Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цин кӕнӕм нӕ ныфсыл

Цин кӕнӕм нӕ ныфсыл

«[Ис нын] ӕнусон царды ныфс – йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау раджы зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уый» (ТИТ. 1:2).

1. Йегъовӕ нын цы ныфс дӕтты, уый нын фидар лӕууынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

ЙЕГЪОВӔ у «ныфсдӕттӕг Хуыцау». Афтӕ загъта апостол Павел. Ӕмӕ ма стӕй загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ цин ӕмӕ фарнӕй байдзаг кӕна, «цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг тыхы хъаруйы руаджы [нӕ] ныфс фидар уа» (Ром. 15:13). Нӕ ныфс фидар куы уа, уӕд цыфӕнды уавӕрты дӕр нӕ фӕцуддзыстӕм ӕмӕ нӕ цин ӕмӕ нӕ фарн нӕ фесафдзыстӕм. Денджызы тыхдымгӕ куыд сысты, афтӕ царды дӕр вӕййы зын рӕстӕджытӕ. Ӕмӕ нын ахӕм рӕстӕг нӕ ныфс вӕййы «науӕнгуырау, фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ», фӕнды сӕрст чырыстӕттӕй уӕм, фӕнды «ӕндӕр фыстӕй» (Дзут. 6:18, 19). Нӕ ныфсыл фидар куы хӕцӕм, уӕд нӕ «уырнындзинады фӕндагӕй иуварс нӕ ахӕсдзӕн» – нӕ ныфсы фӕрцы нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл дызӕрдыг никуы кӕндзыстӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 2:1; 6:11.)

2. Абон чырыстӕттӕй иутӕн цавӕр ныфс ис ӕмӕ иннӕтӕн та цавӕр? Сӕрст чырыстӕттӕн цы ныфс ис, уый «ӕндӕр фыстӕм» куыд хауы?

2 Ацы фӕстаг бонты чи цӕры, уыцы чырыстӕттӕй иу къордӕн иу ныфс ис, иннӕ къордӕн та – ӕндӕр. «Гыццыл дзугӕй» ма зӕххыл чи баззад, уыдонӕн ис ныфс, уӕлӕрвты ӕнӕмӕлгӕ цард кӕй райсдзысты. Уыдон Чырыстиимӕ иумӕ йӕ Паддзахады уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Лук. 12:32; Рарг. 5:9, 10). Уыдонӕй бирӕ фылдӕр чи сты, уыцы «ӕндӕр фыстӕн» та ис ныфс, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахады дӕлбар (Рарг. 7:9, 10; Иоан. 10:16). «Ӕндӕр фысты» алкӕддӕр хъӕуы сӕ зӕрдыл дарын: цӕмӕй фервӕзой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕной, Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕн (Матф. 25:34–40). Сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр ӕнӕмӕнгӕй райсдзысты сӕ хӕрзиуӕг. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:39, 40.) Фыццаг уал аныхас кӕнӕм, Хуыцау сӕрст чырыстӕттӕн цы ныфс дӕтты, ууыл.

СӔРСТ ЧЫРЫСТӔТТЫ «УДӔГАС НЫФС»

3, 4. Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты ногӕй куыд «райгуырын кодта» ӕмӕ сын «удӕгас ныфс» куыд радта? Уыцы ныфс цы у?

3 Апостол Петр сӕрст чырыстӕттӕм ныффыста дыууӕ фыстӕджы, ӕмӕ сӕ уым хоны «ӕвзӕрстытӕ» (1 Пет. 1:1). Петры фыстӕджытӕй нӕ бон у фылдӕр базонын, «гыццыл дзугӕн» цы диссаджы ныфс ис, уый тыххӕй. Йӕ фыццаг фыстӕджы Петр ныффыста: «Табу нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыдӕн. Уый йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ мах ногӕй райгуырын кодта ӕмӕ нын радта удӕгас ныфс, Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уый фӕрцы, цӕмӕй райсӕм, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, сыгъдӕг чи у ӕмӕ рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм бынтӕ. Уыцы бынтӕ уӕлӕрвты ӕвӕрдӕй лӕууынц сымахӕн – уырнындзинад уӕм кӕй ис, уый фӕрцы уӕ Хуыцау йӕ тыхӕй хъахъхъӕны, цӕмӕй уӕ фервӕзын кӕна. Уыцы ирвӕзындзинад цӕттӕ у, цӕмӕй кӕроны рӕстӕджы раргом уа. Ӕмӕ уый сымахӕн стыр цины хос у» (1 Пет. 1:3–6).

4 Йегъовӕ кӕй равзӕрста, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ Чырыстиимӕ иумӕ уыдзысты уӕларвон паддзахады. Сӕ нымӕц у бӕрӕг. Йегъовӕ сӕ «ногӕй райгуырын кодта» – йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы сӕ йӕхицӕн фырттӕ скодта. Йӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕ байсӕрста, цӕмӕй фидӕны Чырыстиимӕ иумӕ уӕлӕрвты уой паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Рарг. 20:6). Хуыцау сӕ ногӕй кӕй «райгуырын кодта», уый фӕрцы сын ис «удӕгас ныфс». Цы у уыцы ныфс? Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ у, уӕлӕрвты сӕм цы ӕнусон, ӕнӕмӕлгӕ цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Уӕдӕ уыцы ныфс сӕрст чырыстӕттӕн стыр цины хос куыннӕ у! Фӕлӕ сӕ ныфс цӕмӕй ис, уый сӕхи цӕстӕй фендзысты, кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайой, ӕрмӕстдӕр уӕд.

5, 6. Сӕрст чырыстӕттӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй цӕмӕн хъуамӕ баззайой?

5 Петр йӕ дыккаг фыстӕджы сӕрст чырыстӕттӕн загъта, зӕгъгӕ, зӕрдиагӕй архайут, «цӕмӕй, Хуыцау уӕ цӕмӕ ӕрхуыдта ӕмӕ цӕмӕн равзӕрста, уымӕй ӕцӕгдӕр хайджын уат» (2 Пет. 1:10). Сӕрст чырыстӕттӕм хъуамӕ уа уырнындзинад, хъуамӕ Хуыцауыл иузӕрдион уой, уарзой ӕфсымӕрты дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмы дӕр. Петр загъта: «Кӕд уӕм ахӕм миниуджытӕ ис, ӕмӕ уӕм сты уӕлдайджынтӕй, уӕд... уыдзыстут ӕнтыстджын ӕмӕ уӕ къухы бирӕ бафтдзӕн». (Бакӕс 2 Петры 1:5–8.)

6 Къаннӕг Азийы Филадельфийы ӕмбырды сӕрст чырыстӕттӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ чи уыд, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр Чырысти загъта: «Ды сӕххӕст кодтай, мӕ фидардзинады тыххӕй цы загътон, уый, ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ ӕз, ӕппӕт адӕмы бафӕлварыны тыххӕй ӕгас зӕххыл дӕр чи ’рцӕудзӕн, уыцы фӕлварӕны рӕстӕджы бахъахъхъӕндзынӕн. Ӕз тагъд ӕрцӕудзынӕн. Цы дӕм ис, ууыл фидар хӕц, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг мачи байса» (Рарг. 3:10, 11). Уыцы «хӕрзиуӕг», кӕнӕ «кадыхуд», райсдзысты, мӕлӕты онг иузӕрдионӕй чи баззайа, ӕрмӕстдӕр уыцы ӕвзӕрстытӕ. Уӕдӕ сӕрст чырыстон Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ куы сива, уӕд уыцы кадыхуд нӕ райсдзӕн (1 Пет. 5:4; Рарг. 2:10).

БАЦӔУДЗЫСТЫ ЧЫРЫСТИЙЫ ПАДДЗАХАДМӔ

7. Иудӕ йӕ фыстӕджы цавӕр диссаджы ныфсы кой ракодта?

7 Йесойы ӕфсымӕр Иудӕ н. э. 65 азы ныффыста фыстӕг сӕрст чырыстӕттӕм. Уым сӕ схуыдта «хуындтытӕ» (Иуд. 1; абар Дзуттӕгтӕм 3:1). Иудӕйы фыццаг фӕндыд сӕрст чырыстӕттӕн сӕ «иумӕйаг ирвӕзындзинады» тыххӕй ныффыссын (Иуд. 3). Фӕлӕ йӕ кӕд уый бӕсты ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгты тыххӕй ныффыссын бахъуыди, уӕддӕр йӕ цыбыр фыстӕджы кӕрон ракодта, сӕрст чырыстӕттӕн цы диссаджы ныфс ис, уый кой: «Сымах фӕкӕлынӕй бахизын ӕмӕ уӕ йӕ кады раз ӕнӕфауӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ ӕрлӕууын кӕнын кӕй бон у, уыцы иунӕг Хуыцауӕн, нӕ Ирвӕзынгӕнӕгӕн, стыр тыхы хицау чи у, уымӕн, уӕд кад, намыс ӕмӕ бартӕ ӕнусты размӕ дӕр, ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы уылты!» (Иуд. 24, 25).

8. Иудӕйы 24 стихмӕ гӕсгӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ сӕрст чырыстон мӕлӕты онг иузӕрдионӕй куы баззайы, уӕд уӕлӕрвты цин кӕй фӕкӕнынц?

8 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй алкӕйдӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ Хуыцау хъахъхъӕна «фӕкӕлынӕй», ома, фесафыны аккаг кӕй тыххӕй суыдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕй. Библимӕ гӕсгӕ сӕрст чырыстӕттӕн ис уыцы ныфс, Йесо Чырысти сӕ кӕй райгас кӕндзӕн уӕларвон цардмӕ ӕмӕ кӕй суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст уӕларвон удгоймӕгтӕ. Уый фӕрцы сӕ бон уыдзӕн Хуыцауы раз ӕрлӕууын. Сӕрст чырыстӕттӕй мӕлӕты онг иузӕрдионӕй чи баззайа, уый ӕнӕмӕнгӕй райгас уыдзӕн «кадджынӕй» ӕмӕ йын уыдзӕн «ӕнӕмбийгӕ... уӕларвон буар» (1 Кор. 15:42–44). «Иу тӕригъӕдджын адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕны», уӕд ууыл уӕлӕрвты цин фӕкӕнынц. Ӕмӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕй исчи мӕлӕты онг иузӕрдионӕй куы баззайы, уӕд ууыл та куыд тынг фӕцин кӕнынц! (Лук. 15:7). Сӕрст чырыстон йӕ хӕрзиуӕг «цингӕнгӕйӕ» куы райса, уӕд Йегъовӕ ӕмӕ иузӕрдион уӕларвон удгоймӕгтӕ йемӕ иумӕ цин кӕндзысты. (Бакӕс 1 Иоанны 3:2.)

9. Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ уӕларвон паддзахадмӕ кӕй бацӕудзысты, уый сын «стыр арфӕдзинад» цы хуызы у? Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕн уыцы ныфс куыд ӕххуыс кӕны?

9 Петр дӕр сӕрст чырыстӕттӕм фыста, иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд цы хӕрзиуӕг райсдзысты, уый тыххӕй. Уый ныффыста: «Ахӕм стыр арфӕдзинадӕй хайджын уыдзыстут, ӕмӕ бацӕудзыстут нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы ӕнусон паддзахадмӕ» (2 Пет. 1:10, 11). Петр афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, ахӕм стыр арфӕдзинадӕй хайджын уыдзыстут, ӕмӕ уӕларвон паддзахадмӕ бацӕудзыстут, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уый кой кодта, ӕмӕ уыцы паддзахадмӕ кадджын цыд кӕй бакӕндзысты, сӕ чырыстон миниуджытӕ ирдӕй кӕй зындзысты. Стӕй ма, ӕвӕццӕгӕн, кодта, уӕлӕрвты цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕ райсдзысты, уыдоны кой дӕр. Цы иузӕрдиондзинад равдыстой, ууыл-иу куы ахъуыды кӕной, уӕд тынг цин кӕндзысты ӕмӕ Йегъовӕйӕ бузныг уыдзысты. Уыцы ныфс сӕрст чырыстӕттӕн хъарутӕ дӕтты, цӕмӕй, цалынмӕ ам зӕххыл сты, уӕдмӕ «[сӕ] зонд ӕгасӕй дӕр саразой ӕппӕт тыхтӕй архайынмӕ» (1 Пет. 1:13).

«ӔНДӔР ФЫСТЫ» НЫФС

10, 11. а) «Ӕндӕр фыстӕн» цавӕр ныфс ис? ӕ) Зӕххыл цӕрыны ныфс куыд баст у Чырыстиимӕ ӕмӕ, «Хуыцауы фыртты кад» кӕй раргом уыдзӕн, уыимӕ?

10 Апостол Павел фыста сӕрст чырыстӕттӕм, «Хуыцауы фырттӕм», цы диссаджы ныфс сын ис, уый тыххӕй, ома кӕй уыдзысты «бындартӕ Чырыстиимӕ иумӕ». Уый фӕстӕ та загъта, Йегъовӕ «ӕндӕр фыстӕн» цы диссаджы ныфс дӕтты, уый тыххӕй: «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Хуыцауы фыртты кад куы раргом уа, уымӕ. Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон баисты ницӕйаг царды хай, сӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ сӕ ахӕм царды хай чи бакодта, уый фӕндӕй. Уыцы царды хай та сӕ бакодта ахӕм ныфсимӕ: Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ром. 8:14–21).

11 Йегъовӕ адӕмӕн «ныфс» радта, Сайтан Хӕйрӕгӕй сӕ чи ссӕрибар кӕндзӕн, уыцы «байзӕддагӕй» зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд (Райд. 3:15; Рарг. 12:9). Уыцы «байзӕддаг» сӕйраджыдӕр у Йесо Чырысти (Гал. 3:16). Йесо кӕй амард ӕмӕ уый фӕстӕ кӕй райгас, уый фӕрцы адӕмӕн фӕзынди ныфс, тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй ссӕрибар уыдзысты. Уыцы ныфс баст у, «Хуыцауы фыртты кад» кӕй «раргом уыдзӕн», уыимӕ. «Хуыцауы фырттӕ» дӕр, ома сӕрст чырыстӕттӕ, хауынц байзӕддагмӕ. Сӕрст чырыстӕтты кад уӕлӕрвты раргом уыдзӕн, Чырыстиимӕ иумӕ Сайтаны фыддуне куы фесафой, уӕд (Рарг. 2:26, 27). Ӕмӕ уый та ӕрхӕсдзӕн ирвӕзындзинад «ӕндӕр фыстӕн», стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиза, уыдонӕн (Рарг. 7:9, 10, 14).

12. Сӕрст чырыстӕтты кад кӕй раргом уыдзӕн, уый адӕмӕн цавӕр диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?

12 Чырысти миназы дӕргъы паддзах куы уа, уӕд адӕм сӕ фыдӕбӕттӕй сулӕфдзысты. Уыцы рӕстӕг «Хуыцауы фыртты кад... раргом уыдзӕн» ӕндӕр хуызы дӕр. Уыдон Чырыстиимӕ иумӕ лӕггад кӕндзысты сауджынтӕй ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй схайджын уой, Чырыстийы нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар коммӕгӕс адӕм сабыргай «ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй» – тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт цы зиан ӕрхӕссы, уымӕй фервӕздзысты. Уыцы миназы дӕргъы, стӕй миназы кӕрон фӕстаг фӕлварӕны рӕстӕг Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд сӕ нӕмттӕ ӕнустӕм фыст ӕрцӕудзысты «царды тыхтоны». Уӕд схайджын уыдзысты, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинадӕй» (Рарг. 20:7, 8, 11, 12). Ӕвӕдза, уый цӕй диссаджы ныфс у!

ДӔ НЫФС УДӔГАС УӔД

13. Ныфс нын цӕй фӕрцы ис? Чырысти кӕд раргом уыдзӕн?

13 Петр йӕ дыууӕ фыстӕджы цы ныффыста, уый сӕрст чырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн» дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ ныфс удӕгас уа. Петр бамбарын кодта, ныфс сын кӕй ис, уый сӕ хъуыддӕгты фӕрцы кӕй нӕу, фӕлӕ Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы. Петр ныффыста: «Алы хъуыддаджы дӕр ут къӕрцхъус. Уӕ ныфс дарут, Йесо Чырысти куы раргом уа, уӕд уын Хуыцау цы стыр хорзӕхӕй бахай кӕндзӕн, ууыл» (1 Пет. 1:13). Чырысти раргом уыдзӕн, йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты схорзӕхджын кӕныны тыххӕй ӕмӕ фыдгӕнджыты фесафыны тыххӕй куы ӕрцӕуа, уӕд. (Бакӕс 2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–10.)

14, 15. а) Цы хъуамӕ ма рох кӕнӕм, цӕмӕй нӕ ныфс удӕгас уа? ӕ) Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм?

14 Цӕмӕй нӕ ныфс удӕгас уа, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, «Йегъовӕйы бон» ӕввахс кӕй у, ӕмӕ уый хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ цардӕй. Уыцы бон Йегъовӕ фесафдзӕн «арв», ома адӕмы хицауӕдтӕ се ’ппӕт дӕр, ӕмӕ «зӕхх», ома ӕвзӕр адӕмы, стӕй, «зӕххыл цы ис, уыдон» дӕр. Петр ныффыста: «Цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд иузӕрдион хъуамӕ уат, Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ йӕ алкӕддӕр уӕ зӕрдыл даргӕйӕ! Уыцы бон арв арты басудздзӕн, арв ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон та сзынг уыдзысты ӕмӕ батайдзысты» (2 Пет. 3:10–12).

15 Абоны «арв» ӕмӕ «зӕххы» бӕсты уыдзӕн «ног арв [ома Чырыстийы хицауад] ӕмӕ ног зӕхх [ома рӕстаг адӕм]» (2 Пет. 3:13). Петр бӕлвырдӕй загъта, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ «ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ», ома уыцы ныфс ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл даргӕйӕ, цы хъуамӕ аразӕм: «Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, ӕппӕт хъарутӕй архайут, цӕмӕй ӕппынфӕстаг йӕ разы ӕрлӕууат ӕнаиппӕй, сыгъдӕгӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕргӕйӕ» (2 Пет. 3:14).

ДӔ НЫФС УДӔГАС КӔЙ У, УЫЙ ДӔ ЦАРДӔЙ БӔРӔГ УӔД

16, 17. а) Сыгъдӕг цард кӕй кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ ӕвдисӕм? ӕ) Ныфс нӕ цӕмӕй ис, уый куыд сӕххӕст уыдзӕн?

16 Нӕ ныфс удӕгас кӕй у, уый хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ цардӕй. Петр куыд загъта, афтӕмӕй хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, цӕмӕй уӕм, Йегъовӕ райгонд кӕмӕй у, ахӕм адӕймӕгтӕ. Хъуамӕ кӕнӕм «сыгъдӕг цард», ома ацы дунейы адӕмы ’хсӕн нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдауӕй фӕзминаг уӕм, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый фӕрцы (2 Пет. 3:11; 1 Пет. 2:12). Ӕппӕт дунейы нын цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдоны хъуамӕ уарзӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй не ’мбырды уа иудзинад (Иоан. 13:35). Петр ма загъта, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй хъуамӕ уӕм, ома, Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕй фӕрцы уыдзыстӕм, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразӕм. Цы хауы уыцы хъуыддӕгтӕм? Хъуамӕ Хуыцаумӕ кувӕм, цыма не ’ввахс хӕларимӕ ныхас кӕнӕм, афтӕ, стӕй хъуамӕ Библи алы бон дӕр кӕсӕм, лӕмбынӕг ӕй иртасӕм, нӕ бинонтимӕ йӕ ахуыр кӕнӕм ӕмӕ ӕдзухдӕр хъусын кӕнӕм «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» (Матф. 24:14).

17 Махӕй алкӕйдӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа ӕмӕ, ацы фыддуне куы сафа, уӕд нӕ фервӕзын кӕна. Уӕд сӕххӕст уыдзӕн, ныфс нӕ цӕмӕй ис, уый. Ӕмӕ уый та у «ӕнусон царды ныфс – йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау раджы зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уый» (Тит. 1:2).

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 22 фарсыл]

Хуыцау сӕрст чырыстӕтты «ногӕй райгуырын кодта» ӕмӕ сын «радта удӕгас ныфс»

[Ныв 24 фарсыл]

Дӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй сӕ ныфс удӕгас уа