Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕстӕртӕн

Дӕхи дӕлимонтӕй хъахъхъӕн!

Дӕхи дӕлимонтӕй хъахъхъӕн!

Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи кӕсгӕйӕ-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цы хабӕртты тыххӕй кӕсыс, уыдон цыма дӕ алыварс цӕуынц: архайджытӕ цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс, цы дзурынц, уый хъусыс ӕмӕ, цы ’нкъарынц, уый ӕмбарыс.

1 АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС РАЙДИАН 6:1–6 ӔМӔ ХЪУЫДДӔГТӔ 19:11–20.

Куыд дӕм кӕсы, уӕйгуытӕ цыхуызӕн уыдысты?

․․․․․

Хъуыддӕгты 19:13–16 стихты куыд фыст ис, афтӕмӕй, дӕлимон йӕхи кӕуыл ныццавта, уыцы адӕм сӕхи куыд хатыдаиккой?

․․․․․

2 ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.

Уӕйгуыты тыххӕй фылдӕр бакӕс чингуыты кӕнӕ ӕндӕр искуы. Куыд дӕм кӕсы, афтӕ ӕгъатыр цӕмӕн уыдысты?

․․․․․

Куыд ӕмбаргӕ сты ныхӕстӕ, дӕлимонтӕ сӕ «цӕрӕнбынат ныууагътой», зӕгъгӕ? (Бакӕс Иудӕйы 6-ӕм стих). Дӕлимонтӕ зӕххон сылгоймӕгтимӕ кӕй бацардысты, уый ӕнӕгъдау, ӕлгъаг ми схонӕн цӕмӕн ис?

․․․․․

Цы дыууӕ скъуыддзаджы бакастӕ, уыдонӕй куыд зыны, дӕлимонтӕ ӕнӕгъдау митӕ ӕмӕ тыхми кӕй уарзынц, уый?

․․․․․

3 ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...

...дӕлимонтӕ ӕгъатыр ӕмӕ хиуарзон кӕй сты, уымӕй?

․․․․․

ДАРДДӔР КУЫД АРХАЙДЗЫНӔ?

Кӕд абон дӕлимонтӕн сӕ бон адӕймаджы хуызы цӕуын нал у, уӕддӕр дӕ ӕвзӕр зондыл куыд араздзысты?

․․․․․

Абон дӕлимонты зондахаст цавӕр ирхӕфсӕнтӕй зыны?

․․․․․

Дӕлимонты ныхмӕ дӕ фидар фӕлӕууын кӕй фӕнды, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? (Ногӕй бакӕс Хъуыддӕгтӕ 19:18, 19.)

․․․․․

4 АЦЫ ХАБӔРТТӔЙ ДӔ ЗӔРДӔМӔ ТЫНГДӔР ЦЫ ФӔЦЫД ӔМӔ ЦӔМӔН?

․․․․․

Кӕд дӕм Библи нӕй, уӕд зӕгъ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн кӕнӕ та йӕ кӕс сайты www.watchtower.org