Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Апокрифон евангелитӕ. Ӕцӕг хабӕрттӕ Чырыстийы тыххӕй?

Апокрифон евангелитӕ. Ӕцӕг хабӕрттӕ Чырыстийы тыххӕй?

«УЫЙ стыр диссаг у. Бирӕтӕ фыдӕнхъӕл фӕуыдзысты». «Уый фӕрцы чырыстон дины историмӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтам». Афтӕ загътой ахуыргӕндтӕ, 16 ӕнусӕй фылдӕр сӕфтыл нымад чи уыд, уыцы «Иудӕйы евангели» (уӕлейӕ) мыхуыры куы рацыд, уӕд.

Адӕмы та ногӕй цымыдис кӕнын райдыдтой ахӕм апокрифон евангелитӕ. Иуӕй-иутӕ дзурынц, уыдон нын кӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй хуыздӕр базонӕм ӕмӕ бамбарӕм, ныронг нын ӕргом чи нӕ уыд, уыцы хабӕрттӕ Чырыстийы цардӕй, стӕй йӕ ахуырӕдтӕ. Фӕлӕ цы сты апокрифон евангелитӕ? Цымӕ нын ӕцӕгдӕр раргом кӕндзысты, Чырыстийы ӕмӕ чырыстон дины тыххӕй Библийы кӕй нӕй бакӕсӕн, уыцы хабӕрттӕ?

Библимӕ хаст чи ’рцыд, уыцы евангелитӕ ӕмӕ апокрифон евангелитӕ

Н. э. 41 азӕй 98 азмӕ Матфей, Марк, Лука ӕмӕ Иоанн ныффыстой «Йесо Чырыстийы царды хабӕрттӕ» (Матфейы 1:1). Уыцы хабӕрттӕ ма иуӕй-иу хатт фӕхонынц Евангелитӕ дӕр, уый та нысан кӕны «хорз хабар» Йесо Чырыстийы тыххӕй (Марчы 1:1).

Ӕрмӕстдӕр уыцы цыппар Евангелийы хуыдтой Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдон бахастой Сыгъдӕг Фыстыты чингуыты номхыгъдмӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны раст фыст сты Чырыстийы зӕххон царды хабӕрттӕ ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕ (Лукайы 1:1–4; Хъуыддӕгтӕ 1:1, 2; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Уыцы цыппар Евангелийы кой ис Чырыстон Грекъаг Фыстыты рагон каталогты се ’ппӕты дӕр. Уӕдӕ дызӕрдыггаг нӕу, уыдон дӕр Библийы иннӕ чингуытау Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй ӕрцыдысты, уый.

Фӕлӕ фӕстӕдӕр фӕзынд ӕндӕр фыстытӕ дӕр, ӕмӕ уыдон дӕр хонын райдыдтой евангелитӕ. Уыцы евангелитӕ хуыдтой апокрифон евангелитӕ *.

Н. э. 2-аг ӕнусы кӕрон Лиойнаг Ириней ныффыста, чырыстон динӕй чи аздӕхт, уыдонмӕ кӕй ис, «ӕнӕмбаргӕ адӕмы зонд дзӕгъӕл кӕныны тыххӕй сӕхӕдӕг кӕй ныффыстой, бирӕ ахӕм апокрифтӕ ӕмӕ мӕнг фыстытӕ», стӕй евангелитӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ ахӕм хъуыды апарахат, зӕгъгӕ, апокрифон евангелитӕ ӕрмӕст кӕсын нӕ, фӕлӕ хӕдзары дарын дӕр тӕссаг кӕй у.

Фӕлӕ астӕуккаг ӕнусты (5–15 ӕнустӕ) моладзантӕ ӕмӕ писыртӕ уыцы фыстытӕ фесӕфын нӕ бауагътой. 19 ӕнусы, уыцы фыстытӕ адӕмы цымыдис кӕнын куы райдыдтой, уӕд ссардтой бирӕ ахӕм тексттӕ ӕмӕ мыхуыры уагъд апокрифтӕ ивддзинӕдтимӕ, стӕй цалдӕр евангелийы. Абон уыдонӕй кӕцыдӕртӕ ратӕлмац кодтой бирӕ ӕвзӕгтӕм.

Апокрифон евангелитӕ – мӕнг хабӕрттӕ Чырыстийы тыххӕй

Апокрифон евангелиты арӕх дзырд фӕцӕуы, Библимӕ хаст Евангелиты искуы-иу ран йеддӕмӕ кӕнӕ та ӕппындӕр йӕ кой кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕмы тыххӕй. Кӕнӕ та дзы фыст вӕййы, чи никуы уыд, ахӕм хабӕрттӕ Чырыстийы сабибонты тыххӕй. Мӕнӕ дзы цалдӕр хабары.

▪ Афтӕ кӕмӕй зӕгъынц, ӕвӕццӕгӕн ӕй Иаков ныффыста, зӕгъгӕ, уыцы евангелийы, хонынц ма йӕ «Марийӕйы райгуырды хабар» дӕр, фыст ис, Марийӕ куыд райгуырд, куыд хъомыл кодта ӕмӕ Иосифмӕ куыд смой кодта, уый тыххӕй. Уӕдӕ йӕ ӕрымысгӕ хабар кӕнӕ таурӕгъ дзӕгъӕлы нӕ хонынц. «Иаковы евангелийы» кӕсджыты ӕргом сӕйраджыдӕр здӕхт цӕуы, Марийӕ нӕлгоймагимӕ ӕмуат кӕй никуы ’рцыд, уыцы хъуыдымӕ. Фыст дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй Марийӕ скадджын уыдаид (Матфейы 1:24, 25; 13:55, 56).

▪ Ӕндӕр апокрифон евангелийы, «Гыццыл Йесойы царды хабӕрттӕ. Фомайы евангели», зӕгъгӕ фыст ис, Йесойыл 5 азӕй 12 азмӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд ӕмӕ цы ӕнахуыр диссӕгтӕ арӕзта, уыдӕтты тыххӕй. (Кӕс Иоанны 2:11.) Уыцы евангелийы Йесо у ӕгоммӕгӕс, мӕстыгӕр ӕмӕ ӕгъатыр сывӕллон. Йӕ бон диссӕгтӕ аразын кӕй у, уымӕй пайда кӕны, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнджытӕй, йӕ сыхӕгтӕй ӕмӕ иннӕ сывӕллӕттӕй йӕ маст иса: кӕй куырм бакӕны, кӕй сахъат фӕкӕны, кӕй та маргӕ дӕр акӕны.

▪ Иуӕй-иу апокрифон евангелиты, зӕгъӕм, «Петры евангелийы», фыст сты, Чырыстийӕн куыд тӕрхон кодтой, куыд амард ӕмӕ куыд райгас, уыцы хабӕрттӕ. Иннӕты та, зӕгъӕм, «Пилаты хъуыддӕгты» («Никодимы евангелийӕн» йӕ иу хай) дзырд цӕуы, уыцы хабӕртты чи архайдта, уыцы адӕмыл. Уыцы евангелиты цы хабӕртты ӕмӕ цы адӕмы кой ис, уыдон иууылдӕр ӕрымысгӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сыл ӕууӕндӕн ӕппындӕр нӕй. «Петры евангелимӕ» гӕсгӕ Понтий Пилат ницы аххосджын у; Чырысти куыд райгас, уый фӕдыл та дзы фыст ис бирӕ ӕнахуыр хабӕрттӕ.

Апокрифон евангелитӕ чырыстон диныл куыд фӕзындысты?

1945 азы, декабры, египетаг горӕт Наг-Хаммадимӕ ’ввахс ссардтой 13 къухфысты 52 текстимӕ. Уыцы къухфыстытӕ фыст ӕрцыдысты н. э. 4 ӕнусы ӕмӕ, куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сӕ ныффыстой гностиктӕ – алыхуызон дины ахуырӕдтыл ӕмӕ философийыл хӕст чи уыд, ахӕм къорд. Гностиктӕ цыдӕртӕ райстой мистицизмӕй, бирӕ хуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы адӕмы ӕгъдӕуттӕй, грекъаг философийӕ, иудаизмӕй ӕмӕ чырыстон динӕй. Сӕ ахуырӕдтӕ фӕзындысты, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыдонӕй кӕйдӕрты зондыл (1 Тимофеймӕ 6:20, 21).

Наг-Хаммадимӕ ’ввахс цы къухфыстытӕ ссардтой, уыдонӕй цалдӕр – «Фомайы евангели», «Филиппы евангели» ӕмӕ «Рӕстдзинады евангели» – гностикты алыхуызон ӕнахуыр хъуыдытӕ афтӕ ӕвдисынц, цыма Чырыстийы хъуыдытӕ уыдысты. Ӕрӕджы кӕй ссардтой, уыцы евангели дӕр, ома «Иудӕйы евангели», хауы гностикты евангелитӕм. Уыцы евангелимӕ гӕсгӕ Иудӕ Искариот уыд хорз адӕймаг – ӕрмӕстдӕр уый зыдта, Чырысти ӕцӕгдӕр чи уыд, уый. Дины хабӕрттӕ чи иртасы, иу ахӕм ахуыргонд куыд загъта, афтӕмӕй Иудӕйы евангелийы Чырысти у «ахуыргӕнӕг ӕмӕ зондамонӕг, дунейы тӕригъӕдты тыххӕй чи амард, уыцы ирвӕзынгӕнӕг нӕ, фӕлӕ». Фӕлӕ Хуыцауы фӕндӕй фыст Евангелитӕм гӕсгӕ Чырысти йӕ цард нывондӕн ӕрхаста дунейы тӕригъӕдты тыххӕй (Матфейы 20:28; 26:28; 1 Иоанны 2:1, 2). Уӕдӕ бӕрӕг у, гностиктӕ цы евангелитӕ ныффыстой, уыдонӕн сӕ нысан кӕй у, цӕмӕй Библийы фыст хабӕрттыл дызӕрдыг кӕнын райдайӕм (Хъуыддӕгтӕ 20:30).

Библимӕ хаст чи ’рцыд, уыцы Евангелитыл ӕууӕндӕн ис

Уӕдӕ апокрифон евангелитӕм адӕймаг лӕмбынӕгдӕр куы ’ркӕса, уӕд бамбардзӕн, ӕууӕндӕн сыл кӕй нӕй. Библимӕ хаст цыппар Евангелиимӕ сӕ куы абарӕм, уӕд фендзыстӕм, Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй не сты (2 Тимофеймӕ 1:13). Апокрифон евангелиты фысджытӕ нӕ зыдтой нӕдӕр Чырыстийы, нӕдӕр йӕ апостолты, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы тыххӕй дӕр ӕмӕ чырыстон дины тыххӕй дӕр ногӕй ницы раргом кӕндзысты. Уыцы евангелитӕ сты ӕрымысгӕ хабӕрттӕ ӕмӕ ӕнахуыр таурӕгътӕ, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ Чырысти ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕ базонынӕн нӕ баххуыс кӕндзысты (1 Тимофеймӕ 4:1, 2).

Апокрифтӕ чи ныффыста, уыдонӕй уӕлдай Матфей ӕмӕ Иоанн уыдысты Чырыстийы апостолтӕ, Марк та хорз зыдта апостол Петры, Лука та – Павелы. Уыдон сӕ Евангелитӕ ныффыстой Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы (2 Тимофеймӕ 3:14–17). Уымӕ гӕсгӕ ацы цыппар Евангелийы цы фыст ис, уый фаг у, цӕмӕй адӕймаджы бауырна, «Йесо кӕй у Чырысти, Хуыцауы Фырт» (Иоанны 20:31).

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Дзырд «апокрифон» цы грекъаг дзырдӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «ӕмбӕхсын». Фыццаг ацы дзырдӕй хуыдтой, цавӕрдӕр ахуырадыл хӕст чи уыд, ӕрмӕстдӕр уыдон кӕй кастысты, иннӕ адӕмӕй та ӕмбӕхсгӕ кӕй кодтой, уыцы фыстытӕ. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ацы дзырдӕй хонын райдыдтой, Библийы чингуыты номхыгъдмӕ хаст чи не ’рцыд, уыцы фыстытӕ.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 18 фарсыл]

Kenneth Garrett/​National Geographic Stock