Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ фарстатӕн дзуапп зонын ахсджиаг у?

Нӕ фарстатӕн дзуапп зонын ахсджиаг у?

«Базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (ИОАННЫ 8:32).

КУЫД загътам, афтӕмӕй, Чырысти чи у, уый фӕдыл ис бирӕ алыхуызон зынӕмбарӕн ӕмӕ мӕнг хъуыдытӕ. Фӕлӕ Библийы бӕлвырдӕй фыст ис, Чырысти чи у, уый тыххӕй. Цымӕ, Чырысти чи у, уый зонын афтӕ ахсджиаг у? О. Уый ахсджиаг у Йегъовӕйӕн, Чырыстийӕн, ӕмӕ уый хъуамӕ ахсджиаг уа дӕуӕн дӕр.

Уый Йегъовӕйӕн ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм амондджынӕй цӕрӕм. Йесо загъта: «Хуыцау дуне [адӕмы] афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый... ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16). Хуыцау йӕ Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард мах тыххӕй нывондӕн ӕрхастаид ӕмӕ нын уый руаджы фӕзындаид зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны фадат. Афтӕмӕй сӕххӕст уыдзӕн, Хуыцаумӕ райдианы адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыди, уый (Райдиан 1:28). Хуыцауы тынг фӕнды ӕнусон цард балӕвар кӕнын, йӕ Фырты тыххӕй йын чи базоны ӕмӕ уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ чи фӕцӕры, уыдонӕн (Ромӕгтӕм 6:23).

Уый Чырыстийӕн ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр тынг уарзы адӕмы. Мах тыххӕй йӕ цард кӕй нӕ бавгъау кодта, уымӕй равдыста, удуӕлдай уарзтӕй нӕ кӕй уарзы (Иоанны 15:13). Йесо зыдта, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы кӕй ис фервӕзӕн (Иоанны 14:6). Уӕдӕ нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса, Чырыстийы кӕй фӕнды, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕм йӕ нывонды фӕрцы Хуыцауы хорздзинӕдтӕй схайджын уой. Ӕмӕ йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн дӕр уый тыххӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕнӕхъӕн дунейы Хуыцауы фӕндты тыххӕй хъусын кӕной (Матфейы 24:14; 28:19, 20).

Уый махӕн ахсджиаг цӕмӕн хъуамӕ уа? Ахъуыды-ма кӕн, тынг зынаргъ дын цы у, ууыл, зӕгъӕм, дӕ бинонтыл ӕмӕ де ’нӕниздзинадыл. Фӕнды дӕ, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хиуӕттӕ дӕр ӕнӕниз уой? Йегъовӕ зӕрдӕ ’вӕры, Йесойы нывонды руаджы дӕуӕн дӕр, стӕй дын зынаргъ чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр, уӕ царды рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн бынат кӕй нал уыдзӕн, ӕнӕниз кӕй уыдзыстут ӕмӕ ӕнустӕм ног дунейы кӕй цӕрдзыстут (Псалом 37:11, 29; Раргомад 21:3, 4). Нӕ дӕ фӕндид ахӕм цардӕй цӕрын? Кӕд о, уӕд дӕ уый тыххӕй цыдӕр аразын хъӕуы.

Дӕ хорзӕхӕй, иу хатт-ма ’ркӕс, статьяйы райдианы цы стих ис, уымӕ: «Базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн». Чырысти чи у ӕмӕ Хуыцауы фӕндон куыд ӕххӕст кӕны, уый тыххӕй куы базонӕм, уӕд нӕ уый ссӕрибар кӕндзӕн тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй – ӕппӕты ӕгъатырдӕр хицӕуттӕй. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы хорздзинадӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы рӕстдзинад базонын. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын уыцы хъуыддаджы ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты.