Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фырты фӕнды Фыды раргом кӕнын

Фырты фӕнды Фыды раргом кӕнын

«Фыд чи у, уый... Фырты йеддӕмӕ ӕмӕ, Фырты кӕмӕн фӕнды Фыды раргом кӕнын, уый йеддӕмӕ ничи зоны» (ЛУК. 10:22).

1, 2. Бирӕтӕн зын цавӕр фарстайӕн у дзуапп раттын ӕмӕ цӕмӕн?

ХУЫЦАУ чи у? Бирӕтӕн зын вӕййы ацы фарстайӕн дзуапп раттын. Зӕгъӕм, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕй сӕ фылдӕры уырны, Хуыцау Троицӕ кӕй у. Фӕлӕ фӕзӕгъынц, уыцы ахуырад, дам, адӕймагӕн йӕ бон бамбарын нӕу. Иу фыссӕг ӕмӕ динамонӕг ныффыста, зӕгъгӕ, дам, Троицӕйы ахуырад нӕй бамбарын кӕнӕн, уымӕн ӕмӕ, дам, адӕймаджы зонд ахӕм цӕуылдӕрты не ’ххӕссы. Кӕйдӕрты та уырны, ӕппӕт дӕр эволюцийы фӕрцы кӕй фӕзынд. Уыдон дзурынц, Хуыцау кӕй нӕй ӕмӕ, Дун-дунейы цы диссӕгтӕ ис, уыдон сӕхигъӕдӕй кӕй фӕзындысты. Фӕлӕ Чарлз Дарвин дӕр афтӕ нӕ дзырдта, ӕмӕ Хуыцау нӕй. Ӕрмӕст загъта, зӕгъгӕ, дам, Хуыцау чи у, цы у, ууыл адӕймаджы зонд не ’ххӕссы.

2 Адӕм цӕуылфӕнды ма ’ууӕндой, уӕддӕр сӕ фылдӕр фӕхъуыды кӕнынц, Хуыцау ис ӕви нӕ, стӕй, кӕд ис, уӕд цавӕр у, ууыл. Фӕлӕ сӕ фарстатӕн цы дзуаппытӕ ссарынц, уыдон сӕм уӕддӕр зынӕмбарӕн фӕкӕсынц, ӕмӕ уӕд Хуыцауы дӕр нал фӕагурынц. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Хӕйрӕг ӕнӕуырнджытӕн «сӕ сӕрызонд... бакуырм кодта» (2 Кор. 4:4). Уӕдӕ афтӕ дӕр уымӕн рауад, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн, цӕуыл ӕууӕндой, уый сӕ зонд нал ахсы ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд ӕмӕ Дунесфӕлдисӕг Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад нӕ зонынц (Ис. 45:18).

3. а) Фыды нын чи раргом кодта? ӕ) Дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

3 Адӕмы ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базонын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй» чи кувы, ӕрмӕстдӕр уыдон фервӕздзысты (Ром. 10:13). Цӕмӕй Хуыцаумӕ йӕ номӕй кувӕм, уый тыххӕй хъуамӕ базонӕм, чи у ӕмӕ цавӕр Хуыцау у, уый. Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы ахсджиаг хабӕрттӕ бамбарын кодта. Йӕ Фыды сын раргом кодта. (Бакӕс Лукайы 10:22.) Ацы статьяйы базондзыстӕм дзуапп ахӕм фарстатӕн: цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Чырыстийы хуызӕн никӕй бон уыд Фыды раргом кӕнын? Куыд ӕй раргом кодта? Ӕмӕ Йесойау нӕ бон куыд у Фыды иннӕтӕн ӕргом кӕнын?

ЙЕСОЙЫ ХУЫЗӔН НИКӔЙ БОН УЫД ФЫДЫ РАРГОМ КӔНЫН

4, 5. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы хуызӕн никӕй бон уыд йӕ Фыды раргом кӕнын?

4 Йесойӕн йӕ бон куыд уыди йӕ Фыды иннӕтӕн раргом кӕнын, афтӕ никӕй бон уыд. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон цалынмӕ нӕ фӕзындысты, уӕдмӕ дӕр Йесо уыд уӕларвон зӕд. Уый уыди «Хуыцауы иунӕг Фырт» (Иоан. 1:14; 3:18). Нӕдӕр зӕдтӕ, нӕдӕр адӕм куы нӕма уыдысты, уӕд ӕрмӕстдӕр уыцы иунӕг Фырт уыди йӕ Фыды фарсмӕ, ӕмӕ йӕ йӕ Фыд йӕ уарзтӕй, йӕ зӕрдӕйы хъармӕй рӕвдыдта. Мин-миназты дӕргъы ӕдзух уыдысты иумӕ, ныхас-иу кодтой, ӕмӕ уый фӕрцы Фырт хорз базыдта йӕ Фыды ӕмӕ йӕ миниуджытӕ. Кӕрӕдзимӕ куыд ӕнгомдӕр кодтой, афтӕ кӕрӕдзийыл кодтой ӕнувыддӕр ӕмӕ кӕрӕдзи тынгӕй-тынгдӕр уарзтой (Иоан. 5:20; 14:31). Ахъуыды-ма кӕн, Фырт йӕ Фыды куыд хорз базыдтаид! (Бакӕс Колоссӕгтӕм 1:15–17.)

5 Фыд йӕ Фырты равзӕрста, цӕмӕй уыдаид «Хуыцауы Дзырд», ома цӕмӕй йӕ номӕй дзырдтаид (Рарг. 19:13). Уӕдӕ ӕрмӕст Йесойӕн уыди лӕвӕрд ахӕм сӕрмагонд хӕс, цӕмӕй йӕ Фыды иннӕтӕн ӕргом кодтаид. Иоанн уый тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «Дзырд», ома Йесо, «Фыдмӕ, цыма йӕ риуыл йӕхи бакъул кодта, афтӕ хӕстӕг... у» (Иоан. 1:1, 18). Ӕвӕццӕгӕн, Иоаннӕн йӕ хъуыдыйы уыд, уӕды заманты-иу фынджы уӕлхъус цы ӕгъдау уыд, уый. Фынджы уӕлхъус-иу ӕнӕуи бадгӕ нӕ кодтой, фӕлӕ-иу сӕхи сӕ иу фарсыл ӕруагътой. Ӕмӕ-иу уазджытӕ кӕрӕдзимӕ афтӕ хӕстӕг уыдысты, ӕмӕ сӕ бон ӕнцонтӕй уыд ныхӕстӕ кӕнын. Уӕдӕ Фырт дӕр йӕ Фыдмӕ афтӕ хӕстӕг уыд, цыма «йӕ риуыл йӕхи бакъул кодта», ӕмӕ сӕ бон уыди зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас кӕнын.

6, 7. Фыд ӕмӕ Фырт кӕрӕдзимӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр куыд кодтой?

6 Фырт Фыдӕн «уыд йе стыр цин алы бон дӕр». (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 8:22, 23, 30, 31.) Бонӕй-бонмӕ Фыд ӕмӕ Фырт кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кодтой. Уыдон алцыдӕр арӕзтой иумӕ, ӕмӕ Фырт дӕр, йӕ Фыды миниуджытӕ уынгӕйӕ, ахуыр кодта ӕмӕ йӕ фӕзмыдта. Фырт ма уыдта, уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр иумӕ кӕй сфӕлдыстой, уыдонӕй алкӕуыл дӕр Фыд куыд тыхсы, уый дӕр. Ӕмӕ йӕ Фыды ноджы тынгдӕр бауарзта ӕмӕ йын ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдта.

7 Суанг ма, Хӕйрӕг Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыд ӕмӕ Йегъовӕйы хицаудзинад куы сдзырддаг кодта, уӕд дӕр Фыртӕн йӕ бон уыд Фыды хуыздӕр базонын – уыди йын фадат, цӕмӕй базыдтаид, Йегъовӕ зын уавӕры йӕ уарзондзинад, йӕ рӕстдзинад, йӕ зонд ӕмӕ йӕ тых куыд равдисдзӕн, уый. Уый фӕрцы ма Фырт цӕттӕ уыд, фӕстӕдӕр зӕххыл цӕргӕйӕ йӕхӕдӕг цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уыдоны сӕрты ахизынмӕ дӕр (Иоан. 5:19).

8. Библийы Йесойы тыххӕй цы фӕкӕсӕм, уый фӕрцы Фыды миниуджытӕ куыд базонӕм?

8 Йесо йӕ Фыдмӕ афтӕ ӕввахс кӕй уыд, уый фӕрцы йӕ бон уыди, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый суанг лыстӕг хабӕртты онг раргом кӕнын. Ӕмӕ уый ӕндӕр никӕй бон суыдаид. Уӕдӕ нӕ бон ӕппӕты хуыздӕр куыд уыдзӕн Фыды базонын? Йӕ иунӕг Фырт цы амыдта ӕмӕ цы арӕзта, уый тыххӕй куы базонӕм, уӕд. Зӕгъӕм, дзырд «уарзондзинад» цы нысан кӕны, уый ӕрмӕст дзырдуаты куы бакастаиккам, уӕд ӕй кӕронмӕ зынтӕй бамбӕрстаиккам. Фӕлӕ, Чырысти куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй Библийы куы фӕкӕсӕм, уӕд фенӕм, адӕмыл куыд тыхсти, уый, ӕмӕ бамбарӕм, цы нысан кӕны, «Хуыцау у уарзондзинад», зӕгъгӕ (1 Иоан. 4:8, 16). Ӕмӕ ма уарзондзинадӕй уӕлдай Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн Хуыцауы иннӕ миниуджытӕ дӕр раргом кодта.

ЙЕСО ЙӔ ФЫДЫ КУЫД РАРГОМ КОДТА

9. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн йӕ Фыды дыууӕ хуызы куыд раргом кодта? ӕ) Йесо йӕ Фыды раргом кӕныны тыххӕй цавӕр цӕвиттон ӕрхаста?

9 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, стӕй йӕ фидӕны фӕдылдзӕуджытӕн дӕр йӕ Фыды куыд раргом кодта? Раргом ӕй кодта дыууӕ хуызы: цы амыдта, стӕй, цы арӕзта, уый фӕрцы. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, цы амыдта, уымӕ. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы амыдта, уымӕй бӕрӕг у, йӕ Фыды зондахаст, йе ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ, куыд архайы, уый хорз кӕй зыдта. Зӕгъӕм, йӕ Фыды абарста, фысты дзуг кӕмӕ ис ӕмӕ йӕ фыстӕй иу кӕмӕн адзӕгъӕл, ахӕм адӕймагимӕ. Йӕ фыстӕй алкӕцыйы дӕр кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ иннӕ фысты ныууагъта ӕмӕ уыцы иу фысы агурӕг ацыд. Йесо загъта, зӕгъгӕ, дам, йӕ фысы куы ссара, уӕд, дам, «чи нӕ адзӕгъӕл, уыцы нӕуӕдз фараст фысӕй ууыл тынгдӕр цин кӕндзӕн». Уыцы цӕвиттонӕй йӕ цы равдисын фӕндыд? Афтӕ йӕ бамбарын кодта: «Мӕ уӕларвон Фыды... нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа» (Матф. 18:12–14). Ацы цӕвиттонӕй дӕ бон цы у Йегъовӕйы тыххӕй базонын? Чи зоны, иуӕй-иу хатт дӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсыс, фӕхъуыды кӕныс, никӕй хъӕуын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ зон: дӕ уӕларвон Фыдӕй рох нӕ дӕ ӕмӕ дыл зӕрдӕйӕ тыхсы. Уый дӕ нымайы «ацы гыццылтӕй» иуыл.

10. Йесо, цы арӕзта, уый фӕрцы йӕ Фыды куыд раргом кодта?

10 Чырысти ма йӕ Фыды йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн раргом кодта, цы арӕзта, уый фӕрцы дӕр. Ӕмӕ йын апостол Филипп афтӕ куы загъта, «фенын-ма нын кӕн Фыды», зӕгъгӕ, уӕд Йесойӕн йӕ бон уыди зӕгъын: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоан. 14:8, 9). Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ ӕмӕ базонӕм, йӕ Фыды миниуджытӕ куыд равдыста, уый. Иухатт ын иу хъотырджын лӕг, «йӕ буар хъотыры хъӕдгӕмттӕй кӕмӕн нал зынд», уый, куы балӕгъстӕ кодта, сдзӕбӕх мӕ кӕн, зӕгъгӕ, уӕд ыл Йесо андзӕвыд ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у». Уыцы хъотырджын лӕг куы сдзӕбӕх, уӕд ӕй, бӕгуыдӕр, бамбӕрстаид, Йесойӕн Йегъовӕ кӕй радта уыцы тых (Лук. 5:12, 13). Лазӕр куы амард, уӕд та Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ федтой, ахӕм хабӕрттыл Фыдӕн дӕр йӕ зӕрдӕ куыд фӕриссы, уый. Йесойӕн «йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ нынкъард», стӕй «йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты». Кӕд ӕй зыдта, ӕмӕ Лазӕры райгас кӕндзӕн, уӕддӕр ыл йӕ бинонтау ӕмӕ йе ’мбӕлттау йӕ зӕрдӕ фӕрыст (Иоан. 11:32–35, 40–43). Библийы Йесо Чырыстийы тыххӕй цы хабӕрттӕ ис, уыдонӕй ма ӕндӕртӕй дӕр зыны, Фыд куыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг у, уый. Ӕмӕ дын, ӕвӕццӕгӕн, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ дӕ зӕрдӕ уӕлдай тынг бацагайынц.

11. а) Йесо кувӕндон куы ссыгъдӕг кодта, уӕд йӕ Фыды тыххӕй цы раргом кодта? ӕ) Уый нын стыр ныфсы хос цӕмӕн у?

11 Йесо Чырысти кувӕндон куыд ссыгъдӕг кодта, уымӕй та цы ис базонӕн? Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Йесо бӕндӕнтӕй ехс скодта ӕмӕ, галтӕ ӕмӕ фыстӕ чи уӕй кодта, уыдоны кувӕндонӕй ратардта. Стӕй та ӕхцаивджытӕн се ’хцатӕ ныппырх кодта ӕмӕ сын се стъӕлттӕ афӕлдӕхта (Иоан. 2:13–17). Ахӕм хъӕбатырдзинад куы равдыста, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрхъуыды кодтой паддзах Давиды пехуымпар-ныхас: «Дӕ хӕдзары мӕт мӕ хӕры» (Пс. 69:9). Йесо афтӕ ныфсджынӕй кӕй архайдта, уымӕй равдыста, раст дин хынджылӕггаг уыдаид, уымӕн кӕй нӕ быхста. Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый ацы хабарӕй дӕ бон у фенын? Уый нын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕрмӕст тых нӕй, цӕмӕй зӕххӕй фыддзинад фесафа, фӕлӕ ма йӕ уыцы хъуыддаг тынг кӕй фӕнды. Зӕхх ӕгасӕй дӕр фыддзинадӕй кӕй байдзаг, уый уынгӕйӕ Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ куыннӕ риссы! Уӕдӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти уыдӕттӕм ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый нын стыр ныфсы хос уыдзӕн, ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд.

12, 13. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕй дӕ бон цы у Йегъовӕйы тыххӕй базонын?

12 Йесо ма йӕ Фыды раргом кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕй дӕр. Уыдон ӕдзух быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл (Мар. 9:33–35; 10:43; Лук. 9:46). Йесо уӕлӕрвты йӕ Фыдимӕ уыйбӕрц рӕстӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ хорз зыдта, Йегъовӕ сӕрбӕрзонддзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы (2 Сам. 22:28; Пс. 138:6). Стӕй ма уыдта, уыцы миниуӕг Сайтан Хӕйрӕгмӕ кӕй уыд. Хӕйрӕг у хиуарзон, кадмондаг, ӕмӕ йӕ йӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй мӕт ис. Уӕдӕ Йесойӕн куыд зын уыдаид, йӕхӕдӕг кӕй ахуыр кодта, уыдон-иу ахӕм сӕрбӕрзонд кӕй разындысты! Ӕрмӕст сӕхи мӕт кодтой. Ӕмӕ, апостолтӕй кӕй равзӕрста, уыдон дӕр бӕллыдысты кадмӕ! Суанг ма Йесойы мӕлӕты размӕ фӕстаг бон дӕр сӕхи ахӕмтӕй равдыстой (Лук. 22:24–27). Фӕлӕ сын уый уӕддӕр фӕлмӕнӕй зонд амыдта. Уӕддӕр ӕй уырныдта, йӕхӕдӕг куыд сӕрныллӕг уыд, уыдон дӕр иу бон ахӕм сӕрныллӕг кӕй суыдзысты (Фил. 2:5–8).

13 Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕлмӕнӕй ӕмӕ фӕразонӕй раст зондыл куыд арӕзта, уымӕй уыныс, йӕ Фыд дӕр афтӕ кӕй кодтаид? Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый фӕрцы ис базонӕн, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй нӕ ныууадзы, кӕд арӕх рӕдийгӕ дӕр фӕкӕнынц, уӕддӕр. Хуыцауы миниуджытӕ хорз кӕй зонӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу нӕ рӕдыдтытыл ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ-иу ӕм кувӕм, цӕмӕй нын сӕ ныххатыр кӕна.

ФЫРТЫ ФӔНДЫД ФЫДЫ РАРГОМ КӔНЫН

14. Йесойы йӕ Фыды иннӕтӕн дӕр раргом кӕнын кӕй фӕндыд, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?

14 Хицӕуттӕй бирӕтӕ адӕмӕй фембӕхсынц, цы сӕ фӕхъӕуы зонын, уыдӕттӕ ӕмӕ сӕ афтӕмӕй сӕ дӕлбар фӕдарынц. Йесо та ахӕм нӕ уыд. Уый фӕндыд, цӕмӕй йӕ Фыды иннӕтӕ дӕр базыдтаиккой, ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы тыххӕй зонын цыдӕриддӕр хъуыди, уый сын раргом кодта. (Бакӕс Матфейы 11:27.) Уымӕй уӕлдай ма Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радта «ӕмбарындзинад, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы базыдтаиккой» (1 Иоан. 5:20). Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕххуыс кодта, йӕ Фыды тыххӕй сын цы дзырдта, уый ӕмбарынӕн. Йӕ Фыд чи у, уый не ’мбӕхста – цавӕрдӕр ӕнахуыр, зынӕмбарӕн ныхӕстӕй йӕ не ’мбарын кодта, зӕгъӕм, афтӕ нӕ дзырдта, Троицӕ у, зӕгъгӕ.

15. Йесо йӕ Фыды тыххӕй цы зыдта, уыдон иууылдӕр цӕуылнӕ раргом кодта?

15 Цымӕ Йесо йӕ Фыды тыххӕй цы зыдта, уыдон иууылдӕр раргом кодта? Нӕ, уый равдыста ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн алцы нӕ радзырдта. (Бакӕс Иоанны 16:12.) Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бирӕ цыдӕртӕ сӕ бон бамбарын не суыдаид. Фӕлӕ сын Йесо куыд загъта, афтӕмӕй сын хъуамӕ фылдӕр раргом уыдаид, «ӕххуысгӕнӕг» куы ’рцыдаид, уӕд. Уыцы ӕххуысгӕнӕг уыд сыгъдӕг тых, ӕмӕ сын уый хъуамӕ уыдаид «фӕндагамонӕг», хъуамӕ сын ӕххуыс кодтаид «рӕстдзинад кӕронмӕ бамбарынӕн» (Иоан. 16:7, 13). Зӕгъӕм, ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтыл нӕ фӕдзурынц, цалынмӕ сывӕллӕттӕ уыдӕттӕ ӕмбарынхъом не свӕййынц, уӕдмӕ. Афтӕ Йесо дӕр зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгты бон цас у бамбарын, уый, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, цалынмӕ йӕ Фыды тыххӕй фылдӕр бамбарынхъом не суыдаиккой, уӕдмӕ.

ЙЕСОЙАУ ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔН ЙЕГЪОВӔЙЫ БАЗОНЫНӔН

16, 17. Дӕ бон цӕй фӕрцы у Фыды иннӕтӕн дӕр ӕргом кӕнын?

16 Искӕй хорз куы базоныс ӕмӕ куы феныс, куыд дзӕбӕх ӕмӕ фӕлмӕн адӕймаг у, уӕд иннӕтӕн дӕр йӕ кой нӕ фӕкӕныс? Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд дзырдта йӕ Фыды тыххӕй (Иоан. 17:25, 26). Цымӕ махӕн дӕр нӕ бон у Фыды иннӕтӕн ӕргом кӕнын?

17 Куыд базыдтам, афтӕмӕй, Йесо Чырысти йӕ Фыды куыд хорз зыдта, афтӕ ничи. Фӕлӕ, цы зыдта, уыдӕттӕ йӕ фӕндыд иннӕтӕн дӕр ӕргом кӕнын. Стӕй ма йӕ фӕдылдзӕуджытӕн радта ӕмбарындзинад дӕр, ома сын ӕххуыс кодта йӕ Фыды миниуджытӕ ноджы хуыздӕр базонынӕн. Йесойы фӕрцы нӕ уӕларвон Фыды куыд базыдтам, афтӕ йӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ зонынц. Уӕдӕ дзы куыд бузныг стӕм, цы амыдта ӕмӕ цы арӕзта, уый фӕрцы нын йӕ Фыды кӕй раргом кодта, уый тыххӕй! Йегъовӕйы кӕй зонӕм, уымӕй стӕм сӕрыстыр (Йер. 9:24; 1 Кор. 1:31). Мах зӕрдиагӕй архайдтам, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уыдаиккам, ӕмӕ нӕм уый дӕр ӕрбаввахс (Иак. 4:8). Уый фӕрцы нӕ бон у, Йегъовӕйы тыххӕй цы зонӕм, уый иннӕтӕн дӕр дзурын. Нӕ бон куыд у уый аразын?

18, 19. Дӕ бон куыд у Фыды иннӕтӕн дӕр ӕргом кӕнын? Бамбарын ӕй кӕн.

18 Нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй Чырыстийы куы бафӕзмӕм, уӕд афтӕмӕй Фыды иннӕтӕн дӕр раргом кӕнӕм. Рох дӕ ма уӕд: уацамынды кӕуыл фембӕлӕм, уыцы адӕмӕй бирӕтӕ, Хуыцау чи у, уый нӕ зонынц. Чи зоны сын сӕ зонд схӕццӕ кодтой мӕнг ахуырӕдтӕй. Нӕ бон у, ӕмӕ-иу сын Библийы равдисӕм Хуыцауы ном, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ ис, уый. Уымӕй уӕлдай ма, Библийӕ искӕцы хабарӕй Хуыцауы миниуджыты тыххӕй, раздӕр хъуыды дӕр кӕуыл никуы акодтам, ахӕм ног цыдӕр куы базонӕм, уӕд нӕ бон вӕййы ууыл ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ дӕр аныхас кӕнын. Афтӕмӕй-иу уыдонӕн дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн.

19 Йесойау ма хъуамӕ Фыды ӕргом кӕнӕм, цы аразӕм, уый фӕрцы дӕр. Нӕхи куыд дарӕм ӕмӕ цы аразӕм, уый фӕрцы адӕм Чырыстийы уарзт куы уыной, уӕд уыдоны дӕр бафӕнддзӕн, цӕмӕй Йесомӕ ӕмӕ йӕ Фыдмӕ баввахс уой (Еф. 5:1, 2). Апостол Павел нын зӕгъы: «Мӕн фӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ» (1 Кор. 11:1). Уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа, ӕмӕ, нӕхи куыд дарӕм, уый фӕрцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый фенынӕн! Цӕй уӕдӕ нӕ алчидӕр Йесо Чырыстийау Фыды иннӕтӕн дӕр ӕргом кӕнӕд!

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]