Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Авраам – уарзӕгой адӕймаг

Авраам – уарзӕгой адӕймаг

Авраамӕн йӕ уды хай Саррӕ куы амард, уӕд йӕ маст тыххӕй урӕдта. Куыд адджынӕй цардысты, уыдӕттӕ-иу куы ӕрымысыд, уӕд-иу йӕ зӕрдӕ дудын райдыдта, ӕмӕ-иу йӕ цӕссыг фемӕхст (Райдиан 23:1, 2). Авраам адӕмӕй нӕ тарст ӕмӕ не ’фсӕрмы кодта йӕ зӕрдӕйы рыст ӕвдисын. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд йӕ иннӕ диссаджы миниуӕг – уарзондзинад.

ЦЫ У УАРЗОНДЗИНАД? Уарзондзинад у, исчи дын зынаргъ кӕнӕ адджын куы уа. Адӕймаг иннӕты кӕй уарзы, уый бӕрӕг вӕййы йӕ хъуыддӕгтӕй, кӕд ӕй уый тыххӕй йӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнын бахъӕуы, уӕддӕр.

АВРААМЫ УАРЗТ ЦӔМӔЙ УЫД БӔРӔГ? Авраам йӕ бинонты тынг уарзта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Авраамыл бирӕ хӕстӕ уыди, фӕлӕ йӕ бинонты рӕвдыд цух никуы уагъта ӕмӕ сӕ Хуыцауы фӕндагыл арӕзта. Ӕмӕ уый Йегъовӕ ӕнӕ бафиппайгӕ нӕ фӕци (Райдиан 18:19). Йегъовӕ ма ракодта Авраамы уарзондзинады кой дӕр. Авраамӕй загъта, зӕгъгӕ, Исахъ уыди «йӕ уарзон хъӕбул» (Райдиан 22:2).

Авраам ма уарзӕгой адӕймаг кӕй уыди, уый бӕрӕг у, йӕ цардӕмбал Саррӕйы мӕлӕтыл куыд маст кодта, уымӕй дӕр. Авраам ыл йӕхи кӕуынӕй мардта. Кӕд хъӕбатыр ӕмӕ нымад лӕг уыди, уӕддӕр не ’фсӕрмы кодта йӕ маст ӕргом ӕвдисын. Ӕцӕгдӕр, Авраам уыди фидар ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг.

Авраам Хуыцауы кӕй уарзта, уый бӕрӕг уыди йӕ хъуыддӕгтӕй. Уыцы уарзт бӕрӕг уыди йӕ царды алы хъуыддагӕй дӕр. Ома куыд? Библийы 1 Иоанны 5:3 фыст ис: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм». Авраам Хуыцауы куыд уарзта, уымӕй у фӕзминаг.

Йегъовӕ-иу Авраамӕн цы загъта, уый-иу алы хатт дӕр ӕвӕстиатӕй бакодта (Райдиан 12:4; 17:22, 23; 21:12–14; 22:1–3). Ӕмӕ-иу нӕ каст, ӕнцон хъуыддаг у ӕви зын, стӕй-иу нӕ хъуыды кодта, Йегъовӕ йын афтӕ цӕмӕн зӕгъы, ууыл дӕр. Аврааммӕ уыдӕттӕ нымады дӕр нӕ уыдысты. Хуыцау-иу ын цы бахӕс кодта, уый-иу алы хатт дӕр зӕрдиагӕй бакодта. Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын Авраам нымадта йӕ уарзондзинад равдисыны фадатыл.

ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ? Авраамы куы фӕзмӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы хъармӕй иннӕты рӕвдаудзыстӕм, уӕлдайдӕр та нӕ бинонты. Цыфӕнды ӕнӕвдӕлон ма уӕм, уӕддӕр нӕ зынаргъ адӕмӕн рӕстӕг ардзыстӕм.

Хъӕуы ма нӕ архайын, цӕмӕй Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр уарзӕм. Уыцы уарзт нын царды мидӕг тынг ӕххуыс кӕндзӕн. Зӕгъӕм, уый фӕрцы ивдзыстӕм нӕ зондахаст, нӕ дзыхыуаг ӕмӕ нӕ цард, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (1 Петры 1:14–16).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Авраамӕн чи ӕххуыс кодта ӕмӕ йӕ йӕ «хӕлар» чи хуыдта, уыцы Хуыцау махӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн (Исай 41:8). Йӕ Ныхасы, Библийы, фыст ис: «Бафидар уӕ кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн» (1 Петры 5:10). Авраамы иузӕрдион Хӕлар нын диссаджы ныфс ӕвӕры!

[Рамкӕ 11 фарсыл]

Нӕлгоймагыл кӕуын фидауы?

Бирӕтӕ зӕгъдзысты, зӕгъгӕ, нӕ. Фӕлӕ сӕм диссаг фӕкӕсдзӕн, Библи хъӕбатыр ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион лӕгтӕ кӕй хоны, уыдонӕй иу, зӕгъӕм, Авраам уӕззау рӕстӕг кӕй не ’фсӕрмы кодта йӕ цӕссыг ӕргом ӕвдисын. Иннӕтӕ та уыдысты Иосиф, Давид, апостол Петр, Ефесы цӕрӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ суанг Чырысти дӕр (Райдиан 50:1; 2 Самуилы 18:33; Лукайы 22:61, 62; Иоанны 11:35; Хъуыддӕгтӕ 20:36–38). Уӕдӕ Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ нӕлгоймагыл кӕуын нӕ фидауы.