Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ивы адӕймаджы цард

Библи ивы адӕймаджы цард

ИУ НӔЛГОЙМАГ ногӕй цӕмӕн слӕууыд, ӕрыгонӕй цы фӕндагӕй адзӕгъӕл, ууыл? Цӕрӕнбонты фыды рӕвдыд цы нӕлгоймаг агуырдта, уый йӕ куыд ссардта? Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс, уый фӕдыл сӕхӕдӕг цы радзырдтой, уый.

«Мӕн хъуыд Йегъовӕмӕ раздӕхын» (ЕЛЕ КЕЛИЛ).

РАЙГУЫРД: 1976 АЗ

БӔСТӔ: КИПР

РАЗДӔР: УЫД «СӔФТ ФЫРТ»

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД. Ӕз райгуырдтӕн Кипры, фӕлӕ схъомыл дӕн Австралийы. Мӕ ныййарджытӕ сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ сӕ бон цы уыд, уый кодтой, цӕмӕй мын Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Ныхас, Библи, бауарзын кодтаиккой. Фӕлӕ рӕзгӕ кары куы уыдтӕн, уӕд сӕ коммӕ нал кастӕн. Ӕхсӕвыгон-иу хӕдзарӕй ахъуызыдтӕн, ӕмӕ-иу ме ’мгӕрттимӕ машинӕтӕ давтам ӕмӕ бирӕ ӕндӕр фыдуаг митӕ кодтам.

Фыццаг уыцы митӕ сусӕгӕй кодтон, уымӕн ӕмӕ тарстӕн, мӕ ныййарджытӕ йӕ куы базоной, уӕд сын зын кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ мӕ стӕй уый дӕр нал урӕдта. Мӕхицӕй бирӕ хистӕр чи уыд, ахӕмтимӕ слымӕн дӕн. Уыдонмӕ Йегъовӕ нымады дӕр нӕ уыд, ӕмӕ мӕн дӕр сӕхи зондыл акодтой. Ӕппынфӕстаг мӕ ныййарджытӕн загътон, ӕмбырдтӕм цӕуын мӕ кӕй нал фӕнды. Бӕргӕ ма архайдтой, цӕмӕй мын баххуыс кодтаиккой, фӕлӕ уӕддӕр мӕхи фӕнд тардтон, ӕмӕ сын уымӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ зӕрдӕтӕ фӕриссын кодтон.

Хӕдзарӕй куы ацыдтӕн, уӕд наркотиктыл бафтыдтӕн, суанг ма-иу мӕхӕдӕг дӕр марихуанӕ байтыдтон ӕмӕ-иу ӕй ауӕй кодтон. Ӕз кодтон ӕнӕгъдау цард ӕмӕ-иу мӕ рӕстӕг ӕхсӕвыгон клубты ӕрвыстон. Уымӕй уӕлдай сдӕн тынг мӕстыгӕр. Искӕмӕн-иу йӕ ныхас кӕнӕ йӕ митӕ мӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцыдысты, уӕд-иу мӕстӕй рафыхтӕн – адӕмы-иу хъӕры бын фӕкодтон ӕмӕ сыл нӕмынӕй дӕр нӕ ауӕрстон. Гыццылӕй мын афтӕ кӕмӕй дзырдтой, чырыстонӕн ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнын не ’мбӕлы, зӕгъгӕ, уыдон иууылдӕр кодтон.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Ӕз балымӕн дӕн иу мӕхи хуызӕн наркоманимӕ. Гыццыл ма куы уыд, уӕд йӕ фыд амард. Арӕх-иу ныхас кодтам иумӕ, хатт-иу боныцъӕхтӕм дӕр фӕбадтыстӕм. Иу ахӕм изӕр мын йӕ зӕрдӕ раргом кодта ӕмӕ мын радзырдта, йӕ фыды куыд тынг мысы, уый тыххӕй. Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зыдтон, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый, ӕмӕ йын Чырыстийы кой кӕнын райдыдтон. Радзырдтон ын, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд мӕрдты кӕй ӕгас кодта ӕмӕ сӕ фидӕны дӕр кӕй ӕгас кӕндзӕн (Иоанны 5:28, 29). «Ахъуыды-ма кӕн, ногӕй та дӕ фыды фендзынӕ. Не ’ппӕт дӕр ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзыстӕм»,– загътон ын ӕз. Уыцы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕйы арф ахъардтой.

Уый фӕстӕ мӕм ме ’мбал йӕхӕдӕг фарстатӕ дӕттын райдыдта. Иухатт мӕ бафарста фӕстаг бонты ӕмӕ Троицӕйы тыххӕй. Ӕмӕ йын ӕз дӕр йӕ Библийы равдыстон, Йегъовӕ ӕмӕ дзы Чырыстийы тыххӕй, стӕй дзы фӕстаг бонты тыххӕй цы фыст ис, уый (Иоанны 14:28; 2 Тимофеймӕ 3:1–5). Йегъовӕйы тыххӕй ме ’мбалимӕ цас фылдӕр дзырдтон, уыйас ыл мӕхӕдӕг дӕр арӕхдӕр хъуыды кодтон.

Мӕ ныййарджытӕ мын мӕ зӕрдӕйы цы рӕстдзинады мыггӕгтӕ ныссагътой, уыдон сындӕггай рӕзын райдыдтой. Зӕгъӕм, иуӕй-иу хатт-иу ме ’мбӕлттимӕ мӕ рӕстӕг куы ’рвыстон ӕмӕ-иу наркотиктӕ куы кодтам, уӕд-иу цӕмӕдӕр гӕсгӕ Йегъовӕйыл хъуыды кӕнын райдыдтон. Ме ’мбӕлттӕй бирӕтӕ дзырдтой, Хуыцауы уарзӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ уый зӕгъӕн нӕ уыд. Мӕн нӕ фӕндыд, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уыдаин, ӕмӕ бамбӕрстон, цыдӕр мӕ фӕивын кӕй хъӕуы. Мӕн хъуыд Йегъовӕмӕ раздӕхын.

Раст зӕгъгӕйӕ, цы кӕнын хъӕуы, уый зонын ӕмӕ афтӕ кӕнын, иу не сты. Иуӕй-иу хъуыддӕгтӕ аивын мын афтӕ зын нӕ уыд, зӕгъӕм, наркотиктӕ ныууадзын. Уӕдӕ мӕ раздӕры ’мбӕлттӕй дӕр фервӕзтӕн ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иуимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон.

Фӕлӕ алцыдӕр къухы афтӕ ӕнцонтӕй не ’фтыд. Ӕппӕты зындӕр мын уыд, цӕмӕй мӕхиуыл хӕцын сахуыр уыдаин. Иуӕй-иу хатт-иу мын рауад, фӕлӕ та-иу стӕй мӕхи нал баурӕдтон. Уый фӕстӕ-иу мӕхи фӕсмонӕй хордтон – афтӕ-иу мӕм каст, мӕхиуыл хӕцын мын никуы рауайдзӕн. Мӕ ныфс бынтондӕр куы асаст, уӕд аныхас кодтон, Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыцы хистӕр нӕлгоймагимӕ. Куыд фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй ныхас кодта мемӕ, уымӕй мын мӕ ныфсыл ныфс бафтыдта. Иухатт мын бауынаффӕ кодта, цӕмӕй бакастаин статья «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй *. Уым дзырд цыди, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй-иу нӕ ныфс асӕттын ма бауадзӕм. Мах аныхас кодтам, куы рамӕсты вӕййын, уӕд-иу цы хъуамӕ бакӕнон, ууыл. Уыцы статьяйы цы хъуыдытӕ уыд, уыдон мӕ зӕрдыл кӕй дардтон, стӕй ӕдзух Йегъовӕмӕ кӕй куывтон, уый мын баххуыс кодта, ӕмӕ сындӕггай мӕхиуыл хӕцын сахуыр дӕн. Ӕппынфӕстаг, 2000 азы апрелы донаргъуыд райстон ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Мӕ ныййарджытӕ куыд тынг цин кодтой, уый тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, дзурын дӕр нӕ хъӕуы.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Ныр мӕ зӕрдӕйы ис фарн ӕмӕ мӕ цӕсгом Хуыцауы раз у сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ мӕ буар наркотиктӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕй нал чъизи кӕнын. Цыфӕнды ма аразон – фӕнды кусгӕ кӕнон, фӕнды ӕмбырды уон, фӕнды улӕфон – абон дӕн бирӕ амондджындӕр ӕмӕ цардмӕ кӕсын ӕндӕр цӕстӕй.

Мӕ ныййарджытӕ мыл сӕ къух кӕй никуы ауыгътой, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ бузныг дӕн. Арӕх-ма фӕхъуыды кӕнын, Иоанны 6:44 стихы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдоныл. Йесо загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд». Йегъовӕ мӕ фӕстӕмӕ йӕхӕдӕг кӕй ӕрбакодта йӕхимӕ, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы.

«Тынг мӕ фӕндыд, цӕмӕй мын фыд уыдаид» (МАРКО АНТОНИО АЛЬВАРЕС СОТО).

РАЙГУЫРД: 1977 АЗ

БӔСТӔ: ЧИЛИ

РАЗДӔР: ЦАГЪТА ХЭВИ-МЕТАЛ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД. Мӕ мадимӕ цардтӕн Пунта-Аренасы. Уый у рӕсугъд горӕт Магелланы донкъубалмӕ хӕстӕг, Хуссар Америкӕйы хуссайраг кӕрон. Фондз азы мыл куы цыд, уӕд мӕ ныййарджытӕ ахицӕн сты, ӕмӕ мӕм афтӕ каст, цыма никӕйуал хъӕуын. Тынг мӕ фӕндыд, цӕмӕй мын фыд уыдаид.

Мӕ мад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ мӕн дӕр Паддзахады залмӕ йемӕ ӕмбырдтӕм кодта. Фӕлӕ ӕмбырдтӕй ме сӕфт уыдтон, ӕмӕ-иу фӕндагыл бӕстӕ мӕ сӕрыл систон, нӕ мӕ фӕнды, зӕгъгӕ. 13 азы мыл куы цыд, уӕд ӕмбырдмӕ нал акуымдтон.

Уыцы рӕстӕг тынг бауарзтон музыкӕ, ӕмӕ бамбӕрстон, хорз музыкант мӕ кӕй рауайдзӕн. 15-аздзыдӕй хэви-метал цагътон концертты, кафеты ӕмӕ алыхуызон бӕдтыты. Базонгӕ дӕн курдиатджын музыканттимӕ ӕмӕ мын уыдон классикон музыкӕ бауарзын кодтой. Ӕз бацыдтӕн консерваторимӕ ахуыр кӕнынмӕ. 20 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ ахуыр адарддӕр кӕнынмӕ ацыдтӕн нӕ бӕстӕйы сӕйраг горӕт Сантьягомӕ. Уымӕй уӕлдай ма цагътон, хэви-метал чи цагъта, ахӕм къордтимӕ дӕр.

Фӕлӕ уӕддӕр мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ ӕппындӕр нӕ рухс кодта. Цӕмӕй мӕ зӕрдӕйы рыст фӕкъуырма кодтаин, уый тыххӕй ӕз дӕр, мӕ бинонтыл кӕй нымадтон, уыцы музыканттимӕ нуазын райдыдтон ӕмӕ наркотиктыл бафтыдтӕн. Цардӕй райгонд кӕй нӕ уыдтӕн ӕмӕ фыдзонд кӕй уыдтӕн, уый бӕрӕг уыд мӕ кондӕй дӕр – дардтон сау дзаумӕттӕ, рауагътон боцъо, мӕ сӕрыхъуынтӕ та хӕццӕ кодтой суанг мӕ астӕумӕ.

Мӕ зондахасты тыххӕй-иу арӕх хылты бахаудтӕн ӕмӕ-иу мӕ пъӕлицӕмӕ акодтой. Наркотиктӕ чи уӕй кодта, уыцы лӕппутӕ нӕ ме ’мбӕлттимӕ нӕ хъуырмӕ скодтой. Иухатт, расыг куы уыдтӕн, уӕд мыл амбӕлдысты ӕмӕ семӕ схыл дӕн. Уыдон мӕ сау над фӕкодтой, суанг ма мын ме ’фсӕр дӕр асастой.

Фӕлӕ мын уымӕй стырдӕр рыст бавзарын кодтой, ӕппӕты фылдӕр кӕй уарзтон, уыдон. Иу бон базыдтон, цы чызгимӕ цардтӕн, уый мыл цалдӕр азы мӕ хуыздӕр ӕмбалимӕ гадзрахатӕй кӕй цыд. Уый зыдтой мӕ иннӕ ӕмбӕлттӕ дӕр, фӕлӕ йӕ мӕнӕй сусӕг кодтой. Уыдӕттӕ куы базыдтон, уӕд мӕ хъару бынтондӕр асаст.

Фӕстӕмӕ Пунта-Аренасмӕ ацыдтӕн. Уым музыкӕйы уроктӕ дӕттын райдыдтон ӕмӕ виолончелыл цагътон. Уымӕй уӕлдай ма цагътон, хэви-метал чи цагъта, ахӕм къордтимӕ, ӕмӕ нӕ музыкӕ дисктыл фыстам. Ӕз базонгӕ дӕн Сюзаннӕимӕ, иу дзӕбӕх чызгимӕ, ӕмӕ йемӕ бацардтӕн. Йӕ мады уырныдта, Хуыцау Троицӕ кӕй у, фӕлӕ йӕ Сюзаннӕ куы базыдта, мӕн кӕй нӕ уырны, уӕд мӕ бафарста: «Уӕдӕ растдӕр куыд у?» Ӕз ын загътон, Хуыцау Троицӕ кӕй нӕу, уый фидарӕй кӕй зонын, фӕлӕ йын ӕй мӕ бон Библийы равдисын кӕй нӕу. Фӕлӕ йӕ ӕз зыдтон, уыцы хъуыддаджы мын чи баххуыс кӕндзӕн, уый. Ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ загътон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йын ӕй Библийы кӕй равдисдзысты. Стӕй Хуыцаумӕ скуывтон ӕмӕ дзы ӕххуыс ракуырдтон – фыццаг хатт бирӕ азты фӕстӕ.

Цалдӕр боны фӕстӕ федтон, зонгӕ мӕм чи фӕкаст, иу ахӕм нӕлгоймаджы ӕмӕ йӕ бафарстон, мыййаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ дӕ, зӕгъгӕ. Бӕрӕг уыди, мӕ хуызӕй мын кӕй фӕтарст, фӕлӕ мын уӕддӕр фӕлмӕнӕй дзуапп радта, ӕмбырдты тыххӕй йӕ куы бафарстон, уӕд. Ӕз ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтон, уыцы адӕймагимӕ Йегъовӕйы фӕндӕй кӕй фембӕлдтӕн. Ӕмбырдмӕ куы бацыдтӕн, уӕд ӕппӕты фӕстейӕ сбадтӕн, цӕмӕй мӕ мачи федтаид. Фӕлӕ, гыццылӕй ӕмбырдтӕм кӕй цыдтӕн, уый бирӕтӕ хъуыды кодтой ӕмӕ мӕ базыдтой. Афтӕ тынг мыл бацин кодтой ӕмӕ мын ахӕм зӕрдиаг хъӕбыстӕ фӕкодтой, ӕмӕ мӕм афтӕ фӕкаст, цыма мӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхтӕн. Гыццылӕй Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыцы ’фсымӕры куы федтон, уӕд ын загътон, цӕмӕй та ногӕй мемӕ ахуыр кӕнын райдайа.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Иу бон бакастӕн Ӕмбисӕндтӕ 27:11 стих: «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн». Куы ахъуыды кодтон, хуымӕтӕг зӕххон адӕймагӕн йӕ бон кӕй у Дун-дуне Сфӕлдисӕджы зӕрдӕ рухс кӕнын, уӕд мӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Бамбӕрстон ӕй, Йегъовӕ кӕй уыд, цӕрӕнбонты кӕй агуырдтон, уыцы фыд.

Мӕн тынг фӕндыд мӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын, фӕлӕ бирӕ азты дӕргъы уыдтӕн наркотиктӕ ӕмӕ нозты цагъар. Сабыргай мӕм хъарын райдыдтой Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ, «иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа», зӕгъгӕ (Матфейы 6:24). Мӕ тых мӕ бонӕй мӕ цард аивыныл куы архайдтон, уыцы рӕстӕг мын тынг баххуыс, 1 Коринфӕгтӕм 15:33 стихы цы фыст ис, уый: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц». Бамбӕрстон ӕй, кӕд мӕ мӕ раздӕры митӕй фервӕзын фӕнды, уӕд хъуамӕ, цы бынӕттӕм уарзтон цӕуын, уырдӕм мауал цӕуон ӕмӕ-иу мӕ рӕстӕг кӕимӕ ӕрвыстон, уыдонӕй мӕхи дард ласон. Библийӕ бамбӕрстон иу хъуыддаг: хъуамӕ мӕ къух сисон, цы мӕ рӕдийын кӕны, ӕппӕт уыдӕттыл, ӕмӕ цас раздӕр, уыйас хуыздӕр (Матфейы 5:30).

Музыкӕйӕ фылдӕр ницы уарзтон, ӕмӕ мын уымӕ гӕсгӕ ӕппӕты зындӕр уыд, цӕмӕй хэви-метал мауал цагътаин ӕмӕ йӕм хъусгӕ дӕр мауал кодтаин. Фӕлӕ мын уыцы хъуыддаджы тынг баххуыс кодтой, ӕмбырды мын цы ’мбӕлттӕ уыд, уыдон. Фыднозт нал кодтон ӕмӕ наркотиктӕ дӕр ныууагътон. Мӕ сӕр сӕлвыдтон, мӕ боцъотӕ адастон, стӕй ӕрмӕст сау дзаумӕттӕ нал дардтон. Мӕ дзыккутӕ акъуырын мӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй Сюзаннӕйӕн куы загътон, уӕд тынг бадис кодта, ӕмӕ загъта, ӕз дӕр хъуамӕ уыцы ӕмбырдмӕ ацӕуон ӕмӕ йӕ фенон, цы дзы фӕкусут, уый, зӕгъгӕ. Ӕмбырды йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уый фӕстӕ Сюзаннӕимӕ нӕ къухтӕ ӕрфыстам. 2008 азы та дыууӕйӕ дӕр донаргъуыд райстам ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систӕм. Махӕн тынг ӕхсызгон у, мӕ мадимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Раздӕр цы хъуыддӕгтыл хӕст уыдтӕн, уыдон мын амонд не ’рхастой, стӕй мӕ ме ’мбӕлттӕ дӕр фыдӕнхъӕл фӕкодтой. Кӕй зыгъын ӕй хъӕуы, музыкӕ ныр дӕр уарзын, фӕлӕ цыфӕнды музыкӕмӕ нӕ хъусын. Мӕхӕдӕг бирӕ цыдӕртӕ бавзӕрстон, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын, цӕмӕй мӕ бинонтӕн, стӕй иннӕтӕн дӕр, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕттӕн, ӕххуыс кӕнон. Тынг мӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ ’мбарой, ацы дунейы цы ис, уый, чи зоны, кӕмӕдӕр рӕсугъд кӕсы, фӕлӕ уый «бырон» йеддӕмӕ кӕй ницы у (Филиппӕгтӕм 3:8).

Чырыстон ӕмбырды, уарзондзинад ӕмӕ фарн парахат кӕм у, уым мӕхицӕн ссардтон хорз ӕмбӕлттӕ. Уымӕй уалдай ма баввахс дӕн Йегъовӕмӕ ӕмӕ, рагӕй нырмӕ кӕй агуырдтон, уыцы Фыды ссардтон.

[Фиппаинаг]

^ 14 абз. 2000 азы 1 февралы «Сторожевая башня», статья «Успех через упорство», 4–6 фӕрстӕ.

[Хицӕнгонд текст 13 фарсыл]

«Йегъовӕ мӕ фӕстӕмӕ йӕхӕдӕг ӕрбакодта йӕхимӕ»