, фӕлӕ нын дӕтдзӕн хъарутӕ йе сфӕразынӕн. (Бакӕс Исайы 40:29; Филиппӕгтӕм 4:13.)

Уынаффӕ куы хӕссӕм

10, 11. Иосафаты ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын куы хъуыд, уӕд куыд бакодта?

10 Исты ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын дӕ куы фӕхъӕуы, уӕд куыд бакӕныс? Фыццаг уал дӕхӕдӕг рахӕссыс уынаффӕ ӕмӕ Йегъовӕмӕ та уый фӕстӕ скувыс, цӕмӕй дын дӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кӕна? Ӕркӕсӕм-ма, Иудӕйы паддзах Иосафат куыд бакодта, моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд. Иудӕйы адӕмӕн сӕ ныхмӕ фӕлӕууын сӕ бон нӕ бауыдаид. Цымӕ уӕд Иосафат цы сарӕзта?

11 Библийы фыст ис: «Иосафат уый куы фехъуыста, уӕд дзы тас бацыд ӕмӕ йӕхицӕн загъта, Йегъовӕйы бацагурон, зӕгъгӕ». Иудӕйы адӕмӕн фехъусын кодта, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ком дардтаиккой, ӕмӕ адӕмы ӕрӕмбырд кодта «Йегъовӕйы бафӕрсынмӕ». Уый фӕстӕ слӕууыд Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы адӕмы раз ӕмӕ скуывта: «О нӕ Хуыцау, дӕ фыдӕх сыл нӕ ныккалдзынӕ? Махмӕ нӕй уыцы тых, цӕмӕй нӕм цы дуне адӕм ӕрбабырсы, уыдоны ныхмӕ фӕлӕууӕм. Мах нӕ зонӕм, цы кӕнӕм, уый, фӕлӕ нӕ каст дӕумӕ у». Ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ фехъуыста Иосафаты куывд ӕмӕ сӕ диссаджы хуызы фервӕзын кодта (2 Аз. 20:3–12, 17). Уӕдӕ нӕ уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕлдайдӕр та, Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, ууыл чи фӕзындзӕн, ахӕм, уӕд хъуамӕ нӕхи зондӕй ныфсджын ма уӕм, фӕлӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм.

12, 13. Паддзах Давид уынаффӕ куыд хаста, уымӕй нын фӕзминаг куыд у?

12 Цавӕрдӕр хъуыддаг нӕм ӕнцондӕр аскъуыддзаг кӕнӕн куы кӕса, уӕд та куыд? Чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, мӕ бон у уынаффӕ уайтагъд рахӕссын, уымӕн ӕмӕ ахӕм уавӕры фыццаг хатт нӕ дӕн. Цы хъӕуы саразын, уый бамбарынӕн нын баххуыс кӕндзӕн паддзах Давиды хабар. Амаликӕгтӕ горӕт Секелагмӕ куы бабырстой, уӕд уацары акодтой Давидӕн йӕ устыты ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты, стӕй йӕ адӕмы устыты ӕмӕ сывӕллӕтты дӕр. Ӕмӕ уӕд Давид Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ йӕ бафарста: «Уыцы абырджыты фӕстейӕ асурон?» Йегъовӕ йын дзуапп радта: «Асур сӕ. Ӕнӕмӕнг сӕ баййафдзынӕ ӕмӕ, кӕй акодтой, уыдоны се ’ппӕты дӕр фервӕзын кӕндзынӕ». Давид дӕр афтӕ бакодта, ӕмӕ «фервӕзын кодта, амаликӕгтӕ кӕй акодтой, уыдоны се ’ппӕты дӕр» (1 Сам. 30:7–9, 18–20).

13 Уыцы хабарӕй иуцасдӕры фӕстӕ Израилы ныхмӕ рацыдысты филистимӕгтӕ. Давид та ногӕй Йегъовӕйы бафарста, ӕмӕ йын уый бӕлвырд дзуапп радта: «Ацу, ӕнӕмӕнг дын сӕ ратдзынӕн дӕ къухмӕ» (2 Сам. 5:18, 19). Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ та филистимӕгтӕ ногӕй рацыдысты Давиды ныхмӕ. Цымӕ ацы хатт та Давид куыд бакодта? Йӕ бон уыд афтӕ ахъуыды кӕнын: «Уый размӕ дыууӕ хатты уыдтӕн ахӕм уавӕры. Цӕй ӕмӕ та, уӕд куыд бакодтон, афтӕ ныр дӕр Хуыцауы знӕгты ныхмӕ рацӕуон». Фӕлӕ Давид йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл нӕ дардта, ӕмӕ та ногӕй Йегъовӕмӕ скуывта. Ӕмӕ куыд цин кодтаид, афтӕ кӕй бакодта, ууыл! Ацы хатт ын Йегъовӕ ӕндӕр уынаффӕ радта (2 Сам. 5:22, 23). Уӕдӕ афтӕ куы рауайа, ӕмӕ цавӕрдӕр зын уавӕры фыццаг хатт не стӕм, уӕд нӕ уый ма фӕсайӕд ӕмӕ-иу нӕхи зондӕй ныфсджын ма уӕм. (Бакӕс Йеремийы 10:23.)

14. Йесо Навины ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгты хабар нын зондзонӕн куыд у?

14 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕй дӕр – суанг фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгты дӕр – хъӕуы архайын, цӕмӕй нӕ уынаффӕ рахӕссыны размӕ ма рох кӕна Йегъовӕйӕ разамынд курын. Ӕркӕсӕм, Йесо Навиныл ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Зондджын гаваойнӕгтӕ сӕ уӕлӕ бызгъуыртӕ уӕлӕдарӕс скодтой ӕмӕ загътой, дард бӕстӕйӕ, дам, ӕрцыдыстӕм. Йесо Навин ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ та Йегъовӕйы нӕ бафарстой, куыд бакӕнӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй гаваойнӕгтимӕ бафидыдтой ӕмӕ семӕ бадзырд скодтой. Кӕд Йегъовӕ уыцы бадзырды ныхмӕ нӕ уыд, уӕддӕр ацы хабар Библийы ныффыссын кодта, цӕмӕй нын зондзонӕн уа ӕмӕ нӕ макуы рох кӕна Йегъовӕйӕ разамынд курын (Йес. Н. 9:3–6, 14, 15).

Исты хъуыддаг нын фӕлварӕн куы уа

15. Цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй кувын ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъӕуы?

15 Не уӕнгты «тӕригъӕды закъон» кӕй цӕры, уымӕ гӕсгӕ нӕ ӕдзух хъӕуы нӕ тӕригъӕдджын буары монцтимӕ ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнын (Ром. 7:21–25). Фӕлӕ нӕ бон у, ӕмӕ уыцы тохы фӕуӕлахиз уӕм. Куыдӕй? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, зӕгъгӕ, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы кувын. (Бакӕс Лукайы 22:40.) Афтӕ куы рауайа, ӕмӕ кувӕм, кувӕм, фӕлӕ уӕддӕр нӕ зӕрдӕ ӕвзӕр цӕуылдӕрты дзуры ӕмӕ нӕ зонды ӕвзӕр хъуыдытӕ баззадысты, уӕддӕр хъуамӕ Хуыцауӕй зонд курӕм, цӕмӕй уыцы тохы фӕуӕлахиз уӕм. Библи нын зӕгъы, зӕгъгӕ, «уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй» (Иак. 1:5). Иаков ма ныффыста, буары монцтимӕ чи тох кӕны, уыцы адӕймагӕн ма ноджыдӕр цы баххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй: «Исчи уӕ рынчын у? Уӕд фӕдзурӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, ӕмӕ йын уыдон скувӕнт ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы номӕй сойӕ байсӕрдӕнт. Ӕмӕ уырнындзинадӕй райгуыргӕ куывды фӕрцы рынчын сдзӕбӕх уыдзӕн» (Иак. 5:14, 15).

16, 17. Тӕригъӕдджын буары монцтимӕ куы фӕтох кӕнӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕххуысы тыххӕй кувын ӕппӕты хуыздӕр кӕд вӕййы?

16 Фӕлварӕны фидар фӕлӕууынӕн кувын ӕнӕмӕнг хъӕуы, фӕлӕ йӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, скувын афоныл кӕй фӕхъӕуы. Ӕркӕсӕм, Ӕмбисӕндты 7:6–23 стихты цы ӕрыгон лӕппуйы кой цӕуы, уый хабармӕ. Уыцы лӕппу изӕрдалынгты фӕцӕйцыд, хӕтаг сылгоймаг кӕм цард, уыцы уынджы. Сылгоймаг ӕй рӕсугъд ӕмӕ адджын ныхӕстӕй фӕсайдта, ӕмӕ лӕппу дӕр йӕ фӕдыл араст, гал ӕргӕвдынмӕ куыд фӕцӕйкӕнынц, раст афтӕ. Фӕлӕ уыцы ӕрыгон лӕппу уыцы уынгмӕ цӕмӕн ацыд? Уымӕн ӕмӕ уыд «ӕнӕзонд», ома ӕвӕлтӕрд, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, тох кодта тӕригъӕдджын буары монцтимӕ (Ӕмб. 7:7). Ӕппӕты тынгдӕр ӕй кӕд хъуыди Хуыцаумӕ скувын, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы сылгоймаг йемӕ куы ныхас кодта, уӕд кӕдфӕнды дӕр куы скуывтаид, уӕддӕр йӕхи фыдбылызӕй бахызтаид. Фӕлӕ ӕппӕты хуыздӕр уыдаид, уыцы уынджы ацӕуыны фӕнд ӕм куыддӕр фӕзынд, афтӕ куы скуывтаид.

17 Нӕ рӕстӕджы дӕр афтӕ вӕййы, ӕмӕ чидӕр тынг архайы, цӕмӕй порнографимӕ ма бакӕса. Фӕлӕ Интернеты, хӕлд нывтӕ ӕмӕ кинотӕ кӕм вӕййы, уыцы сайттӕм куы бацӕуид, уӕд уый дӕр, Ӕмбисӕндты 7 сӕры цы лӕппуйы кой ис, уый хуызӕн нӕ уаид? Куыд тынг тӕссаг фӕндагыл ацӕуид уӕд! Цӕмӕй адӕймагыл ӕвзӕр хъуыдытӕ ма фӕтых уой ӕмӕ порнографимӕ ма бакӕса, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕмӕ кува ӕмӕ дзы ӕххуыс кура, цалынмӕ Интернеты уыцы «фӕндагыл» нӕ ацыд, уӕдмӕ.

18, 19. а) Исты нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд уый ныхмӕ фӕлӕууын ӕнцон цӕуылнӕ у, фӕлӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн? ӕ) Дӕуӕн дӕ фӕнд цы у?

18 Исты нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд уый ныхмӕ фӕлӕууын кӕнӕ цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын ӕнцон нӕу. Апостол Павел ныффыста: «Сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, уый тӕригъӕдджын буары нӕ фӕнды, тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, уый та сыгъдӕг тыхы нӕ фӕнды». Уымӕ гӕсгӕ, «цы [нӕ] фӕфӕнды, уый нӕ [саразӕм]» (Гал. 5:17). Цӕмӕй уыцы тохы фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй кувӕм, ӕвзӕр хъуыдытӕ-иу нӕм куыддӕр фӕзына, афтӕ. Ӕмӕ-иу стӕй хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм ӕмгӕрон дӕр ма цӕуӕм. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «сымах цы фӕлварӕнты бахаут, уыдоны иннӕ адӕм дӕр бахауынц». Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайӕм (1 Кор. 10:13).

19 Нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын кӕй у, уый нын у диссаджы лӕвар. Ӕмӕ нын у стыр ӕххуыс, зын уавӕры куы бахауӕм, ахсджиаг уынаффӕ нӕ рахӕссын куы хъӕуа кӕнӕ нын исты хъуыддаг фӕлварӕн куы уа, уӕд. Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд афтӕмӕй ӕвдисӕм, нӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарӕм. Уымӕй уӕлдай ма дзы хъуамӕ йӕ сыгъдӕг тых дӕр курӕм, уымӕн ӕмӕ нын сыгъдӕг тых амоны, куыд бакӕнӕм, уый, ӕмӕ нын дӕтты хъарутӕ (Лук. 11:9–13). Цӕй уӕдӕ нӕ зӕрдӕ алкӕддӕр Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ нӕхи зондӕй ныфсджын ма уӕм!

[Фиппаинаг]

^ 1 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

Бахъуыды кодтай?

• Езеки, Аннӕ ӕмӕ Ионӕ Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ цы уавӕрты дардтой, уымӕй цы базыдтай?

• Уынаффӕ хӕсгӕйӕ нӕ нӕхи цӕмӕй хъӕуы хизын, уый Давиды ӕмӕ Йесо Навины хабӕрттӕй куыд зыны?

• Исты нын фӕлварӕн куы уа, уӕд кувын ӕппӕты тынгдӕр кӕд хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Исты нын фӕлварӕн куы уа, уӕд кувын ӕппӕты хуыздӕр кӕд уыдзӕн?