Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цымӕ «чырыстӕттӕ» се ’ппӕт дӕр чырыстӕттӕ сты?

Цымӕ «чырыстӕттӕ» се ’ппӕт дӕр чырыстӕттӕ сты?

ЦЫМӔ ӕнӕхъӕн дунейы чырыстон диныл хӕст адӕм цал сты? Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, 2010 азы зӕххыл уыд 2,3 миллиарды бӕрц чырыстоны. Фӕлӕ ма уыцы чиныджы фыст ис, уыцы чырыстӕттӕ хӕст кӕй сты 41 000 алыхуызон диныл, ӕмӕ уыдонӕй алкӕцы дӕр, уаг ӕмӕ ӕгъдау цы у, уый йӕхирдыгонау ӕмбары, стӕй дзы алкӕцыйӕн дӕр ис йӕхи ахуырӕдтӕ (Atlas of Global Christianity). Чырыстон динтӕ уыйбӕрц кӕй сты, уый базонгӕйӕ иуӕй-иутӕ стыхсынц, раст дзы кӕцы у, уый куыд равзарӕн ис, зӕгъгӕ, йе та диныл бынтондӕр сӕ къух ауигъынц. Чи зоны фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдон се ’ппӕт дӕр чырыстӕттӕ сты?

Ацы хъуыддагмӕ-ма иннӕрдыгӕй ӕркӕсӕм. Ӕндӕр бӕстӕмӕ чи фӕцӕуы, уыцы бӕлццон арӕныл хизгӕйӕ хъуамӕ зӕгъа, кӕцы бӕстӕйӕ у, уый. Фӕлӕ ӕцӕгӕй чи у, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй ма хъуамӕ равдиса йӕ паспорт дӕр. Афтӕ у сӕ хабар, сӕхи ӕцӕг чырыстӕттӕ чи хоны, уыдонӕн дӕр. Ӕз Чырыстийыл ӕууӕндын, зӕгъгӕ, дзурын фаг нӕу. Уый ма ӕндӕр цӕмӕйдӕр хъуамӕ уа бӕрӕг. Цымӕ цӕмӕй?

Дзырд «чырыстон»-ӕй пайда кӕнын райдыдтой, Чырыстийы мӕлӕтӕй 10 азы бӕрц куы рацыд, уӕд. Библи фысджытӕй иу, Лука, ныффыста: «Хуыцауы фӕндӕй ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт Антиохийы схуыдтой чырыстӕттӕ» (Хъуыддӕгтӕ 11:26). Чырыстӕттӕ кӕй схуыдтой, уыдон уыдысты Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ. Цымӕ Чырыстийы ахуыргӕнинаг кӕй ис схонӕн? Иу дзырдуаты фыст ис: «Цӕмӕй адӕймаг Чырыстийы ахуыргӕнинаг уа, уый тыххӕй хъуамӕ удуӕлдай цард кӕна... цӕрӕнбонты» (The New International Dictionary of New Testament Theology). Ӕцӕг чырыстон у, Чырыстийы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ, ома чырыстон динӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта, уый фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрыныл ӕппӕт тыхтӕй чи архайы, ахӕм адӕймаг.

Цымӕ йӕхи чырыстон чи хоны, ӕппӕт уыдоны ’хсӕн ахӕм адӕм ссарӕн ис? Чырысти йӕхӕдӕг цы загъта, йе ’цӕг фӕдылдзӕуджыты йын куыд ис базонӕн, уый тыххӕй? Ӕркӕсӕм-ма, ацы фарстатӕн Библи цы дзуапп дӕтты, уымӕ. Иннӕ статьяты лӕмбынӕг аныхас кӕндзыстӕм, Чырыстийӕн йӕхи ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ фӕдылдзӕуджыты цы фондз хъуыддагӕй, кӕнӕ миниуӕгӕй, базонӕн ис, уыдоныл. Аныхас-ма кӕндзыстӕм, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм уыцы миниуджытӕ уыдысты ӕви нӕ, ууыл, стӕй абон уыцы миниуджытӕ кӕмӕ сты, ууыл дӕр.