Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

«Ӕз дӕу нӕ ферох кӕндзынӕн»

«Ӕз дӕу нӕ ферох кӕндзынӕн»

ЦЫМӔ Хуыцау йӕ адӕмы ӕцӕгдӕр уарзы? Кӕд о, уӕд сӕ, цымӕ, тынг уарзы? Ацы фарстатӕн нын дзуапп ратдзӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцау. Йегъовӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уый тыххӕй ӕргом загъта Библийы. Ӕркӕсӕм, Исайы 49:15 стихы цы фыст ис, уымӕ.

Йӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уый тыххӕй Йегъовӕ загъта Исайы уылты. Йӕ уарзондзинад равдисынӕн цы цӕвиттон ӕрхаста, уый арф ахизы зӕрдӕйы. Фыццаг уал радта, хъуыдытыл чи ӕфтауы, ахӕм фарста: «Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ мад йӕ дзидзидай сывӕллоны ферох кӕна, йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста, уымӕн ма фӕтӕригъӕд кӕна?» Ахӕм фарста фехъусгӕйӕ адӕймаг фыццаг ахъуыды кӕны: «Мад йӕ дзидзидай сывӕллоны куыд хъуамӕ ферох кӕна?» Йӕ хъӕбулы йын иунӕгӕй ныууадзӕн нӕй нӕдӕр бонӕй, нӕдӕр ӕхсӕвӕй – исты йӕ куы фӕтыхсын кӕны, уӕд ӕй мад уайтагъд бамбары. Фӕлӕ Йегъовӕ цы фарста радта, уымӕн йӕ хъуыды арфдӕр у.

Мад йӕ хъӕбулӕн дзидзи цӕмӕн фӕдары ӕмӕ, гыццыл истӕмӕй дӕр куы фӕтыхсы, уӕд уайтагъд йӕ уӕлхъус цӕмӕн алӕууы? Ӕрмӕстдӕр, цӕмӕй ма кӕуа, уый тыххӕй? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Мад «фӕтӕригъӕд кӕны», «йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста», уыцы хъӕбулӕн. «Тӕригъӕд кӕнын»-ӕй цы дзуттаг мивдисӕг ратӕлмац кодтой, уый ма амоны фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ дӕр (Рацыд 33:19; Исай 54:10). Уыцы дзуттаг дзырдӕн йӕ хъуыды у, ӕнӕбон кӕнӕ ӕххуысхъуаг адӕймаджы рисыл риссын, тӕригъӕд ын кӕнын. Мад йӕ дзидзидай сывӕллоны куыд тынг фӕуарзы, уый ницӕимӕ ис абарӕн.

Фӕлӕ, хъыгагӕн, алы мад нӕ фӕтӕригъӕд кӕны йӕ дзидзидай хъӕбулӕн. «Уый йӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ферох кӕна»,– загъта Йегъовӕ. Ацы дунейы, уым нӕлгоймӕгтӕй дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕй дӕр бирӕтӕ сты дурзӕрдӕ, стӕй бирӕ бинонты ’хсӕн уарзондзинад нӕй (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Хатт фехъусӕм, мад йӕ ноггуырд сывӕллонмӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй нӕ кӕсы, кӕй йӕ нӕмы кӕнӕ та йӕ кӕй ныууагъта. Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы, Исайы 49:15 стихы фӕдыл фыст ис: «Мадӕлтӕ дӕр сты тӕригъӕдджын ӕмӕ хатт се ’взӕр миниуджытӕ сӕ уарзондзинадӕй тыхджындӕр разынынц. Уӕдӕ иуӕй-иу хатт суанг ныййарӕг мад дӕр йӕ сывӕллоныл йӕ зӕрдӕ сивы».

«Фӕлӕ ӕз дӕу нӕ ферох кӕндзынӕн»,– загъта Йегъовӕ. Уӕдӕ ныр базыдтам, Исайы 49:15 стихы Йегъовӕ цы фарста радта, уымӕн йӕ хъуыды цы у, уый. Йегъовӕ бамбарын кодта, цыфӕнды мадӕй дӕр бирӕ фӕлмӕнзӕрдӕдӕр кӕй у. Уый куыд ӕмбаргӕ у? Кӕд мадӕлтӕ хатт сӕ ноггуырд сывӕллӕттӕн нӕ фӕтӕригъӕд кӕнынц, уӕддӕр Йегъовӕ алкӕддӕр фӕтӕригъӕд кӕны, йӕ лӕггадгӕнджытӕй ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн. Уӕлдӕр цы чиныджы кой кодтам, уым Исайы 49:15 стихы тыххӕй дзӕгъӕлы фыст нӕй: «Хуыцау адӕмы куыд тынг уарзы, уый Рагон Фӕдзӕхсты ӕппӕты хуыздӕр ӕвдыст цӕуы ацы ран».

Хорз нӕ уаид, «тынг тӕригъӕдгӕнаг» чи у, уыцы Хуыцауы базонын? (Лукайы 1:78). Базон, дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй Йегъовӕ де ’мбал суа. Хуыцау тынг уарзы йӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сын фидарӕй зӕгъы: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн» (Дзуттӕгтӕм 13:5).

Февралы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Исай 43–62