Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Мах дӕм «уайтагъд раздӕхдзыстӕм»

Мах дӕм «уайтагъд раздӕхдзыстӕм»

Мыййаг раздӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодтай? Кӕд о, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕнды, цӕмӕй та йын ногӕй лӕггад кӕнын райдайай, фӕлӕ, чи зоны, дӕ ныфс нӕ хӕссыс, уымӕн ӕмӕ дӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн, уый нӕ зоныс. Ацы статья дӕр ӕмӕ, йӕ фӕстӕ цы статья ис, уый дӕр фыст у дӕу тыххӕй, ӕмӕ-ма сӕ, дӕ хорзӕхӕй, лӕмбынӕг бакӕс.

«ЙЕГЪОВӔЙӔН лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын бар ратта, ӕмӕ йӕм раздӕхон, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссын кодтон, уый тыххӕй мын ныххатыр кӕна». Афтӕ загъта, йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ чырыстон ӕгъдӕуттыл хӕст чи уыд, фӕлӕ сыл стӕй йӕ зӕрдӕ чи сивта, иу ахӕм сылгоймаг. Мыййаг ыл дӕ зӕрдӕ нӕ риссы? Чи зоны, фӕхъуыды кӕныс, Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, раздӕр ын чи лӕггад кодта, уыдонмӕ. Нӕ сӕ ферох кодта? Цымӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм «раздӕхой»? Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй аныхас кӕнӕм, Йереми цы загъта, ууыл. Цы базондзынӕ, уый дын, ӕнӕмӕнгӕй, стыр удӕнцой ӕрхӕсдзӕн. (Бакӕс Йеремийы 31:18–20.)

Ӕркӕсӕм-ма, Йереми ацы ныхӕстӕ кӕд ӕмӕ цӕй тыххӕй загъта, уымӕ. Н. э. размӕ 740 азы, Йеремийы рӕстӕджытӕй бирӕ раздӕр, Йегъовӕ Израилы дӕсмыггаг паддзахады цӕрджыты ассириӕгты къухмӕ радта, ӕмӕ сӕ уацары акодтой *. Хуыцау йӕ адӕмыл уыцы бӕллӕх уый тыххӕй ӕруагъта, цӕмӕй сын зонд бацамыдтаид, уымӕн ӕмӕ стыр тӕригъӕдтыл бафтыдысты ӕмӕ сӕ пехуымпартӕ цӕмӕй фӕдзӕхстой, уый ницӕмӕ дардтой (2 Паддзӕхты 17:5–18). Израилӕгтӕ сӕ Хуыцауӕй аздӕхтысты ӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ фӕхауӕггаг сты. Цымӕ уацары хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзӕрстой, уый сын зонды хос фӕци? Цымӕ сӕ Йегъовӕ ферох кодта? Бар ма сын радта, цӕмӕй та йын лӕггад кӕнын райдыдтаиккой ӕмӕ фӕстӕмӕ Израилмӕ ӕрыздӕхтаиккой?

«Фӕфӕсмон кодтон»

Израилӕгтӕ уацары куы уыдысты, уӕд сӕ рӕдыд бамбӕрстой ӕмӕ ӕрфӕсмон кодтой. Зӕрдӕбынӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый Йегъовӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕци. Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕ цы цӕстӕй каст израилӕгтӕм ӕмӕ сӕм цы зӕрдӕ дардта. Цы стихтыл ныхас кӕндзыстӕм, уым Йегъовӕ израилӕгты хоны Ефрем.

«Ӕз фехъуыстон, Ефрем йӕхиуыл куыд куыдта»,– загъта Йегъовӕ (18-ӕм стих). Йегъовӕ фехъуыста, израилӕгтӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕхи фӕсмонӕй кӕй хордтой. Иу ахуыргонд куыд зӕгъы, афтӕмӕй, «йӕхиуыл куыдта», зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, амоны, адӕймаг йӕ сӕр кӕй батилы, уымӕ. Израилӕгтӕ уыдысты хивӕнд фырты хуызӕн. Уыцы фырт, йӕхи цы бӕллӕхты баппӕрста, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ ӕмӕ йын йӕ хӕдзары цы цард уыд, уый мысгӕйӕ йӕ сӕр ӕнкъардӕй тылдта (Лукайы 15:11–17). Цымӕ израилӕгтӕ цы дзырдтой?

«Ӕз уыдтӕн, ахуыр чи нӕма уыд, ахӕм роды хуызӕн. Ӕмӕ мын ды зонд амыдтай» (18-ӕм стих). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, адӕм кӕй бамбӕрстой, зонд бацамонын сын кӕй хъуыд, уый. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, уыдон уыдысты, ахуыр чи нӕма уыд, ахӕм роды хуызӕн. Иу чиныг ацы абарст афтӕ ӕмбарын кӕны, зӕгъгӕ, род кӕнӕ уӕныг лӕдзӕджы рӕхуыст баййафы, йӕ бӕрзӕйыл ын цы ’фсондз сӕвӕрынц, уый куы феппары, ӕрмӕстдӕр уӕд.

«Фӕстӕмӕ мӕ дӕхимӕ раздах, ӕмӕ дӕм уайтагъд раздӕхдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ды дӕ Йегъовӕ, мӕ Хуыцау» (18-ӕм стих). Израилӕгтӕ сӕ тӕригъӕдтыл басастысты ӕмӕ Хуыцауӕй ӕххуыс куырдтой. Кӕд бирӕ тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, уӕддӕр ныр Хуыцауӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид, ӕмӕ йын ногӕй йӕ хорзӕх ссардтаиккой.

«Фӕфӕсмон кодтон... Мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл ӕрхудт ӕмӕ мӕхимӕ ӕгад ӕркастӕн» (19-ӕм стих). Адӕм фӕфӕсмон кодтой сӕ тӕригъӕдтыл. Хуыцау сӕ цӕй тыххӕй бафхӕрдта, уый бамбӕрстой. Сӕхимӕ ӕгад ӕркастысты ӕмӕ сӕ сӕр хӕрдмӕ дӕр нал истой (Лукайы 15:18, 19, 21).

Уӕдӕ бӕрӕг у, израилӕгтӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой. Сӕ тӕригъӕдты тыххӕй тынг мӕт кодтой, уый тыххӕй тынг мӕт кодтой, Хуыцауы раз сыл ӕргом басастысты ӕмӕ та раст фӕндагыл слӕууыдысты. Цымӕ сӕм Хуыцауы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн? Бар сын радта, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ раздӕхтаиккой?

«Ӕз ын ӕнӕмӕнг фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн»

Йегъовӕ израилӕгты хъулон уарзт кодта. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Ӕз Израилӕн сдӕн йӕ Фыд, Ефрем та у мӕ фыццаг хъӕбул» (Йереми 31:9). Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ сывӕллон йӕ миты тыххӕй йӕхи фӕсмонӕй хӕра, ӕмӕ йын йӕ фӕлмӕнзӕрдӕ фыд ма ныххатыр кӕна? Дӕ хъус-ма ’рдар, Йегъовӕ йӕ адӕммӕ, йӕ хъӕбултӕм, цы зӕрдӕ дарта, уымӕ.

«Ау, Ефрем мӕ зынаргъ фырт, мӕ буцхаст хъӕбул нӕу? Йӕ ныхмӕ цас дзурын, уыйбӕрц ыл хъуыды кӕндзынӕн хорзырдӕм дӕр» (20-ӕм стих). Куыд ӕхсызгон сты ацы ныхӕстӕ зӕрдӕйӕн! Рӕдыдмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй чи нӕ кӕсы, фӕлӕ фӕлмӕнзӕрдӕ чи у, ахӕм ныййарӕгау Хуыцауӕн йӕ хӕс уыд йӕ сывӕллӕтты «ныхмӕ» дзурын. Уымӕ гӕсгӕ сӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ ныууагътаиккой. Фӕлӕ хивӕнд кӕй разындысты ӕмӕ йӕм кӕй нӕ байхъуыстой, уый тыххӕй сӕ уацары акӕнын бауагъта – зӕгъӕн ис, сӕ хӕдзарӕй сӕ арвыста. Ӕмӕ сӕ кӕд ӕфхӕргӕ бакодта, уӕддӕр сӕ нӕ ферох кодта. Йегъовӕйӕн афтӕ бакӕнын йӕ бон нӕ уыд. Уарзӕгой фыд йӕ сывӕллӕтты никуы ферох кӕндзӕн. Цымӕ Йегъовӕмӕ йӕ зӕрдӕ цы сдзырдта, йӕ сывӕллӕттӕ сӕ тӕригъӕдтыл куы ӕрфӕсмон кодтой, уӕд?

«Йӕ тӕригъӕдмӕ кӕсгӕйӕ мӕ зӕрдӕ скъуыдтӕ кӕны. Ӕз ын ӕнӕмӕнг фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн» (20-ӕм стих). Йегъовӕ тынг фӕтӕригъӕд кодта йӕ сывӕллӕттӕн. Зӕрдӕбынӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый йын йӕ зӕрдӕ бацагайдта ӕмӕ йӕ тынг бафӕндыд, цӕмӕй йӕм раздӕхтаиккой. Чырысти сӕфт фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым цы фыды кой цӕуы, уыйау Йегъовӕйӕн дӕр «йӕ зӕрдӕ суынгӕг» ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ фӕстӕмӕ сӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхтаиккой (Лукайы 15:20).

Йегъовӕ, ӕз дӕм «уайтагъд раздӕхдзынӕн!»

Йеремийы 31:18–20 стихты цы фыст ис, уый фӕрцы нӕ бон у хуыздӕр бамбарын, Йегъовӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый. Хуыцау нӕ рох кӕны, кӕддӕр ын чи лӕггад кодта, фӕлӕ стӕй рӕстдзинады фӕндагӕй чи адзӕгъӕл, уыдоны. Ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ раздӕхын кӕй бафӕнды, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы? Йегъовӕ йӕхӕдӕг зӕгъы, хатыр кӕнынмӕ «цӕттӕ» кӕй у (Псалом 86:5). Зӕрдӕбынӕй чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонмӕ йӕ чъылдым никуы раздахы (Псалом 51:17). Йегъовӕ тынг фӕцин кӕны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕм фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхынц, уӕд (Лукайы 15:22–24).

Статьяйы райдианы цы сылгоймаджы кой кодтам, уый бафӕндыд Йегъовӕмӕ раздӕхын, ӕмӕ йӕхӕдӕг скодта фыццаг къахдзӕф – ӕмбырдмӕ ӕрбацыд. Фыццаг уал ӕй хъуыди фервӕзын, ӕнцой йын чи нӕ лӕвӕрдта, уыцы хъуыдытӕй. «Хуыцауӕн лӕггад кӕныны аккаг мӕхимӕ нал кастӕн»,– загъта уыцы сылгоймаг. Фӕлӕ йын ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йӕ ныфсыл ныфс бафтыдтой ӕмӕ йын баххуыс кодтой, цӕмӕй та йӕ уырнындзинад сфидар уыдаид. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы сылгоймаг тынг бузныг у Хуыцауӕй: «Мӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ бар радта, цӕмӕй йӕм раздӕхтаин!»

Кӕд ды дӕр раздӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодтай, фӕлӕ стӕй йӕ фӕндагӕй ахызтӕ, ӕмӕ дӕ ныр ногӕй фӕнды раздӕхын, уӕд, дӕ хорзӕхӕй, ӕмбырдмӕ ӕрбацу. Рох дӕ ма уӕд, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ Йегъовӕмӕ чи кува, бар мын ратт, цӕмӕй дӕм раздӕхон, зӕгъгӕ, уыдонӕн Йегъовӕ кӕй фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдисдзӕн.

Апрелы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Йереми 17–31

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Уыцы хабарӕй иу-250 азы раздӕр, ома н. э. размӕ 997 азы, израилӕгтӕ адих сты дыууӕ паддзахадыл. Иу дзы уыд дыууӕмыггаг хуссайраг паддзахад Иудӕ. Иннӕ та – дӕсмыггаг цӕгатаг паддзахад Израил, хуыдтой ма йӕ ӕппӕты стырдӕр мыггаджы номӕй дӕр, Ефрем, зӕгъгӕ.