Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕстӕртӕн

Моисей сразы Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕныныл

Моисей сразы Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕныныл

Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи кӕсгӕйӕ-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цы хабӕртты тыххӕй кӕсыс, уыдон цыма дӕ алыварс цӕуынц: архайджытӕ цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс, цы дзурынц, уый хъусыс ӕмӕ, цы ’нкъарынц, уый ӕмбарыс.

Сӕйраг архайджытӕ: Йегъовӕ ӕмӕ Моисей

Цӕуыл цӕуы ныхас: Йегъовӕ Моисейӕн бахӕс кодта, цӕмӕй израилӕгты Египетӕй ракодтаид.

1 АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС РАЦЫД 3:1–14; 4:1–17.

Куыд хъуыды кӕныс, судзгӕ къутӕр цыхуызӕн уыд?

․․․․․

Рацыды 3:4 стих бакӕс ӕмӕ ахъуыды кӕн, Моисей Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъуыста, уӕд йӕ цӕсгомыл цы зынди ӕмӕ Хуыцауимӕ цавӕр хъӕлӕсыуагӕй дзырдта?

․․․․․

Рацыды 3:11, 13 ӕмӕ Рацыды 4:1, 10 стихтӕм гӕсгӕ Моисейы цы тыхсын кодта?

․․․․․

2 ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.

Ныхӕстӕ, «ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты, уый тыххӕй фылдӕр бакӕс чингуыты кӕнӕ ӕндӕр искуы (Рацыд 3:14). Моисей Йегъовӕйы йӕ номӕй куы бафарста, уӕд ын, «ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый», зӕгъгӕ, цӕмӕн загъта? *

․․․․․

Куыд дӕм кӕсы, Моисейы фараонимӕ ныхас кӕнын цӕуылнӕ фӕндыд? (Дзуапп базондзынӕ, Нымӕцтӕ 12:3 куы бакӕсай, уӕд.)

․․․․․

Моисей иннӕ израилӕгтимӕ дзурынмӕ йӕ ныфс цӕуылнӕ хаста?

․․․․․

3 ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫСС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...

...адӕймаг арӕх ныфсхаст кӕй нӕ вӕййы, уый тыххӕй.

․․․․․

...Йегъовӕ дыл кӕй ӕууӕнды, стӕй афтӕ кӕй хъуыды кӕны, дӕ бон цавӕрдӕр хъуыддаг бакӕнын кӕй бауыдзӕн, уый тыххӕй.

․․․․․

ДАРДДӔР КУЫД АРХАЙДЗЫНӔ?

Цавӕр хъуыддӕгтӕм нӕ хӕссыс дӕ ныфс?

․․․․․

Кӕд дӕ бон алцы нӕу, уӕддӕр Йегъовӕйӕн цавӕр хъуыддӕгты у дӕ бон лӕггад кӕнын?

․․․․․

4 АЦЫ ХАБӔРТТӔЙ ДӔ ЗӔРДӔМӔ ТЫНГДӔР ЦЫ ФӔЦЫД ӔМӔ ЦӔМӔН?

․․․․․

Ацы статья дӕ бон у ссарын сайты www.pr418.com

Кӕд дӕм Библи нӕй, уӕд зӕгъ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн кӕнӕ та йӕ кӕс сайты www.watchtower.org

[Фиппаинаг]

^ 14 абз. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уадзынц бирӕ чингуытӕ ӕмӕ брошюрӕтӕ. Уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Библи лӕмбынӕгдӕр ахуыр кӕнай. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд ссар Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕнӕ та ныффысс, ацы журнал мыхуыры чи уадзы, уыдонмӕ.