Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

«Раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн»

«Раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн»

АДӔЙМАГӔН хатт ӕхсызгон вӕййы йӕ царды хабӕрттӕ мысын. Зӕгъӕм, нӕ уарзон адӕмимӕ цы рӕстӕг арвыстам, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдӕ бахъӕлдзӕг вӕййы. Фӕлӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ нӕ зӕрдыл куы ’рбалӕууынц, уӕд нӕ зӕрдӕ ныккӕрзы. Дӕуӕн дӕр, ӕвӕццӕгӕн, дӕ царды ахӕм хабӕрттӕ уыд, ӕмӕ-иу, чи зоны, загътай, тӕхуды, мауал сӕ хъуыды кӕн, зӕгъгӕ. Кӕд дӕуӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн ис, уӕд дын стыр ныфсы хос фӕуыдзысты пехуымпар Исайы ныхӕстӕ. (Бакӕс Исай 65:17.)

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй адӕмы сӕ зӕрдӕриссӕн мысинӕгтӕ мауал тыхсын кӕной. Ӕмӕ уый тыххӕй цы бакӕндзӕн? Хуыцау ацы фыддуне фесафдзӕн ӕмӕ скӕндзӕн бынтон ӕндӕрхуызон цард. Йегъовӕ Исайы уылты загъта: «Ӕз аразын ног арв ӕмӕ ног зӕхх». Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты, уый куы базонӕм, уӕд нӕ уый стыр ныфс бауадздзӕн.

Цы у ног арв? Уый бамбарынӕн нын баххуыс кӕндзысты дыууӕ хъуыддаджы Библийӕ. Фыццаг: ног арвы кой Библийы ӕмбӕлы ноджыдӕр дыууӕ раны, ӕмӕ дыууӕ раны дӕр дзырд цӕуы, зӕххыл цард цӕхгӕр кӕй фӕивдзӕн (2 Петры 3:13; Раргомад 21:1–4). Дыккаг: Библийы дзырд «арв» иуӕй-иу хатт фӕамоны хицауадмӕ (Исай 14:4, 12; Данел 4:25, 26). Уӕдӕ ног арв у ног хицауад, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн бантысдзӕн зӕххыл рӕстдзинад ӕрфидар кӕнын. Чырысти дӕр йӕ фӕдылдзӕуджыты уыцы хицауады тыххӕй, ома Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, ахуыр кодта кувын. Уыцы Паддзахады фӕрцы Хуыцауы фӕндон сӕххӕст уыдзӕн зӕххыл (Матфейы 6:9, 10).

Ног зӕхх та цы у? Цӕмӕй йӕ базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм дыууӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг: Библийы дзырд «зӕхх» иуӕй-иу хатт фӕамоны, цы планетӕйыл цӕрӕм, уымӕ нӕ, фӕлӕ адӕммӕ (Псалом 96:12, 13). Дыккаг: Библийы фыст ӕрцыд, Хуыцауы разамындӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм кӕй сахуыр уыдзысты рӕстдзинадыл ӕмӕ уыцы рӕстдзинад ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр кӕй апарахат уыдзӕн (Исай 26:9). Уӕдӕ ног зӕхх амоны, Хуыцауы разамындмӕ чи хъусдзӕн ӕмӕ йӕ цард йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи араздзӕн, уыцы адӕммӕ.

Ныр ӕй ӕмбарыс, Йегъовӕ цы сараздзӕн, цӕмӕй нӕ нӕ зӕрдӕриссӕн мысинӕгтӕ мауал тыхсын кӕной? Тагъд Йегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн, ног арв ӕмӕ йӕм ног зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый, ӕмӕ ралӕудзӕн ног дуне *. Уыцы ног дунейы адӕймагӕн йӕ зӕрдыл иу ӕвзӕр хабар дӕр нал ӕрлӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ никуы ницӕмӕйуал схъӕрздзӕн ӕмӕ йӕ ницыуал тыхсын кӕндзӕн. Рӕстгӕнджытӕн сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ райдзӕн, уыдзысты цинӕфсӕст ӕмӕ сӕ алы ивгъуыд бон дӕр баст уыдзӕн ӕрмӕстдӕр ӕхсызгон мысинӕгтимӕ.

Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис, абон нӕ зӕрдӕтӕ цӕмӕй риссынц ӕмӕ цӕмӕй тыхсӕм, уыцы зындзинӕдтӕй та? Йегъовӕ Исайы уылты зӕрдӕ бавӕрдта: «Раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты». Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ нӕ сабыргай ферох уыдзысты, абон нӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр. Дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы ахӕм фидӕн? Кӕд о, уӕд бацархай, цӕмӕй хуыздӕр базонай, ахӕм рухс фидӕнӕй нын ныфс чи бавӕрдта, уыцы Хуыцауы.

Мартъийы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Исай 63–66Йереми 1–16

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Хуыцауы Паддзахад цы у ӕмӕ адӕмӕн цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 3, 8 ӕмӕ 9 сӕртӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 19 фарсыл]

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй адӕмы сӕ зӕрдӕриссӕн мысинӕгтӕ мауал тыхсын кӕной