Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ма бауадз, цӕмӕй дӕ бинонты цард фехӕла

Ма бауадз, цӕмӕй дӕ бинонты цард фехӕла

«Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн та фӕдзӕхсын, уӕвгӕ, ӕз нӕ, фӕлӕ Хицау» (1 КОР. 7:10).

1. Чырыстӕттӕ бинонты цардмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой ӕмӕ цӕмӕн?

ДЫУУӔ чырыстоны сӕ цард куы баиу кӕнынц, уӕд Хуыцауӕн дзырд раттынц. Ӕмӕ уый та у стыр хӕс, ӕмӕ йӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй (Еккл. 5:4–6). Бинонты цард Йегъовӕ кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, дыууӕ уды уый кӕй «баиу кӕны» (Мар. 10:9). Бинонты царды тыххӕй хицауад цы закъӕттӕ сфидар кӕны ӕмӕ Библийы цы закъӕттӕ ис, уыдон алы хатт иухуызон нӕ вӕййынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ бинонты цардмӕ хъуамӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсой,– уӕлдай нӕу, сӕ цард куы баиу кодтой, уӕд йӕ лӕггадгӕнджытӕ уыдысты ӕви нӕ.

2. Ацы статьяйы дзырд цавӕр фарстатыл цӕудзӕн?

2 Бинонтӕн сӕ цард хорз куы ацӕуы, уӕд тынг амондджын вӕййынц. Фӕлӕ кӕрӕдзи куы не ’мбарой, зындзинӕдтӕ сын куы уа, уӕд та цы ис саразӕн? Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнгом бинонтӕ суой? Фарн цы бинонты ’хсӕн нӕй, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

АМОНДДЖЫН УЫДЗЫСТЫ ӔВИ ӔНАМОНД?

3, 4. Цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ адӕймаг зондӕй куы нӕ архайа, уӕд ӕй уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн?

3 Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ цард хорз куы ацӕуы, уӕд сӕхӕдӕг дӕр вӕййынц амондджын ӕмӕ ма сӕ цардӕй Йегъовӕйы дӕр фӕкадджын кӕнынц. Фӕлӕ сӕ цард куы фехӕлы, уӕд та сын уый стыр масты хос вӕййы. Бинонтӕ кӕмӕн нӕма ис, уыцы чырыстӕттӕ Хуыцауы разамындмӕ куы хъусой, уӕд сӕ бинонты цардӕн хорз бындур сӕвӕрдзысты. Фӕлӕ цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ зондӕй куы нӕ архайой, уӕд та фӕфыдӕнхъӕл уыдзысты ӕмӕ сын уый маст йеддӕмӕ ницы ӕрхӕсдзӕн. Зӕгъӕм, ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ нырма бинонты цардмӕ цӕттӕ нӕ вӕййынц, афтӕмӕй искӕимӕ ӕмбӕлын райдайынц. Иннӕтӕ та сӕхицӕн цардӕмбал ссарынц Интернеты ӕмӕ йемӕ уайтагъд сӕ цард баиу кӕнынц, фӕлӕ фенамонд вӕййынц. Кӕмӕндӕрты та афтӕ рауайы, ӕмӕ, цалынмӕ сӕ цард нӕ баиу кӕнынц, уӕдмӕ, ома нырма ӕмбӕлгӕ куы фӕкӕнынц, уыцы рӕстӕг, уӕззау тӕригъӕд саразынц, ӕмӕ сын сӕ кӕрӕдзийы цӕсты кад нал вӕййы. Ӕмӕ сӕ иумӕйаг цард афтӕ куы райдайынц, уӕд ын фидар бындур нӕ вӕййы.

4 Чырыстӕттӕй йӕ цард «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕгимӕ» чи нӕ баиу кодта, уыдонӕй бирӕтӕ тухӕнӕй мӕлынц, уымӕн ӕмӕ сӕ цардӕмбал рӕстдзинады фӕндагыл нӕ лӕууы (1 Кор. 7:39). Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй дын дӕ рӕдыд ныххатыр кӕна ӕмӕ дын баххуыс кӕна. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаджы йӕ раздӕры рӕдыдтытӕ цӕмӕ ӕркодтой, уыдӕттӕй йӕ Йегъовӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ кӕд сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта, уӕд ын ӕххуыс кӕндзӕн йӕ зындзинӕдты фидар лӕууынӕн (Пс. 130:1–4). Уӕдӕ амӕй фӕстӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архай Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныныл, ӕмӕ уӕд, «Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый уыдзӕн дӕ фидар мӕсыг» (Неем. 8:10).

БИНОНТЫ ЦАРД ФЕХӔЛЫНӔВВОНГ КУЫ УА

5. Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ цард куы нӕ цӕуа, уӕд сӕхи хъуамӕ цавӕр хъуыдытӕй хизой?

5 Бинонты цард масты хос кӕмӕн у, уый, чи зоны, хъуыды кӕны: «Уӕвгӕ, мӕ бинонты цард бахъахъхъӕныныл хъуамӕ архайон? Тӕхуды, ӕмӕ рӕстӕг фӕстӕмӕ раздах! Мӕ цард ӕндӕр искӕимӕ баиу кӕнин». Чи зоны ма ахӕм адӕймаг хъуыды кӕны йӕ цардӕмбалы ныууадзыныл дӕр, ӕмӕ йӕхицӕн дзуры: «Цы хорз уыдзӕн, ногӕй та сӕрибар уаин. Хъуамӕ ахицӕн уон. Кӕд Библимӕ гӕсгӕ мӕ бон нӕу, ӕмӕ ахицӕн уон, уӕддӕр хицӕнӕй мӕ уды дзӕбӕхӕн цӕрдзынӕн». Афтӕ хъуыдытӕ кӕныны ӕмӕ фынтӕй цӕрыны бӕсты чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕ уавӕры, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразой ӕмӕ Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ архайой.

6. Матфейы 19:9 стихы фыст ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты?

6 Кӕд чырыстон йӕ цардӕмбалӕй хицӕн кӕнынвӕнд кӕны, уӕд ӕй хъуамӕ ма рох кӕна, Библимӕ гӕсгӕ йын кӕй уыдзӕн кӕнӕ кӕй нӕ уыдзӕн бар ногӕй бинонтӕ скӕнынӕн. Йесо Чырысти загъта: «Йӕ усмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Матф. 19:9). Ацы ран хӕтындзинадмӕ хауы, адӕймаг йӕ цардӕмбалӕй уӕлдай ӕндӕр искӕимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уый кӕнӕ ӕндӕр ахӕм хӕлд митӕ. Нӕдӕр йӕхӕдӕг, нӕдӕр йӕ цардӕмбал хӕтындзинады аххосджын куы нӕ уа ӕмӕ афтӕмӕй хицӕн кӕныныл куы хъуыды кӕна, уӕд хъуамӕ Хуыцаумӕ кува, цӕмӕй йын раст уынаффӕ рахӕссынӕн баххуыс кӕна.

7. Чырыстон бинонтӕн сӕ цард куы фехӕла, уӕд адӕм цы ахъуыды кӕндзысты?

7 Кӕд чырыстонӕн йӕ бинонты цард фехӕлд, уӕд, чи зоны, Хуыцауӕй кӕй адард, уый тыххӕй афтӕ рауад. Апостол Павел радта ахӕм ахсджиаг фарста: «Йӕхи бинонтӕн чи нӕ зоны уынаффӕ кӕнын, уый Хуыцауы ӕмбырдӕн цы хъуамӕ баххуыс кӕна?» (1 Тим. 3:5). Кӕд лӕг ӕмӕ ус чырыстӕттӕ сты ӕмӕ сӕ цард фехӕлд, уӕд адӕм афтӕ дӕр ахъуыды кӕндзысты, зӕгъгӕ, адон дзургӕ иу кӕнынц, аразгӕ та – ӕндӕр (Ром. 2:21–24).

8. Чырыстон бинонтӕ хицӕнтӕй цӕрын кӕнӕ хицӕн кӕнын куы сфӕнд кӕнынц, уӕд йӕ аххосаг цы вӕййы?

8 Чырыстон бинонтӕн хицӕнтӕй цӕрынӕн кӕнӕ ахицӕн кӕнынӕн Библимӕ гӕсгӕ бар куы нӕ уа ӕмӕ уӕддӕр афтӕ бакӕнын куы сфӕнд кӕной, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард сты. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ иу йе та сӕ дыууӕ дӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ архайынц. Сӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дариккой, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕниккой, зӕгъгӕ, ӕндӕр гӕнӕн нал ис, хъуамӕ ахицӕн уӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6.)

9. Йӕ бинонты цард бахъахъхъӕныныл чи фӕархайы, уыцы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ арфӕгонд куыд ӕрцӕуынц?

9 Сӕ цард фехӕлынӕввонг кӕмӕн уыд, уыцы бинонтӕй бирӕтӕ фӕстӕдӕр «а» ӕмӕ «о»-йӕ цӕрын райдыдтой. Чырыстон лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы нӕ фембарынц, фӕлӕ хицӕн кӕныныл куы нӕ фӕтагъд кӕнынц, уӕд арӕх сӕ фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы нӕ фӕвӕййынц. Ӕркӕсӕм-ма, лӕг кӕнӕ ус ӕнӕуырнӕг куы вӕййы, уӕд арӕх хабар куыд рауайы, уымӕ. Апостол Петр ныффыста: «Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, цӕмӕй, Хуыцауы ныхасӕн сӕ коммӕгӕс чи нӕу, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауы фӕрцы суой коммӕгӕс, хӕдӕфсарм кӕй стут ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый уынгӕйӕ» (1 Пет. 3:1, 2). Ӕнӕуырнӕг лӕг кӕнӕ ус йӕ цардӕмбалы хорз уаг ӕмӕ ӕгъдау куы уына, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагыл ӕрлӕууа. Йӕ бинонты цард чи бахъахъхъӕны ӕмӕ йӕ цардӕмбалы чи нӕ ныууадзы, уыцы чырыстон кад хӕссы Хуыцауӕн, стӕй уый фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕуы йӕхӕдӕг дӕр, йӕ цардӕмбал дӕр, стӕй сын кӕд сывӕллӕттӕ ис, уӕд уыдон дӕр.

10, 11. Лӕг ӕмӕ ус ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, фӕлӕ чырыстӕтты цӕмӕй хъуамӕ уа ныфс?

10 Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр цардӕмбалӕн равзарынц, донаргъуыд чи у, ахӕм чырыстӕттӕй искӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕфӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт уыдон дӕр ӕнӕнхъӕлӕджы сӕ царды сӕмбӕлынц зындзинӕдтыл. Зӕгъӕм, лӕг кӕнӕ ус фӕрынчын вӕййы депрессийӕ кӕнӕ ӕндӕр ахӕм низӕй. Кӕнӕ та сӕ дыууӕйӕ искӕмӕн йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ вӕййы ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ нал фӕцӕуы. Ахӕм хабар ӕрцыд Линдӕйы * бинонтыл. Линдӕ уыд зынгзӕрдӕ чырыстон, стӕй уыди хорз мад. Йӕ лӕг ӕвзӕр митыл куы бафтыд, уӕд ын тынг зын уыд, фӕлӕ йӕ бон ницы уыд саразын. Ӕмӕ йӕ лӕг йӕ митыл кӕй не ’рфӕсмон кодта, уый тыххӕй йӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой. Ахӕм уавӕры чи ис, уыцы чырыстонмӕ афтӕ куы кӕса, ӕмӕ йӕ бинонты цард фехӕлд, уӕд куыд хъуамӕ бакӕна?

11 Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Цымӕ цыфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ архайон мӕ бинонты цард бахъахъхъӕныныл?» Ацы хъуыддаджы дӕу бӕсты никӕй бон у уынаффӕ рахӕссын, стӕй уый бар дӕр никӕмӕн ис. Фӕлӕ дӕ бинонты цардыл дӕ къух куы нӕ ауигъай, уӕд уый дзӕгъӕлы нӕ фӕуыдзӕн. Зындзинӕдтӕ чи ’взары, фӕлӕ уӕддӕр йӕ цӕсгом уый бар кӕмӕн нӕ дӕтты, цӕмӕй йӕ цардӕмбалы ныууадза, уыцы чырыстӕттӕ Хуыцауӕн тынг зынаргъ сты. (Бакӕс 1 Петры 2:19, 20.) Чырыстон йӕ бинонты цард банывыл кӕныныл ӕппӕт тыхтӕй куы архайа, уӕд ын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн йӕ Ныхасы фӕрцы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы.

БАХХУЫС КӔНЫНМӔ ЦӔТТӔ СТЫ

12. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕххуысмӕ куы бацӕуӕм, уӕд нӕм цы цӕстӕй ракӕсдзысты?

12 Кӕд дын дӕ бинонты царды цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ ис, уӕд дӕ бон у фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй ӕххуыс ракурын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ «дзугӕн», ома ӕмбырдӕн, сты фыййӕуттӕ ӕмӕ дын Библийы ӕхсызгонӕй равдисдзысты Хуыцауы уынаффӕтӕ (Хъуыд. 20:28; Иак. 5:14, 15). Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕххуысмӕ куы бацӕуай ӕмӕ сын дӕ зындзинады тыххӕй куы радзурай, уӕд сӕ цӕсты дӕ кад ӕмӕ дӕ цардӕмбалы кад ӕрхаудзӕн. Афтӕмӕй дын сӕ цӕсты ноджы фылдӕр кад уыдзӕн ӕмӕ дӕ уарзгӕ дӕр фылдӕр кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ йӕ фендзысты, ӕцӕгдӕр дӕ кӕй фӕнды Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын.

13. 1 Коринфӕгтӕм 7:10–16 стихты цавӕр уынаффӕ ис?

13 Йӕ цардӕмбал чырыстон кӕмӕн нӕу, ахӕм хо кӕнӕ ӕфсымӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс куы ракура, уӕд ын сӕ бон у Павелы уынаффӕмӕ бацамонын: «Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн та фӕдзӕхсын, уӕвгӕ, ӕз нӕ, фӕлӕ Хицау: ус йӕ лӕгӕй ма ацӕуӕд. Куы дзы ацӕуа, уӕд та мой мауал скӕнӕд, науӕд та фӕстӕмӕ йӕ лӕгимӕ бафидауӕд. Ӕмӕ лӕг дӕр йӕ усы ма ныууадзӕд. [...] Ус, кӕцӕй йӕ зоныс, ӕмӕ дӕ лӕджы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? Ӕмӕ йӕ ды дӕр, лӕг, цӕмӕй зоныс, ӕмӕ дӕ усы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ?» (1 Кор. 7:10–16). Чырыстонӕн йӕ ӕнӕуырнӕг цардӕмбал Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдайы, уӕд уый цӕй стыр арфӕдзинад вӕййы!

14, 15. Чырыстон сылгоймагӕн йӕ лӕгӕй «ацӕуын» йӕ бон цӕй тыххӕй у? Уынаффӕ рахӕссыны размӕ Хуыцаумӕ цӕмӕн хъуамӕ скува ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ ныккӕса?

14 Чырыстон сылгоймагӕн йӕ лӕгӕй «ацӕуын» йӕ бон цӕй тыххӕй у? Чидӕртӕ ацӕуынц ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй: лӕджы нӕ фӕнды йӕ бинонты дарын кӕнӕ йӕ усы афтӕ нӕмы, ӕмӕ ма йӕ цардӕн дӕр тӕссаг у, йе та йӕ ӕппындӕр нӕ уадзы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын.

15 Чырыстон йӕ цардӕмбалӕй ацӕуа ӕви нӕ, уый йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны. Фӕлӕ уынаффӕ рахӕссыны размӕ хъуамӕ Хуыцаумӕ скува ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ дӕр ныккӕса, цӕмӕй бамбара, хабар ӕцӕгӕй цӕй мидӕг ис, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕй ӕцӕгдӕр ӕрмӕст йе ’нӕуырнӕг цардӕмбал хъыгдары? Ӕви кӕмдӕр йӕхи аххос дӕр у, зӕгъӕм, йӕхӕдӕг нӕ архайы, цӕмӕй ӕдзух Библи ахуыр кӕна, ӕмбырдтӕ ма цух кӕна ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ арӕх цӕуа?

16. Чырыстӕттӕ хицӕн кӕныныл цӕуылнӕ хъуамӕ тагъд кӕной?

16 Хъуамӕ хицӕн кӕныныл тагъд ма кӕнӕм. Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый нын зынаргъ у ӕмӕ йын йӕ лӕварӕн, бинонты цардӕн, тынг аргъ кӕнӕм. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ном истӕмӕй фӕчъизи кӕнӕм. Ӕмӕ нӕм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм фӕнд никуы фӕзындзӕн, цӕмӕй нӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕуӕм ӕмӕ йӕ ныууадзӕм нӕ цард ӕндӕр искӕимӕ баиу кӕныны тыххӕй (Йер. 17:9; Мал. 2:13–16).

17. Цы уавӕры ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм?

17 Йӕ цардӕмбал ӕнӕуырнӕг кӕмӕн у, ахӕм чырыстон хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайа, цӕмӕй йӕ бинонты цард бахъахъхъӕна. Фӕлӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы бакӕна ӕмӕ дзы йе ’нӕуырнӕг цардӕмбал уӕддӕр куы ахицӕн уа, уӕд хъуамӕ йӕхи ма ӕфхӕра. «Кӕд ӕнӕуырнӕджы ацӕуын фӕнды, уӕд ацӕуӕд,– фыста Павел,– ахӕм уавӕры ӕфсымӕр кӕнӕ хо хӕсджын нӕу, ӕмӕ ӕнӕуырнӕгимӕ дарддӕр цӕра. Хуыцауы уый фӕнды, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрат» (1 Кор. 7:15) *.

ДӔ НЫФС ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАР

18. Бинонты цард ӕппынфӕстаг куы фехӕла, уӕддӕр цӕуылнӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ йӕ бахъахъхъӕныныл архайын дзӕгъӕлы уыд?

18 Нӕ бинонты царды нын исты зындзинӕдтӕ куы уа, уӕд хъуамӕ Йегъовӕйӕ хъӕбатырдзинад курӕм ӕмӕ йыл алкӕддӕр нӕ ныфс дарӕм. (Бакӕс Псалом 27:14.) Ацы статьяйы гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо Линдӕ бирӕ азты дӕргъы ӕппӕт тыхтӕй архайдта, цӕмӕй йӕ бинонты цард ма фехӕлдаид, фӕлӕ ӕппынфӕстаг уӕддӕр йӕ лӕгимӕ ахицӕн сты. Цымӕ афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ йӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы сӕфта? Линдӕ йӕхӕдӕг зӕгъы: «Мӕ фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы нӕ уыдысты. Ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайдтон, уый адӕм дӕр уыдтой. Стӕй мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл ницӕмӕй худы. Уӕлдайдӕр та уый тыххӕй нӕ фӕсмон кӕнын, ӕмӕ, уыцы азты дӕргъы куыд архайдтон, уый фӕрцы нӕ чызг рӕстдзинады фидар лӕууыд ӕмӕ ныр Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕны».

19. Нӕ бинонты цард бахъахъхъӕныныл куы фӕархайӕм, уӕд уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы?

19 Иу хо, Мэрилин, зӕгъгӕ, цин кӕны, йӕ ныфс Хуыцауыл кӕй дардта ӕмӕ йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый кӕй сарӕзта, цӕмӕй йӕ бинонты цард бахъахъхъӕдтаид. Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ лӕгӕй ацӕуынвӕнд кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ лӕгӕн йӕ бон нӕ уыд йӕ бинонты дарын, стӕй Мэрилин тарсти, йӕ лӕджы тыххӕй Йегъовӕйӕ кӕй адард уыдзӕн. Раздӕр йӕ лӕг ӕмбырды лӕггад кодта хистӕр нӕлгоймагӕй, фӕлӕ ӕхцайы хъуыддӕгты тыххӕй цыдӕр ӕнӕзонд ми бакодта. Уый фӕстӕ райдыдта ӕмбырдтӕ цух кӕнын ӕмӕ Мэрилинимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ нал ныхас кодтой. Стӕй ма, сӕ горӕты террористтӕ фыдракӕнд кӕй ракодтой, уый Мэрилиныл афтӕ бандӕвта, ӕмӕ йӕхимӕ ныхъхъуыста. Фӕстӕдӕр ӕй бамбӕрста, сӕ бинонты царды цы зындзинӕдтӕ уыд, уыдоны кӕмдӕр йӕхӕдӕг дӕр кӕй уыд аххосджын ӕмӕ йӕ цыдӕр фӕивын кӕй хъӕуы. Ӕмӕ та ногӕй райдыдтой йӕ лӕгимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас кӕнын, сӕ бинонты ахуыр уадзын, стӕй ӕмбырдтӕ дӕр нал цух кодтой. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын хӕларзӕрдӕйӕ баххуыс кодтой. Ӕмӕ та сӕ бинонты цард цыма ногӕй райдыдта, афтӕ уыдысты. Фӕстӕдӕр та йӕ лӕгӕн ӕмбырды йӕ бӕрны кадджын хӕстӕ бакодтой. Уыцы хо зӕгъы, зӕгъгӕ, бӕргӕ, уыцы маст куы нӕ бавзӕрстаиккам, фӕлӕ нын хорз зондзонӕн фӕци ӕмӕ ныр стӕм амондджын.

20, 21. Кӕд бинонты царды зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уӕд нӕ цы хъуамӕ фӕнда аразын?

20 Бинонтӕ нын ис ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ алкӕддӕр хъӕбатырӕй архайӕм ӕмӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм. Нӕ бинонты царды нын зындзинӕдтӕ куы уа, уӕд хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый саразӕм, цӕмӕй сыл фӕуӕлахиз уӕм, ӕмӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, лӕг ӕмӕ ус «дыууӕ [кӕй] нал сты, фӕлӕ – иу буар» (Матф. 19:6). Ӕмӕ де ’нӕуырнӕг цардӕмбалимӕ цӕргӕйӕ зындзинӕдтӕ куы ӕвзарай, фӕлӕ дзы уӕддӕр куы нӕ ацӕуай, уӕд, чи зоны, иу бон дӕхи цӕстӕй фенай, дӕ цардӕмбал Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдыдта.

21 Цыфӕнды уавӕры ма уӕм, хъуамӕ алкӕддӕр афтӕ архайӕм, цӕмӕй нӕм ӕнӕуырнӕг адӕм нӕ хъуыддӕгты тыххӕй фау ма хӕссой. Кӕд нӕ бинонты цард фехӕлынӕввонг у, уӕд хъуамӕ Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй кувӕм, нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм ӕмӕ бамбарӕм, хабар ӕцӕгӕй цӕй мидӕг ис, уый, Библийыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракурӕм. Фӕлӕ сӕйрагдӕр у, цӕмӕй нӕ алы хъуыддаджы дӕр фӕнда Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ йӕ диссаджы лӕварӕн, бинонты цардӕн, ӕцӕгдӕр аргъ кӕнын.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 10 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

^ 17 абз. Кӕс чиныг «Дӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕн», 251–253 фӕрстӕ; 1989 азы 1 сентябры «Сторожевая башня», 18–20 фӕрстӕ; 1978 азы 1 февралы «Сторожевая башня», 14 фарс.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 10 фарсыл]

Йӕ бинонты цард фехӕлынӕввонг кӕмӕн вӕййы, уыцы чырыстон йӕ цардӕмбалӕй ахицӕн кӕныныл куы нӕ фӕтагъд кӕны, уӕд арфӕгонд ӕрцӕуы

[Хицӕнгонд текст 12 фарсыл]

Алкӕддӕр дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар ӕмӕ дзы кур хъӕбатырдзинад

[Ныв 9 фарсыл]

Йегъовӕ арфӕ кӕны, йӕ бинонты цард бахъахъхъӕныныл чи архайы, уыцы чырыстӕттӕн

[Ныв 11 фарсыл]

Ӕмбырд адӕймагӕн вӕййы удӕнцойы хос ӕмӕ дзы йӕ уырнындзинад бафидар вӕййы