Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библийы фыст ис ӕцӕг хабӕрттӕ, таурӕгътӕ нӕ, фӕлӕ

Библийы фыст ис ӕцӕг хабӕрттӕ, таурӕгътӕ нӕ, фӕлӕ

«Ӕппӕт дӕр кӕрӕй-кӕронмӕ сбӕлвырд кодтон» (ЛУКАЙЫ 1:3).

БИБЛИ ИННӔ ЧИНГУЫТӔЙ ЦӔМӔЙ ХИЦӔН КӔНЫ? Аргъӕутты ӕмӕ таурӕгъты дзырд фӕцӕуы алы диссӕгтыл, фӕлӕ уыцы хабӕрттӕ кӕм ӕмӕ кӕд ӕрцыдысты ӕмӕ дзы цы адӕмы кой цӕуы, уыдон цы хуындысты, уый бӕрӕг нӕ вӕййы. Библи та цы хабӕртты кой кӕны, уыдон афтӕ лыстӕггай ӕмӕ бӕстон фыст сты, ӕмӕ сӕ чи бакӕсы, уый дызӕрдыг дӕр нал фӕкӕны, ацы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, уый «ӕцӕгдзинад» кӕй у (Псалом 119:160).

ДӔНЦӔГ. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Вавилоны паддзах Навуходоносор [Иудӕйы паддзах] Йехонийы... Вавилонмӕ уацары акодта». Фӕстӕдӕр цы уыд, уый тыххӕй та дзы фыст ис: «Вавилоны паддзах Евилмеродах Иудӕйы паддзах Йехонийӕн ахӕм хорздзинад ракодта, ӕмӕ йӕ ахӕстонӕй ссӕрибар кодта. Уый уыд, паддзах куы сси, уыцы аз». Уымӕй уӕлдай ма «паддзахӕй [Йехонийӕн] лӕвӕрд цыд, хӕринагӕй йӕ цы хъуыд, уый, ӕмӕ афтӕ – алы бон дӕр, цалынмӕ цард, уӕдмӕ» (2 Паддзӕхты 24:11, 15; 25:27–30).

АХУЫРГӔНДТӔ ЦЫ СБӔЛВЫРД КОДТОЙ? Рагон Вавилоны хӕлддзӕгты ’хсӕн ахуыргӕндтӕ ссардтой, Навуходоносор Дыккаджы заманы фыст чи ’рцыд, ахӕм паддзахадон гӕххӕттытӕ. Уыцы гӕххӕттыты фыст ис, кусджытӕн ӕмӕ ахст адӕмӕн хӕринаг цас лӕвӕрдтой, уый. Фыст ма дзы ис, «Яхуды [Иудӕйы] паддзах Яукин [Йехони]» ӕмӕ йӕ бинонты тыххӕй дӕр. Ӕмӕ, Навуходоносоры фӕстӕ паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ Евилмеродах кӕй райста, уый тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Горӕт Сузӕйы раз цы вазӕ ссардтой, ууыл фыст уыдис: «Навуходоносоры фырты, Вавилоны паддзахы, Амель-Мардукы [Евилмеродахы], Вавилоны паддзахы, галуан».

ДЫ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС? Цымӕ ма ӕндӕр ахӕм рагон дины чиныг ис, хабӕрттӕ афтӕ лыстӕггай ӕмӕ бӕлвырд фыст кӕм сты? Ӕви Библи иннӕ чингуытӕй хицӕн кӕны?

[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]

«Рагон Фӕдзӕхсты цы хабӕртты кой цӕуы, уыдон кӕд ӕмӕ кӕм ӕрцыдысты, уыдӕттӕ ацы чиныгӕй бӕлвырддӕр ӕндӕр никӕцы рагон чиныджы фыст сты» (РОБЕРТ УИЛСОН. «РАГОН ФӔДЗӔХСТ НАУКӔЙЫ ЦӔСТӔЙ КӔСГӔЙӔ» [A SCIENTIFIC INVESTIGATION OF THE OLD TESTAMENT])

[Ныв 5 фарсыл]

Иудӕйы паддзах Йехонийы тыххӕй фыст кӕуыл ис, уыцы къӕйдур (Вавилон)

[Ныв барлӕвӕрдӕй 5 фарсыл]

© bpk, Berlin/​Vorderasiatisches Museum, SMB/​Olaf M. Tessmer/​Art Resource, NY