Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы сыгъдӕг тых фӕндагамонӕг уыд рагон лӕггадгӕнджытӕн

Хуыцауы сыгъдӕг тых фӕндагамонӕг уыд рагон лӕггадгӕнджытӕн

Хуыцауы сыгъдӕг тых фӕндагамонӕг уыд рагон лӕггадгӕнджытӕн

«Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ [мӕ] рарвыста ӕмӕ мӕ йӕ тыхӕй схайджын кодта» (ИС. 48:16).

1, 2. Цы нӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕм уырнындзинад уа? Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты хабӕрттӕм куы ӕркӕсӕм, уӕд нӕ уый ныфс куыд бауадздзӕн?

КӔД Авелы рӕстӕджытӕй фӕстӕмӕ бирӕтӕм уырнындзинад уыд, уӕддӕр, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «уырнындзинад се ’ппӕтмӕ нӕй» (2 Фес. 3:2). Адӕймагмӕ уырнындзинад цӕмӕн вӕййы ӕмӕ йын цы баххуыс кӕны, цӕмӕй фидар уырнындзинады хицау уа? Адӕймагмӕ уырнындзинад фӕзыны, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый куы фехъусы, уӕд (Ром. 10:17). Уырнындзинад у, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу (Гал. 5:22, 23). Уӕдӕ нӕм цӕмӕй фидар уырнындзинад уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс.

2 Адӕймаг уырнындзинад йӕ мады гуыбынӕй нӕ рахӕссы. Библийы кӕсӕм, фидар уырнындзинад кӕмӕн уыд, ахӕм нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй, ӕмӕ уыдон дӕр мах хуызӕн адӕймӕгтӕ уыдысты (Иак. 5:17). Уыдон дӕр-иу цӕуылдӕрты дызӕрдыг кодтой, уыди сӕм хъӕндзинӕдтӕ, цӕмӕдӕрты-иу сӕ ныфс нӕ хастой, фӕлӕ-иу Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы «систы тыхджын», ӕмӕ-иу зын уавӕрты фидар фӕлӕууыдысты (Дзут. 11:34). Йегъовӕ сын йӕ сыгъдӕг тыхӕй куыд ӕххуыс кодта, уымӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд нӕ ныфс бацӕудзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Ахӕм ныфс нӕ абон уӕлдай тынг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ нӕ уырнындзинадӕн алырдыгӕй дӕр у тынг тӕссаг.

Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕххуыс кодта Моисейӕн

3–5. а) Моисейӕн сыгъдӕг тых кӕй ӕххуыс кодта, уый кӕцӕй зонӕм? ӕ) Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых куыд дӕтты, уый тыххӕй Моисейы хабарӕй цы ис базонӕн?

3 Н. э. размӕ 1513 азы фыст куыд ӕрцыд, афтӕмӕй, зӕххыл цыдӕриддӕр адӕм царди, уыдонӕй Моисейы «хуызӕн сабыр адӕймаг нӕ уыд» (Ным. 12:3). Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ бӕрны бакодта стыр хӕс – Израилы адӕмӕн хъуамӕ разамынд лӕвӕрдтаид. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Моисейӕн йӕ бон уыд пехуымпариуӕг кӕнын, тӕрхон кӕнын, Хуыцауы ныхӕстӕ фыссын, разамынд дӕттын ӕмӕ диссӕгтӕ аразын. (Бакӕс Исайы 63:11–14.) Фӕлӕ иуафон Моисей хъаст кӕнын райдыдта, мӕ уаргъ ӕгӕр уӕззау у, зӕгъгӕ (Ным. 11:14, 15). Уӕд Йегъовӕ, Моисейы цы тыхӕй схайджын кодта, уымӕй райста ӕмӕ дзы схайджын кодта 70 нӕлгоймаджы, цӕмӕй Моисейӕн ӕххуыс кодтаиккой (Ным. 11:16, 17). Кӕд Моисеймӕ афтӕ касти, ӕмӕ йӕ уаргъ ӕгӕр уӕззау у, уӕддӕр ӕй иунӕгӕй нӕ хаста. Стӕй йӕхицӕн ӕххуысгӕнджытӕй цы 70 нӕлгоймаджы равзӕрста, уыдон дӕр сӕ уаргъ иунӕгӕй нӕ хастой.

4 Йегъовӕ Моисейӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй радта, йӕ хӕс ӕххӕст кӕнынӕн ӕй цас хъуыди, уыйбӕрц. Ӕмӕ дзы 70 нӕлгоймаджы дӕр куы схайджын кодта, уый фӕстӕ дӕр Моисеймӕ уыд, цас ӕй хъуыди, уыйбӕрц сыгъдӕг тых. Уӕдӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Моисеймӕ сыгъдӕг тых ӕгӕр гыццыл уыд, 70 хистӕр лӕгмӕ та – ӕгӕр бирӕ. Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй ратты, нӕ уавӕры нӕ цас хъӕуы, уыйбӕрц. «Хуыцау йӕ сыгъдӕг тых баргӕйӕ нӕ дӕтты», фӕлӕ парахатӕй (Иоан. 3:34).

5 Чи зоны, зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс. Кӕнӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ хӕстӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц ӕмӕ сыл фылдӕр рӕстӕг цӕуы. Науӕд уӕззау фыдӕбон кӕныс, цӕмӕй дӕ бинонты дарай, стӕй архайыс, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнай, афтӕмӕй та уӕ фылдӕр хӕрдзтӕ кӕнын хъӕуы кӕнӕ де ’нӕниздзинад цудын райдыдта. Чи зоны дыл ӕмбырды стыр хӕстӕ ис. Фӕлӕ цыфӕнды уавӕры ма уай, уӕддӕр ӕй зон: цы тыхтӕ дӕ хъӕуы, уыдон дын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ратдзӕн (Ром. 15:13).

Сыгъдӕг тых Веселеилы схайджын кодта арӕхстдзинадӕй

6–8. а) Хуыцауы сыгъдӕг тых Веселеилӕн ӕмӕ Аголиавӕн куыд ӕххуыс кодта? ӕ) Цӕмӕй ма у бӕрӕг, Веселеилӕн ӕмӕ Аголиавӕн разамынд сыгъдӕг тых кӕй лӕвӕрдта? б) Веселеилы хабар нӕ абон ныфс куыд уадзы?

6 Веселеил дӕр царди Моисейы рӕстӕджы ӕмӕ уымӕн дӕр Йегъовӕйы сыгъдӕг тых ӕххуыс кодта. Йӕ хабарӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд архайы, уый тыххӕй. (Бакӕс Рацыд 35:30–35.) Йегъовӕ Веселеилы равзӕрста, цӕмӕй разамынд лӕвӕрдтаид, цатырӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уыдӕттӕ куы арӕзтой, уӕд. Уыцы стыр хъуыддаг цалынмӕ нӕ райдыдта, уӕдмӕ цымӕ Веселеил зыдта, ахӕм дзауматӕ куыд аразгӕ сты, уый? Чи зоны, зыдта. Фӕлӕ уый размӕ йӕ куыст, ӕвӕццӕгӕн, уый уыд, ӕмӕ египетӕгтӕн самандуртӕ арӕзта (Рац. 1:13, 14). Уӕдӕ Веселеил уыцы зын хӕс куыд хъуамӕ сӕххӕст кодтаид? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ йӕ Йегъовӕ «схайджын кодта йӕ тыхӕй, цӕмӕй йӕм уа зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй зона алы хъуыддаг дӕр ӕмӕ къухӕй алцы саразынмӕ дӕр уа дӕсны, арӕхса цыфӕнды пълан скӕнынмӕ дӕр». Уый фӕрцы арӕхст «алыхуызон рӕсугъд дзауматӕ кӕнынмӕ». Чи зоны, Веселеил ӕмӕ Аголиав сӕхӕдӕг дӕр цӕмӕдӕр арӕхстысты, фӕлӕ сӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта, цӕмӕй алцы аразынмӕ дӕр дӕсны уыдаиккой. Ӕвӕццӕгӕн, уыдӕттыл хорз сахуыр сты, уымӕн ӕмӕ уыцы куыстмӕ ӕрмӕст сӕхӕдӕг нӕ арӕхстысты, фӕлӕ ма иннӕты дӕр ахуыр кодтой.

7 Веселеилӕн ӕмӕ Аголиавӕн сыгъдӕг тых разамынд кӕй лӕвӕрдта, уый ма бӕрӕг у, цы дзауматӕ сарӕзтой, уыдон тынг хорз конд кӕй уыдысты, уымӕй. Уый фӕстӕ ма уыцы дзауматӕ фӕлӕууыдысты 500 азы бӕрц (2 Аз. 1:2–6). Веселеил ӕмӕ Аголиав, абон алыхуызон дзауматӕ чи уадзы, уыдонау нӕ кодтой – цы дзауматӕ сарӕзтой, уыдоныл сӕ нӕмттӕ кӕнӕ сӕ къухфыст нӕ ныууагътой. Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй ӕппӕт кад дӕр уыдаид Йегъовӕйӕн (Рац. 36:1, 2).

8 Абон нӕ фӕхъӕуы алыхуызон куыст кӕнын, зӕгъӕм, агъуыстытӕ аразын, мыхуыр кӕнын, конгресстӕ цӕттӕ кӕнын, ӕрдзон бӕллӕхты фӕстӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ дохтыртӕн ӕмӕ рынчындӕтты кусджытӕн ӕмбарын кӕнын, Библи туджы тыххӕй цы зӕгъы, уый. Хатт ахӕм хъуыддӕгтӕ фӕкӕнынц, ахуырдзинад кӕмӕ ис, ахӕм ӕфсымӕртӕ. Фӕлӕ сӕ арӕхдӕр фӕкӕнынц, раздӕр ахӕм куыст чи никуы кодта, ахӕм барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ. Фӕлӕ сын Хуыцауы сыгъдӕг тых феххуыс кӕны, цӕмӕй сын алцыдӕр хорз рауайа. Мыййаг, дӕ ныфс нӕ хӕссыс Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы дӕхимӕ исты хӕстӕ райсынмӕ, зӕгъгӕ сӕм ӕндӕр исчи мӕнӕй хуыздӕр сарӕхсдзӕн? Уӕд дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ дын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ дӕм курдиӕттӕ ис, уыдонӕй пайда кӕнынӕн, цыфӕнды куыст дын ма бахӕс кӕна, уӕддӕр.

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Йесо Навин уыд ӕнтыстджын

9. Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр сӕ цы бахъуыди аразын? Уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарста сӕвзӕрд?

9 Хуыцауы сыгъдӕг тых ма разамынд лӕвӕрдта ӕндӕр лӕггадгӕнӕгӕн дӕр, уый дӕр царди Моисейы ӕмӕ Веселеилы рӕстӕджы. Хуыцауы адӕм Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр амаликӕгтӕ семӕ схӕцыдысты. Израилӕгтӕ хӕцын ахуыр нӕ уыдысты. Ныр уыдысты сӕрибар адӕм, ӕмӕ уый уыд сӕ фыццаг хӕст (Рац. 13:17; 17:8). Уыцы хӕсты сын хъуамӕ исчи уыдаид разамонӕг. Цымӕ чи?

10. Йесо Навин ӕмӕ израилӕгтӕ хӕсты цӕй фӕрцы фӕуӕлахиз сты?

10 Йегъовӕ равзӕрста Йесо Навины, фӕлӕ Йесо ӕфсады разамонӕг никуы уыд. Цы хъуамӕ зыдтаид хӕсты тыххӕй? Раздӕр уый уыд цагъар ӕмӕ арӕзта самандуртӕ. Ӕдзӕрӕг быдыры та алы бон дӕр маннӕ ӕмбырд кодта. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Йесо Навины фыдыфыд Елишамӕ уыд Ефремы мыггаджы хистӕр ӕмӕ йӕ бӕрны уыд 108 100 ӕфсӕддон лӕджы (Ным. 2:18, 24; 1 Аз. 7:26, 27). Фӕлӕ Йегъовӕ Моисейӕн нӕдӕр Елишамӕйы, нӕдӕр йӕ фырт Навины равзарын кодта. Йегъовӕ загъта, цӕмӕй ӕфсад акодтаид Йесо ӕмӕ знӕгты ныппырх кодтаид. Хӕцгӕ та кодтой суанг изӕрмӕ. Йесо Навин Хуыцаумӕ кӕй байхъуыста ӕмӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый фӕрцы израилӕгтӕ уыцы хӕсты фӕуӕлахиз сты (Рац. 17:9–13).

11. Йесо Навинау мах дӕр Хуыцауы хъуыддаджы ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

11 Моисей куы амард, уӕд израилӕгты разамонӕг сси Йесо Навин. Йесо «хайджын уыди зондӕй» (Дык. з. 34:9). Сыгъдӕг тых Моисейӕн пехуымпариуӕг кӕныны ӕмӕ диссӕгтӕ аразыны курдиат куыд радта, афтӕ Йесо Навинӕн ахӕм курдиат нӕ радта. Фӕлӕ израилӕгтӕ Ханааны зӕхх куы ахстой, уӕд ын сыгъдӕг тых ӕххуыс кодта, цӕмӕй уыцы хӕстыты разамынд лӕвӕрдтаид. Абон нӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ нӕм Хуыцауы хъуыддаджы цыдӕр саразынӕн нӕй фаг зонындзинӕдтӕ, курдиӕттӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад. Фӕлӕ йӕ фидарӕй зонӕм, Хуыцаумӕ куы хъусӕм ӕмӕ алцыдӕр йӕ разамындмӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд ӕнтыстджын кӕй уыдзыстӕм (Йес. Н. 1:7–9).

«Гедеоныл Йегъовӕйы тых ӕрцыд»

12–14. а) Гыццыл израилаг ӕфсад стыр мадиамаг ӕфсадыл кӕй фӕуӕлахиз, уый нын цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Йегъовӕ Гедеоны уырнындзинад куыд бафидар кодта? б) Абон нын Хуыцау куыд ӕххуыс кӕны?

12 Йесо Навины мӕлӕты фӕстӕ Йегъовӕ дарддӕр дӕр йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы, фидар уырнындзинад кӕмӕн уыд, уыдонӕн хъарутӕ лӕвӕрдта. Тӕрхонгӕнджыты чиныджы бакӕсӕн ис, лӕмӕгъ чи уыд, фӕлӕ тыхджын чи сси, бирӕ ахӕм адӕмы хабӕрттӕ (Дзут. 11:34). Хуыцау Гедеонӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕххуыс кодта, цӕмӕй израилӕгты сӕрыл тох кодтаид (Тӕрх. 6:34). Мадиамӕгтимӕ абаргӕйӕ Гедеоны ӕфсад уыд гыццыл. Цыппар мадиамаг ӕфсӕддоны ныхмӕ уыд иу израилаг ӕфсӕддон. Фӕлӕ Йегъовӕ загъта, израилӕгтӕ уӕддӕр ӕгӕр бирӕ кӕй сты. Ӕмӕ Гедеонӕн дыууӕ хатты загъта, цӕмӕй йе ’фсад фӕкъаддӕр кодтаид. Фӕстагмӕ афтӕ рауад, ӕмӕ 450 мадиамаг ӕфсӕддоны ныхмӕ уыд иу израилаг ӕфсӕддон (Тӕрх. 7:2–8; 8:10). Уыйбӕрцӕй куы баззадысты, уӕд Йегъовӕ ницыуал загъта. Израилӕгтӕ уыцы хӕсты куы фӕуӕлахиз уыдаиккой, уӕд сӕ иу дӕр йӕхицӕй не ’ппӕлыдаид, уый нӕ зонд, нӕ хъаруйы фӕрцы фӕуӕлахиз стӕм, зӕгъгӕ.

13 Гедеон йӕ адӕмимӕ хӕстмӕ уыд цӕттӕ. Ахъуыды-ма кӕн: уыцы гыццыл ӕфсады куы уыдаис ӕмӕ куы зыдтаис, хӕстмӕ йӕ ныфс чи нӕ хаста ӕмӕ къӕрцхъус чи нӕ уыд, уыдоны хӕдзармӕ кӕй арвыстой, уӕд ныфсджындӕр нӕ уыдаис? Ӕви, хӕстӕн йӕ кӕрон цавӕр уыдзӕн, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ дӕ иу гыццыл тас бацыдаид? Мах ыл дызӕрдыг дӕр нӕ кӕнӕм, Гедеон йӕ ныфс Хуыцауыл кӕй дардта. Куыд загъд ын уыд, раст афтӕ бакодта! (Бакӕс Тӕрхонгӕнджыты 7:9–14.) Гедеон Хуыцауӕн куы загъта, цӕмӕй йын диссаг равдыстаид, кӕй йын ӕххуыс кӕндзӕн, уый сбӕлвырд кӕнынӕн, уӕд ӕм Йегъовӕ не смӕсты (Тӕрх. 6:36–40). Мӕсты нӕ, фӕлӕ ма йын йӕ уырнындзинад дӕр бафидар кодта.

14 Йегъовӕйы тых у ӕгӕрон, йӕ бон у йӕ адӕмы цыфӕнды зын уавӕрӕй дӕр фервӕзын кӕнын. Йӕ бон у, ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕна, лӕмӕгъ кӕнӕ нӕм ӕдых чи кӕсы, уый уылты дӕр. Хатт нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ ныхмӕ тынг бирӕ адӕм цӕуы кӕнӕ нӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал фӕкӕлы. Мах уымӕ нӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ нын Хуыцау диссӕгтӕ равдисдзӕн, Гедеонӕн куыд равдыста, афтӕ. Фӕлӕ йӕ бон у, ӕмӕ нын радта разамынд ӕмӕ удӕнцой Библийы уылты ӕмӕ, йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы разамынд кӕмӕн дӕтты, уыцы ӕмбырды уылты (Ром. 8:31, 32). Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынц ӕмӕ нӕ йӕ бон ирвӕзын кӕнын кӕй у, ууыл дӕр нӕ ныфс тынгдӕр дарӕм.

«Йеффайыл Йегъовӕйы тых ӕрцыд»

15, 16. Йеффайы чызг ахӕм удӕлдай цӕмӕн разынд ӕмӕ йӕ хабар ныййарджытӕн ныфсы хос куыд у?

15 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайдта, иу ахӕм адӕймаг ма уыд Йеффай. Израилӕгтӕ аммонӕгтимӕ куы схӕцыдысты, уӕд «Йеффайыл Йегъовӕйы тых ӕрцыд». Йеффайы тынг фӕндыд, цӕмӕй уыцы хӕсты фӕуӕлахиз уыдаид ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ном сбӕрзонд уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйӕн дзырд радта, зӕгъгӕ мын Аммоны фыртты мӕ къухмӕ куы раттай, уӕд, мӕ хӕдзары дуарӕй мӕ размӕ фыццаг чи рацӕуа, уый уыдзӕн Йегъовӕйы. Аммонӕгтыл куы фӕуӕлахиз ӕмӕ хӕдзармӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд хӕдзарӕй фыццаг йӕ размӕ рацыд йӕ чызг (Тӕрх. 11:29–31, 34). Цымӕ Йеффай уый ӕнхъӕл уыд? Ӕвӕццӕгӕн, о, уымӕн ӕмӕ йын иу сывӕллон йеддӕмӕ нӕ уыд. Йеффай йӕ ныхас сӕххӕст кодта – йӕ чызджы Силоммӕ Хуыцауы цатыры лӕггад кӕнынмӕ арвыста. Йӕ чызг уыд Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг ӕмӕ йӕ зыдта, йӕ фыд йӕ дзырд кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид. (Бакӕс Тӕрхонгӕнджыты 11:36.) Йегъовӕйы сыгъдӕг тых сӕ дыууӕйӕн дӕр радта, цас тыхтӕ сӕ хъуыди, уыйбӕрц.

16 Йеффайы чызг ахӕм удуӕлдай цӕмӕн разынд? Йӕ фыд куыд зынгзӕрдӕ ӕмӕ иузӕрдион уыд, уый уынгӕйӕ йӕ уырнындзинад куыннӕ фидар кодтаид. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕ сымахмӕ фӕкӕсынц. Цы уынаффӕтӕ рахӕссут, уыдонӕй бӕрӕг вӕййы, цы дзурут, ууыл ӕууӕндгӕ дӕр кӕй кӕнут. Уӕ сывӕллӕттӕ фӕхъусынц, зӕрдӕбынӕй куыд фӕкувут, уымӕ, цӕуыл сӕ фӕахуыр кӕнут, уыдӕттӕм ӕмӕ уынынц, уӕхӕдӕг дӕр кӕй архайут Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕныныл. Ӕппӕт адӕттӕ сын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕ зӕрдиагӕй бафӕнда Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ уӕд уыдзыстут тынг амондджын.

«Самсоныл Йегъовӕйы тых ӕрцыд»

17. Самсон Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы сарӕзта?

17 Йегъовӕйы сыгъдӕг тых Самсонӕн дӕр ӕххуыс кодта. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Йегъовӕйы тых Самсоны разӕнгард кӕнын райдыдта», цӕмӕй израилӕгты филистимӕгтӕй фервӕзын кодтаид (Тӕрх. 13:24, 25). Хуыцау Самсоны цы диссаджы хъаруйӕ схайджын кодта, ахӕм ӕндӕр никӕмӕуал уыд. Израилӕгтӕ филистимӕгты ардыдӕй Самсоны куы ӕрцахстой, уӕд «Самсоныл Йегъовӕйы тых ӕрцыд, ӕмӕ, йӕ къухтыл цы бӕндӕнтӕ уыди, уыдон, гӕнӕй конд ӕндах артӕй куыд асудза, афтӕ аисты ӕмӕ йӕ къухтӕй ӕрхаудтой» (Тӕрх. 15:14). Фӕстӕдӕр Самсон ӕнӕзонд ми кӕй бакодта, уый тыххӕй йӕ тых фесӕфта. Фӕлӕ ма уӕддӕр фӕстагмӕ иу хатт йӕ «уырнындзинады фӕрцы» йе уӕнгты тых бацыд (Дзут. 11:32–34; Тӕрх. 16:18–21, 28–30). Уавӕр кӕй домдта, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы Самсонӕн диссаджы хуызы баххуыс кодта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ Самсоны цы тыхӕй схайджын кодта, мах ахӕм тыхӕй не схайджын кӕндзӕн, фӕлӕ нӕ уыцы хабар стыр ныфс уадзы. Куыд?

18, 19. а) Самсоны хабар нӕ ныфс куыд уадзы? ӕ) Ацы статьяйы цы хабӕртты кой ис, уыдон дын куыд ӕххуыс кӕнынц?

18 Мах дӕр нӕ ныфс дарӕм, Самсонӕн цы сыгъдӕг тых ӕххуыс кодта, ууыл. Ныфс нӕ ис, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн, Йесо Чырысти нын цы куыст бахӕс кодта, уый аразынӕн, ома хорз хабар хъусын кӕнынӕн (Хъуыд. 10:42). Чи зоны нын уыцы хъуыддаг ӕнцон аразын нӕу. Ӕмӕ нын куыд ӕхсызгон у, Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй ӕххуыс кӕны ӕмӕ нын цыфӕнды хъуыддаг ма бахӕс кӕна, уӕддӕр ӕй нӕ бон кӕй вӕййы сӕххӕст кӕнын! Мах дӕр разы стӕм пехуымпар Исайы ныхӕстимӕ: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ [мӕ] рарвыста ӕмӕ мӕ йӕ тыхӕй схайджын кодта» (Ис. 48:16). О, Хуыцау нӕ ӕрвиты йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы! Йегъовӕ Моисейӕн, Веселеилӕн ӕмӕ Йесо Навинӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй арӕхстджындӕр уӕм ӕмӕ дарддӕр нӕ куыст аразӕм. Мах архайӕм «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы лӕвӕрд хъамайӕ, ома Хуыцауы ныхасӕй», ӕмӕ нӕ ныфс ис, Хуыцау нын тыхтӕ кӕй дӕтдзӕн, Гедеонӕн, Йеффайӕн ӕмӕ Самсонӕн куыд лӕвӕрдта, афтӕ (Еф. 6:17, 18). Йегъовӕйы ӕххуысыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд, Самсон уӕнгты хъаруйӕ куыд уыди тыхджын, афтӕ мах та уырнындзинадӕй уыдзыстӕм тыхджын.

19 Бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ хъӕбатыр лӕггадгӕнджытӕн кӕй арфӕ кӕны. Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн бар куы дӕттӕм, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна, уӕд нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. Чырыстон Грекъаг Фыстыты дӕр ис, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайдта, ахӕм адӕмы хабӕрттӕ. Йегъовӕйы сыгъдӕг тых ӕххуыс кодта йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн фыццаг ӕнусы дӕр, 33 азы Фӕндзайӕм боны размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр. Ӕмӕ нӕ уыдоны тыххӕй дӕр куыннӕ фӕнды базонын.

Ныфсы хос дын цӕмӕн у, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы куыд ӕххуыс кодта...

• Моисейӕн?

• Веселеилӕн?

• Йесо Навинӕн?

• Гедеонӕн?

• Йеффайӕн?

• Самсонӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 22 фарсыл]

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уырнындзинадӕй уыдзыстӕм тыхджын, Самсон уӕнгты хъаруйӕ куыд уыди тыхджын, афтӕ

[Ныв 21 фарсыл]

Ныййарджытӕ, зынгзӕрдӕ куы уат, уӕд уӕ уӕ сывӕллӕттӕ дӕр бафӕзмдзысты