Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Хуыцау Авраамӕн йӕ фырты нывондӕн цӕмӕн хӕссын кодта?

Хуыцау Авраамӕн йӕ фырты нывондӕн цӕмӕн хӕссын кодта?

▪ Библийы Райдианы чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй Йегъовӕ Хуыцау Авраамӕн загъта, цӕмӕй йӕ фырт Исахъы нывондӕн ӕрхастаид (Райдиан 22:2). Хуыцау Авраамӕн афтӕ цӕмӕн загъта, уый иуӕй-иутӕ не ’мбарынц. «Гыццылӕй уыцы хабар фыццаг хатт куы бакастӕн, уӕд фӕкуыддӕр дӕн,– зӕгъы профессор Кэрол.– Уый цавӕр Хуыцау у, ӕмӕ афтӕ зӕгъа?» Ахӕм хъуыдытӕ кӕмӕ ис, уыдоны бамбарӕн ис. Фӕлӕ-ма ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.

Фыццаг уал ӕркӕсӕм, Йегъовӕ цы нӕ бакодта, уымӕ. Хуыцау Авраамы нӕ бауагъта йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссын, кӕд Авраам уымӕ цӕттӕ уыд, уӕддӕр. Стӕй ахӕм цыдӕр Хуыцау ӕндӕр никуы никӕмӕн загъта. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ, уыимӕ сывӕллӕттӕ дӕр, фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй бирӕ цӕрой.

Дыккаг хъуыддаг та уый у, ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ Авраамӕн барӕй загъта, цӕмӕй Исахъы нывондӕн ӕрхастаид. Хуыцау зыдта, йӕ Фырт * Йесо Чырысти бирӕ ӕнусты фӕстӕ мах тыххӕй йӕ цард кӕй ратдзӕн (Матфейы 20:28). Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй адӕм бамбӕрстаиккой, йӕ Фырты мӕлӕт ын куыд зын уыдзӕн, уый. Авраамӕн цы аразын кодта, уымӕй ирдӕй равдыста, фидӕны цы нывонд ӕрхӕсдзӕн, уый. Куыд?

Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕ Авраамӕн цы загъта, уымӕ: «Курӕг дӕ дӕн, демӕ акӕн дӕ фырты, дӕ иунӕг ӕмӕ дӕ уарзон хъӕбул Исахъы, ӕмӕ... дын ӕз цы хохмӕ бацамондзынӕн, ууыл ӕй нывондӕн ӕрхӕсс» (Райдиан 22:2). Кӕс-ма, Йегъовӕ Авраамӕн Исахъы тыххӕй загъта, «дӕ уарзон хъӕбул», зӕгъгӕ. Йегъовӕ зыдта, Авраам Исахъы йӕ удыбӕрц кӕй уарзта. Хуыцау дӕр йӕ Фырт Йесойы афтӕ тынг уарзта. Уымӕ гӕсгӕ дыууӕ хатты уӕлӕрвтӕй Чырыстийы тыххӕй загъта, «ай у мӕ уарзон Фырт», зӕгъгӕ (Марчы 1:11; 9:7).

Ахъуыды-ма кӕн ноджыдӕр, Йегъовӕ Авраамӕн йӕ фырты нывондӕн куы хӕссын кодта, уӕд ын кӕй загъта, «курӕг дӕ дӕн», зӕгъгӕ. Библи чи иртасы, иу ахӕм ахуыргонд загъта, Хуыцау кӕй ӕмбӕрста, Авраам йӕ фырты нывондӕн куы ӕрхӕсса, уӕд ын зын кӕй уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ бамбарӕн ис, Авраам уыцы ныхасы фӕстӕ куыд тынг ӕрӕнкъард уыдаид, уый. Стӕй ма бамбарӕн ис, Йегъовӕйӕн куыд зын уыдаид, йӕ уарзон хъӕбул куыд тухи кодта ӕмӕ куыд мард, уымӕ кӕсын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ ахӕм дудгӕ рыст никуы бавзӕрста ӕмӕ никуыуал бавзардзӕн.

Хъӕуы ма зӕгъын, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраамы нӕ бауагъта йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссын. Йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнын ын нӕ бауагъта, Исахъы фервӕзын кодта. Йегъовӕ та «йӕ Фырты нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ йӕ мах сӕрвӕлтау мӕлӕтмӕ радта» (Ромӕгтӕм 8:32). Йегъовӕ афтӕ цӕмӕн бакодта? Цӕмӕй «уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм» (1 Иоанны 4:9). Ӕвӕдза, Хуыцау нӕм цӕй диссаджы уарзондзинад равдыста! Мах дӕр хъуамӕ Хуыцауы афтӕ тынг уарзӕм *.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 5 абз. Библийы никуы ис фыст, Хуыцауӕн ус кӕй уыд ӕмӕ йын уымӕй Чырысти кӕй райгуырд. Йегъовӕ йӕ сфӕлдыста уӕлӕрвты, ӕмӕ уыди зӕд, стӕй йын йӕ цард зӕхмӕ Марийӕйы хуылфмӕ рахаста. Йесойы Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ йӕхи хоны йӕ Фыд.

^ 8 абз. Чырысти цӕмӕн амард ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн нӕ бон аргъ кӕнын куыд у, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» 5 сӕрӕй.