Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йӕ бинонтӕ рӕстдзинады кӕмӕн не сты, уыдон дӕр вӕййынц амондджын

Йӕ бинонтӕ рӕстдзинады кӕмӕн не сты, уыдон дӕр вӕййынц амондджын

«Кӕцӕй йӕ зоныс, ӕмӕ дӕ [цардӕмбалы] нӕ фервӕзын кӕндзынӕ?» (1 КОР. 7:16).

1. Иуӕй-иутӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ куы айсынц, уӕд сӕ бинонтӕ уымӕ цы цӕстӕй ракӕсынц?

ИУХАТТ Йесо йӕ апостолты хъусын кӕнынмӕ куы ӕрвыста, уӕд сын загъта: «Цӕут ӕмӕ адӕмӕн дзурут, уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг, зӕгъгӕ» (Матф. 10:1, 7). Ацы хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айстаид, уыдонӕн уый ӕрхастаид фарн ӕмӕ амонд. Фӕлӕ Йесо йӕ апостолты бафӕдзӕхста, бирӕтӕ сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты (Матф. 10:16–23). Ӕмӕ чырыстӕттӕн сӕ ныхмӕ сӕ бинонтӕ куы фӕцӕуынц, уӕд сын уымӕй зындӕр ницы вӕййы. (Бакӕс Матфейы 10:34–36.)

2. Йӕ бинонтӕ рӕстдзинады кӕмӕн не сты, уый амондджын цӕй фӕрцы уыдзӕн?

2 Фӕлӕ цымӕ чырыстонӕн йӕ бинонтӕ рӕстдзинады куы нӕ уой, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ амондджын никуы уыдзӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Кӕд иуӕй-иу чырыстӕттӕн сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ карзӕй цӕуынц, уӕддӕр се ’ппӕт ахӕм уавӕры не сты. Стӕй афтӕ зӕгъӕн дӕр нӕй, ӕмӕ кӕй ныхмӕ цӕуынц, уымӕн йӕ уавӕр никуы фӕивдзӕн. Чырыстонӕн йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ куы цӕуой кӕнӕ рӕстдзинадмӕ уазал цӕстӕй куы кӕсой, уӕд, куыд архайдзӕн, уымӕй бирӕ кӕнгӕ у. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ арфӕ кӕны, иузӕрдион ыл чи у, уыдонӕн – ахӕм зын уавӕрты дӕр сын сӕ зӕрдӕ циндзинадӕй байдзаг кӕны. Уӕдӕ чырыстон амондджындӕр уыдзӕни: 1) йӕ хӕдзары фарн уа, уымӕ куы тырна ӕмӕ 2) йе ’нӕуырнӕг бинонтӕ рӕстдзинад бауарзой, ууыл зӕрдиагӕй куы архайа.

ДӔ ХӔДЗАРЫ ФАРН УА, УЫМӔ ТЫРН

3. Йӕ бинонтӕ рӕстдзинады кӕмӕн не сты, уый ӕппӕт тыхтӕй архайын цӕмӕн хъӕуы, цӕмӕй йӕ хӕдзары фарн уа?

3 Цӕмӕй бинонты ’хсӕн рӕстдзинады мыггаг тыллӕг хӕсса, уый тыххӕй хӕдзары хъуамӕ уа фарн. (Бакӕс Иаковы 3:18.) Кӕд чырыстонӕн йӕ бинонтӕ нырма Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕнынц, уӕддӕр хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайа, цӕмӕй йӕ хӕдзары фарн уа. Уый тыххӕй цы ис аразӕн?

4. Чырыстӕттӕ цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй сӕ зӕрдӕйы фарн уа?

4 Чырыстӕттӕн сӕ зӕрдӕйы хъуамӕ уа фарн. Ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй сын хай кӕна йӕ фарнӕй, «зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарнӕй» (Фил. 4:6, 7). Цӕмӕй амондджын ӕмӕ фӕрнӕйдзаг уой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы Йегъовӕйы хуыздӕр базоныныл архайын ӕмӕ сӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразын (Ис. 54:13). Стӕй ма сӕ хъӕуы ӕмбырдты архайын ӕмӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕнын дӕр. Ӕмӕ йӕ бинонтӕ рӕстдзинады кӕмӕн не сты, ахӕм чырыстӕттӕн дӕр сӕ бон вӕййы ацы ахсджиаг хъуыддӕгтӕн рӕстӕг ӕмӕ фадӕттӕ ссарын. Зӕгъӕм, нӕ хо Энзӕйӕн * йӕ сӕрыхицау йӕ ныхмӕ карзӕй цӕуы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуы, йӕ хӕдзары куыстытӕ куы бакӕны, уый фӕстӕ. Уый зӕгъы: «Кӕд мын ӕнцон нӕу, уӕддӕр мын хъусын кӕнынмӕ ацӕуын куы рауайы, уӕд мын Йегъовӕ алы хатт дӕр раарфӕ кӕны». Энзӕ уыцы арфӕдзинӕдтыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд йӕ зӕрдӕ фарн ӕмӕ цинӕй байдзаг вӕййы.

5. Йӕ бинонтӕ рӕстдзинады кӕмӕн не сты, уыдон цавӕр зын уавӕрты бахауынц? Цы сын баххуыс кӕндзӕн, раст цы у, уый аразынӕн?

5 Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй, нӕ бинонтӕй рӕстдзинады чи нӕй, уыдонимӕ хӕларӕй цӕрӕм. Фӕлӕ уый ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ нын хатт фӕаразын кӕнынц, Библимӕ гӕсгӕ раст цы нӕу, уый. Ахӕм уавӕры Йегъовӕйы ныхасы сӕрты куы нӕ ахизӕм, уӕд нӕ нӕ бинонтӕ сӕ ныхтӕ ныссадзынц. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ, раст цы у, уый аразӕм. Ӕмӕ уӕд, чи зоны, иу бон фарн нӕ хӕдзары къӕсӕрӕй дӕр ӕрбакӕса. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы Ныхас цы хъуыддӕгты ныхмӕ нӕу, дзырд уыдоныл куы цӕуа, уӕд нӕ ныхасыл нӕ ныллӕудзыстӕм, ӕмӕ афтӕмӕй нӕхи бирӕ ӕнӕхъӕугӕ быцӕутӕй бахиздзыстӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 16:7.) Ахӕм уавӕрты-иу хъуамӕ уынаффӕ агурӕм ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уагъд литературӕйы ӕмӕ-иу хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнӕм, хуыздӕр куыд уыдзӕн бакӕнын, ууыл (Ӕмб. 11:14).

6, 7. а) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын чи райдайы, уыдонӕй иуӕй-иутӕн сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ цӕмӕн рацӕуынц? ӕ) Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн дӕр ӕмӕ Ӕвдисӕнтӕн дӕр сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд сӕхи куыд хъуамӕ дарой?

6 Цӕмӕй чырыстонӕн йӕ бинонты ’хсӕн фарн уа, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дара ӕмӕ ӕмбара, йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ цӕмӕн сты, уый (Ӕмб. 16:20). Ӕмӕ Библи ӕрӕджы чи райдыдта ахуыр кӕнын, уыдонӕн дӕр сӕ бон у ахӕм ӕмбаргӕдзинад ӕвдисын. Иуӕй-иутӕ сӕ цардӕмбӕлтты Библи ахуыр кӕнын нӕ фӕхъыгдарынц, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарынц, уый сӕ бинонты цардыл хорзырдӕм кӕй фӕзындзӕн. Фӕлӕ чидӕртӕ та сӕ цардӕмбӕлтты ныхмӕ карзӕй фӕцӕуынц. Ӕркӕсӕм нӕ хо Эстеры хабармӕ. Йӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕм мӕстӕй фӕцӕйтыдта. Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй-иу ын йӕ чингуытӕ аппӕрста кӕнӕ та-иу сӕ басыгъта. Ховардӕн та йӕ ус Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд фыццаг йӕ ныхмӕ рацыд. Ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы йӕхӕдӕг: «Бирӕ лӕгтӕ сӕ устытӕн фӕтӕрсынц, исты сектӕмӕ куы бахауой, уымӕй. Лӕгмӕ афтӕ кӕй фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ ус тӕссаг уавӕры ис, уымӕ гӕсгӕ йӕм ӕртхъирӕнтӕ фӕкӕны ӕмӕ йӕ ныхмӕ карзӕй фӕцӕуы».

7 Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн хъуамӕ баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй бамбара, йӕ цардӕмбал йӕ ныхмӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй йӕ ахуыр ныууадзын раст кӕй нӕ уыдзӕн. Фылдӕр хатт уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн стыр ӕххуыс вӕййы, адӕймаг йӕ цардӕмбалимӕ сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй куы фӕныхас кӕны, уый (1 Пет. 3:15). Ховард зӕгъы: «Ӕз мӕ бинойнагӕй тынг бузныг дӕн, мӕ пырх-иу ыл куы акалдтон, уӕд-иу йӕхиуыл кӕй фӕхӕцыд ӕмӕ-иу мемӕ хыл кӕнынмӕ кӕй нӕ фӕци». Йӕ ус та дзуры: «Ховард мын карзӕй загъта, уыдӕттӕ куыд ныууадзай, афтӕ, уыдон дын дӕ хъустӕ ӕхсынц, зӕгъгӕ. Йемӕ быцӕу кӕныны бӕсты йын загътон, зӕгъын, чи зоны, ӕцӕгдӕр рӕдийын, фӕлӕ, кӕм рӕдийын, уый не ’мбарын ӕмӕ ма мын ӕй ды бамбарын кӕн. Ӕмӕ йын загътон, цӕмӕй, цы чиныг ахуыр кодтон, уый бакастаид. Уый дӕр ӕй бакаст ӕмӕ бамбӕрста, ӕвзӕрӕй дзы кӕй ницӕуыл ахуыр кӕнынц. Стӕй, цы базыдта, уый йын йӕ зӕрдӕ бацагайдта». Адӕймаг ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цӕуын куы райдайы, уӕд йе ’нӕуырнӕг цардӕмбалмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕм нымады дӕр нал у кӕнӕ та фӕтӕрсы, сӕ бинонты цард куы фехӕла, уымӕй. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Библи чи ахуыр кӕны, уый-иу хъуамӕ йӕ цардӕмбалӕн алы бон дӕр рӕстӕг ссара ӕмӕ-иу ӕй йӕ зӕрдӕйы хъармӕй ӕмӕ фӕлмӕн ныхасӕй барӕвдауа. Уый фӕрцы йӕ цардӕмбал афтӕ тынг нал мӕт кӕндзӕн.

ӔХХУЫС СЫН КӔНУТ РӔСТДЗИНАД БАУАРЗЫНӔН

8. Йӕ цардӕмбал уырнӕг кӕмӕн нӕу, уыдонӕн апостол Павел цавӕр уынаффӕ радта?

8 Апостол Павел чырыстӕттӕн ахӕм уынаффӕ радта, зӕгъгӕ, кӕд дӕ цардӕмбал уырнӕг нӕу, уӕддӕр ӕй ма ныууадз *. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:12–16.) Цӕмӕй чырыстон ӕнӕуырнӕг бинонты ’хсӕн цӕргӕйӕ дӕр амондджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр йӕхицӕн дзура, зӕгъгӕ, цы нӕ вӕййы, уӕдта ма райсом мӕ цардӕмбал дӕр рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ айста. Фӕлӕ цӕмӕй йӕ цардӕмбал рӕстдзинад бауарза, уый тыххӕй йӕ хъӕуы ӕмбаргӕйӕ архайын. Уымӕн бӕлвырдгӕнӕн сты, дарддӕр цы хабӕрттӕм ӕркӕсдзыстӕм, уыдон.

9. Адӕймаг йе ’нӕуырнӕг бинонтӕн рӕстдзинады тыххӕй куы дзура, уӕд йӕхи цӕмӕй хъуамӕ хиза?

9 Джейсон рӕстдзинад куы базыдта, уӕд ыл базыртӕ базад. Уый зӕгъы: «Мӕн фӕндыди, цы базыдтон, уый алкӕмӕн дӕр дзурын». Адӕймаг Библи ахуыр кӕнгӕйӕ, рӕстдзинад кӕй ссардта, уый куы бамбары, уӕд фырцинӕй ӕндӕр ницӕй кой фӕкӕны. Афтӕ йӕм фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр рӕстдзинад уайтагъд сӕ зӕрдӕмӕ айсдзысты. Фӕлӕ хабар арӕх бынтон афтӕ нӕ рауайы. Джейсонӕн йӕ зӕрдӕйы зынг афтӕ тынг кӕй сыгъди, уымӕ йӕ бинойнаг цы цӕстӕй каст? Мӕнӕ цы зӕгъы: «Афтӕ-иу дзы стыхстӕн, ӕмӕ ма-иу мӕхи цы фӕкодтаин, уый нал зыдтон». Иу сылгоймаг та рӕстдзинад базыдта, йӕ лӕг Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уымӕй 18 азы фӕстӕ. Уый загъта: «Цӕмӕй рӕстдзинад мӕ зӕрдӕмӕ айстаин, уый тыххӕй мӕ хъуыди рӕстӕг». Чи зоны, ды дӕр Библи ахуыр кӕныс, йӕ цардӕмбалы рӕстдзинады фӕндагыл слӕууын кӕмӕн нӕ фӕнды, ахӕм адӕймагимӕ. Хорз уаид, алы ахуыры рӕстӕджы дӕр-иу иумӕ куы афӕлвариккат, йӕ бон куыд у, цы хабӕрттӕ базыдта, уыдон йӕ цардӕмбалӕн фӕлмӕнӕй ӕмбарын кӕнын. Кӕддӕр Моисей ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Мӕ зондамындтӕ уардзысты къӕвдайау, мӕ ныхӕстӕ кӕлдзысты ӕртӕхау. Уыдзысты, кӕрдӕгыл фӕлмӕн къӕвдатӕ куыд рацӕуа... афтӕ» (Дык. з. 32:2). Цӕйнӕфӕлтау адӕймагыл дӕ ныхӕстӕ тӕрккъӕвдайау ныккалай, фӕлтау ын йӕ зӕрдӕйы цалдӕр ӕртахы ныппар, ома-иу ын цалдӕр ныхасы зӕгъ, хорз фадат дын куы фӕуа, уӕд, ӕмӕ йын уый фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн.

10–12. а) Апостол Петр, йӕ цардӕмбал уырнӕг кӕмӕн нӕу, уыдонӕн цавӕр уынаффӕ радта? ӕ) 1 Петры 3:1, 2 цы уынаффӕ ис, уый куыд баххуыс кодта, Библи чи ахуыр кодта, иу ахӕм сылгоймагӕн?

10 Сӕ лӕгтӕ чырыстӕттӕ кӕмӕн нӕ уыдысты, уыцы устытӕн Хуыцау апостол Петры уылты ахӕм уынаффӕ радта: «Уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, цӕмӕй, Хуыцауы ныхасӕн сӕ коммӕгӕс чи нӕу, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауы фӕрцы суой коммӕгӕс, хӕдӕфсарм кӕй стут ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый уынгӕйӕ» (1 Пет. 3:1, 2). Усӕн йӕ сӕрыхицау йӕ ныхмӕ карзӕй куы цӕуа, уӕд дӕр йӕ коммӕ куы кӕса ӕмӕ йӕ куы нымайа, уӕд, чи зоны, уый дӕр рӕстдзинад бауарза. Афтӕ чырыстон лӕгӕн дӕр йе ’нӕуырнӕг ус йӕ ныхмӕ куы цӕуа, уӕд дӕр ын хъуамӕ уа, Хуыцау куыд дзуры, афтӕ, ома йӕ уарза ӕмӕ йӕ бинонтӕн хорз уынаффӕгӕнӕг уа (1 Пет. 3:7–9).

11 Петры уынаффӕ абон дӕр бирӕ чырыстӕттӕн у стыр ӕххуыс. Ӕркӕсӕм Селмӕйы хабармӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд уый йӕ сӕрыхицау Стивы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Стив загъта: «Тынг ӕм мӕсты кодтон, стӕй йыл ӕнӕууӕнк кӕнын райдыдтон, афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ нал уарзы». Селмӕ йӕхӕдӕг та мӕнӕ цы загъта: «Цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдтон, уӕдмӕ дӕр Стивӕн йӕ бынмӕ ӕдзух сырх айк тулын хъуыди. Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу мӕстӕй рафыхт. Ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд та ноджы фыддӕр фӕци». Цы баххуыс кодта нӕ хойӕн?

12 Селмӕ радзырдта, йемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы хо йын куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй: «Иу бон мӕм Библи ахуыр кӕнынмӕ куы ’рбацыд, уӕд ын загътон, зӕгъгӕ мӕм абон нӕ цӕуы ахуыр кӕнын. Уый размӕ ӕхсӕв Стивимӕ цӕуылдӕр фӕбыцӕу стӕм, ӕмӕ мӕм рамӕсты ӕмӕ мӕ ныццавта. Уый мын афтӕ зын уыди, ӕмӕ ахъуыды кодтон, гъеныр ӕз мӕгуыр нӕ дӕн. Мӕ хабӕрттӕ уыцы хойӕн куы радзырдтон, уӕд мын 1 Коринфӕгтӕм 13:4–7 бакӕсын кодта. Уыцы ныхӕстӕ куы бакастӕн, уӕд загътон, Стивӕй ӕз ацы хъуыддӕгтӕй иу дӕр нӕ зонын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мӕ хо хабармӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсын кодта. Бафарста мӕ: „Ацы хорз миниуджытӕй ды дӕ сӕрыхицаумӕ искӕцы ӕвдисыс?“ „Никӕцы,– дзуапп ын радтон ӕз.– Ахӕм лӕгимӕ ӕрмӕст цӕргӕ кӕй кӕнын, уый тыххӕй дӕр мын цырт сӕвӕрын хъӕуы“. Фӕлӕ мын хо фӕлмӕнӕй загъта: „Селмӕ, зӕгъ-ма, уӕ дыууӕйӕ Чырыстийы къахвӕдтыл цӕуын кӕй фӕнды? Стивы ӕви дӕу?“ Ӕмӕ йӕ уӕд бамбӕрстон, мӕ зондахаст мӕ ивын кӕй хъӕуы. Гъемӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын райдыдтон, цӕмӕй Стивимӕ фӕлмӕндӕр уыдаин. Уый фӕстӕ нӕ уавӕр сындӕггай ивын райдыдта». Уымӕй 17 азы рацыди, ӕмӕ Стив дӕр рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыд.

ИННӔТӔН СӔ БОН КУЫД У ӔХХУЫС КӔНЫН

13, 14. Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй йӕ бинонтӕ рӕстдзинады кӕмӕн не сты, уыдонӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын?

13 Фӕлмӕн къӕвдайы ӕртӕхтӕ иугӕйттӕй ницы сты, фӕлӕ иумӕ ӕрхӕссынц стыр пайда – зӕхх донӕй бафсадынц ӕмӕ уый фӕрцы зайӕгойтӕ сырӕзынц. Раст афтӕ нӕ ӕмбырды алчидӕр цы хорз хъуыддӕгтӕ аразы, уыдонӕн иумӕ ис стыр тых. Бразилийы чи цӕры, иу ахӕм хо, Элвинӕ, зӕгъы: «Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ мӕ хотӕ сӕ уарзтӕй кӕй тавтой, уый фӕрцы рӕстдзинады фӕндагыл фидар фӕлӕууыдтӕн».

14 Не ’фсымӕрты ӕмӕ нӕ хоты ӕнӕуырнӕг цардӕмбӕлттӕм хӕларзӕрдӕ куы уӕм ӕмӕ сыл куы тыхсӕм, уӕд сын уый, чи зоны, сӕ зӕрдӕ бацагайа. Нигерийӕ иу нӕлгоймаг рӕстдзинад базыдта, йӕ ус Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уымӕй 13 азы фӕстӕ ӕмӕ мӕнӕ цы радзырдта: «Иухатт иу Ӕвдисӕнимӕ машинӕйыл кӕдӕмдӕр фӕцӕйцыдыстӕм, фӕлӕ фӕндагыл йӕ машинӕ фехӕлди. Уырдӕм хӕстӕг иу хъӕуы Ӕвдисӕнты ссардта, ӕмӕ ӕхсӕв уыдонмӕ баззадыстӕм. Раст цыма кӕрӕдзи гыццылӕй фӕстӕмӕ зыдтам, афтӕ нӕ суазӕг кодтой. Ӕмӕ уӕд мӕхиуыл бавзӕрстон, мӕ бинойнаг ӕдзухдӕр цы чырыстон уарзондзинады кой кодта, уый». Английы та иу сылгоймаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси, йӕ лӕг рӕстдзинад куы базыдта, уымӕй 18 азы фӕстӕ ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Ӕвдисӕнтӕ-иу нӕ дыууӕйы дӕр уазӕгуаты фӕхуыдтой, ӕмӕ-иу мыл алы хатт дӕр зӕрдиагӕй баузӕлыдысты». Уыцы бӕстӕйы цӕрӕг хотӕй иуӕн йӕ лӕг йӕхӕдӕг дӕр ӕппынфӕстаг сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ афтӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ-иу нӕм хотӕ уазӕгуаты арӕх ӕрбацыдысты, стӕй-иу мах дӕр фӕхуыдтой сӕхимӕ, ӕмӕ йӕ мӕхи цӕстӕй уыдтон, иннӕтыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсынц, уый. Уӕлдай тынгдӕр ӕй бафиппайдтон, рынчындоны куы хуыссыдтӕн, уӕд – бирӕтӕ мӕм дзы ӕрбацыдысты рынчынфӕрсӕг». Дӕуӕн та дӕ бон куыд у, не ’фсымӕрты ӕмӕ нӕ хоты ӕнӕуырнӕг бинонтыл зӕрдӕйӕ кӕй тыхсыс, уый ӕвдисын?

15, 16. Чырыстонӕн йӕ бинонты куы нӕ фӕнда рӕстдзинады фӕндагыл слӕууын, уӕд дӕр амондджын цӕй фӕрцы уыдзӕн?

15 Бирӕ азты дӕргъы нӕ бинонты ’хсӕн, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, нӕхи афтӕ куы дарӕм ӕмӕ сын уӕзданӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд дӕр дзы, чи зоны, рӕстдзинады фӕндагыл алчи ма слӕууа. Чи зоны, сӕ чидӕртӕ дарддӕр дӕр хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕсой кӕнӕ та нӕ ныхмӕ дӕр цӕуой (Матф. 10:35–37). Фӕлӕ уӕддӕр чырыстон миниуджытӕ куы ӕвдисӕм, уӕд уый хорз тыллӕг ӕрхӕсдзӕн. Раздӕр ӕнӕуырнӕг чи уыд, иу ахӕм лӕг зӕгъы: «Де ’нӕуырнӕг цардӕмбал дын дӕ удыхъӕды рӕсугъд чырыстон миниуджытӕ куы фӕуыны, уӕд йӕхицӕн цытӕ фӕхъуыды кӕны ӕмӕ йӕм йӕ зӕрдӕ цы фӕдзуры, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕныс. Уӕдӕ дӕ къухтӕ макуы ӕруадз, мӕ цардӕмбалӕй никуы ницы рауайдзӕн, зӕгъгӕ».

16 Кӕд чырыстонӕн йӕ бинонты рӕстдзинады фӕндагыл слӕууын нӕ фӕнды, уӕддӕр йӕ бон у, ӕмӕ амондджын уа. Иу хойӕн йӕ лӕг 21 азы фӕстӕ дӕр рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ нӕ айста, кӕд нӕ хо ӕппӕт тыхтӕй архайдта, уӕддӕр. Уыцы хо афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныныл кӕй архайын, иузӕрдион ыл кӕй дӕн ӕмӕ алы бон дӕр мӕ уырнындзинад кӕй фидар кӕнын, уый фӕрцы мӕ зӕрдӕйы ис циндзинад. Ӕдзухдӕр Библи ахуыр кӕнын, ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цӕуын, стӕй ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ уый руаджы Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын» (Ӕмб. 4:23).

ДӔ КЪУХТӔ МА ӔРУАДЗ!

17, 18. Йӕ бинонтӕ рӕстдзинады кӕмӕн не сты, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ ныфс ма асӕтта?

17 Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ бинонтӕ рӕстдзинады не сты, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕныс, уӕд дӕ къухтӕ ма ӕруадз. Рох дӕ ма уӕд, «Йегъовӕ йӕ адӕмы [кӕй] нӕ ныууадздзӕн йе стыр номы тыххӕй» (1 Сам. 12:22). Цалынмӕ йыл ӕнувыд уай, уӕдмӕ уыдзӕн демӕ. (Бакӕс 2 Азфыстыты 15:2.) Уӕдӕ Йегъовӕ уӕд «де стыр цин» ӕмӕ «дӕ фӕндаг [йӕ] бар бакӕн, дӕ зӕрдӕ йыл дар» (Пс. 37:4, 5). «Ӕппынӕдзух кув» ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕн, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цыфӕнды зындзинӕдты дӕр фидар лӕууай (Ром. 12:12).

18 Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых кур, ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ хӕдзары фарн уа (Дзут. 12:14). Фарнмӕ куы тырнай, уӕд иу бон, чи зоны, де ’нӕуырнӕг бинонты зӕрдӕтӕ ӕрфӕлмӕн уой. Фӕлӕ цӕмӕй абон дӕр амондджын уай ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы фарн уа, уый тыххӕй «алцыдӕр араз Хуыцауы кадӕн» (1 Кор. 10:31). Стӕй фидарӕй зон, дӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ алкӕддӕр дӕ фарсмӕ кӕй уыдзысты ӕмӕ дӕ сӕ уарзтӕй кӕй тавдзысты.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

^ 8 абз. Ацы уынаффӕ ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ тӕссаг уавӕрты дӕр чырыстонӕн йӕ бон нӕу йӕ цардӕмбалӕй ацӕуын. Уыцы уавӕрты алчидӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг рахӕсса уынаффӕ. Кӕс чиныг «Дӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕн», 252, 253 фӕрстӕ.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 28 фарсыл]

Рӕстдзинады тыххӕй-иу аныхас кӕн, хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уӕд

[Ныв 29 фарсыл]

Хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕнӕуырнӕг цардӕмбӕлттыл кӕй тыхсыс, уый хъуыддагӕй ӕвдис