Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Альфонсо де Самора – Библи ӕмӕ Хуыцауы ном

Альфонсо де Самора – Библи ӕмӕ Хуыцауы ном

ИСПАНИЙЫ паддзах Фердинанд ӕмӕ йӕ бинойнаг, ус-паддзах Изабеллӕ, 1492 азы рауагътой ахӕм закъон: «Дзуттӕгтӕ иууылдӕр – нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй... ацы аз июлы кӕронмӕ хъуамӕ ацӕуой нӕ паддзахӕдтӕй ӕмӕ нӕ дӕлбар зӕххытӕй сӕ фырттимӕ ӕмӕ сӕ чызджытимӕ, сӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сӕ сылгоймаг лӕггадгӕнджытимӕ, сӕ хӕстӕджытимӕ, номдзыдтимӕ ӕмӕ хуымӕтӕгтимӕ, ацӕргӕтимӕ ӕмӕ ӕрыгӕттимӕ, ӕмӕ сӕ къах фӕстӕмӕ дӕр куыд никуыуал ӕрбавӕрой».

Ацы закъон бӕстӕйы куы фехъусын кодтой, уӕд алы дзуттаг бинонты дӕр хъуыд равзарын: кӕнӕ хъуамӕ сӕ хӕдзӕрттӕ ныууагътаиккой, кӕнӕ та хъуамӕ сӕ диныл сӕ къух систаиккой. Дзуттаг дины разамонджытӕй иу, Хуан де Самора, рахаста ахӕм уынаффӕ, хуыздӕр кӕй уыдзӕн католикон дин райсын ӕмӕ, йӕ фыдӕлтӕ рагӕй фӕстӕмӕ кӕм цардысты, уыцы бӕстӕйы баззайын. Хуан дзуттаг кӕй уыд, уый тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, йӕ фырт Альфонсойы арвыста, горӕт Саморайы цы зындгонд скъола уыд, уырдӕм дзуттаг ӕвзаг ахуыр кӕнынмӕ. Фӕстӕдӕр Альфонсо сахуыр кодта латинаг, грекъаг ӕмӕ арамейаг ӕвзӕгтӕ. Ахуыр куы фӕци, уӕд кусын райдыдта дзуттаг ӕвзаджы ахуыргӕнӕгӕй Саламанкӕйы университеты. Уыцы ӕвзӕгтӕ хорз кӕй раиртӕста, уый стыр пайда фӕци библииртасджытӕн ӕнӕхъӕн Европӕйы дӕр.

1512 азы Альфонсо де Саморайы фӕхуыдтой дзуттаг ӕвзаджы кафедрӕйы сӕргълӕууӕгӕй, горӕт Алькала-де-Энаресы цы ног университет фӕзынд, уырдӕм. Альфонсо де Самора нымад уыд йӕ рӕстӕджы зындгонддӕр ахуыргӕндтӕй иуыл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ университеты бындурӕвӕрӕг кардинал Хименес де Сиснерос, Комплютенаг полиглоттӕйыл (Библийы текст цалдӕр ӕвзагыл) чи куыста, уыдоны куы ранымадта, уӕд скодта Саморайы кой дӕр. Уыцы ахсджиаг чиныджы – 6 томӕй конд Библийы – уыд Сыгъдӕг Фыстады текст дзуттаг, грекъаг ӕмӕ латинаг ӕвзӕгтыл, кӕцыдӕр хӕйттӕ та арамейаг ӕвзагыл *.

Уыцы Библийы тыххӕй библииртасӕг Мариано Ревилья Рико загъта: «Кардиналы [Сиснеросы] разамындӕй цы куыст райдыдта, уым архайдта, католикон дин чи райста, ӕртӕ ахӕм дзуттаджы. Уыдонӕй ӕппӕты зындгонддӕр уыд Альфонсо де Самора – уыд философ, хорз зыдта Талмуд, ӕвзаджы ӕгъдӕуттӕ, стӕй латинаг, грекъаг, дзуттаг ӕмӕ арамейаг ӕвзӕгтӕ». Самора ’рцыд ахӕм хъуыдымӕ: Библи цы ’взӕгтыл фыст ӕрцыд, уыдон хорз куы нӕ зонай, уӕд ӕй раст ратӕлмац кӕнӕн нӕй. Самора бирӕ сӕрӕзта, цӕмӕй та 16 ӕнусы райдианы ахуыргӕндтӕ ногӕй Библи иртасын райдыдтаиккой.

Фӕлӕ Испанийы Саморайы рӕстӕджы Библи иртасын тӕссаг уыд, уымӕн ӕмӕ уӕд испайнаг инквизицийӕн йӕ бартӕ ӕгӕрон уыдысты, католикон дины разамонджытӕ та Библийы тӕлмацтӕй растыл нымадтой ӕрмӕстдӕр латинаг Вульгатӕ. Фӕлӕ астӕуккаг ӕнусты (5–15 ӕнустӕ), Хуыцауы Ныхас чи иртӕста, уыцы ахуыргӕндтӕ бафиппайдтой, «Вульгатӕ» бынтон раст тӕлмац кӕй нӕ уыд, уый. Альфонсо де Самора, стӕй ма 16 ӕнусы райдианы чи цард, уыцы ахуыргӕндтӕ сфӕнд кодтой уыцы хъуыддагмӕ ӕркӕсын.

Библийы тӕлмац ӕмӕ адӕмы ирвӕзындзинад

Саморайы къухы цы хъуыддӕгтӕ бафтыд, уыдонӕй ӕппӕты стырдӕр уыд, Рагон Фӕдзӕхст кӕй хонынц, Библийы уыцы хай дзуттаг ӕмӕ латинаг ӕвзагыл кӕй рауагъта, уый. Ӕвӕццӕгӕн ӕй уыцы тексттӕй спайда кӕнын фӕндыд Комплютенаг полиглоттӕйыл кусгӕйӕ. Йӕ къухфыстытӕй иу (G-I-4) ис Мадридмӕ хӕстӕг горӕт Эль-Эскориалы библиотекӕйы (Испани). Уыцы къухфысты ис Райдианы чиныг ӕнӕхъӕнӕй дзуттаг ӕвзагыл, стӕй дзы алы дзуттаг дзырдӕн дӕр ис йӕ латинаг эквивалент.

Ацы къухфысты разныхасы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Сыгъдӕг Фыстытӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмацгонд ӕрцӕудзысты ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ у алыхуызон адӕмы ирвӕзындзинад... Нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцауыл ӕнувыд чи у, уыцы адӕмы ӕнӕмӕнг хъӕуы, дзырдӕй-дзырдмӕ тӕлмац чи ’рцӕуа, ахӕм Библи, ома дзы алы дзуттаг дзырдӕн дӕр хъуамӕ фыст уа йӕ нысаниуӕг латинаг ӕвзагыл». Альфонсо де Самора дзуттаг ӕвзаг хорз кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд дзуттаг текст латинаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕнын.

«Мӕ уд ӕнцой нал зоны»

16 ӕнусы Саморайы хуызӕн ахуыргӕндтӕн Испанийы хорз фадӕттӕ уыд кусынӕн. Астӕуккаг ӕнусты Испани сси дзуттаг культурӕйы артдзӕст. Иу энциклопедийы фыст ис: «Астӕуккаг ӕнусты Испанийы цард тынг бирӕ пысылмӕттӕ ӕмӕ дзуттӕгтӕ; уыцы заман Испанийы цас алыхуызон адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ цал диныл хӕст адӕм цард, уыйбӕрц Ныгуылӕн Европӕйы бӕстӕтӕй иуы дӕр нӕ цард, ӕмӕ йын дины хъуыддаджы, литературӕйы, аивады ӕмӕ архитектурӕйы уый тыххӕй бантыст бирӕ» (The Encyclopædia Britannica).

Испанийы бирӕ дзуттӕгтӕ кӕй цард, уымӕ гӕсгӕ дзы дзуттаг къухфыстытӕ зын ссарӕн нӕ уыд. Дзуттаг писыртӕ-иу рагон къухфыстытӕ лӕмбынӕг рафыстой, цӕмӕй-иу уыцы къопитӕй ӕмбырдгӕнӕнты пайда кӕнӕн уыдаид. Лазарус Гольдшмидт йӕ чиныджы ныффыста: «Библийы фыццаг фондз чиныгмӕ испайнаг ӕмӕ португайлаг ӕвзагыл фау ӕрхӕссӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ сын дзуттаг ахуыргӕндтӕ стыр аргъ кодтой. Фӕлӕ къаддӕр аргъ нӕ кодтой, уыцы фондз чиныджы ӕмӕ полиглоттӕтӕ цы къухфыстытӕм гӕсгӕ скодтой, уыдонӕн дӕр» (The Earliest Editions of the Hebrew Bible).

Фӕлӕ Библи ратӕлмац кӕныны фӕнд кӕмӕ уыд, уыдоны сӕрмӕ сау мигътӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой. 1492 азы католикты ӕфсад бацахста, Испанийы ма пысылмӕттӕ цы иунӕг горӕты цардысты, уый. Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй уыцы аз рацыд закъон, цӕмӕй, дзуттаг диныл хӕст чи уыд, уыдон иууылдӕр Испанийӕ ацыдаиккой. Дӕс азы фӕстӕ ахӕм бон акодта пысылмӕттыл дӕр. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Испанийы паддзахадон дин сси католицизм, ӕмӕ иу адӕймагӕн дӕр уый бар нал уыд, цӕмӕй ӕндӕр диныл хӕст уыдаид.

Уыцы хабӕрттӕ Библийы тӕлмацыл куыд фӕзындысты? Ацы фарстайӕн дзуапп ссардзыстӕм, Альфонсо де Саморамӕ цы цӕстӕй кастысты, уый куы базонӕм, уӕд. Кӕд ацы дзуттаг ахуыргонд католик сси, уӕддӕр католикон дины разамонджытӕ нӕ ферох кодтой, дзуттаг кӕй уыд, уый. Иуӕй-иутӕ кардинал Сиснеросы ӕфхӕрдтой, Комплютенаг полиглоттӕйыл дзуттӕгтӕ дӕр кӕй куыстой, уый тыххӕй. Саморайӕн уый уыд стыр зӕрдӕнизы хос. Мадриды университеты кӕй ссардтой, уыцы къухфысты иу ран Самора хъаст кӕны: «...Ме ’мбӕлттӕ мӕ иууылдӕр ныууагътой ӕмӕ мӕ се ’сӕфт уынынц – ме знӕгтӕ систы; мӕ уд ӕнцой нал зоны, мӕ къӕхты фӕллад кӕм ссӕуа, ахӕм бынат нал ис».

Альфонсо де Саморайы цыфыддӕр знӕгтӕй иу уыд Толедойы архиепископ Хуан Таверӕ, фӕстӕдӕр Испанийы инквизицийы сӕргълӕууӕг чи сси, уый. Таверӕ йын цы митӕ кодта, уыдонӕй уый онг сси, ӕмӕ ма суанг Ромы папӕмӕ дӕр фыстӕг ныффыста: «Дӕ Бӕрзонддзинад, курӕм дӕ ӕмӕ дын лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕнай... ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕнай не знагӕй, Толедойы епископӕй, дон Хуан Таверӕйӕ. Алы бон дӕр нӕ ӕнӕрынцойӕ стыр хъизӕмӕртты хай бакӕны. [...] ...Цы ма кӕнӕм, уый нал зонӕм, ӕргӕвдинаг фосӕй уӕлдай йын не стӕм. [...] ...Дӕ Бӕрзондзинад, кӕд нын нӕ лӕгъстӕ фехъусай, уӕд дӕ „Яхве хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ дӕ къах ницӕуыл скъуырдзынӕ“ (Ӕмбисӕндтӕ 3:23 *.

Альфонсо де Саморайӕн цы бантыст?

Кӕд Саморайӕн йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр йӕ куыст нӕ ныууагъта ӕмӕ йӕ фыдӕбон стыр ӕххуыс фӕци, Библи чи иртӕста, уыдонӕй бирӕтӕн. Йӕ рӕстӕджы цы ’взӕгтыл дзырдтой, уыдонӕй иумӕ дӕр Библи йӕхӕдӕг нӕ ратӕлмац кодта, фӕлӕ йын уӕддӕр йӕ куыстӕй спайда кодтой бирӕ тӕлмацгӕнджытӕ. Цы стыр куыст бакодта, уый бамбарынӕн хъӕуы зонын иу хъуыддаг: Сыгъдӕг Фыстады къопитӕ дзуттаг, арамейаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтыл (ома, цы ’взӕгтыл фыст ӕрцыд, уыцы ӕвзӕгтыл) чи иртасы, уыцы ахуыргӕндтӕ уал хъуамӕ текст уыцы ӕвзӕгтыл бацӕттӕ кӕной, ома йӕ раиртасой ӕмӕ йӕ сбӕлвырд кӕной, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ бавналынц сӕ куыстмӕ тӕлмацгӕнджытӕ.

1522 азы Комплютенаг полиглоттӕйы кӕй ныммыхуыр кодтой, уыцы дзуттаг текстыл ӕппӕты фылдӕр бафыдӕбон кодта Альфонсо де Самора. (Уыцы полиглоттӕмӕ ма хаст ӕрцыдысты йӕ дзуттаг-латинаг дзырдуат ӕмӕ йӕ дзуттаг грамматикӕ, ӕмӕ уыдон дӕр тынг фенцон кодтой тӕлмацгӕнджыты куыст.) Саморайы рӕстӕджы цӕрӕг Роттердамаг Эразм та афтӕ бакуыста Чырыстон Грекъаг Фыстытыл, ома Ног Фӕдзӕхстыл. Дзуттаг ӕмӕ Грекъаг Фыстыты текст цӕттӕ куы уыд, уӕд иннӕ тӕлмацгӕнджытӕ бавнӕлдтой сӕ ахсджиаг куыстмӕ – Библи ӕндӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнынмӕ. Комплютенаг полиглоттӕйы дзуттаг текстӕй спайда кодта Уильям Тиндал, Библи англисаг ӕвзагмӕ куы тӕлмац кодта, уӕд. Тиндал уыд, уыцы полиглоттӕйӕ фыццаг чи спайда кодта, уыдонӕй иу.

Абон Библи афтӕ парахат кӕй у, уый тыххӕй хъуамӕ бузныг уӕм, Саморайау йӕхиуыл чи нӕ ауӕрста, уыцы адӕмӕй. Уыдон сӕ цард снывонд кодтой, цӕмӕй, Библийы бӕлвырдӕй цы фыст ис, уый иннӕтӕ дӕр базыдтаиккой. Самора ӕмбӕрста, адӕм Хуыцауы Ныхас ӕмбардзысты ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕндзысты ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ кӕй у сӕ ирвӕзындзинад (Иоанны 17:3). Ӕмӕ уый тыххӕй та адӕммӕ хъуамӕ Библи уа, цы ’взаг ӕмбарынц, ууыл, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас ӕрмӕстдӕр уӕд бахъардзӕн сӕ зӕрдӕмӕ.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Комплютенаг полиглоттӕйы тыххӕй бакӕсӕн ис 2004 азы 15 апрелы журналы «Сторожевая башня», 28–31 фӕрстӕ.

^ 15 абз. Цымыдисаг у, Альфонсо де Самора Ромы папӕмӕ цы фыстӕг ныффыста, уым Хуыцауы номӕй кӕй пайда кодта, уый. Саморайы фыстӕгӕн испайнаг ӕвзагмӕ цы тӕлмац ис, уым Хуыцауы ном фыст у «Яхве». Бӕрӕг нӕу, латинаг ӕвзагыл, ома йӕ цы ’взагыл ныффыста, ууыл, ацы ном куыд фыст уыд, уый. Саморайӕн йӕ тӕлмацы тыххӕй ӕмӕ Хуыцауы номӕй куыд пайда кодта, уый тыххӕй кӕс рамкӕ «Хуыцауы ном», 19 фарс.

[Рамкӕ/Ныв 19 фарсыл]

Хуыцауы ном

Уӕлдай цымыдисаг у, дзуттаг ахуыргонд Альфонсо де Самора Хуыцауы ном куыд фыста, уый. Къамы куыд уынӕм, афтӕмӕй Райдианы чиныджы дзуттаг-латинаг тексты фиппаинаджы Хуыцауы ном фыст у «Йегъовӕ» (jehovah).

Ӕвӕццӕгӕн, Самора Хуыцауы ном латинаг ӕвзагыл афтӕ фыста. 16 ӕнусы Библи Европӕйы сӕйраг ӕвзӕгтӕм куы тӕлмац кодтой, уӕд тӕлмацгӕнджытӕй дӕр бирӕтӕ Хуыцауы ном ныффыстой афтӕ кӕнӕ гыццыл ӕндӕрхуызон. Уыцы тӕлмацгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ уыдысты Уильям Тиндал (англисаг тӕлмац, 1530 аз), Себастьян Мюнстер (латинаг тӕлмац, 1534 аз), Пьер Робер Оливетан (французаг тӕлмац, 1535 аз) ӕмӕ Касиодоро де Рейнӕ (испайнаг тӕлмац, 1569 аз).

Афтӕмӕй Самора сси, 16 ӕнусы Библийыл чи куыста ӕмӕ та Хуыцауы ном ногӕй адӕмӕн кӕй фӕрцы раргом, уыцы ахуыргӕндтӕй фыццаг. Уӕдмӕ адӕм Хуыцауы ном ферох кодтой, уымӕн ӕмӕ дзуттӕгтӕ хъуыды кодтой, дзурын ӕй кӕй нӕ фӕтчы. Уый фӕзынд чырыстон диныл хӕст тӕлмацгӕнджытыл дӕр, ӕмӕ уыдон дӕр Хуыцауы номы бӕсты фыссын райдыдтой «Хицау», «Хуыцау» ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзырдтӕ. Уыцы тӕлмацгӕнджытӕй иу уыд Иероним, Библи латинаг ӕвзагмӕ чи ратӕлмац кодта, уый (уыцы тӕлмац хонынц «Вульгатӕ»).

[Ныв]

Дзуттаг тетраграмматон Самора фыста «Йегъовӕ» (хӕстӕгмӕ)

[Ныв 18 фарсыл]

Испанийы паддзах ӕмӕ ус-паддзах кӕй рауагътой уыцы закъон. 1492 аз

[Барлӕвӕрдӕй]

Decree: Courtesy of the Archivo Histórico Provincial, Ávila, Spain

[Ныв 18 фарсыл]

Горӕт Алькала-де-Энаресы университет

[Ныв 21 фарсыл]

Саморайы дзуттаг-латинаг тӕлмацы фыццаг сыф