Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕ уырнындзинад у фӕзминаг

Иосиф уыди хорз фыд

Иосиф уыди хорз фыд

ВИФЛЕЕМ. Хъӕу талынджы аныгъуылд. Иосиф ма йыл йӕ цӕст иу хатт ахаста, йӕ хӕрӕгыл ма иу уаргъ сӕвӕрдта ӕмӕ йын йе рагъ фӕлмӕн цӕф ӕркодта. Ӕвӕццӕгӕн йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты, цы дард балцы сӕ цӕуын хъуыд, ууыл. Сӕ фӕндаг уыд Египетмӕ. Ӕндӕр адӕм, ӕндӕр ӕвзаг, ӕндӕр ӕгъдӕуттӕ. Цымӕ йӕ бинонтӕ ног цардыл сахуыр уыдзысты?

Иосифӕн ӕнцон нӕ уыд, цы хабар базыдта, уый йӕ уарзон цардӕмбалӕн радзурын. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ тыхтӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ йын радзырдта, фыны йын зӕд Хуыцауы номӕй кӕй фехъусын кодта, паддзах Ироды кӕй фӕндыд сӕ хъӕбулы амарын ӕмӕ сӕ ӕвӕстиатӕй кӕй хъуыд ӕндӕр бӕстӕмӕ алидзын (Матфейы 2:13, 14). Марийӕ тынг фӕтарст. Нӕдӕр Иосифӕн, нӕдӕр Марийӕйӕн сӕ сӕр нӕ ахста, ӕнаххос сывӕллоны марын цӕмӕн бахъуыд, уый. Фӕлӕ уыдон сӕхи Йегъовӕйыл бафӕдзӕхстой ӕмӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ фӕндагмӕ сӕхи цӕттӕ кӕнын райдыдтой.

Вифлеемы цӕрджытӕй иу дӕр нӕ зыдта, Иосиф ӕмӕ Марийӕ цы зын уавӕры уыдысты, уый. Цалынмӕ адӕм фынӕй кодтой, уӕдмӕ хъӕуӕй алыгъдысты. Сӕ ных сарӕзтой хуссарырдӕм. Уӕдмӕ скӕсӕнырдыгӕй дӕр хур скаст. Иосиф хъуыдыты аныгъуылд, разӕй нӕм, цымӕ, цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, зӕгъгӕ. Хуымӕтӕг хъӕддӕсныйӕн йӕ бон куыд бауыдзӕн йӕ бинонты ахӕм знагӕй бахъахъхъӕнын? Цымӕ йӕ бинонты фӕдардзӕн? Йегъовӕ йын цы зын хъуыддаг бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнын йӕ бон бауыдзӕн ӕмӕ йын йӕ фырты схъомыл кӕндзӕн. Уыцы хъуыдытӕ Иосифӕн ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой. Мах базондзыстӕм, уыцы зындзинӕдты сӕрты куыд ахызт ӕмӕ, бинонты хистӕрты, стӕй ӕрмӕст уыдоны нӕ, фӕлӕ не ’ппӕты дӕр, Иосифы бафӕзмын цӕмӕн хъӕуы, уый.

Иосиф йӕ бинонты бахъахъхъӕдта

Уыцы хабӕрттӕй рацыдаид иу азӕй фылдӕр. Уӕд ма Иосиф цард Назареты, ӕмӕ сфӕнд кодта Илийы чызг Марийӕйы ракурын. Марийӕ уыд ӕфсармджын ӕмӕ, Хуыцауыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи ’ууӕндыд, ахӕм сылгоймаг. Фӕлӕ иу бон Иосиф базыдта, Марийӕ сывӕрджын кӕй у, ӕмӕ йӕ сфӕнд кодта сусӕгӕй ауадзын, цӕмӕй йӕ адӕмы цӕсты ма бафтыдтаид *. Фӕлӕ йӕм фыны фӕзынд зӕд ӕмӕ йын бамбарын кодта, Марийӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕй кӕй басывӕрджын. Зӕд ма йын раргом кодта, зӕгъгӕ йын цы фырт райгуыра, уый «адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй [кӕй] фервӕзын кӕндзӕн», стӕй ма йӕ бафидар кодта, зӕгъгӕ, ма тӕрс ӕмӕ «Марийӕйы дӕ хӕдзармӕ ӕрбакӕн» (Матфейы 1:18–21).

Иосиф рӕстгӕнӕг ӕмӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ зӕдмӕ байхъуыста. Иосиф йӕхимӕ райста стыр хӕс – йӕхи чи нӕ уыд, фӕлӕ Хуыцауӕн ӕппӕты зынаргъ чи уыд, уыцы сывӕллоны хъомыл кӕнын. Фӕстӕдӕр Ромы паддзахы ныхасмӕ гӕсгӕ Марийӕимӕ ацыд Вифлееммӕ, цӕмӕй сӕхи ныффыстаиккой. Ӕмӕ сын сывӕллон дӕр уым райгуырд *.

Иосиф йӕ бинонтимӕ Назаретмӕ нал ӕрыздӕхт. Уыдон ӕрбынат кодтой Вифлеемы – Иерусалимӕй цалдӕр километры дӕрддзӕф. Кӕд мӕгуыр бинонтӕ уыдыдсты, уӕддӕр Иосиф йӕ тых, йӕ бонӕй архайдта, цӕмӕй мацы хъуаг ӕййӕфтаиккой. Вифлееммӕ куы ӕрцыдысты, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕрцардысты иу гыццыл хӕдзары. Фӕстӕдӕр, Йесойыл иу азӕй фылдӕр куы цыд, уӕд та сӕ цард цӕхгӕр фӕивта.

Дард бӕстӕйӕ сӕм, ӕвӕццӕгӕн, Вавилонӕй, ӕрцыдысты стъалыдӕснытӕ. Уыдон цыдысты стъалыйы фӕдыл ӕмӕ бахӕццӕ сты Иосиф ӕмӕ Марийӕйы хӕдзармӕ. Сӕ зӕрды уыд ссарын дзуттӕгты паддзах чи хъуамӕ суыдаид, уыцы сывӕллоны. Стъалыдӕснытӕ сӕхи тынг уӕздан дардтой.

Бӕрӕг нӕу, стъалыдӕснытӕ йӕ зыдтой ӕви нӕ, фӕлӕ Йесойы цард тӕссаг уавӕры баппӕрстой. Фӕндаг сын цы стъалы амыдта, уый сӕ фыццаг Вифлееммӕ нӕ, фӕлӕ Иерусалиммӕ ӕркодта. Уым фыдзӕрдӕ паддзах Иродӕн загътой, дзуттӕгты паддзах чи хъуамӕ суа, уыцы сывӕллоны кӕй агурынц. Паддзах уый куыддӕр фехъуста, афтӕ йӕ маст рафыхт (Кӕс ацы журналы статья «„Стъалы“ кӕй фӕндӕй фӕзынд?», 29 фарс).

Фӕлӕ хъуыддагмӕ бавнӕлдта, Иродӕй хъомысджындӕр чи уыд, уый. Цымӕ цы ’рцыд? Стъалыдӕснытӕ сывӕллонӕн скодтой зынаргъ лӕвӕрттӕ – «сызгъӕрин, урс буд ӕмӕ миррӕ». Иосиф ӕмӕ Марийӕ куыннӕ бадис кодтаиккой, ахӕм цыдӕртӕ сӕм уӕвгӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, никуы уыд. Стъалыдӕснытӕ уый фӕстӕ сфӕнд кодтой, сывӕллоны кӕй ссардтой, уый Иродӕн фехъусын кӕнын. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ нӕ бауагъта – фыны сын загъта, цӕмӕй сӕ бӕстӕмӕ ӕндӕр фӕндагыл ацыдаиккой (Матфейы 2:1–12).

Стъалыдӕснытӕ куы ацыдысты, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕйы зӕд Иосифӕн фехъусын кодта: «Сыст, ракӕн сывӕллоны йӕ мадимӕ ӕмӕ Египетмӕ алидз. Уым лӕуу, цалынмӕ дын нӕ зӕгъон, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис сывӕллоны ссарын ӕмӕ йӕ амарын» (Матфейы 2:13). Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй Иосиф ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ зӕды коммӕ бакаст. Сывӕллоны ӕдасдзинадӕй сӕйрагдӕр ын кӕй ницы уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бинонтимӕ Египетмӕ араст. Уыцы стъалыдӕснытӕ сын ахӕм зынаргъ лӕвӕрттӕ кӕй скодтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон уыд ахӕм дард балцы ацӕуын ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕйы ӕрцӕрын.

Иосифы бинонтӕ Египетмӕ куыд цыдысты, уый фӕдыл ис алыхуызон таурӕгътӕ ӕмӕ ӕрымысгӕ хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, гыццыл Йесо, дам, диссаг сарӕзта ӕмӕ, Египетмӕ цы фӕндагыл цыдысты, уый фӕцыбырдӕр кодта, бинонты абырджытӕй бахъахъхъӕдта ӕмӕ ма суанг афтӕ дӕр бакодта, цӕмӕй финикты пальмӕбӕласы къалиутӕ бынмӕ ӕрзӕбул уыдаиккой, ӕмӕ дзы Марийӕ ӕртыдтаид *. Фӕлӕ сӕ, ӕцӕгӕй та, хъуыди дард ӕмӕ тӕссаг фӕндагыл цӕуын, стӕй сӕм разӕй цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый дӕр нӕ зыдтой.

Абон ныййарджытӕн Иосиф бирӕ хъуыддӕгтӕй у фӕзминаг. Зӕгъӕм, Иосиф уайтагъддӕр ныууагъта йӕ куыст, стӕй йӕхиуыл дӕр нал мӕт кодта, ӕрмӕст ӕй фӕндыд йӕ бинонты бахъахъхъӕнын. Бӕрӕг у, йӕ бинонтыл батыхсын кадджын хӕсыл кӕй нымадта. Абон дӕр ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты тынг ӕвзӕр рӕстӕг хъомыл кӕнынц. Сывӕллӕттӕн бирӕ цӕмӕйдӕртӕй у тӕссаг – се ’гъдауӕн дӕр ӕмӕ суанг сӕ цардӕн дӕр. Уӕдӕ Иосифау йӕхиуыл чи нӕ ауӕрды, цӕмӕй сӕ цоты ӕвзӕрдзинадӕй бахизой, ахӕм ныййарджытӕ раппӕлинаг куыннӕ сты!

Иосиф йӕ бинонтыл тыхсти

Ӕвӕццӕгӕн Иосиф йӕ бинонтимӕ Египеты бирӕ нӕ бафӕстиат, уымӕн ӕмӕ сын зӕд фӕхабар кодта, Ирод кӕй амард. Иосиф фӕстӕмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ раздӕхт. Библийы рагон пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Йегъовӕ йӕ фырты хъуамӕ «Египетӕй» ракодтаид (Матфейы 2:15). Ӕмӕ Иосиф йӕ бинонты Египетӕй кӕй ракодта, уымӕй ацы пехуымпарад сӕххӕст. Фӕлӕ, цымӕ, ацы хатт та кӕдӕм ацӕудзысты?

Иосиф уыди ӕмбаргӕ ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст адӕймаг. Ироды фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Архелай, ӕмӕ дзы Иосиф дзӕгъӕлы нӕ тарсти, уымӕн ӕмӕ уый дӕр йӕ фыдау уыди ӕнӕгъдау адӕймаг ӕмӕ лӕгмар. Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ Иосиф йӕ бинонтимӕ ацыд Иерусалимӕй цӕгатырдӕм, раздӕр кӕм цард, уырдӕм – галилейаг горӕт Назаретмӕ. Уым Марийӕимӕ хъомыл кодтой сӕ цоты (Матфейы 2:19–23).

Иосиф ӕмӕ Марийӕ кодтой хуымӕтӕг цард, стӕй сын зындзинӕдтӕ дӕр куыннӕ уыдаид. Библийы фыст ис, Иосиф хъӕддӕсны кӕй уыд, ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ хъуыди бирӕ алыхуызон куыстытӕ кӕнын. Зӕгъӕм, уыцы заман хъӕддӕсны калдта хъӕд, хъӕдӕрмӕг-иу йӕ хӕдзармӕ ӕрхӕццӕ кодта, стӕй-иу ӕй бахус кодта. Уый фӕстӕ-иу дзы йӕ бон уыд саразын хӕдзӕрттӕ, бӕлӕгътӕ, гыццыл хъӕдын хидтӕ, уӕрдӕттӕ, цӕлхытӕ, ӕфсондзтӕ ӕмӕ зӕхкусӕджы чи хъуыд, ӕндӕр ахӕм алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ (Матфейы 13:55). Уӕдӕ бӕрӕг у, хъӕддӕсныйы бирӕ фыдӕбон кӕнын кӕй хъуыд. Раджы заманты-иу хъӕддӕсны куыста йӕ хӕдзары цур кӕнӕ та, хӕдзары фарсмӕ кусынӕн цы сӕрмагонд агъуыст уыд, уым.

Иосифмӕ уыди бирӕ алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ, иуӕй-иутӕ йын, чи зоны, баззадысты йӕ фыдӕй. Ӕвӕццӕгӕн Иосифмӕ уыди къуымон, уырдыгбарӕн, хахх кӕмӕй кодтой, ахӕм бӕттӕн, фӕрӕт, хырх, тадзин, ӕфсӕйнаг дзӕбуг, хъӕдын дзӕбуг, сарт, ӕрдынджын бырау, алыхуызон клейтӕ, стӕй йӕм, ӕвӕццӕгӕн, зӕгӕлтӕ дӕр уыди, кӕд зынаргъ уыдысты, уӕддӕр.

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, гыццыл Йесо Иосифы алы фезмӕлдмӕ дӕр куыд лӕмбынӕг касти, уый. Дисы йӕ куыннӕ ӕфтыдтаид йӕ фӕтӕн уӕхсчыты ӕмӕ йӕ нуарджын къухты цы стыр хъару уыди, алцӕмӕ дӕр куыд сӕрӕн ӕвнӕлд кодта, стӕй куыд зондджын уыд, уый. Ӕвӕццӕгӕн Иосиф йӕ гыццыл лӕппуйӕн амыдта, иуӕй-иу хуымӕтӕг куыстытӕ куыд кӕнгӕ сты, уый, зӕгъӕм, хус кӕсаджы цъарӕй фӕйнӕджытӕ куыд лӕгъз кӕнын хъӕуы, уый. Чи зоны йын амыдта, алыхуызон хъӕдӕрмӕг кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕны, уый, зӕгъӕм, сикоморбӕлас, оливӕбӕлас ӕмӕ тулдз.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы Йесо ӕрмӕст уый нӕ уыдта, Иосиф бӕлӕстӕ куыд фӕлдӕхта, хъӕдтӕ-иу куыд ӕрцамадта, ӕмӕ-иу стӕй цыдӕр аразгӕйӕ алыхуызон хъӕдын хӕйттӕ кӕрӕдзиуыл куыд фӕхӕцын кодта. Уымӕй уӕлдай ма Йесо уыдта, йӕ зӕххон фыд фӕлмӕн адӕймаг кӕй уыд ӕмӕ йӕ бинонтӕй алкӕй дӕр кӕй рӕвдыдта ӕмӕ-иу сыл кӕй баузӕлыд. Иосифы бинонтӕ стырӕй-стырдӕр кодтой, Йесойӕ уӕлдай ма сын, ӕппынкъаддӕр, райгуырд ӕхсӕз сывӕллоны (Матфейы 13:55, 56). Уӕдӕ Иосифы хъуыди йӕ хидкалгӕйӕ кусын, цӕмӕй йӕ бинонтӕй иу дӕр мацы хъуаг ӕййӕфтаид.

Фӕлӕ уӕддӕр, Иосиф ӕмбӕрста, йӕ сӕйрагдӕр хӕс кӕй уыди йӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ-иу рӕстӕг ссардта, цӕмӕй-иу йӕ сывӕллӕттӕн дзырдтаид Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ закъӕтты тыххӕй. Иосиф ӕмӕ Марийӕ сӕ сывӕллӕтты ӕдзух кодтой ӕмбырдгӕнӕнмӕ. Уыцы ӕмбырдгӕнӕнтӕ уый тыххӕй уыдысты, цӕмӕй-иу дзы Хуыцауы Закъон хъӕрӕй кастаиккой ӕмӕ йӕ ’мбарын кодтаиккой. Ӕвӕццӕгӕн-иу Йесомӕ уый фӕстӕ фӕзынд фарстатӕ дӕр, ӕмӕ-иу Иосиф архайдта, цӕмӕй-иу сын дзуапп радтаид. Иосиф ма-иу йӕ бинонтимӕ ацыд, Иерусалимы цы бӕрӕгбӕттӕ уыд, уырдӕм. Зӕгъӕм, алы аз дӕр-иу цыдысты Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ, ӕмӕ-иу сӕ дыууӕрдӕм хъуыди 112 километры бӕрц цӕуын. Фӕндагыл-иу цас фесты ӕмӕ-иу Иерусалимы цас афӕстиат сты, уыцы рӕстӕг-иу, ӕвӕццӕгӕн, ахаста дыууӕ къуырийы бӕрц.

Абон дӕр, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыцы нӕлгоймӕгтӕн Иосиф у фӕзминаг. Уыдон сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты Хуыцауы фӕндагыл аразой. Ӕмбарынц ӕй, уый ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг кӕй у, уый. Уымӕй уӕлдай бинонты хистӕртӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ ма цух кӕной ӕмбырдтӕ ӕмӕ конгресстӕ. Уыдон дӕр Иосифау зонынц, сӕ сывӕллӕттӕн уымӕй хуыздӕр сӕ бон кӕй ницы у саразын.

«Нӕ сӕрӕн куы ницыуал зыдтам»

Йесойыл 12 азы куы цыди, уӕд та Иосиф йӕ бинонты Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ Иерусалиммӕ акодта. Адӕм-иу бӕрӕгбонмӕ цыдысты бинонтыдзагӕй. Уыди уалдзӕг ӕмӕ бӕстӕ цъӕх адардта. Иерусалим лӕууыд хохыл ӕмӕ дзы иннӕ рӕттимӕ абаргӕйӕ бирӕ кӕрдӕг ӕмӕ бӕлӕстӕ нӕ зад. Горӕтмӕ куыд хӕстӕгдӕр кодтой, афтӕ-иу адӕм райдыдтой зарджытӕ зарын (Псалом 120–134). Иерусалиммӕ гуылф кодтой бирӕ адӕм – сӕдӕгай минтӕ. Бӕрӕгбоны фӕстӕ та-иу иууылдӕр сӕ хӕдзӕрттӕм раздӕхтысты. Фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, Иосиф ӕмӕ Марийӕ цыдӕр хъуыддӕгтыл фесты ӕмӕ йӕ нӕ бафиппайдтой, Йесо семӕ кӕй нӕ уыд, уый. Чи зоны ахъуыды кодтой, хӕстӕджытӕй искӕимӕ ис, зӕгъгӕ. Фӕндагыл иу бон куы фесты, ӕрмӕстдӕр ӕй уӕд бамбӕрстой, сывӕллон кӕй фесӕфт (Лукайы 2:41–44).

Иосиф ӕмӕ Марийӕ тынг фӕтарстысты ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ атагъд кодтой. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы горӕтмӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой, йӕ афтид уынгты йын Йесойы куы нал ардтой, уӕд. Цымӕ Йесо кӕм хъуамӕ уыдаид? Ӕртыккаг бон, ӕвӕццӕгӕн, Иосифы сӕры тар хъуыдытӕ зилдух кӕнын райдыдтой: «Ау, Йегъовӕ мын мӕ бар цы хӕзна бакодта, уый бахъахъхъӕнын мӕ бон нӕ баци?» Ӕппынфӕстаг Иосиф ӕмӕ Марийӕ бацыдысты кувӕндонмӕ. Йесойы агургӕйӕ бахызтысты иу агъуыстмӕ, ӕмӕ уым федтой, Хуыцауы Закъон хорз чи зыдта, уыцы нӕлгоймӕгты – ӕмӕ, мӕнӕ диссаг, Йесо дӕр се ’хсӕн бады! Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, Иосиф ӕмӕ Марийӕ ӕхсызгонӕй куыд сулӕфыдаиккой (Лукайы 2:45, 46).

Йесо уыцы нӕлгоймӕгтӕм лӕмбынӕг хъуыста ӕмӕ сӕм фарстатӕ лӕвӕрдта. Сӕ дисӕн кӕрон нӕ уыд, куыд ӕмбаргӕ сывӕллон у ӕмӕ цы зондджын дзуаппытӕ дӕтты, зӕгъгӕ. Иосиф ӕмӕ Марийӕ дӕр куыннӕ бадис кодтаиккой. Иосиф исты загъта ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Фӕлӕ Марийӕ сӕ дыууӕйы номӕй Йесойӕн загъта: «Хъӕбул, уый нын цы ми бакодтай? Дӕ фыдимӕ дӕу агурынӕй нӕ сӕрӕн куы ницыуал зыдтам» (Лукайы 2:47, 48).

Ацы скъуыддзагӕй ирдӕй зыны, цот хъомыл кӕнын ӕнцон хъуыддаг кӕй нӕу, кӕд дӕ сывӕллон ӕххӕст у, уӕддӕр. Ныртӕккӕйы зын царды сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнгӕйӕ, ныййарджытӕ, чи зоны, арӕх фӕзӕгъынц, нӕ сӕрӕн ницыуал зонӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сӕ тынг фидар кӕны, Хуыцау хорз кӕй ӕмбары, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый.

Уыцы рӕстӕг Йесо уыди ӕппӕты ӕдасдӕр ран – йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы хӕдзары, стӕй уым ныхас кодта Хуыцауы Закъоныл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ ныййарджытӕн уыцы ӕнӕхинӕй загъта: «Ӕмӕ мӕ цӕмӕн агуырдтат? Нӕ йӕ зыдтат, ӕз мӕ Фыды хӕдзары кӕй дӕн? Ӕндӕр кӕм хъуамӕ уыдаин?» (Лукайы 2:49).

Ӕвӕццӕгӕн-иу Иосиф уыцы ныхӕстыл арӕх ахъуыды кодта, ӕмӕ-иу сӕрыстыр куыннӕ уыдаид, ахӕм фырт ын кӕй ис, уымӕй. Иосиф бирӕ архайдта, цӕмӕй Йесойӕн Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарзын кодтаид. Ӕвӕццӕгӕн-иу Йесо гыццылӕй дзырд «фыд» куы фехъуыста, уӕд-иу ын ӕхсызгон уыд, ӕмӕ йӕм ахӕм ӕнкъарӕнтӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕйраджыдӕр Иосифы фӕрцы уыди.

Кӕд фыд дӕ, уӕд ӕй ӕмбарыс, дӕ сывӕллӕттӕн фыд цы ад кӕндзӕн уый дӕуӕй кӕнгӕ кӕй у? Тынг сӕ чи уарзы ӕмӕ сӕ бахъуаджы рӕстӕг чи бахъахъхъӕндзӕн, ахӕм адӕймагыл дӕ нымайдзысты? Кӕд, кӕй хъомыл кӕныс, уыцы сывӕллон дӕхи нӕу, уӕд дӕр Иосифы фӕзмыныл архай, ӕмӕ ды дӕр дӕ цоты тынг уарз ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр аргъ кӕн. Ӕххуыс сын кӕн, цӕмӕй сӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы бауарзой ӕмӕ йӕ сӕ хуыздӕр ӕмбалыл нымайой.

Иосиф Йегъовӕйы раз йӕ хӕс сӕххӕст кодта

Иосифы тыххӕй цы хабӕрттӕ базыдтам, уыдонӕй уӕлдай ма Библи йӕ кой цалдӕр хатты кӕны. Ӕмӕ дзы цы фыст ис, уымӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы ӕркӕсын, уымӕн ӕмӕ уӕд бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм. Зӕгъӕм, Библийы кӕсӕм, Йесо йӕ ныййарджытӕн «коммӕгӕс» кӕй уыд, стӕй дзы афтӕ дӕр фыст ис, зӕгъгӕ, «зондджынӕй-зондджындӕр кодта ӕмӕ рӕзыд Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн уарзонӕй» (Лукайы 2:51, 52). Цымӕ ацы ныхӕстӕй Иосифы тыххӕй цы базонӕн ис? Йесо йӕ ныййарджытӕн кӕй кад кодта ӕмӕ сӕ коммӕ кӕй касти, уымӕй бӕрӕг у, Иосиф дарддӕр дӕр бинонты хистӕры хӕстӕ хорз кӕй ӕххӕст кодта.

Ацы стихты ма фыст ис, Йесо зондджынӕй-зондджындӕр кӕй кодта. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыддаджы Иосифы фыдӕбон дӕр бирӕ уыд. Уӕды заман дзуттӕгтӕм ахӕм ӕмбисонд уыди, зӕгъгӕ, ӕцӕг зондджын вӕййы, бирӕ рӕстӕг кӕмӕн ис, ахӕм адӕймаг, хуымӕтӕг кусджытӕ та, зӕгъӕм, хъӕддӕснытӕ, зӕхкусджытӕ ӕмӕ куырдтӕн «сӕ бон нӕу иннӕтӕн тӕрхон кӕнын, уымӕн ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый нӕ иртасынц, стӕй фӕсномыг ныхӕстӕ дзурынмӕ дӕр нӕ арӕхсынц». Фӕлӕ Йесойы цардӕй бӕрӕг уыд, ацы ныхӕстӕ раст кӕй не сты. Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ, гыццыл ма куы уыди, уӕд йӕ фыдӕй, хуымӕтӕг хъӕддӕсныйӕ, арӕх кӕй хъуыста, «рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхоны тыххӕй».

Уымӕй уӕлдай ма бӕрӕг у, Иосифы руаджы Йесо кӕй сси фидӕрттӕ арӕзт нӕлгоймаг, стӕй уӕззау зондыл хӕст кӕй уыд. Стӕй Иосиф йӕ фырты ахуыр кодта, йӕхӕдӕг цы куыстыл хӕст уыд, ууыл. Йесойы ӕрмӕст хъӕддӕсныйы фыртӕй нӕ зыдтой, фӕлӕ ма йын йӕхи дӕр хуыдтой «хъӕддӕсны» (Марчы 6:3). Уӕдӕ бӕрӕг у, Иосиф Йесойы хорз кӕй хъомыл кодта. Бинонты хистӕртӕн Иосиф ацы хъуыддаджы дӕр у фӕзминаг. Уыдон сӕ сывӕллӕтты хъуамӕ ахуыр кӕной, царды сӕ чи бахъӕудзӕн ӕмӕ, сӕхи дарынхъом кӕй фӕрцы уыдзысты, ахӕм куыстыл.

Чырысти 30-аздзыдӕй донаргъуыд куыд райста ӕмӕ уый фӕстӕ куыд лӕггад кодта, уыдӕтты тыххӕй Библийы кӕм фыст ис, уым Иосифы кой иу хатт дӕр нӕй. Ӕвӕццӕгӕн Иосиф уӕдмӕ амард (Кӕс рамкӕ «Иосиф кӕд амард?», 27 фарс.) Кӕд Иосифы тыххӕй Библийы бирӕ фыст нӕй, уӕддӕр нын у фӕзминаг, йӕ бинонты кӕй хъахъхъӕдта ӕмӕ сыл кӕй тыхсти, уымӕй. Уӕдӕ алы фыдӕн, алы бинонты хистӕрӕн, стӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр Иосиф йӕ уырнындзинадӕй у фӕзминаг.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. Уыцы заманты-иу лӕппуйы ӕмӕ чызджы бинонтӕ куы бафидыдтой, уӕд-иу нымад уыдысты лӕг ӕмӕ усыл.

^ 8 абз. Кӕс 2008 азы 1 октябры «Сторожевая башня», статья «Она делала выводы в своём сердце».

^ 14 абз. Библимӕ гӕсгӕ, Чырысти йӕ фыццаг диссаг сарӕзта, донаргъуыд куы райста, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ (Иоанны 2:1–11). Апокрифон евангелиты тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис статьяйы «Апокрифон евангелитӕ. Ӕцӕг хабӕрттӕ Чырыстийы тыххӕй?», 18 фарс.

[Рамкӕ 27 фарсыл]

Иосиф кӕд амард?

Йесойыл 12 азы куы цыди, уӕд нырма Иосиф уыди ӕгас. Израилы ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу лӕппуйыл 12 азы куы сӕххӕст, уӕд-иу ын йӕ фыд райдыдта, йӕхӕдӕг цы куыст кодта, уый амонын. 15-аздзыдӕй та-иу лӕппу йӕ фыдӕн ӕххуыс кӕнын райдыдта. Уӕдӕ, цӕмӕй Иосиф Йесойӕн хъӕддӕсныйы куыст бацамыдтаид, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, бынтон ӕрыгонӕй нӕ амард. Цымӕ Йесойыл 30 азы бӕрц куы цыд ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ма Иосиф ӕгас уыд? Ӕвӕццӕгӕн уӕдмӕ амард, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕджы кой кӕнгӕйӕ Библийы фыст ис ӕрмӕстдӕр Чырыстийӕн йӕ мад, йе ’фсымӕрты ӕмӕ йӕ хоты тыххӕй. Уымӕй уӕлдай Библийы Йесойы тыххӕй фыст ис, «Марийӕйы фырт», зӕгъгӕ (Марчы 6:3). Стӕй дзы фыст ис, Марийӕ-иу цыдӕр хъуыддӕгтӕ йӕхимӕ кӕй райста, йӕ лӕгимӕ-иу нӕ бауынаффӕ кодта, афтӕмӕй. Уыцы заман уымӕн гӕнӕн ницы хуызы уыдаид, сылгоймаг идӕдз ма уыдаид, уый йеддӕмӕ (Иоанны 2:1–5). Кӕнӕ ахӕм хабарыл ахъуыды кӕнӕм: Чырысти хъӕдыл ауыгъд куы уыд, уӕд йӕ мады апостол Иоанныл бафӕдзӕхста (Иоанны 19:26, 27). Ӕмӕ Иосиф ӕгас куы уыдаид, уӕд Йесо афтӕ нӕ бакодтаид. Уӕдӕ ацы бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Иосиф кӕй амард, Йесо ма ӕрыгон куы уыд, уӕд. Йесо хистӕр фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ уый кӕй слӕууыд, йӕ бинонтӕ цы куыстыл лӕуд уыдысты, уый сӕргъы, ӕмӕ цалынмӕ донаргъуыд райста, уӕдмӕ йӕ бинонты кӕй дардта.

[Ныв 24 фарсыл]

Иосиф йӕхиуыл нӕ мӕт кодта ӕмӕ уайтагъддӕр бацархайдта, цӕмӕй йӕ сывӕллоны фервӕзын кодтаид

[Ныв 25 фарсыл]

Иосиф йӕ хидкалгӕйӕ куыста, цӕмӕй йӕ бинонты фӕдардтаид

[Ныв 26 фарсыл]

Иосиф йӕ бинонты алы аз дӕр кодта Иерусалимы кувӕндонмӕ

[Ныв 28 фарсыл]

Иосиф йӕ фырты хъӕддӕсныйы куыстыл сахуыр кодта