Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацтектӕ свӕййынц ӕцӕг чырысттӕттӕ

Ацтектӕ свӕййынц ӕцӕг чырысттӕттӕ

«Сӕ кувӕндӕттӕ рыг ӕмӕ фӕнык фестадысты, сӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕ сын ныппырх кодтой, сӕ табуйаг чингуытӕ арты хай баисты, фӕлӕ индейӕгтӕн уӕддӕр сӕ рагон хуыцӕуттӕ сӕ зӕрдӕты цӕргӕйӕ баззадысты» (Las antiguas culturas mexicanas).

МЕКСИКӔ у ацтекты райгуырӕн бӕстӕ. 13-ӕм ӕнусы ацтектӕ уыдысты гыццыл адӕмыхатт ӕмӕ кодтой цӕугӕ цард. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Перуйы инктау ацтектӕ дӕр систы стыр ӕмӕ хъомысджын паддзахад. Ацтектӕн сӕ паддзахад фехӕлд 1521 азы, испайнӕгтӕ сын сӕ сӕйраг горӕт Теночтитлан куы бацахстой, уӕд, фӕлӕ се ’взаг, науатль, нӕ фесӕфт *. Уыцы ӕвзагыл абон Мексикӕйы дзуры иу милуан ӕмӕ ӕрдӕг адӕймаджы бӕрц, ӕппынкъаддӕр, 15 штаты. Этнограф Вальтер Крикберг (статьяйы райдианы кӕй ныхӕстӕ фыст сты, уый) куыд загъта, афтӕмӕй уый фӕрцы ацтектӕн сӕ фыдӕлты дины ӕгъдӕуттӕй цыдӕртӕ баззад абоны онг дӕр. Цымӕ цавӕртӕ?

Ӕнахуыр, фӕлӕ зонгӕ ӕгъдӕуттӕ

Ацтекты ӕппӕты зындгонддӕр ӕгъдау у, адӕмы нывондӕн кӕй хастой, уый. Уыдоны уырныдта, Хур адӕймаджы туг ӕмӕ зӕрдӕйӕ куы нӕ фӕхъӕстӕ уа, уӕд кӕй амӕлдзӕн. Испайнаг сауджын Диего Дураны ныхӕстӕм гӕсгӕ, 1487 азы, Теночтитланы цы стыр кувӕндон сарӕзтой, уый номыл бӕрӕгбон куы кодтой, уӕд цыппар бонмӕ нывондӕн ӕрхастой 80 000 адӕймагӕй фылдӕр.

Испайнӕгтӕ куы федтой, ацтектӕ адӕмы нывондӕн кӕй хӕссынц, уӕд цавддуртау фесты, фӕлӕ тынг бадис кодтой, се ’гъдӕуттӕй бирӕтӕ Католикон дины ӕгъдӕутты хуызӕн кӕй уыдысты, ууыл. Зӕгъӕм, католиктӕ мессӕйы рӕстӕджы дзулӕй куыд ацаходынц (католикон дины ахуырадмӕ гӕсгӕ уыцы дзул амоны Чырыстийы буармӕ), афтӕ-иу ацтектӕ дӕр хоры ссадӕй скодтой сӕ хуыцӕутты нывтӕ ӕмӕ-иу сӕ уый фӕстӕ бахордтой. Афтӕ дӕр-иу уыдис, ӕмӕ-иу бахордтой, нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы адӕмы дӕр. Ацтектӕм ма уыд крест, ӕргом-иу сӕ тӕригъӕдтыл басастысты, стӕй-иу ноггуырд сывӕллӕттыл дӕр саргъуыдтой. Ӕппӕты диссагдӕр та уыд, ацтектӕ кӕй куывтой Хуыцауы мад Тонацинӕн, ӕнӕвнӕлд чызгӕн. Фырбуцӕн ӕй хуыдтой «Нӕ Мад».

Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Тонацинӕн цы хохыл куывтой, уым 1531 азы ӕрцыд диссаг: Гваделупаг сыгъдӕг Мады Майрӕм йӕхи равдыста ацтектӕм. Уыди саулагъз ӕмӕ дзырдта ацтекты ӕвзагыл. Ацтектӕй бирӕтӕ уыцы хабарыл баууӕндыдысты ӕмӕ католикон динмӕ се ’ргом здахын райдыдтой. Мады Майрӕмы кувӕндон сарӕзтой Тонацины кувӕндоны бындурыл. Алы аз дӕр 12 декабры уыцы кувӕндонмӕ ӕнӕхъӕн Мексикӕйӕ ӕрбацӕуы сӕдӕгай мин адӕймаджы, бирӕтӕн дзы сӕ мадӕлон ӕвзаг у науатль.

Хӕхты чи цӕры, уыцы индейӕгтӕм ис бирӕ бӕрӕгбӕттӕ сӕ сӕйраг бардуӕгты номыл. Уыцы бӕрӕгбӕттӕ ахӕссынц цалдӕр боны кӕнӕ суанг цалдӕр къуырийы. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, «бынӕттон цӕрджытӕ католикон дины ӕгъдау, ома сыгъдӕджытӕн кувын, схӕццӕ кодтой, Кортесы * дуджы размӕ цы ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдонимӕ» (El universo de los aztecas). Уыцы адӕмыхатт тынг ӕмхиц у спиритизммӕ. Исчи сӕ куы фӕрынчын вӕййы, уӕд сӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ ацӕуынц дӕснытӕм. Уыцы дӕснытӕ сӕ се ’гъдаумӕ гӕсгӕ ссыгъдӕг кӕнынц ӕмӕ сӕ номыл нывонд ӕрхӕссынц. Уымӕй уӕлдай уыцы адӕмыхаттӕй бирӕтӕм нӕй ахуырдзинад ӕмӕ сӕ фылдӕр кӕсын нӕ зонынц нӕдӕр испайнагау, нӕдӕр сӕхи мадӕлон ӕвзагыл. Се ’гъдӕуттыл ӕмӕ се ’взагыл афтӕ ӕнувыд кӕй сты, стӕй тынг мӕгуыр кӕй сты, уый тыххӕй сӕм иннӕ адӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсынц.

Библийы хабар хъусынц ацтектӕ дӕр

Бирӕ азты дӕргъы Мексикӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайынц, цӕмӕй «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» ӕппӕт адӕмтӕн дӕр фехъусын кӕной (Матфейы 24:14). 2000-ӕм азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы разамындӕй индейӕгтӕн райдыдтой хорз хабар сӕхи ӕвзагыл хъусын кӕнын ӕмӕ уыцы ӕвзагыл ӕмбырдтӕ кӕнын. Уымӕй уӕлдай райдыдтой Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ науатльмӕ тӕлмац кӕнын ӕмӕ адӕмы сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын ӕмӕ фыссын ахуыр кӕнын. Цымӕ сын цы бантыст? Ӕркӕсӕм цалдӕр хабармӕ.

Иу сылгоймаг фыццаг хатт йӕ мадӕлон ӕвзагыл раныхасмӕ куы байхъуыста, уӕд загъта: «Ӕмбырдтӕм дӕс азы цӕуӕм, фӕлӕ испайнаг ӕвзаг хорз кӕй не ’мбарӕм, уый тыххӕй-иу ӕмбырды нӕ сӕртӕ ныддӕнгӕл сты. Фӕлӕ ныр алцыдӕр ӕмбарӕм ӕмӕ цыма ногӕй цӕрын райдыдтам, афтӕ нӕм кӕсы». Ӕртиссӕдз аздзыд нӕлгоймаг, Хуан, зӕгъгӕ, Библи ахуыр кодта испайнаг ӕвзагыл, стӕй йӕ бинойнагимӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттимӕ аст азы дӕргъы цыди испайнаг ӕмбырдтӕм, фӕлӕ хъуыддаг уымӕй дарддӕр нӕ цыд. Фӕстӕдӕр Библи йӕ мадӕлон ӕвзагыл ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ уымӕй иу аз дӕр нӕ рацыд, афтӕ донаргъуыд райста ӕмӕ сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн!

Ацы дыууӕ хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй бирӕтӕ раздӕр Библи ахуыр кодтой испайнаг ӕвзагыл, фӕлӕ алцы кӕронмӕ не ’мбӕрстой. Фӕлӕ сӕ мадӕлон ӕвзагыл ӕмбырдтӕ ӕмӕ конгресстӕ цӕуын куы райдыдтой, стӕй се ’взагыл литературӕ куы фӕзынд, уӕд хуыздӕр ӕмбарын райдыдтой Библи дӕр ӕмӕ сыл Хуыцауы раз цы хӕстӕ ис, уыдон дӕр.

Фӕлварӕнты фидар лӕууынц

Индейӕгтӕй рӕстдзинады фӕндагыл ӕрлӕууын кӕй фӕфӕнды, уыдон сӕмбӕлынц алыхуызон фӕлварӕнтыл. Зӕгъӕм, сӕ раздӕры дины бӕрӕгбӕттӕ куы ныууадзынц, уӕд уый иннӕты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы ӕмӕ сӕ ныхмӕ рацӕуынц. Горӕт Сан Агустин Оапаны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын нӕ уагътой, уымӕн ӕмӕ тарстысты, адӕм бӕрӕгбӕттӕ кӕй нал кӕндзысты ӕмӕ мысайнаг кӕй нал дӕтдзысты. Флоренсио ӕмӕ ма бынӕттон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй цалдӕр Хуыцауы тыххӕй адӕмимӕ куы ныхас кодтой, уӕд дзы ӕртӕйы ӕрцахстой. 20 минутмӕ сыл адӕм амбырд сты ӕмӕ уынаффӕ кӕнын райдыдтой, цы сын бакӕнӕм, зӕгъгӕ.

Флоренсио загъта: «Сӕ зӕрды нӕ амарын уыди. Чидӕртӕ дзырдтой, сбӕттӕм сӕ ӕмӕ сӕ цӕугӕдоны ныппарӕм, зӕгъгӕ. Уыцы ӕхсӕв арвыстам ахӕстоны. Дыккаг бон нӕм ӕххуысмӕ фӕзындысты не ’фсымӕртӕй ӕртӕйӕ, иу дзы уыди адвокат. Фӕлӕ уыдоны дӕр ахӕстоны бакодтой. Ӕппынфӕстаг нӕ рауагътой, фӕлӕ нын загътой, цӕмӕй горӕтӕй ацыдаиккам». Фӕлӕ уыцы хабарӕй иу азы фӕстӕ горӕты уӕддӕр ӕмбырд фӕзынд – уыди дзы 17 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны, ӕмбырдтӕм та-иу ӕрбацыд 50 адӕймаджы бӕрц.

Горӕт Копалӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуы, йӕ ном Альберто, фӕхуыдтой бӕрӕгбонмӕ. Альберто не сразы, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ахӕстоны бакодтой. Уый фӕстӕ бынӕттон цӕрджытӕ скодтой ӕмбырд. Иуӕй-иутӕ дзырдтой, ӕрцауындзын ӕй хъӕуы, цӕмӕй мачиуал баууӕнда Альбертойы дин райсын ӕмӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ ныууадзын. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй цалдӕр сфӕнд кодтой Альбертойы ссӕрибар кӕнын, фӕлӕ сын сӕхи дӕр ӕрцахстой. Иу къуыри фӕстӕ бӕрӕгбон куы фӕци, уӕд се ’ппӕты дӕр суӕгъд кодтой. Фӕлӕ адӕм уый фӕстӕ дӕр не ’рсабыр сты, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бахъуыд хицауадӕй ӕххуыс бацагурын. Хицауад сӕ фарс куы рахӕцыд, уӕд сӕ нал хъыгдардтой. Диссаг та уый у, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тынгдӕр чи ’фхӕрдта, уыцы нӕлгоймаг райдыдта Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Абон уыцы горӕты ис ӕмбырд.

Хуымтӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ

Йӕ мадӕлон ӕвзаг науатль кӕмӕн у, уыдонӕй бирӕтӕ Хуыцауы ныхас сӕ зӕрдӕмӕ кӕй исынц, уый уынгӕйӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ райдыдтой уыцы ӕвзаг ахуыр кӕнын. Фӕлӕ уый ӕнцон хъуыддаг нӕу, уымӕн ӕмӕ ацы адӕм тынг ӕфсӕрмыгӕнаг сты, стӕй сӕм иннӕ адӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕй кӕсынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй нӕ фӕдзурынц. Уымӕй уӕлдай ма дзы ис бирӕ ныхасыздӕхтытӕ.

Адӕмимӕ Библийы тыххӕй арӕх чи фӕныхас кӕны, иу ахӕм сылгоймаг, Соня, радзырдта, ӕвзаг науатль сахуыр кӕнын ӕй цӕмӕн бафӕндыд: «Мӕ хӕдзармӕ ’ввахс цӕры 6 000 индейаджы бӕрц, хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕнынц, ахӕм рӕстӕгмӕ хӕдзӕртты. Уыцы адӕм ардӕм кусынмӕ ӕрбацыдысты. Адӕм сӕ арӕх бафхӕрынц, ӕмӕ мын уый тынг зын у, уымӕн ӕмӕ ацтектӕ раздӕр уыдысты сӕрыстыр адӕм, стӕй нӕ культурӕ дӕр уыдонӕй райдыдта. 20 азы дӕргъы сын Хуыцауы ныхас испайнаг ӕвзагыл хъусын кодтам, фӕлӕ нӕ рӕстмӕ не ’мбӕрстой ӕмӕ нӕм зӕрдиагӕй дӕр нӕ хъуыстой. Фӕлӕ сын се ’взагыл цалдӕр ныхасы куы сахуыр кодтон, уӕд уавӕр цӕхгӕр фӕивта. Адӕм мӕ алыварс амбырд сты ӕмӕ мӕм лӕмбынӕг хъуыстой. Иу сылгоймагӕн загътон, зӕгъгӕ дӕ ӕз кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кӕндзынӕн, ды та мӕ уе ’взагыл дзурын сахуыр кӕн. Ныр мӕ хонынц, „не ’взаг нын чи зоны, уыцы сылгоймаг”. Мӕхи бӕстӕйы мӕхимӕ кӕсын миссионер». Абон уыцы ран ацтектӕн сӕхи ӕвзагыл ис ӕмбырд.

Мариселӕ дӕр арӕх фӕныхас кӕны адӕмимӕ Хуыцауы тыххӕй, ӕмӕ уый дӕр зӕрдиагӕй ахуыр кӕны ацтекты ’взаг. Раздӕр Мариселӕ 70-аздзыд нӕлгоймаг Феликсимӕ Библи ахуыр кодта испайнаг ӕвзагыл. Фӕлӕ йын йӕ мадӕлон ӕвзаг хуыздӕр куы базыдта, уӕд ын Библи уыцы ӕвзагыл ӕмбарын кӕнын райдыдта. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ хъуыддаг размӕ анкъуысыд. Мариселӕйы зӕрдӕ суынгӕг, иухатт ӕй Феликс куы бафарста: «Цымӕ Йегъовӕмӕ мӕ мадӕлон ӕвзагыл куы фӕкувын, уӕд мӕ фӕхъусы?» Куы йӕ базыдта, Йегъовӕ алы ӕвзаг дӕр кӕй зоны, уӕд тынг бацин кодта. Абон Феликс у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмӕ иу ӕмбырд дӕр нӕ цух кӕны, кӕд ӕй фистӕгӕй иу сахат ӕмӕ ӕрдӕг фӕхъӕуы цӕуын, уӕддӕр. Мариселӕ зӕгъы: «Мӕхицӕн стыр кадыл нымайын, хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр чи хъусын кӕны, уыцы зӕдӕн ӕххуыс кӕнын» (Раргомад 14:6, 7).

Ӕцӕгдӕр, Мексикӕйы хуымтӕ «фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ» (Иоанны 4:35). Мах кувӕм, цӕмӕй Хуыцау амӕй фӕстӕмӕ дӕр ӕппӕт адӕмты, уыдонимӕ ацтекты дӕр, йӕ хохмӕ хона, цӕмӕй йын йӕ фӕндӕгтӕ базоной (Исай 2:2, 3).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Ӕвзаг науатль хауы Юто-Ацтекаг ӕвзӕгтӕм. Дзурынц ыл ахӕм адӕмыхӕттытӕ: хопи, шошонтӕ ӕмӕ Цӕгат Америкӕйы команчитӕ.

^ 8 абз. 1519–1521 азты Эрнан Кортес йе ’фсадимӕ фӕуӕлахиз ацтекты паддзахадыл ӕмӕ йӕ Испанийы дӕлбар бакодта.

[Картӕ 13 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

МЕХИКО

АЛЫ ШТАТЫ ДӔР ЦАЛ АЦТЕКЫ ЦӔРЫ, УЫЙ

150 000

1 000-ӔЙ КЪАДДӔР