Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийы апостолты фӕзмут – ма бафынӕй ут

Чырыстийы апостолты фӕзмут – ма бафынӕй ут

«Ма бафынӕй ут» (МАТФ. 26:38).

1–3. Чырыстийы мӕлӕты размӕ ’хсӕв апостолтӕ куыд «бафынӕй сты» ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг у, сӕ рӕдыд сын зонды хос кӕй фӕци, уый?

АХЪУЫДЫ-МА кӕнӕм, Чырыстийы мӕлӕты размӕ ’хсӕв цы ’рцыд, ууыл. Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ ӕрбацыд, тынг кӕй уарзта, уыцы бынатмӕ – Иерусалимӕй скӕсӕнырдӕм цы дыргъдон уыд, уырдӕм, хуыдтой йӕ Гефсиманийы дыргъдон. Бирӕ цӕуылдӕрты йӕ хъуыд ахъуыды кӕнын, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фӕндыд хибар ран Хуыцаумӕ скувын (Матф. 26:36; Иоан. 18:1, 2).

2 Апостолтӕй ӕртӕйӕ – Петр, Иаков ӕмӕ Иоанн – Йесоимӕ дыргъдонмӕ мидӕгдӕр бацыдысты. Чырысти сын загъта, «фӕлӕуут ам мӕ фарсмӕ, ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ, йӕхӕдӕг та ацыд кувынмӕ. Фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд сӕ фынӕйӕ ӕрбаййӕфта. Ӕмӕ та сын загъта: «Ма бафынӕй ут». Фӕлӕ та сӕ уӕддӕр фынӕйӕ ӕрбаййӕфта, ӕмӕ та ӕртыккаг хатт дӕр афтӕ. Фӕстӕдӕр уыцы ’хсӕв апостолтӕ се ’ппӕт дӕр бафынӕй сты – цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонмӕ цӕттӕ нӕ разындысты, суанг ма Чырыстийы дӕр ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты (Матф. 26:38, 41, 56).

3 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, апостолтӕ фӕстӕдӕр ӕрфӕсмон кодтой, ӕмӕ сын сӕ рӕдыд зонды хос фӕци. Хъуыддӕгты чиныгӕй куыд зыны, афтӕмӕй апостолтӕ фыццаг ӕнусы иннӕ чырыстӕттӕн уыдысты фӕзминаг. Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ куыннӕ зыдтаиккой, цы сӕ хъуыд аразын, цӕмӕй ма бафынӕй уыдаиккой. Фӕлӕ Чырыстийы ныхӕстӕм, ма бафынӕй ут, зӕгъгӕ, абон уӕлдай тынгдӕр хъӕуы хъусын (Матф. 24:42). Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм Хъуыддӕгты чиныгӕй ӕртӕ хабарыл, ӕмӕ нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм.

КӔМ ХЪУСЫН КӔНЫН ХЪӔУЫ, УЫЙ ФӔДЫЛ РАЗАМЫНДМӔ БАЙХЪУЫСТОЙ

4, 5. Хуыцауы сыгъдӕг тых Павелӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн разамынд куыд лӕвӕрдта?

4 Фыццаг хабар: апостолтӕ байхъуыстой, кӕм хъусын кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл сын цы разамынд лӕвӕрд ӕрцыд, уымӕ. Библийӕ базонӕн ис, Чырысти Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн сӕ балцы рӕстӕг разамынд куыд лӕвӕрдта, уый (Хъуыд. 2:33). Уӕдӕ хабармӕ райдианӕй ӕркӕсӕм. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 16:6–10.)

5 Павел, Силӕ ӕмӕ Тимофей рацыдысты хуссар Галатийӕ, горӕт Листрӕйӕ. Цалдӕр боны фӕстӕ бахӕццӕ сты Ромаг сӕйраг фӕндагмӕ. Уыцы фӕндаг кодта ныгуылӕнырдӕм, Азийы облӕсты ӕппӕты фылдӕр адӕм кӕм цард, уырдӕм. Сӕ зӕрды уыд, мингай адӕм кӕм цард, уыцы горӕтты Чырыстийы тыххӕй фехъусын кӕнын, фӕлӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ ныкъкъуылымпы сты. 6-ӕм стихы фыст ис: «Ахызтысты Фригийыл ӕмӕ Галатийы бӕстӕйыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ бауагъта Хуыцауы ныхас Азийы хъусын кӕнын». Библийы бӕлвырд фыст нӕй, сыгъдӕг тых сӕ куыд нӕ бауагъта, уый, фӕлӕ сӕ балц кӕй ныкъкъуылымпы, уый бӕлвырд у. Хъуыддаг афтӕ кӕй рауад, уымӕй Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ бамбӕрстой, Чырыстийы кӕй фӕндыд, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ӕндӕр ранмӕ ацыдаиккой.

6, 7. а) Павелыл ӕмӕ йе ’мбӕлттыл Вифинимӕ хӕстӕг цы ’рцыд? ӕ) Бӕлццӕттӕ цавӕр уынаффӕ рахастой ӕмӕ сӕ хъуыддаг куыд рауад?

6 Уӕдӕ Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ сӕ фӕндаг кӕдӕм акодтой? 7-ӕм стихы фыст ис: «Мисимӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сфӕнд кодтой Вифинимӕ ацӕуын, фӕлӕ сӕ Йесо сыгъдӕг тыхы уылты нӕ бауагъта». Иугӕр Азимӕ сӕ фӕндаг ӕхгӕд ӕрцыд, уӕд ацыдысты цӕгатырдӕм, цӕмӕй Вифинийы горӕтты хъусын кодтаиккой. Фӕлӕ Вифинимӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд та сӕ Йесо сыгъдӕг тыхы уылты ныкъкъуылымпы кодта. Бӕлццӕттӕ ууыл куыннӕ дис кодтаиккой. Уыдон зыдтой, цы ӕмӕ куыд хъуамӕ хъусын кодтаиккой, фӕлӕ нӕ зыдтой, кӕм хъусын кӕной, уый. Фӕндыд сӕ Азимӕ ацӕуын, фӕлӕ сӕ фӕндӕй ницы рауад, уый фӕстӕ афӕлвӕрдтой Вифинийы хъусын кӕнын, фӕлӕ та сын ницы бантыст. Цымӕ уый тыххӕй сӕ ныфс асаст? Нӕ, уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджыты ницы урӕдта!

7 Фӕлӕ уый фӕстӕ цы уынаффӕ рахастой, уый, чи зоны, кӕмӕдӕр ӕнахуыр фӕкӕса. 8-ӕм стихы фыст ис: «Мисийы рӕзты ацыдысты ӕмӕ ӕрцыдысты Троадӕмӕ». Уӕдӕ бӕлццӕттӕ ацыдысты ныгуылӕнырдӕм ӕмӕ фӕцыдысты 550 километры бӕрц, цалдӕр горӕты фӕстейӕ фӕуагътой ӕмӕ бахӕццӕ сты наулӕууӕн горӕт Троадӕмӕ. Уырдыгӕй денджызыл сӕ бон уыд ацӕуын Македонимӕ. Дарддӕр цы ’рцыд, уый базонӕн ис 9-ӕм стихӕй: «Ӕхсӕвы Павел цӕстылуайӕны федта: йӕ разы лӕууыд иу македойнаг лӕг ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, Македонимӕ-ма ӕрцу ӕмӕ нын баххуыс кӕн, зӕгъгӕ». Кӕдӕй-уӕдӕй Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ базыдтой, кӕм хъуамӕ хъусын кодтаиккой, уый. Уымӕй размӕ дыууӕ хатты сӕ фӕнд сӕ къухы нӕ бафтыд, фӕлӕ ацы хатт сӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ! Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ фӕстиат нал фӕкодтой, науыл сбадтысты ӕмӕ Македонимӕ ацыдысты.

8, 9. Павелы балц куыд рауад, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

8 Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Павелӕн разамынд кӕй радта, Азимӕ куы ацыд, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ. Стӕй Павел Вифинимӕ хӕстӕг куы уыд, ӕрмӕстдӕр ын уый фӕстӕ бацамыдта, дарддӕр ӕй цы кӕнын хъӕуы, уый. Ӕппынфӕстаг, Троадӕмӕ куы бахӕццӕ, ӕрмӕстдӕр ын уый фӕстӕ загъта, Македонимӕ ацу, зӕгъгӕ. Чырысти абон дӕр лӕууы ӕмбырды сӕргъы ӕмӕ, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн раздӕр разамынд куыд лӕвӕрдта, афтӕ сын абон дӕр дӕтты разамынд (Кол. 1:18). Зӕгъӕм, фӕнд кӕныс пионерӕй лӕггад кӕнын кӕнӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ ацӕуын. Фӕлӕ иу хъуыддаг рох кӕнын нӕ хъӕуы: чи зоны афтӕ рауайа, ӕмӕ дын Йесо Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы разамынд ратдзӕн, дӕ нысанмӕ тырнын куы райдайай, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ. Зӕгъӕм, машинӕ галиуырдӕм кӕнӕ рахизырдӕм ӕрмӕстдӕр цӕугӕ-цӕуын фӕзилӕн ис. Уӕдӕ мах дӕр фылдӕр лӕггад кӕнын куы фӕнда, уӕд нын Йесо разамынд дӕтдзӕн, размӕ куы цӕуӕм, ома нӕ нысанмӕ ӕппӕт тыхтӕй куы тырнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд.

9 Фӕлӕ, зӕгъӕм, архайыс, фӕлӕ дын нырма ницы ӕнтысы. Цымӕ уӕд хъуамӕ дӕ ныфс асӕтта, зӕгъгӕ мын Хуыцау нӕ арфӕ кӕны? Дӕ зӕрдыл дар, Павелы раз дӕр цӕлхдуртӕ кӕй уыд, фӕлӕ уӕддӕр йӕ къухтӕ кӕй не ’руагъта. Уӕдӕ ды дӕр дӕ ныфс асӕттын куы нӕ бауадзай ӕмӕ дарддӕр хъусын кӕнынӕн фадӕттӕ куы агурай, уӕд дӕуӕн дӕр Хуыцау раарфӕ кӕндзӕн (1 Кор. 16:9).

МА УӔ РОХ КӔНӔД КУВЫН

10. Цӕмӕй ма бафынӕй уӕм, уый тыххӕй ӕппынӕдзух Хуыцаумӕ кувын кӕй хъӕуы, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

10 Ныр та аныхас кӕнӕм, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй дыккагыл: ӕппынӕдзух Хуыцаумӕ куывтой (1 Пет. 4:7). Цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа ӕмӕ ма бафынӕй уӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг у кувын. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Чырыстийы куы нӕма ӕрцахстой, уӕд Гефсиманийы дыргъдоны йе ’ртӕ апостолӕн афтӕ кӕй загъта: «Ма бафынӕй ут ӕмӕ ӕппынӕдзух кувут» (Матф. 26:41).

11, 12. Ирод Петры ӕмӕ иннӕ чырыстӕтты цӕмӕн ӕфхӕрдта ӕмӕ цы бакодта?

11 Чырысти уыцы ныхӕстӕ кӕмӕн загъта, уыдонӕй иу уыд Петр. Уый фӕстӕдӕр йӕхиуыл бавзӕрста, зӕрдӕбынӕй кувын куыд ахсджиаг у, уый. (Бакӕс Хъуыддӕгты 12:1–6.) Ацы скъуыддзаджы фыццаг стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй Ирод дзуттӕгты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй райдыдта чырыстӕтты ӕфхӕрын. Ӕвӕццӕгӕн, Ирод зыдта, апостол Иаков Йесойы ӕввахс ӕмбал кӕй уыд, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ «хъамайӕ амарын кодта» (2-аг стих). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Иаковыл тынг ӕнувыд уыдысты, ӕмӕ сын йӕ мӕлӕт стыр масты хос куыннӕ уыдаид!

12 Цымӕ Ирод ууыл ӕрлӕууыд? 3-аг стихы фыст ис: «Уыцы хъуыддаг дзуттӕгты зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд, уый куы федта, уӕд Петры дӕр ӕрцахсын кодта». Фӕлӕ уымӕй размӕ апостолтӕй чидӕртӕ ахӕстонӕй диссаджы хуызы ссӕрибар сты. Ахӕм хабар ӕрцыд Петрыл дӕр (Хъуыд. 5:17–20). Уый, ӕвӕццӕгӕн, Ирод дӕр зыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бацархайдта, цӕмӕй ацы хатт Петр ма алыгъдаид. «[Ирод] ӕфсӕддонты цыппар къордӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ хъахъхъӕдтаиккой. Алы къорды дӕр уыди цыппар ӕфсӕддоны. Куадзӕны фӕстӕ та фӕнд кодта Петры адӕммӕ ракӕнын» (4-ӕм стих). Ахъуыды-ма кӕн, Ирод Петры дыууӕ хъахъхъӕнӕгмӕ рӕхыстӕй бабӕттын кодта, 16 адӕймаджы та йӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕрӕдзи ивгӕ хъахъхъӕдтой. Ироды фӕндыд, цӕмӕй йӕ Куадзӕны адӕмы размӕ ракодтаид ӕмӕ йӕ амарын кодтаид, ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ зӕрдӕ балхӕдтаид. Цымӕ ахӕм тӕссаг уавӕры хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон цы уыд аразын?

13, 14. а) Петр ахст куы уыд, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цы куыстой? ӕ) Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Петры тыххӕй Хуыцаумӕ кӕй куывтой, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хорз зыдтой, цы кӕнын сӕ хъуыд, уый. 5-ӕм стихы кӕсӕм: «Петр ахӕстоны куы уыд, уӕд ӕмбырд та уый тыххӕй Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куывта». Иууылдӕр зӕрдӕбынӕй Хуыцаумӕ куывтой ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодтой сӕ уарзон ӕфсымӕры тыххӕй. Иаковы кӕй амардтой, уый тыххӕй сӕ ныфс нӕ асаст ӕмӕ афтӕ дӕр нӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, нӕ куывдтытӕй ницы пайда ис. Уыдон фидарӕй зыдтой, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕм лӕмбынӕг кӕй фӕхъусы. Ӕмӕ сӕ куывдтытӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куы вӕййынц, уӕд сын сӕ ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст кӕны (Дзут. 13:18, 19; Иак. 5:16).

14 Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Цӕмӕй ма бафынӕй уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕрмӕст нӕхи тыххӕй ма кувӕм, фӕлӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй дӕр (Еф. 6:18). Ӕмбырдӕй зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, ахӕмты зоныс? Кӕйдӕр, чи зоны, ӕфхӕргӕ кӕнынц, чидӕр ӕрдзон бӕллӕхы бахауд, чидӕр та цӕры, хъусын кӕныны хъуыддаг кӕм къуылымпы кӕнынц, ахӕм бӕстӕйы. Дӕ бон у ахӕм хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй зӕрдӕбынӕй кувын? Чидӕр та, чи зоны, ахӕм зындзинӕдтӕ ’взары, ӕмӕ бирӕтӕ зонгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц, адӕймаг зын уавӕры кӕй ис, уый. Зӕгъӕм, кӕмӕндӕр ис зындзинӕдтӕ бинонты ’хсӕн, чидӕр йӕхимӕ ныхъхъуыста, чи та рынчын у. Хорз уаид, акувыны размӕ-иу сыл куы ахъуыды кӕнис, ӕмӕ-иу стӕй, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцаумӕ» алкӕй тыххӕй дӕр номгай куы скувис (Пс. 65:2).

15, 16. а) Йегъовӕйы зӕд Петры куыд фервӕзын кодта? (Кӕс нывмӕ.) ӕ) Йегъовӕ Петры ахӕстонӕй куыд ссӕрибар кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад куыд бафидар вӕййы?

15 Цымӕ Петр цы баци? Ахӕстоны фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд ӕрцыд диссаджы хабӕрттӕ. (Бакӕс Хъуыддӕгты 12:7–11.) Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Петр дыууӕ хахъхъӕнӕджы ’хсӕн тарффынӕй кӕны. Ӕвиппайды бӕстӕ ныррухс ӕмӕ фӕзынд зӕд, фӕлӕ йӕ хъахъхъӕнджытӕ, ӕвӕццӕгӕн, нӕ федтой. Зӕд Петры райхъал кодта. Петры къухтӕ цы рӕхыстӕй баст уыдысты, уыдон ӕрхаудысты, ӕмӕ йӕ зӕд хъахъхъӕнджыты рӕзты ӕддӕмӕ ракодта. Уый фӕстӕ стыр ӕфсӕйнаг кулдуар йӕхи ӕгъдауӕй байгом ӕмӕ зӕд Петримӕ ӕддӕмӕ ахызт. Куыддӕр ахӕстоны дуары ӕддейӕ фесты, афтӕ зӕд фӕцыдӕр. Петр ссӕрибар ис!

16 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куыд фервӕзын кӕны, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ уырнындзинад нӕ бафидар вӕййы? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, абон дӕр нӕ Йегъовӕ диссаджы хуызы кӕй ирвӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ нӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕйы бон кӕй у йе стыр хъаруйы фӕрцы йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын (2 Аз. 16:9). Йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы нӕ бон у цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр фидар фӕлӕууын (2 Кор. 4:7; 2 Пет. 2:9). Стӕй ма Йегъовӕ тагъд рӕстӕджы йӕ Фыртӕн ахӕм бартӕ ратдзӕн, цӕмӕй милуангай адӕмы ссӕрибар кӕна ӕппӕты фидардӕр ахӕстонӕй – мӕлӕтӕй (Иоан. 5:28, 29). Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндӕм, уый руаджы нӕ бон вӕййы нӕ зындзинӕдтимӕ хъӕбатырӕй тох кӕнын.

ФӔЛВАРӔНТӔ СӔ «БӔСТОН... ХЪУСЫН КӔНЫН» НӔ БАХЪЫГДАРДТОЙ

17. Зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын кӕй хъӕуы ӕмӕ, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый рох кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уыцы хъуыддаджы нын Павел фӕзминаг куыд у?

17 Ныр та аныхас кӕнӕм, апостолтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй ӕртыккагыл: фӕлварӕнты рӕстӕг дӕр бӕстон хъусын кодтой. Цӕмӕй ма бафынӕй уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ма рох кӕнӕм. Уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг у апостол Павел. Хъусын кӕнгӕйӕ йӕхиуыл нӕ ауӕрста, бирӕ рӕтты фехъусын кодта хорз хабар ӕмӕ йӕ фӕрцы фӕзынд бирӕ ног ӕмбырдтӕ. Кӕд бирӕ фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд, уӕддӕр ӕдзух зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта ӕмӕ, цы рӕстӕджы цард, уый нӕ рох кодта (2 Кор. 11:23–29).

18. Павел Ромы ахст куы уыд, уӕд дӕр куыд хъусын кодта?

18 Фӕстаг хатт Хъуыддӕгты чиныджы Павелы тыххӕй кӕсӕм 28-ӕм сӕры. Павелы ӕрбаластой Роммӕ, цӕмӕй йын паддзах Нерон тӕрхон рахастаид. Ӕвӕццӕгӕн йӕ хъахъхъӕнӕгмӕ рӕхысӕй баст уыд, фӕлӕ уый зынгзӕрдӕ апостолы куыд хъуамӕ баурӕдтаид! Ахӕм уавӕры дӕр Павел фадӕттӕ агуырдта хорз хабар хъусын кӕнынӕн. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 28:17, 23, 24.) Ромы ӕртӕ боны йеддӕмӕ нӕма уыд, афтӕ «фӕдзырдта дзуттӕгты дзырддзӕугӕ лӕгтӕм», цӕмӕй сын хорз хабар радзырдтаид. Уый фӕстӕ Ромы цӕрӕг дзуттӕгтӕ равзӕрстой, ногӕй йӕм кӕд ӕрбацӕудзысты, уыцы бон. Уый руаджы сын Павел ноджы бӕстондӕр радзырдта хорз хабары тыххӕй. 23-ӕм стихы фыст ис: «Уӕд йемӕ, цы бон фембӕлдзысты, уый тыххӕй баныхас кодтой. Ӕмӕ, кӕм ӕрлӕууыд, уырдӕм ӕм ноджы фылдӕрӕй ӕрбацыдысты, ӕмӕ сын Павел райсомӕй изӕрмӕ, хабар цӕй мидӕг ис, уый ӕмбарын кодта: бӕстон сын хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй ӕмӕ сын Йесойы тыххӕй фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста Моисейы закъонӕй ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕй».

19, 20. а) Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ Павел ӕнтыстджын цӕмӕн уыд? ӕ) Кӕд иууылдӕр хорз хабармӕ нӕ хъуыстой, уӕддӕр Павел цы куыста?

19 Цымӕ Павел ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыд? Уый базонӕн ис 23-ӕм стихӕй: 1) Павел дзырдта Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй; 2) чи йӕм хъуыста, уыдонӕн «фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста»; 3) адӕмимӕ ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ; 4) йӕхиуыл нӕ ауӕрста, ӕмӕ хъусын кодта «райсомӕй изӕрмӕ». Кӕд Павел хорз хабар бӕстон хъусын кодта, уӕддӕр ӕм алчидӕр нӕ байхъуыста. 24 стихы фыст ис: «Йӕ ныхӕстыл [ын] иутӕ баууӕндыдысты, иннӕтӕ та – нӕ». Адӕм кӕрӕдзиимӕ разы кӕй нӕ уыдысты, уымӕ гӕсгӕ алырдӕмты ныппырх сты.

20 Цымӕ Павелӕн йӕ ныфс асаст, хорз хабармӕ иууылдӕр кӕй нӕ байхъуыстой, уый тыххӕй? Нӕ асаст. Хъуыддӕгты 28:30, 31 кӕсӕм: «Павел цы хӕдзар баххуырста, уым фӕцард дыууӕ азы, ӕмӕ-иу ӕм чи ’рбацыд, уыдонмӕ-иу се ’ппӕтмӕ дӕр хорз цӕстӕй ракаст. Ӕмӕ сын хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй ӕмӕ сын тынг ныфсджынӕй дзырдта Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ йӕ ницы хъыгдардта». Ацы ӕхсызгон хабарӕй фӕуд кӕны Хуыцауы фӕндӕй фыст Хъуыддӕгты чиныг.

21. Павел ахст куы уыд, уӕд цы куыста, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

21 Павелӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ахст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон нӕ уыд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын, фӕлӕ йын уый йӕ ныфс нӕ асаста. Чи-иу ӕй бабӕрӕг кодта, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр хъусын кодта. Абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстӕтты бадынц, фӕлӕ уӕддӕр ныфсджынӕй хъусын кӕнынц. Нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕд иууылдӕр ахӕстӕтты нӕ бадынц, уӕддӕр дзы кӕмӕндӕрты сӕ бон нӕу хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын, чидӕртӕ та дзы цӕрынц зӕрӕдты хӕдзары, уымӕн ӕмӕ сӕ чи рынчын у, кӕуылдӕр та азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой. Сӕ бон куы вӕййы, уӕд Хуыцауы тыххӕй фӕныхас кӕнынц дохтыртимӕ ӕмӕ сӕм рынчынфӕрсӕг чи ’рбацӕуы, уыдонимӕ. Тынг сӕ фӕнды Хуыцауы Паддзахады тыххӕй бӕстон хъусын кӕнын. Куыд зынаргъ нын сты уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ!

22. а) Хъуыддӕгты чиныг хуыздӕр цӕй фӕрцы бамбардзыстӕм? (Кӕс рамкӕ уӕлейы.) ӕ) Цалынмӕ ацы дунейы кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ дӕ цы фӕнды аразын?

22 Хъуыддӕгты чиныджы апостолты ӕмӕ иннӕ чырыстӕтты тыххӕй цы фыст ис, уыдӕттӕ кӕсгӕйӕ нӕ бон бирӕ у базонын, цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм. Цалынмӕ ацы дунейы кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ мах дӕр уыдонау фӕнды хорз хабар ныфсджынӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Абон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй бӕстон хъусын кӕнынӕй кадджындӕр хъуыддаг нӕй! (Хъуыд. 28:23).

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 13 фарсыл]

«ХЪУЫДДӔГТЫ ЧИНЫДЖЫ ФЫСТ ХАБӔРТТӔМ ӔНДӔР ЦӔСТӔЙ РАКАСТӔН»

Иу цӕуӕг цӕстдарӕг чиныг «Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй» куы бакаст, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ загъта: «Ацы чиныджы фӕстӕ Хъуыддӕгты чиныджы фыст хабӕрттӕм ӕндӕр цӕстӕй ракастӕн. Раздӕр-иу сӕ цыма сойын цырагъы рухсмӕ кастӕн, мӕ уӕлӕ та-иу цыма рыгӕйдзаг кӕсӕнцӕстытӕ уыд, афтӕ-иу мӕм каст. Ныр та мӕм уыцы хабӕрттӕ ирдӕй разындысты, цыма сӕ хуры рухсмӕ суыдтон, уыйау».

[Ныв 12 фарсыл]

Зӕд Петры стыр ӕфсӕйнаг кулдуарыл ракодта