Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сауджынты паддзахад» – арфӕдзинад ӕппӕт адӕмӕн

«Сауджынты паддзахад» – арфӕдзинад ӕппӕт адӕмӕн

«Сымах... стут „ӕвзӕрст мыггаг, паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыцы сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ чи у, уыцы адӕм“» (1 ПЕТ. 2:9).

1. «Хицауы ӕхсӕвӕр» ма Ӕрымысӕн изӕр дӕр цӕмӕн хонынц ӕмӕ уыцы бӕрӕгбонӕн йӕ нысан цы у?

НӔ ЭРӔЙЫ 33 азы 14 нисаны изӕры Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ 12 апостолы фӕстаг хатт сбӕрӕг кодтой дзуттаг бӕрӕгбон, Куадзӕн. Йесо Иудӕ Искариоты, чи йӕ хъуамӕ ауӕй кодтаид, уыцы апостолы, куы арвыста, уӕд бындур ӕрӕвӕрдта ӕндӕр бӕрӕгбонӕн. Фӕстӕдӕр уыцы бӕрӕгбон хонын райдыдтой «Хицауы ӕхсӕвӕр» (1 Кор. 11:20). Йесо дыууӕ хатты загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Афтӕ кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй». Ацы бӕрӕгбон ма хонынц Ӕрымысӕн изӕр дӕр, ӕмӕ уыцы изӕр нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм Чырыстийы царды хабӕрттӕ, уӕлдайдӕр та, йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уый (1 Кор. 11:24, 25). Ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусынц Йесойы ныхӕстӕм ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕр алы аз дӕр бӕрӕг кӕнынц. Бӕрӕг ӕй кӕнынц Библимӕ гӕсгӕ 14 нисаны. 2012 азы 14 нисан райдайдзӕн 5 апрелы, цыппӕрӕмы, хурныгуылды фӕстӕ.

2. Йесо дзул ӕмӕ сӕны тыххӕй цы загъта?

2 Уыцы изӕр Йесо цы сарӕзта ӕмӕ цы загъта, уый тыххӕй ахуыргӕнинаг Лука цыбыртӕй ныффыста: «Уый фӕстӕ райста дзул, Хуыцауӕн бузныг загъта, ӕрсаста йӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: „Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар – уый лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сымах тыххӕй. Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй“. Ӕхсӕвӕры фӕстӕ Йесо райста сӕны къус дӕр ӕмӕ загъта: „Ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд – уый фидаргонд цӕуы мӕ тугӕй, сымах тыххӕй чи ныккӕлдзӕн, уыцы тугӕй“» (Лук. 22:19, 20). Ацы ныхӕстӕ апостолтӕн цӕуыл дзурӕг уыдысты?

3. Йесойы ныхӕстӕ апостолтӕн цӕуыл дзурӕг уыдысты?

3 Апостолтӕ дзуттӕгтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ зыдтой, Иерусалимы кувӕндоны сауджынтӕ Хуыцауӕн фосы нывӕндтӕ кӕй хастой, уый. Дзуттӕгтӕ нывӕндтӕ уый тыххӕй хастой, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы хорзӕх ссардтаиккой. Уыцы нывӕндтӕй бирӕтӕ хъуыдысты тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны тыххӕй (Лев. 1:4; 22:17–29). Ӕмӕ Йесо афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, мӕ буар ӕмӕ мӕ туг сымах тыххӕй лӕвӕрд ӕрцӕудзысты, уӕд апостолтӕ бамбӕрстой, йӕ ӕххӕст цард уыдоны тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ уыцы нывондӕн фосы нывӕндтӕй бирӕ стырдӕр тых кӕй уыдзӕн.

4. Йесо афтӕ куы загъта, «ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд», зӕгъгӕ, уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд?

4 Цы ис зӕгъӕн Йесойы ныхӕстӕй, «ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд», зӕгъгӕ? Апостолтӕ зыдтой, ног бадзырды тыххӕй пехуымпар Йереми цы загъта, уый. (Бакӕс Йеремийы 31:31–33.) Йесойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ уыцы ног бадзырд семӕ аразы. Ног бадзырдӕй ивд ӕрцыд, Йегъовӕ израилӕгтӕн Моисейы уылты кӕй радта, уыцы Закъонимӕ баст бадзырд. Цымӕ ацы дыууӕ бадзырды кӕрӕдзиимӕ искуыд баст уыдысты?

5. Моисейы закъонимӕ баст бадзырд израилӕгтӕн цавӕр фадат лӕвӕрдта?

5 Дыууӕ бадзырдӕн дӕр сӕ нысан иу уыди. Йегъовӕ израилӕгтимӕ Моисейы закъонимӕ баст бадзырд куы арӕзта, уӕд сын загъта: «Кӕд... алы хъуыддаджы дӕр мӕ коммӕ кӕсат ӕмӕ мын мӕ бадзырд ӕххӕст кӕнат, уӕд ӕппӕт адӕмтӕй дӕр сымах суыдзыстут мӕ адӕм, уыдзыстут мын, уӕлдай зынаргъ мын чи у, уыцы адӕм, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр мӕн у. Сымах мын суыдзыстут сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм» (Рац. 19:5, 6). Ацы ныхӕстӕ израилӕгтӕн цӕуыл дзурӕг уыдысты?

ХУЫЦАУ ЗӔРДӔ БАВӔРДТА «САУДЖЫНТЫ ПАДДЗАХАДӔЙ»

6. Йегъовӕ израилӕгтимӕ Моисейы закъонимӕ баст бадзырд цӕмӕн скодта?

6 Израилӕгтӕ ӕмбӕрстой, дзырд «бадзырд» цы нысан кӕны, уый, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ бадзырдтӕ скодта сӕ фыдӕлтимӕ дӕр, Ной ӕмӕ Авраамимӕ (Райд. 6:18; 9:8–17; 15:18; 17:1–9). Хуыцау Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уымӕ гӕсгӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» (Райд. 22:18). Моисейы закъонимӕ баст бадзырд Йегъовӕ уый тыххӕй скодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кодтаид. Уый фӕрцы израилӕгтӕн фӕзынд уый фадат, цӕмӕй суыдаиккой, Йегъовӕйӕн ӕппӕт адӕмтӕй дӕр «уӕлдай зынаргъ» чи уыдаид, уыцы адӕм. Хуыцау сын ахӕм фадат цӕмӕн радта? Цӕмӕй суыдаиккой «сауджынты паддзахад».

7. Цӕмӕ амыдта дзырдбаст «сауджынты паддзахад»?

7 Израилӕгтӕн ӕнӕзонгӕ нӕ уыд, паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ чи уыдысты, уый. Фӕлӕ раджы заманты ӕрмӕстдӕр иу адӕймаг, Мелхиседек, уыди паддзах дӕр ӕмӕ сауджын дӕр, ӕмӕ уый уыд Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ (Райд. 14:18). Ӕмӕ ныр та Моисейы закъонимӕ баст бадзырды фӕрцы Йегъовӕ израилӕгтӕн фадат радта, цӕмӕй «сауджынты паддзахад» сӕ адӕмӕй ӕвзӕрст ӕрцыдаид. Фӕстӕдӕр Петр уыцы ӕвзӕрст адӕймӕгты тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, уыдон сты, «паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыцы сауджынтӕ», ома уыцы иу рӕстӕг уыдзысты паддзӕхтӕ дӕр ӕмӕ сауджынтӕ дӕр (1 Пет. 2:9).

8. Хуыцауы ӕвӕрд сауджынӕн-иу йӕ хӕс цы уыд?

8 Алчидӕр ӕй зоны, паддзах адӕмӕн разамынд кӕй дӕтты. Фӕлӕ-иу Йегъовӕйы ӕвӕрд сауджынӕн та йӕ хӕс цы уыд? Дзуттӕгтӕм 5:1 уый тыххӕй фыст ис: «Адӕмӕй хистӕр сауджын чи свӕййы, уыдонӕй алкӕцы дӕр ӕвӕрд ӕрцӕуы Хуыцауы хъуыддаджы сӕргъы, адӕмӕн ӕххуыс кӕнынӕн, цӕмӕй кувинӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ хӕсса». Куыд ӕй уынӕм, афтӕмӕй-иу сауджын адӕмы номӕй ӕрлӕууыд Хуыцауы раз – фосы нывӕндтӕ-иу ӕрхаста ӕмӕ-иу ын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сын сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтаид. Ӕмӕ-иу Йегъовӕйы номӕй та адӕмы раз ӕрлӕууыд – Закъон-иу сын амыдта (Лев. 10:8–11; Мал. 2:7). Афтӕмӕй-иу сауджын адӕмы Хуыцауимӕ бафидауын кодта.

9. а) Цӕмӕй израилӕгтӕ «сауджынты паддзахад» суыдаиккой, уый тыххӕй сӕ цы хъуыди аразын? ӕ) Йегъовӕ-иу израилӕгтӕн сӕхицӕй кӕйдӕрты сауджынтӕй цӕмӕн сӕвӕрдта? б) Израилӕгтӕн сӕ бон цӕуылнӕ уыд, цӕмӕй ӕппӕт адӕмӕн дӕр паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ суыдаиккой?

9 Закъонимӕ баст бадзырд израилӕгтӕн фадат лӕвӕрдта, цӕмӕй паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ суыдаиккой ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхастаиккой «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр». Фӕлӕ цӕмӕй уыцы диссаджы фадатӕй спайда кодтаиккой, уый тыххӕй сӕ цыдӕр хъуыди аразын. Хуыцау сын загъта, зӕгъгӕ, «кӕд... алы хъуыддаджы дӕр мӕ коммӕ кӕсат ӕмӕ мын мӕ бадзырд ӕххӕст кӕнат», уӕд уын уыдзӕн ахӕм фадат. Цымӕ израилӕгтӕн сӕ бон уыди «алы хъуыддаджы дӕр» Йегъовӕйы коммӕ кӕсын? Уыди, фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ бынтон ӕнӕрӕдигӕ уыдысты (Ром. 3:19, 20). Ӕмӕ-иу сын уый тыххӕй Йегъовӕ сӕхицӕй кӕйдӕрты сӕвӕрдта сауджынтӕй. Уыцы сауджынтӕ паддзахы хӕстӕ не ’ххӕст кодтой, фӕлӕ сӕ куыст уыди адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй фосы нывӕндтӕ хӕссын (Лев. 4:1–6:7). Сауджынтӕ нывӕндтӕ хастой сӕхи тӕригъӕдты тыххӕй дӕр (Дзут. 5:1–3; 8:3). Йегъовӕ-иу уыцы нывӕндтӕ айста, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ израилӕгтӕ тӕригъӕдӕй бынтондӕр ссӕрибар сты. Сауджынтӕн сӕ бон нӕ уыд, Закъон ӕххӕст кӕныныл ӕппӕт хъарутӕй чи архайдта, суанг уыдоны дӕр Хуыцауимӕ кӕронмӕ бафидауын кӕнын. Уыцы хабар апостол Павел афтӕ бамбарын кодта: «Галты ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕггӕнӕн нӕй» (Дзут. 10:1–4). Израилӕгтӕ Закъон кӕронмӕ кӕй не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй уыдысты ӕлгъыстаг (Гал. 3:10). Ӕмӕ ахӕм уавӕры, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ бон нӕ уыд, цӕмӕй ӕппӕт адӕмӕн дӕр паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ суыдаиккой.

10. Моисейы закъонӕн йӕ нысан цы уыди?

10 Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ израилӕгтӕ «сауджынты паддзахад» никуы суыдаиккой. Йегъовӕйы коммӕ кӕсыныл ӕппӕт хъарутӕй куы архайдтаиккой, уӕд сын ахӕм фадат уыдаид. Ӕрмӕст, цалынмӕ Закъоны дӕлбар уыдысты, уӕдмӕ уый сӕ къухы нӕ бафтыдаид. Цӕуылнӕ? (Бакӕс Галатӕгтӕм 3:19–25.) Моисейы закъонӕн йӕ нысан уый уыди, цӕмӕй коммӕгӕс израилӕгты мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй хъахъхъӕдтаид. Стӕй ма уыцы Закъоны фӕрцы ӕмбӕрстой, тӕригъӕдджынтӕ кӕй сты ӕмӕ сӕ кӕй хъӕуы, хистӕр сауджын цы нывӕндтӕ хаста, уыдонӕй стырдӕр нывонд. Закъон сын уыди «сывӕллонгӕсы» хуызӕн, ӕмӕ сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй Чырысти, кӕнӕ Мессийӕ (нысан кӕны «Сӕрст»), куы ’рцыдаид, уӕд ыл баууӕндыдаиккой. Ӕмӕ йыл чи баууӕндыдаид, уыдонимӕ хъуамӕ скодтаид, пехуымпар Йереми кӕй кой кодта, уыцы ног бадзырд, ӕмӕ афтӕмӕй суыдаиккой «сауджынты паддзахад». Куыд, ууыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.

«САУДЖЫНТЫ ПАДДЗАХАД» – НОГ БАДЗЫРДЫ ФӔРЦЫ

11. Йесо «сауджынты паддзахадӕн» йӕ бындур куыд сси?

11 Нӕ эрӕйы 29 азы назаретаг Йесо сси Мессийӕ. 30 азы бӕрц ыл куы цыди, уӕд донаргъуыд райста ӕмӕ уымӕй равдыста, Йегъовӕ йӕ зӕхмӕ цы ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй рарвыста, уый сӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Йегъовӕ загъта, зӕгъгӕ, «ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт», ӕмӕ йӕ ӕнӕуи сойӕ нӕ, фӕлӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста (Матф. 3:13–17; Хъуыд. 10:38). Хуыцау Йесойы уый тыххӕй байсӕрста, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр баууӕндыдаид, уыдонӕн суыдаид сӕ Хистӕр сауджын ӕмӕ фидӕны та сӕ Паддзах (Дзут. 1:8, 9; 5:5, 6). Ӕмӕ уӕд Йесо сси «сауджынты паддзахадӕн» йӕ бындур – йӕ бон уыди иннӕтӕн дӕр уый фадат раттын, цӕмӕй уыдон дӕр сауджынтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ суыдаиккой.

12. Чырыстийы нывонды тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

12 Йесойы, Хистӕр сауджыны, ахӕм нывонд хъуыди ӕрхӕссын, цӕмӕй бамбӕрзтаид, адӕм сӕ туджы кӕй рахастой, уыцы тӕригъӕд. Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕвӕрдта, уӕд йӕхӕдӕг загъта, уыцы нывонд кӕй уыдзӕн йӕхи цард – ӕххӕст адӕймаджы цард. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 9:11, 12.) Йесо донаргъуыд куы райста ӕмӕ Хистӕр сауджын куы сси, уыцы рӕстӕгӕй йӕм суанг йӕ мӕлӕты онг ӕнхъӕлмӕ каст бирӕ фӕлварӕнтӕ. Уыцы фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыд, ӕмӕ афтӕмӕй сахуыр коммӕ кӕсыныл (Дзут. 4:15; 5:7–10). Куы райгас, уӕд ссыд уӕлӕрвтӕм ӕмӕ Йегъовӕйы раз йӕ нывонды аргъимӕ ӕрлӕууыд (Дзут. 9:24). Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ бон у, йӕ нывонд адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй ирвӕзын кӕны, ууыл чи ӕууӕнды, уыдоны тыххӕй Йегъовӕйӕн «лӕгъстӕ кӕнын». Стӕй сын йӕ бон у Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕппынфӕстаг ӕнусон цардӕй хайджын уой (Дзут. 7:25). Уымӕй уӕлдай ма уыцы нывонды фӕрцы йӕ тыхы бацыд ног бадзырд дӕр (Дзут. 8:6; 9:15).

13. Ног бадзырд арӕзт кӕимӕ ӕрцыд, уыдонмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст?

13 Ног бадзырд арӕзт кӕимӕ ӕрцыд, уыдоны дӕр Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста (2 Кор. 1:21). Се ’хсӕн уыди Хуыцауыл иузӕрдион дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдон дӕр (Еф. 3:5, 6). Ӕмӕ сӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст? Хуыцау сын сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтаид. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕд нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн» (Йер. 31:34). Ӕмӕ иугӕр Чырыстийы нывонды фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты, уӕд сӕ бон уыди, цӕмӕй «сауджынты паддзахад» суыдаиккой. Сӕрст чырыстӕттӕм Петр ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Сымах... стут „ӕвзӕрст мыггаг, паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыцы сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ чи у, уыцы адӕм, цӕмӕй алкӕмдӕр хъусын кӕнат“, талынгӕй уӕ чи ракодта ӕмӕ уӕ йӕ диссаджы рухсмӕ чи ӕрхуыдта, уымӕн йӕ „диссаджы миниуджыты тыххӕй“» (1 Пет. 2:9). Ам Петр ӕрхаста, Йегъовӕ израилӕгтӕн Моисейы уылты Закъон куы радта, уӕд сын цы ныхӕстӕ загъта, уыдон. Бамбарын сын кодта, уыцы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, ног бадзырд арӕзт кӕимӕ ӕрцыд, уыдоныл (Рац. 19:5, 6).

«САУДЖЫНТЫ ПАДДЗАХАД» АРФӔДЗИНӔДТӔ ХӔССЫ ӔППӔТ АДӔМӔН

14. Ног бадзырд арӕзт кӕимӕ ӕрцыд, уыдон сауджынтӕй ӕмӕ паддзӕхтӕй кӕм хъуамӕ лӕггад кодтаиккой?

14 Ног бадзырд арӕзт кӕимӕ ӕрцыд, уыдон кӕм лӕггад кӕнынц? Цалынмӕ зӕххыл сты, уӕдмӕ уал ам лӕггад кӕнынц сауджынтӕй – Йегъовӕйы номӕй адӕмы раз ӕрлӕууынц, хъусын сын кӕнынц йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй ӕмӕ сын дӕттынц, уырнындзинад чи фидар кӕны, ахӕм хӕринаг (Матф. 24:45; 1 Пет. 2:4, 5). Куы амӕлынц ӕмӕ куы райгас вӕййынц, уӕд та уӕлӕрвты Чырыстиимӕ сӕ бон вӕййы сауджынты хӕстӕ дӕр ӕмӕ паддзӕхты хӕстӕ дӕр ӕххӕст кӕнын (Лук. 22:29; 1 Пет. 1:3–5; Рарг. 1:6). Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, уӕлӕрвты Йегъовӕйы паддзахбадӕны раз кӕй лӕууыд цалдӕр херувимы. Уыдон «Уӕрыккӕн» зарыдысты «ног зарӕг» ӕмӕ дзы уыд ахӕм ныхӕстӕ: «Дӕ тугӕй Хуыцауӕн балхӕдтай адӕймӕгтӕ алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмыхаттӕй ӕмӕ алы адӕмӕй ӕмӕ сӕ скодтай нӕ Хуыцауы паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ, ӕмӕ уыдон зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ» (Рарг. 5:8–10). Фӕстӕдӕр ӕндӕр цӕстылуайӕны Иоанн уыцы паддзӕхты тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уыдон «уыдзысты Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы сауджынтӕ, ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы» (Рарг. 20:6). Уӕдӕ Чырыстиимӕ иумӕ уыдон сты, ӕппӕт адӕмӕн дӕр арфӕдзинӕдтӕ чи хӕссы, уыцы «сауджынты паддзахад».

15, 16. «Сауджынты паддзахад» адӕмӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?

15 Сауджынтӕй ӕмӕ паддзӕхтӕй чи лӕггад кӕндзӕн, уыцы 144 000 сӕрст чырыстоны зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзысты? Раргомады чиныджы 21 сӕры цӕстылуайӕны уыдон ӕвдыст цӕуынц уӕларвон горӕт Ног Иерусалимы хуызы, ӕмӕ хуыйнынц «Уӕрыччы усаг» (Рарг. 21:9). Уыцы сӕры 2–4 стихты та фыст ис: «Федтон ма ноджыдӕр, уӕларвӕй, Хуыцауӕй, кӕй ӕрцӕйцыд сыгъдӕг горӕт – Ног Иерусалим – йӕ мойагӕн чындзау рӕсугъд арӕзтӕй. Ӕмӕ мӕм паддзахбадӕнӕй райхъуыст тыхджын хъӕлӕс: „Акӕс-ма! Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ адӕм. Ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ. Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта“». Уымӕй стырдӕр арфӕдзинад ма цы хъуамӕ уа! Адӕм цӕссыг нал калдзысты ӕмӕ хъарӕг нал кӕндзысты, стӕй маст ӕмӕ рыст дӕр нал зондзысты, уымӕн ӕмӕ мӕлӕт нал уыдзӕн. Уыцы рӕстӕг адӕм суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст ӕмӕ Хуыцауимӕ кӕронмӕ бафидаудзысты.

16 Уыцы «сауджынты паддзахад» адӕмӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй дзырд цӕуы Раргомады 22:1, 2 стихты: «Зӕд мын равдыста царды доны цӕугӕдон, дзӕнхъайау сыгъдӕг. Уыцы цӕугӕдон калди Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы паддзахбадӕнӕй горӕты [Ног Иерусалимы] стыр уынджы астӕуты. Цӕугӕдонӕн йӕ дыууӕ фарс дӕр уыди царды бӕлӕстӕ, ӕмӕ уыцы бӕлӕстӕ дыргъ дӕттынц афӕдз дыууадӕс хатты, алы мӕй дӕр. Сӕ сыфтӕр та у адӕмы дзӕбӕх кӕнынӕн». Ацы цӕстылуайӕн ӕвдисы, адӕм иууылдӕр Адамӕй сӕ туджы цы ӕнӕххӕстдзинад рахастой, уымӕй бынтондӕр кӕй фервӕздзысты. Ӕмӕ уӕд, ӕцӕгдӕр, зӕгъӕн уыдзӕн, «раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта», зӕгъгӕ.

«САУДЖЫНТЫ ПАДДЗАХАД» ЙӔ КУЫСТ КӔРОНМӔ АХӔЦЦӔ КӔНДЗӔН

17. «Сауджынты паддзахад» кӕронмӕ цавӕр куыст ахӕццӕ кӕндзӕн?

17 Сӕрст чырыстӕттӕ сауджынтӕй ӕмӕ паддзӕхтӕй лӕггад кӕндзысты 1 000 азы дӕргъы, ӕмӕ адӕмы фӕстӕмӕ ӕххӕстдзинадмӕ ӕркӕндзысты. Ӕмӕ уӕд Хистӕр сауджын ӕмӕ Паддзах Чырысти ӕххӕст адӕмы фӕстӕмӕ Йегъовӕйы къухмӕ ратдзӕн. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:22–26.) Ӕмӕ уыйадыл сауджынтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ сӕ куыст кӕронмӕ ахӕццӕ кӕндзысты.

18. Йесоимӕ сауджынтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон сӕ куыст кӕронмӕ куы ахӕццӕ кӕной, уӕд цы кусдзысты?

18 Цымӕ сауджынтӕй ӕмӕ паддзӕхтӕй чи лӕггад кӕндзӕн, уыдон уый фӕстӕ цы кусдзысты? Раргомады 22:5 куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ «уыдон уыдзысты паддзӕхтӕ ӕнусӕй-ӕнусмӕ». Кӕмӕн уыдзысты паддзӕхтӕ? Уый тыххӕй Библийы ницы фыст ис. Фӕлӕ сын ӕнӕмӕлгӕ цард кӕй уыдзӕн, стӕй ӕнӕххӕст адӕмӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ фӕлтӕрдджын кӕй суыдзысты, уый фӕрцы сӕ бон уыдзӕн дарддӕр дӕр паддзӕхты хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Уыдон Йегъовӕйы къухы ӕнустӕм уыдзысты хорз мигӕнӕнтӕ.

19. Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацӕуа, уыдон цавӕр хабӕрттыл хъуыды кӕндзысты?

19 2012 азы 5 апрелы, цыппӕрӕмы, Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр куы бӕрӕг кӕнӕм, уӕд хъуыды кӕндзыстӕм ацы хабӕрттыл. Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон донгонд дзул ӕмӕ сырх сӕнӕй саходдзысты ӕмӕ уымӕй равдисдзысты, ног бадзырд семӕ кӕй ӕрцыд арӕзт. Дзул ӕмӕ сӕн амонынц Чырыстийы нывондмӕ, ӕмӕ сын уыцы нысӕнттӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзысты, Йегъовӕйы ӕнусон фӕндты сын цы кадджын бынат ис, уый. Йегъовӕ сӕ равзӕрста, цӕмӕй ӕппӕт адӕмӕн уой сауджынтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сын арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссой. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуӕм ӕмӕ афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕ Хуыцауӕй уый тыххӕй бузныг кӕй стӕм!

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 29 фарсыл]

«Сауджынты паддзахад» адӕмӕн ӕрхӕсдзӕн ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ