Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Цымӕ зӕхх искуы фесӕфдзӕн?

Цымӕ зӕхх искуы фесӕфдзӕн?

▪ Иуӕй-иутӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, 2011 азы 21 октябры цыдӕр бӕллӕх кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ зӕхх кӕй фесӕфдзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ дзырдта, Америкӕйы Иугонд Штатты радиойы диктортӕй иу, Харольд Кэмпинг. Фӕлӕ, куыд федтам, афтӕмӕй зӕхх нӕ фесӕфт. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ Хуыцауы тӕрхоны бон хъуамӕ райдыдтаид 2011 азы 21 майы стыр зӕххӕнкъуыстӕй. Уый хъуамӕ банкъуысын кодтаид ӕнӕхъӕн зӕххы къори, ӕмӕ фондз мӕйы фӕстӕ та, 21 октябры, зӕхх хъуамӕ бынтондӕр фесӕфтаид.

Фӕлӕ зӕхх никуы фесӕфдзӕн. Чи йӕ сфӕлдыста, уыцы Хуыцау ӕй фесӕфын нӕ бауадздзӕн. Йӕ Ныхасы фыст ис: «Ды фидар сӕвӕрдтай зӕхх, цӕмӕй лӕууа» (Псалом 119:90).

Фӕлӕ, Библи чи фӕкӕсы, уыдон уӕддӕр, чи зоны, зӕгъой, зӕхх кӕй басудздзӕн. Афтӕ уымӕн хъуыды кӕнынц, ӕмӕ 2 Петры 3:7, 10 стихты фыст ис: «Уыцы ныхасӕй ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ ӕмӕ лӕууынц, ӕнӕхуыцау адӕмыл тӕрхон кӕд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ кӕд фесӕфдзысты, уыцы бонмӕ. [...] Йегъовӕйы бон та ӕрцӕудзӕн, давӕг куыд ӕрцӕуы, афтӕ. Уӕд арв гыбаргыбургӕнгӕ ӕвиппайды фӕцыдӕр уыдзӕн, арв ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон сзынг уыдзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты, зӕхх ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон та раргом уыдзысты». Фӕлӕ, цымӕ, апостол Петры ныхӕстӕ комкоммӕ ӕмбарын хъӕуы?

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Цӕмӕй уыцы стихты хъуыды раст бамбарӕм, уый тыххӕй Петры ныхӕстӕ хъӕуы абарын, ацы фарстайы фӕдыл Библийы ӕндӕр рӕтты цы фыст ис, уыимӕ. Йӕ ныхӕстӕ комкоммӕ ӕмбаргӕ куы уаиккой, уӕд уӕлӕрвтӕ, ома ӕнӕнымӕц стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй басудзой, ӕмӕ ӕнӕкӕрон Дун-дунейы кӕмдӕр, зынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, ахӕм ран, цӕры фыдгӕнджытӕ. Зӕгъӕм, денджызы был иу змисы мур дӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Цымӕ уӕд уый тыххӕй змис иууылдӕр ахафдзынӕ? Уый ӕнӕзонд ми уаид! Уӕдӕ, Йегъовӕ дӕр, цы Дун-дуне сфӕлдыста, уый ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ фесафдзӕн, ӕмӕ кӕйдӕр ӕгоммӕгӕсдзинад йе сконд хъуыддӕгтӕй кӕцыдӕрӕн зиан ӕрхаста.

Уымӕй уӕлдай, кӕд зӕхх фесӕфдзӕн, уӕд куыд ӕмбарын хъӕуы Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ: «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзысты»? (Матфейы 5:5; Псалом 37:29) Ӕрхӕссӕм ахӕм дӕнцӕг: фыд йӕ бинонты уарзы, ӕмӕ сын хорз хӕдзар сарӕзта. Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕнӕм, цымӕ сын ӕй уый тыххӕй сарӕзта, цӕмӕй йӕ уый фӕстӕ басудза? (Псалом 115:16) Уымӕн гӕнӕн нӕй! Йегъовӕ ӕрмӕст Сфӕлдисӕг нӕу, фӕлӕ ма уарзӕгой Фыд дӕр (Псалом 103:13; 1 Иоанны 4:8).

Апостол Петр цы «зӕххы» кой кодта, уый зӕххы къоримӕ нӕ амоны, фӕлӕ ӕнӕхуыцау адӕммӕ. Петр цы рӕстӕджы кой кодта, уый абарста Нойы заманимӕ, Доны хъаймӕт куы уыд, уыцы рӕстӕгимӕ (2 Петры 3:5, 6). Доны хъаймӕты амардысты ӕрмӕстдӕр фыдгӕнджытӕ, рӕстгӕнӕг Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ та фервӕзтысты, стӕй зӕхх дӕр нӕ фесӕфт. Уӕдӕ Петр «уӕлӕрвты» тыххӕй цы загъта, уый дӕр комкоммӕ ӕмбаргӕ нӕу. Дзырд «уӕлӕрвтӕ» амоны дунейы хицауӕдтӕм. Уымӕ гӕсгӕ фесӕфдзысты, сӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кӕндзӕн, уыцы фыдгӕнджытӕ. Стӕй ма Хуыцауы Паддзахад кӕрон скӕндзӕн, Хуыцауы закъӕттӕ чи ницӕмӕ дары, уыцы хицауӕдтӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг уӕлӕрвтӕй зӕххы цӕрджытӕн разамынд дӕтдзӕн (Данел 2:44).

Уӕдӕ, цымӕ, зӕхх искуы фесӕфдзӕн? Нӕ фесӕфдзӕн. Сӕфгӕ фӕкӕндзӕн, зӕххыл цыдӕриддӕр фыддзинад ис, уый. Зӕхх ӕмӕ, Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыдон та уыдзысты ӕнустӕм (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22).