Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библийы ныхӕстӕ алы хатт дӕр сӕххӕст вӕййынц

Библийы ныхӕстӕ алы хатт дӕр сӕххӕст вӕййынц

«Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр... нӕ фӕмӕнг» (ЙЕСО НАВИН 23:14).

БИБЛИ ИННӔ ЧИНГУЫТӔЙ ЦӔМӔЙ ХИЦӔН КӔНЫ? Раджы заманты, фидӕны цы уыдзӕн, уый тыххӕй цы дзырдтой, уыдӕттӕн нӕдӕр бамбарӕн, нӕдӕр сыл ӕууӕндӕн уыдис. Абоны гороскоптӕ дӕр хуыздӕр не сты. Ис ахӕм ахуыргӕндтӕ, футуролӕгтӕ, зӕгъгӕ. Уыдон фидӕны хабӕрттӕ фӕбӕрӕг кӕнынц, дунейы цытӕ цӕуы, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ сӕдӕ азты фӕстӕ бӕлвырдӕй цы ’рцӕудзӕн, уый зӕгъынмӕ сӕ ныфс нӕ хӕссынц. Уыдонӕй уӕлдай Библийы пехуымпарӕдтӕ фыст сты лыстӕг хабӕртты онг ӕмӕ алы хатт дӕр сӕххӕст вӕййынц, кӕд ныхас, «раджы замантӕй, цы нӕма ӕрцыд, уыдӕттыл» фӕцӕуы, уӕддӕр (Исай 46:10).

ДӔНЦӔГ. Н. э. размӕ ӕхсӕзӕм ӕнусы пехуымпар Данел цӕстылуайӕны федта, Греци цыбыр рӕстӕгмӕ Мидо-Персийы паддзахад кӕй басӕтдзӕн. Уыцы цӕстылуайӕнмӕ гӕсгӕ ма Грецийы паддзах куы «схъомысджын» уыдаид, уӕд йӕ паддзахад хъуамӕ «асастаид», ома афтӕ тыхджын нал уыдаид. Дарддӕр та цы хъуамӕ ’рцыдаид? Данел ныффыста: «Йӕ адӕмӕй... рацӕудзӕн цыппар паддзахады, фӕлӕ уыдонмӕ, уымӕ цы тых уыд, ахӕм тых нӕ уыдзӕн» (Данел 8:5–8, 20–22).

АХУЫРГӔНДТӔ ЦЫ ДЗУРЫНЦ? Данелы замантӕй 200 азы фӕстӕдӕр Македойнаг Алыксандр сси Грецийы паддзах. Дӕс азмӕ Алыксандр Мидо-Персийы паддзахад бацахста ӕмӕ Грецийы зӕххытыл ахӕцыд цӕугӕдон Инды онг (абон ис Пакистаны зӕххыл). Фӕлӕ 32-аздзыдӕй ӕвиппайды амард. Уый фӕстӕ йӕ ’фсады цыппар фӕтӕджы, Къаннӕг Азийы горӕт Ипсы фарсмӕ цы стыр тох бацайдагъ, уым куы фӕуӕлахиз сты, уӕд паддзахад цыппар дихы акодтой. Фӕлӕ дзы иумӕ дӕр, Алыксандырмӕ цы тых уыд, ахӕм тых нӕ разынд.

ДЫ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС? Цымӕ ма ӕндӕр ахӕм чиныг ис, ӕмӕ дзы фидӕны тыххӕй цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнынц? Ӕви Библи иннӕ чингуытӕй хицӕн кӕны?

[Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]

«Библийы уыйбӕрц пехуымпарӕдтӕ ис... ӕмӕ, сӕхи ӕгъдауӕй ӕххӕст кӕнынц, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъӕн ницы хуызы ис» (ИРВИН ЛИНТОН. «ЮРИСТ ЛӔМБЫНӔГ ИРТАСЫ БИБЛИ» [A LAWYER EXAMINES THE BIBLE])

[Ныв барлӕвӕрдӕй 4 фарсыл]

© Robert Harding Picture Library/​SuperStock