Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Авраам – хъӕбатыр адӕймаг

Авраам – хъӕбатыр адӕймаг

Авраам йӕ бинонты ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты рӕвдз кӕны, цӕмӕй Ханаанмӕ ацӕуой (Райдиан 12:1–5). Уый ӕппӕт адӕмӕн цытӕ кӕндзӕни, ууыл хъуыды кӕны. Ӕнӕзонгӕ бӕстӕйы сӕ куыд дардзӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Уры куы цардаиккой, уӕд ын бирӕ ӕнцондӕр уыдаид. Ур уыди хъӕздыг горӕт, уыди дзы стыр сӕрвӕттӕ, хъӕздыг зӕхх ӕмӕ дон парахатӕй. Сагъӕс кӕны, уыцы бӕстӕйы куы фӕрынчын уа кӕнӕ куы амӕла, уӕд йӕ бинонтӕ цы фӕуыдзысты. Кӕд Авраам уыдӕттыл хъуыды кодта, уӕддӕр зындзинӕдтӕй нӕ фӕтарст. Авраам бакодта, Хуыцау ын куыд загъта, афтӕ, ӕмӕ уымӕй равдыста, хъӕбатыр лӕг кӕй уыди, уый.

ЦЫ У ХЪӔБАТЫРДЗИНАД? Хъӕбатыр адӕймаг вӕййы фӕндфидар, ныфсхаст ӕмӕ ӕхсарджын. Нӕ вӕййы ӕнӕныфсхаст ӕмӕ тӕппуд. Хъӕбатырдзинад ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕймаг никуы ницӕмӕй фӕтӕрсы. Хуыцау хъӕбатырдзинад кӕмӕн ратты, уый кӕд цӕмӕйдӕр фӕтӕрсы, уӕддӕр ӕнцад нӕ фӕбады.

АВРААМЫ ХЪӔБАТЫРДЗИНАД ЦӔМӔЙ УЫД БӔРӔГ? Авраам нӕ тарст, иннӕтӕ дзы цы зӕгъдзысты, уымӕй. Авраам цы горӕты цард, уым адӕм куывтой бирӕ алыхуызон хуыцӕуттӕн ӕмӕ гуымирытӕн. Фӕлӕ дзы адӕм цы зӕгъдзысты, уымӕй нӕ тарст, уымӕн ӕмӕ зыдта, цы арӕзта, уый раст кӕй уыд. Авраам хъӕбатырӕй равзӕрста бынтон ӕндӕр фӕндаг – «Иунӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйӕн» кувын (Райдиан 14:21, 22).

Авраамӕн ӕнцон цардӕй сӕйрагдӕр уыди ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Авраам Уры йӕ хорз цард ныууагъта ӕмӕ араст ӕдзӕрӕг быдырмӕ, ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ кӕй ницы цух ныууадздзӕн. Азтӕ куыд цыдысты, афтӕ-иу Авраам, ӕвӕццӕгӕн, ӕрымысыд, Уры цы цард кодта, уый. Фӕлӕ йӕ фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр кӕй ницы цух ныууадздзӕн. Авраамӕн Йегъовӕйӕ сӕйрагдӕр йӕ царды ничи уыд, ӕмӕ йӕм уыйбӕрц хъӕбатырдзинад разынд, цӕмӕй Хуыцаумӕ хъуыстаид.

ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ? Махӕн дӕр нӕ бон у Авраамау хъӕбатырӕй Йегъовӕмӕ хъусын, кӕд нӕ алыварс цӕрӕг адӕм афтӕ нӕ кӕнынц, уӕддӕр. Зӕгъӕм, Библи дзуры, Йегъовӕ Хуыцауӕн кувын чи райдайа, уымӕн йӕ зонгӕтӕ ӕмӕ йӕ хиуӕттӕ йӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты (Иоанны 15:20). Йегъовӕйы тыххӕй цы базонӕм, ууыл фидарӕй куы ӕууӕндӕм, уӕд нӕ уырнындзинады сӕрыл уӕзданӕй дзурдзыстӕм (1 Петры 3:15).

Махӕн дӕр нӕ бон у Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл ӕууӕндын: чи йыл ӕууӕнда, уыдоны ницы цух уадздзӕн. Афтӕмӕй хъӕбатыр уыдзыстӕм ӕмӕ нын ӕнцон цардӕй сӕйрагдӕр уыдзӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Матфейы 6:33). Ӕркӕсӕм, иу бинонтӕ дӕр афтӕ кӕй бакодтой, уымӕ.

Даг ӕмӕ Беккийӕн кӕд дыууӕ гыццыл лӕппуйы уыд, уӕддӕр сӕ фӕндыд ацӕуын, Библийӕ хорз хабар хъусын кӕнын кӕм хъуыд, ахӕм бӕстӕмӕ. Алцӕуылдӕр лӕмбынӕг хъуыды кодтой, стӕй Хуыцаумӕ куывтой ӕмӕ сфӕнд кодтой сӕ бӕллиц сӕххӕст кӕнын. Даг загъта: «Хъӕбатырдзинад хъуыд, цӕмӕй гыццыл сывӕллӕттимӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацыдаиккам, уымӕн ӕмӕ нӕ зыдтам, куыд цӕрдзыстӕм, уый. Фӕлӕ цӕуыны размӕ хъуыды кодтам Авраам ӕмӕ Саррӕйыл. Йегъовӕйыл сӕ ныфс куыд дардтой ӕмӕ сын ӕдзухдӕр куыд ӕххуыс кодта, ууыл хъуыды кодтам, ӕмӕ нын уый баххуыс».

Ӕндӕр бӕстӕйы кӕй цардысты, уый тыххӕй Даг загъта: «Бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын стӕм. Хуымӕтӕг цард кӕй кодтам, уый фӕрцы алы бон дӕр нӕ бинонтӕ уыдысты иумӕ: иумӕ хъусын кодтам Хуыцауы ныхас, ныхӕстӕ кодтам ӕмӕ нӕ лӕппутимӕ хъазыдыстӕм. Куыд райгонд уыдыстӕм, уый зӕгъӕн дӕр нӕй».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕй бон нӕу йӕ цард афтӕ фӕивын. Фӕлӕ не ’ппӕты бон дӕр у Авраамы фӕзмын. Уӕд нын царды сӕйрагдӕр уыдзӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл нӕ ныфс дардзыстӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Библийы ныхӕстӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсдзыстӕм, ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн ныфсджынӕй зӕгъын: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Дзуттӕгтӕм 13:5, 6).

[Хицӕнгонд текст 7 фарсыл]

Хуыцау хъӕбатырдзинад кӕмӕн ратты, уый кӕд цӕмӕйдӕр фӕтӕрсы, уӕддӕр ӕнцад нӕ фӕбады

[Рамкӕ/Ныв 8 фарсыл]

Хуыцауӕн коммӕгӕс ӕмӕ хорз бинойнаг

Саррӕйӕн йӕ сӕрыхицау уыд Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг. Фӕлӕ йӕхӕдӕг дӕр уыд Хуыцауӕн коммӕгӕс, ӕмӕ уымӕй у фӕзминаг. Библийы фӕзминаг сылгоймӕгты кой кӕм цӕуы, уым ӕртӕ хатты ӕмбӕлы йӕ ном (Исай 51:1, 2; Дзуттӕгтӕм 11:11; 1 Петры 3:3–6). Кӕд Библийы Саррӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ фыст нӕй, уӕддӕр нӕ бон у ӕркӕсын, цы хорз миниуджытӕ йӕм уыд, уыдонмӕ.

Ахъуыды-ма кӕнӕм, Саррӕйӕн Авраам куы загъта, Урӕй сӕ цӕуын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй, уӕд куыд бакодта, ууыл. Мыййаг, мӕт кодта, кӕдӕм цӕуынц ӕмӕ цӕмӕн? Куыд цӕрдзысты, ууыл тыхсти? Ӕнкъард кодта, йӕ зонгӕтӕ ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕй дард кӕй уыдзӕн, ӕмӕ ма сӕ искуы фендзӕн ӕви нӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыдытӕ йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой. Фӕлӕ Саррӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын йӕ коммӕгӕсдзинады тыххӕй кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Хъуыддӕгтӕ 7:2, 3).

Саррӕ ӕрмӕст Хуыцауӕн коммӕгӕс нӕ уыд, фӕлӕ ма уыди хорз бинойнаг дӕр. Йӕ лӕджы бартӕ йӕхимӕ никуы иста, фӕлӕ йын кад кодта ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ зӕрдиагӕй хъуыста. Ахӕм миниуджытӕй хайджын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уыди диссаджы адӕймаг (1 Петры 3:1–6).

Саррӕмӕ цы миниуджытӕ уыди, уыдон абон сылгоймӕгтӕн баххуыс кӕндзысты? «Саррӕйы цардӕй сахуыр дӕн, цӕмӕй мӕ сӕрыхицауӕн мӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй дзурон,– зӕгъы иу сылгоймаг, Джил, 30 азӕй фылдӕр амондджынӕй цӕры йӕ лӕгимӕ.– Мӕ сӕрыхицау бинонты хистӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ-иу фӕстаг ныхас уый хъуамӕ зӕгъа. Мӕнӕн та мӕ хӕс у, цӕмӕй архайон, цы уынаффӕ рахаста, уымӕ гӕсгӕ».

Уӕлдай тынгдӕр та Саррӕйӕ ахуыр кӕнӕм иу хъуыддагыл: кӕд тынг рӕсугъд уыди, уӕддӕр йӕхицӕй хъал нӕ уыд (Райдиан 12:10–13). Саррӕ ӕдзух уыди Авраамы фарсмӕ – хорз рӕстӕг дӕр ӕмӕ уӕззау рӕстӕг дӕр. Авраам ӕмӕ Саррӕ уыдысты иузӕрдион ӕмӕ сӕрныллӕг, стӕй кӕрӕдзи дӕр бирӕ уарзтой.