Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо Чырысти. Дзуаппытӕ нӕ фарстатӕн

Йесо Чырысти. Дзуаппытӕ нӕ фарстатӕн

«Цы дзурынц адӕм мӕн тыххӕй, чи, дам, у?» (ЛУКАЙЫ 9:18).

ЧЫРЫСТИ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ахӕм фарста уый тыххӕй радта, ӕмӕ йӕ зыдта, чи у, уый фӕдыл адӕммӕ алыхуызон хъуыдытӕ кӕй ис. Фӕлӕ ацы фарстайӕн дзуапп ссарын зын нӕу. Чырысти адӕмӕй йӕхи дард нӕ ласта, йӕ алы хъуыддаг дӕр кодта ӕргомӕй. Адӕмимӕ куыд ныхас кодта, уый-иу фенӕн уыди хъӕуты дӕр ӕмӕ горӕтты дӕр. Чырысти сын Хуыцауы ныхас хъусын кодта ӕмӕ сӕ ахуыр кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй бӕлвырдӕй зыдтаиккой, чи у, уый (Лукайы 8:1).

Чырысти чи уыд, уый базонӕн ис йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй, фыст сты Библийы – Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны чингуыты. Уыцы чингуытӕ фыст ӕрцыдысты Хуыцауы фӕндӕй ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕт фарстатӕн дӕр Чырыстийы тыххӕй дзуаппытӕ базондзыстӕм ӕрмӕстдӕр уырдыгӕй * (Иоанны 17:17).

ФАРСТА: Цымӕ Чырысти ӕцӕгдӕр цард?

ДЗУАПП: О. Фыццаг ӕнусы историктӕн, зӕгъӕм, Иосиф Флавий ӕмӕ Тацитӕн дӕр сӕ чингуыты ис Чырыстийы кой. Фӕлӕ уӕддӕр Чырысти ӕрымысгӕ адӕймаг кӕй нӕ уыд, фӕлӕ ӕцӕгдӕр кӕй цард, уымӕн Библийӕ хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн нӕй. Чырыстийы царды хабӕрттӕ кӕд ӕмӕ кӕм цыдысты, уыдӕттӕ дзы сты лыстӕггай фыст. Зӕгъӕм, Йесойы царды хабӕрттӕ чи ныффыста, уыдонӕй иу, Лука, кодта авд хицауы кой, цӕмӕй бӕрӕг уыдаид, Чырысти хорз хабар хъусын кӕнын кӕцы аз райдыдта, уый. Уыцы хицӕуттӕ ӕцӕгдӕр кӕй уыдысты, уыимӕ разы сты историктӕ дӕр (Лукайы 3:1, 2, 23).

Чырысти ӕцӕгдӕр кӕй цард, ууыл дызӕрдыг кӕнӕн нӕй. Иу чиныджы фыст ис: «Ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ сразы уыдзысты, Назаретаг Йесо ӕцӕгдӕр кӕй цард фыццаг ӕнусы» (Evidence for the Historical Jesus).

ФАРСТА: Чырысти ӕцӕгдӕр Хуыцау у?

ДЗУАПП: Нӕу. Чырысти йӕхи тыххӕй никуы загъта, Хуыцауы ӕмсӕр кӕй у. Фӕлӕ-иу арӕх дзырдта, Йегъовӕйы дӕлбар кӕй у *. Зӕгъӕм, Йесо Йегъовӕйы хуыдта, «мӕ Хуыцау» ӕмӕ «иунӕг ӕцӕг Хуыцау», зӕгъгӕ (Матфейы 27:46; Иоанны 17:3). Ныхӕстӕ «Хуыцау» ӕмӕ «иунӕг ӕцӕг Хуыцау» амонынц, кувгӕ кӕнӕ лӕггад кӕмӕн кӕнынц, уымӕ. Ӕмӕ кӕд Чырысти йӕхӕдӕг Хуыцау у, уӕд йӕхицӕй уӕлдӕр чи хъуамӕ уыдаид ӕмӕ кӕмӕн хъуамӕ куывтаид?

Чырысти ма бамбарын кодта, Хуыцауимӕ иу кӕй не сты. Иухатт Йесо, йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыдонӕн загъта: «Уӕ Закъоны дӕр афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, „дыууӕ адӕймаджы ӕвдисӕн цӕмӕн ныллӕууой, уый раст у“. Ӕз мӕхӕдӕг ӕвдисӕн лӕууын мӕхи тыххӕй, ӕмӕ мӕн тыххӕй ӕвдисӕн лӕууы мӕ рарвитӕг Фыд дӕр» (Иоанны 8:17, 18). Уӕдӕ Чырысти ӕмӕ Йегъовӕ иу куы уыдаиккой, уӕд ацы стихы дыууӕ ӕвдисӕны кой цӕмӕн ис? *.

ФАРСТА: Чырысти ӕнӕуи хорз адӕймаг уыд?

ДЗУАПП: Чырысти хуымӕтӕг адӕймаг нӕ уыд. Чырысти зыдта, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй йӕ йӕхимӕ бирӕ ахсджиаг хӕстӕ райсын кӕй хъуыд. Зӕгъӕм, Чырысти уыд:

Хуыцауы «иунӕггуырд» Фырт (Иоанны 3:16, фиппаинаг). Чырысти зыдта, кӕцӕй ӕрцыд, уый. Цалынмӕ зӕххыл нӕ райгуырд, уӕдмӕ дӕр цард. Йӕхӕдӕг загъта, ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн, зӕгъгӕ (Иоанны 6:38). Йесо уыд, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг. Йесойы Хуыцау йӕхӕдӕг кӕй сфӕлдыста, йӕ «иунӕггуырд фырт» дӕр уый тыххӕй хуыйны (Иоанны 1:3, 14, фиппаинаг; Колоссӕгтӕм 1:15, 16).

«Адӕймаджы Фырт» (Матфейы 8:20). Чырысти йӕхи арӕх хуыдта «Адӕймаджы Фырт». Ацы дзырдбаст Евангелиты ӕмбӕлы 80 хатты бӕрц. Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, Чырысти адӕймаг кӕй уыди, Хуыцау адӕймаджы хуызы нӕ, фӕлӕ. Цымӕ Хуыцауы иунӕггуырд Фырт адӕймаг куыд сси? Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы афтӕ бакодта, цӕмӕй йӕ Фырт райгуырдаид, мойгонд чи нӕ уыд, ахӕм дзуттаг ӕрыгон сылгоймаг Марийӕйӕ. Уӕдӕ Йесо сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй райгуырд, уымӕ гӕсгӕ йӕ туджы тӕригъӕд нӕ рахаста (Матфейы 1:18; Лукайы 1:35; Иоанны 8:46).

«Ахуыргӕнӕг» (Иоанны 13:13). Чырыстийы цардӕй бӕрӕг уыд, Хуыцау ын кӕй бахӕс кодта, цӕмӕй адӕмы «ахуыр кодтаид [ӕмӕ] хъусын кодтаид Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» (Матфейы 4:23; Лукайы 4:43). Хуыцауы Паддзахад цы у, ӕмӕ уыцы Паддзахад Йегъовӕйы фӕндон куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый-иу Йесо адӕмӕн куы ’мбарын кодта, уӕд-иу дисы бафтыдысты, уымӕн ӕмӕ-иу йӕ ныхас уыд бӕлвырд ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн (Матфейы 6:9, 10).

«Дзырд» (Иоанны 1:1). Ацы ныхас нысан кӕны, Чырысти кӕй уыди Хуыцауы минӕвар, ома, Хуыцау цы разамынд лӕвӕрдта, уый-иу иннӕтӕн хъусын кодта. Йегъовӕ Йесойӕн бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ фӕндон адӕмӕн фехъусын кодтаид (Иоанны 7:16, 17).

ФАРСТА: Йесо, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мессийӕ уыди?

ДЗУАПП: О. Библийы пехуымпарӕдты фыст ӕрцыд, кӕй хъуамӕ фӕзындаид Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти. Ацы дыууӕ ныхасы нысан кӕнынц «Сӕрст». Йегъовӕйы фӕндон сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы Чырысти ахста сӕйраг бынат. Иухатт иу самариаг сылгоймаг Йесойӕн загъта: «Ӕз ӕй зонын, кӕй ӕрцӕудзӕн Мессийӕ, Чырысти кӕй хонынц, уый». Ӕмӕ йын уӕд Йесо комкоммӕ загъта: «Ӕз дӕн уыцы адӕймаг» (Иоанны 4:25, 26).

Цымӕ исты бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, Йесо ӕцӕгдӕр Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй уыд? О, уымӕн ис ӕртӕ сӕйраг бӕлвырдгӕнӕны. Ӕмӕ уый гӕнӕн куыд нӕй, цӕмӕй дыууӕ адӕймагӕн се ’нгуылдзты фӕдтӕ ӕмхуызон уой, афтӕ уый гӕнӕн дӕр нӕй, цӕмӕй ма ацы бӕлвырдгӕнӕнтӕ Йесойы йеддӕмӕ ӕндӕр искӕмӕ дӕр амоной. Цӕй уӕдӕ сӕм ӕркӕсӕм.

Чырыстийы хӕдзарвӕндаг. Библийы фыст ӕрцыд, Чырысти кӕй рацӕудзӕн Авраамы хӕдзарвӕндагӕй, стӕй кӕй уыдзӕн Давиды байзӕддаг (Райдиан 22:18; Псалом 132:11, 12). Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, Авраам ӕмӕ Давид уыдысты Йесойы рагфыдӕлтӕ (Матфейы 1:1–16; Лукайы 3:23–38).

Пехуымпарӕдтӕ. Дзуттаг Фыстыты (Рагон Фӕдзӕхсты) ис бирӕ пехуымпарӕдтӕ Чырыстийы царды тыххӕй, суанг лыстӕг хабӕрттӕ йӕ райгуырд ӕмӕ йӕ мӕлӕты тыххӕй. Уыцы пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр сӕххӕст сты Чырыстийыл. Мӕнӕ дзы цалдӕр: райгуырд Вифлеемы (Михей 5:2; Лукайы 2:4–11); Египетӕй йӕ ракодтой (Оси 11:1; Матфейы 2:15); амард, йе стджытӕй иу дӕр саст не ’рцыд, афтӕмӕй (Псалом 34:20; Иоанны 19:33, 36). Уымӕн гӕнӕн нӕ уыд, ӕмӕ Чырысти йӕ царды алы къахдзӕф дӕр барӕй афтӕ арӕзтаид, цӕмӕй йыл уыцы пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр сӕххӕст уыдаиккой *.

Хуыцау йӕхӕдӕг равдыста, йӕ Фырт кӕй у, уый. Йесо Чырысти куы райгуырд, уӕд Хуыцау йӕ зӕдты арвыста, цӕмӕй уыцы хабар фыййӕуттӕн фехъусын кодтаиккой (Лукайы 2:10–14). Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд Хуыцау йӕхӕдӕг цалдӕр хатты уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта, Йесо йӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт кӕй у (Матфейы 3:16, 17; 17:1–5). Йегъовӕ Йесойӕн тых радта, цӕмӕй диссӕгтӕ арӕзтаид, ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг уыд, Йесо кӕй уыд, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мессийӕ (Хъуыддӕгтӕ 10:38).

ФАРСТА: Чырысти цӕмӕн фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ цӕмӕн амард?

ДЗУАПП: Чырысти ӕнӕтӕригъӕд адӕймаг уыд ӕмӕ ахӕмӕй ницы сарӕзта, цӕмӕй фӕхъизӕмар кодтаид, фыдгӕнӕгау ӕй хъӕдыл байтыгътаиккой ӕмӕ худинаджы мардӕй амардаид. Ӕмӕ кӕд Йесо зыдта, ахӕм фӕлварӕнтӕ йӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уӕддӕр сыл сӕрныллӕгӕй сразы (Матфейы 20:17–19; 1 Петры 2:21–23).

Пехуымпарӕдты загъд уыд, Чырысти кӕй фӕхъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ йӕ цард кӕй ратдзӕн, цӕмӕй адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕна (Исай 53:5; Данел 9:24, 26). Йесо йӕхӕдӕг загъта, кӕй ӕрцыд, цӕмӕй «йӕ уд раттаид бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28). Чырыстийы нывондыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдонӕн ис ныфс, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй кӕй ссӕрибар уыдзысты ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты * (Иоанны 3:16; 1 Иоанны 4:9, 10).

ФАРСТА: Чырысти ӕцӕгдӕр райгас?

ДЗУАПП: О. Йесо фидарӕй зыдта, мӕрдтӕй кӕй райгас уыдзӕн (Матфейы 16:21). Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йесо дӕр, стӕй, Библи чи фыста, уыдонӕй иу дӕр афтӕ кӕй нӕ загъта, Йесо йӕхи ӕгъдауӕй кӕй райгас уыдзӕн. Уый адӕймаджы уырнгӕ дӕр куыд хъуамӕ бакӕна?! Библийы фыст ис: «Хуыцау мӕлӕты рӕхыстӕ атыдта ӕмӕ йӕ райгас кодта» (Хъуыддӕгтӕ 2:24). Хуыцау кӕй ис ӕмӕ алцыдӕр уый кӕй сфӕлдыста, уый нӕ кӕд уырны, уӕд нӕ цӕуылнӕ хъуамӕ бауырна, йӕ Фырты кӕй райгас кодта, уый? (Дзуттӕгтӕм 3:4).

Чырысти ӕцӕгдӕр кӕй райгас, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонӕй иу цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.

Чырыстийы йӕ райгасы фӕстӕ чи федта, уыдон. Йесойы мӕлӕтӕй 22 азы куы рацыд, уӕд апостол Павел ныффыста, Йесойы йӕ райгасы фӕстӕ кӕй федта 500 адӕймагӕй фылдӕр, ӕмӕ дзы уыцы рӕстӕг нырма бирӕтӕ ӕгас кӕй уыдысты (1 Коринфӕгтӕм 15:6). Иу кӕнӕ дыууӕ ӕвдисӕны ныхӕстыл, чи зоны, мачи баууӕндыдаид, фӕлӕ 500 ӕвдисӕнӕй фылдӕры ныхмӕ чи цы хъуамӕ загътаид?

Дызӕрдыг кӕнӕн кӕй ныхӕстыл нӕй, уыцы ӕвдисӕнтӕ. Чырысти кӕй райгас, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй хуыздӕр ничи зыдта ӕмӕ уыцы хабар ныфсджынӕй дӕр уый тыххӕй хъусын кодтой (Хъуыддӕгтӕ 2:29–32; 3:13–15). Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, мӕрдты райгасдзинад у чырыстон дины бындур (1 Коринфӕгтӕм 15:12–19). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ мӕлӕтыл дӕр разы уыдысты, цӕйнӕфӕлтау афтӕ загътаиккой, нӕ йӕ зонӕм, зӕгъгӕ (Хъуыддӕгтӕ 7:51–60; 12:1, 2). Зӕгъӕм, адӕймаг зоны, цыдӕр ӕцӕг кӕй нӕу, фӕлӕ уӕддӕр уый тыххӕй йӕ цард раттынмӕ цӕттӕ у. Ахӕм адӕймагӕй цы ахъуыды кӕнис?

Мах ӕркастыстӕм, адӕммӕ Чырыстийы тыххӕй цы ӕхсӕз сӕйраг фарстайы сӕвзӕры, уый фӕдыл Библийы цы фыст ис, уымӕ. Базыдтам ӕй, Чырысти ӕцӕгӕй чи у, уый. Фӕлӕ, ацы фарстатӕн дзуапп зонын афтӕ ахсджиаг у? Ӕндӕр ныхасӕй, Чырысти чи у, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс, уый исты уӕлдай у?

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Библийы Чырыстийы царды хабӕртты тыххӕй цы фыст чи ис, уый ӕмӕ Йесойы тыххӕй ӕрымысгӕ хабӕрттӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, ууыл дзырд цӕуы статьяйы «Апокрифон евангелитӕ. Ӕцӕг хабӕрттӕ Чырыстийы тыххӕй?», 18, 19 фӕрстӕ.

^ 9 абз. Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном у Йегъовӕ.

^ 21 абз. Чырыстийыл цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст, уый тыххӕй бакӕсӕн ис чиныджы «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 200 фарс.

^ 25 абз. Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 5 сӕр.